19 сентября 2024

МÆ ЦАРДЫ ТАУРÆГЪ

10.08.2024 | 23:28

Мамсурати Дæбей цардвæндаги æма исфæлдистади туххæй берæ аллихузон æрмæгутæ финст æрцудæй, сауæнгæ ма наукон куститæ. Етæ еугурæйдæр цæмæдесаг бæргæ ’нцæ, бæргæ хуарз уидæ нæ газети дæр си кæцидæрти ниммухур кæнун, фал нин уæхæн равгæ нæййес, нæ гæнæнтæ нæ къулумпи кæнунцæ. Уомæ гæсгæ ба исфæндæ кодтан, Дæбе æ цардвæндаги туххæй кæддæр ци имисуйнæгтæ ниффинста, уой ниммухур кæнун.

Зундгонд уруссаг финсæг Виктор Астафьев кæддæр уотæ загъта: «Цалинмæ ма æгас дæн, уæдмæ мæхе туххæй мæхуæдæг радзордзæнæн, цæмæй иннетæ уой фæсте мæнгæттæ ма дзоронцæ…»

Дæбемæ дæр, æвæдзи, уæхæн гъуди фæззиндтайдæ æма æхе имисуйнæгти хузи финсун байдæдта æ ирисхъи хабæрттæ. Уомæ гæсгæ ба нин сæ рæстдзийнадæ секкаг нæй. Хуарз æма уомæн æ архиви гъæуайгонд æрцудæй аци заманай æрмæг. Раст зæгъгæй, æхе къохæй ибæл бафинста: «Мухурæн нæ». Цæмæн? Ка ’й зонуй, фæндадтæй æй никкидæр ма ибæл бакосун… Нæ ин бантæстæй æ еци фæндæ исæнхæст кæнун…

Æ цардвæндаги туххæй æ имисуйнæгти къохфинстбæл кæд æхе къохæй «Мухурæн нæ», зæгъгæ, бафинста, уæддæр æ рамæлæтæй еуцæйбæрцæдæр рæстæги фæсте (1994 анзи) фæззиндтæнцæ журнал «Мах дуг»-и æма газет «Рæстдзинад»-и. Æ еци финстæг уонæми кутемæй рацудæй, уотемæй æй мах дæр абони хæссæн нæ дзилли размæ.

-1-

Мæ мад Гæба (Госæхъуыз)-иу афтæ дзырдта:

– Аст сывæллонæй мын амæй æнцондæр дарæн ничи уыдис. Дунемæ куыддæр фæзынд, афтæ иунæг хъыллист фæкодта æмæ ныхъхъус. Уымæй фæстæмæ кæугæ дæр никуы скодта… Æвæццæгæн, мæгуыр, бамбæрста, цы дунемæ рацыд, уый йæ рæвдауæг кæй нæу, уый.

Цæугæ та хорз дунемæ нæ ракодтон – мæгуыр æмæ гæвзыкк уыдис.

Фыд амард. Ныууагъта авд сидзæры мадæн, æз, æстæймаг сидзæр та ма гуыбыны уыдтæн – цæвиттон, дунемæ сидзæрæй рацыдтæн.

Райгуырдтæн фыды амардæй æртæ мæйы фæстæдæр – 1907 азы сентябры (чи фесæфт, уыцы метрикæмæ гæсгæ, мæ гæххæттытæ та арæзт æрцыдысты 1909 азыл, уымæн æмæ мæ Æрыдоны пансионатмæ бахауыны тыххæй мæ азтæ фæкъаддæр кæнын хъуыд).

Мæ райгуырыны фыццаг бон дæр мын дуне хорз æгасцуай нæ загъта: мадмæ æхсыр нæ уыд – фыды амарды мæстыты æмæ тыхстыты фæстæ мад бахус. «Дæ фæхъхъау фæуон, царды дæ мады дзидзийы хъæстæ дæр нæ фæдæ», зæгъгæ-иу дзырдта мад. Хаста мæ мад сывæллонджын устытæм радыгай, æмæ мын уыдон дардтой дзидзи. Уалынмæ не ’рвадæлтæй Лизæйæн (Дзарасаты Дадойы ус уыдис) райгуырди лæппу. Сывæллон дзидзитæ æвдæлон кæнын нæ фæрæзта, æмæ уæд мæ мады нал хъуыдис мæнимæ хæдзари-хæдзар зилын.

Саид-Гусейн БИЦИРАЕВИ конд хузæ «Сæрдæ».

Куыдæй ныууагъта фыд хæдзар? Хъæздыг уыдыстæм æхцайæ – 1000 сомы ныууагъта æмæ уый бæрц æхца хъæуы хъæздыгдæртæм дæр нæ уыдис.

Афтид армæй рахицæн кодта Хабийы йæ фыд Буци, зæгъгæ, ды амалтæ кæндзынæ, мæн та дæ кæстæрты дарын хъæуы (æфсымæрты хистæр уыдис Хаби). Зæхх нæ уыд. Хæдзар – иннæ ахæм. Æмæ уыдон самал кæныны тыххæй бинонты хурхыл ныххæцыд нæ фыд, дардта сæ бызгъуырты, ма амæлайы комдзагæй æмæ, капекк капеккыл æфтаугæйæ, æхца æмбырд кодта зæхх æлхæнынæн, фæлæ дзы зæхх дæр нæ балхæдта, хæдзæрттæ дæр дзы нæ сарæзта, афтæмæй амард.

Фæлæ æхцайæ уæддæр ницы бафтыд бинонтыл. Нæ фыды амарды фæстæ фыды æфсымæртæ нæ мадæй домын райдыдтой, «се ’фсымæры фæллой кæй сты», уымæ гæсгæ сын сæ куыд радта æфстауы хуызы. Æмæ йын куы ныкъкъаппа-къуыппа уой, куы йын фесæфой, уымæй тæрсгæйæ сæ пайдайыл радта нæ хъæуккаг Хъантемыраты Саламджерийæн. Уый дукани сарæзта, йæхи схъæздыг кодта. Афтæмæй нæ æрæййæфта революци, æмæ æхца зыбыты сæфт фæкодтой, махыл дзы капекк дæр нал бахæцыдис, афтæмæй. Мæгуыр æмæ гæвзыккæй æрæййæфтон хæдзар.

-2-

Бинонтæ цæуынц тынг раджы куыстмæ. Мах мæ хистæр хо Милуанимæ (ууыл цыдис 4–5 азы, мæныл – 2–3 азы) баззайæм æвæгæсæгæй хæдзары. Мад нын ныууадзы кæрдзыны къæбæртæ æмæ цыхты муртæ. Æххормаг нын у, фæлæ сæм не ’вналæм: уыдон нæ сихор сты æмæ банхъæлмæ кæсын хъæуы. Фæлæ фылдæр хатт нæхи нæ бауромæм æмæ уый фæстæ изæрмæ æххормагæй баззайæм.

Сывæллоны та цæй дарæс хъæуы? Хæдоны хæррæгъ ыл уæд, æндæр уымæй дæлæмæ гом цы у, уымæй не ’фсæрмы кæны. Фæлæ хæринаг! Уый афтæ æнцой нæ уадзы сывæллоны, йæ хъуагæн зын фæразæн у. Æмæ хæринаг ссарынæн амæлттæ кæнæм нæ сывæллоны хъаруйæ. Дзыццайы стыр æрхуы тас кæрты астæу дæлгоммæ æрæвæр. Сис æй иуырдыгæй æмæ йæм саджилæг сараз. Саджилæгмæ даргъ бæттæн бабæтт. Тасы бын холлаг æркæн, стæй æнхъæлмæ кæс æмæ куыддæр цъиутæ тасы бын фæзыной, афтæ бæндæн фелвас, тас æрхаудзæн æмæ цъиутæ ам сты. Ам сты, фæлæ дæу нæма сты. Тасы бынæй сæ райсын зын у. Фæлæ тасыл хъæццул æрæмбæрз æмæ сæ хъавгæ ахс. Æмæ сæ-иу ахсгæ æркодтам, фæлæ сæ йе тонын нæ зыдтам, йе фыцын.

Афтæ бонтæ цыдысты. Рацыдис мыл 7–8 азы. Хæдзары куыстытæн фæбæззыдтæн: хызтон фос, хастон дард мусæй хъæмпы æргъæмттæ æмæ æндæр лыстæг куыстытæ кодтон. Сæрибар рæстæг та? Хъæды, быдырты зылдтæн мæ «бандæимæ» – æмгæрттимæ – нæхи Гадзатц, Уртаты Гаврел, Хъодзаты Махар, Дзарасаты Солтан, Хъодзаты Порка æмæ æндæртæ. Куыд диссаг рæсугъд у Дæргъæвсы æрдз! Арвыл лæууы æдзæрæг тæрсхъæд. Тæрсытæ фадхъултæм. Ныллæгдæр хъæд. Голладжы дзаг дæр дзы тон.

Фæлæ йæ хъæддаг дыргътæ, йæ хæринаг кæрдæджытæ – æнæхъæн хъæды къохтæ уыдысты уыдон. Хъæддаг сæнæфсир-иу задæй зæу-зæу кодта «Фæскъахыры» æмæ æппæтæй дæр нæхи бар уыди. Сæдæгай гектарты хъæды кæм цыхуызон фæткъуы, кæнæ кæрдо зади, кæмæн дзы цы хуызæн ад ис æмæ цы афон сцæттæ вæййы, уыдон ма бæлвырд зонын абон дæр, кæд ма дзы исчи æгас у, уæд. Уæд мугæтæ, мыртгæтæ, цымтæ, тыртытæ æмæ æндæр ахæм дыргътæ дæр æлæмытæй задысты нæ хъæды æмæ нæ быдыры.

Саид-Гусейн БИЦИРАЕВИ конд хузæ «Æрдхуæрдтæ».

Диссаджы уыгæрдæнтæ уыди Быдыры Дæргъæвсы – алыхуызон дидинджытæй æрттывтой æмæ уагътой диссаджы алыхуызон адджын тæф. Æмæ уый зынаргъ куыд нæ уыдис, фæлæ ма сæ бын сырх-сырхид, адджын тæфгæнаг æрыскъæфтæй сырх кæй дардта кæрæй-кæронмæ, уымæй та нын зынаргъдæр уыдысты.

Уалдзæг – давон, мæкæрæз, гæнгæлы, кæрог, лæджирттæг, дзындзалæг – æмæ сæ чи фæуыдзæн нымад. Сабитæ æдзух æфсæст – æрдзы лæвæрттæй. Зæрдæ хъæлдзæг, цæуы зарын. Кæттаг дарæс бызгъуыр кæй у, йæ гæмттæй буар алырдыгæй кæй зыны, уый та чи хъуыды кæны? Чи дæ уыны хъæды. Зарæм нæхи мысгæ ныхæстæй. Мотив арæзта Дзыбылаты Барис – ме ’мгар, ныхæстæ мысыдтæн æз, æмæ цыма нæ зарджытæм адæм хъуыстой, афтæ зынд. Хистæртæ нæм сæ хъус æрдардтой. Æмæ уый фæстæ (махыл 12 азтæ куы цыдис), уæд хистæртæ зарæг кæнын сфæнд кодтой, йæ кæнгæ ’фсымæрæй йæхи чи фæхудинаг кодта, ахæм чызгыл. Акодтой æнæус æмæ усджын лæппуты се ’хсæнмæ æмæ мын бамбарын кодтой, цавæр зарæджы ныхæстæ сæ хъæуы, уый. Дыккаг бон мыл Сасиаты Геро куы сæмбæлд, уæд радзырдтон уымæн фыццаг куплет:

Ой, сусхъæдæй сыфтæрджын, гъей,

Уæд халонбадæн.

Ой, абон мыл цы худут, Дæргъæвсы

фæсивæд, гъей,

Сусæгæй сывæрджын

æз фарон бадæн.

Геро фыссын нæ зыдта æмæ йын æй иуцалдæр хатты радзырдтон, цалынмæ йæ йæ зæрдыл дзæбæх бадардта, уæдмæ.

Уыцы изæр зарджыты къордæй Токаты Батырбегæн радзырдтон:

Ой, сæ фæрвæй сæ бандон, гъей,

Бадгæ дæр ыл нал кæнынц.

Ой, сæ мæрдæй фæбадон, гъей,

Батæ дæр мын нал кæнынц.

Æмæ афтæ лæгъз ацыдис зарæг. Мотив ссарынæн та сын тынг феххуыс ис Джыбылаты Барис. Бузныг нæ уыдысты.

Фæлæ уыцы хабар æрæджиау уыдис. Нæ хабæрттæ та нæ фæд-фæдыл дзурын хъæуы.

Зарын уарзтам æмæ нæ уымæ, чи зоны, разæнгард кодтой. Æрæфы фаллаг фарс цады алфамбылай чи зарыдис, уыцы мингай цъиутæ. Уыдон зарын райдайынц боныцъæхтыл уалдзæджы æмæ се ’ппæты зардæй рауайы иу тыхджын зарæг – гимн уалдзæгæн. Æз Ирыстоны бирæ рæтты ацардтæн, æмæ æндæр никуы фехъуыстон ахæм цъиуты зарын. Уæлдайдæр никуы фехъуыстон булæмæргъы зарæг æмæ цыма уыцы «притон» йеддæмæ никуы зары, афтæ мæм кæсы. Æмæ йæ «притон» мæхи ныхæстæй нæ хонын.

Райсомы-иу тынг раджы æрæмбырд сты адæм аргъуаны къуыбырмæ, уæлдайдæр та хъæнджынтæ (санаторийы бынат у Дæргъæвс, æмæ йæм уый тыххæй æрцæуынц сæдæгай тархъæнджынтæ, бадынц бæлæсты бын доны былыл, уырдæм сын хæссынц хуынтæ æмæ сæфы сæ низ, нард кæнын райдайынц. Æз ахæм дыууæ хабары дæр ма зонын, æмæ бричкæты айдагъ стджытæ æрластой Æрæфы былмæ, улæфт сын нал фаг кодта. Стæй-иу сæрды кæронмæ хъазты къах-къухтыл кафын байдыдтой, афтæмæй-иу сæ хæдзæрттæм афардæг сты. Дæргъæвсы чехоткæйæ рынчын чи у, ахæмтæ дзы искуы иу йеддæмæ нæй æмæ уый, æвæццæгæн, Æрæф кæны, æмæ уыцы къуыбырæй хъуыстой цъиуты зарæгмæ, улæфыдысты, сæкæрау дзыхы чи тайы, ахæм уæлдæф. Уыцы адæмимæ-иу уыдис стыр ахуыргонд æмæ бирæ фенæг Баймæтаты Петя æмæ уый загъта:

– Уæрæсейы (кæд Кавказы загъта, уæддæр æй нал хъуыды кæнын) ис зараг цъиуты притонтæ æхсæз æмæ, мæнмæ гæсгæ, ай у æвдæм притон. Иу хатт фæдзурын хъæудзæнис, чи зоны, ахæм адæймагмæ.

Уæдæй фæстæмæ бадардтон мæ зæрдыл «притон», зæгъгæ, уыцы дзырд, кæд ын йæ хъуыды не ’мбæрстон, уæддæр. Петя та цавæр æхсæз притоны кой кодта, уыдоны хабарæн абон дæр ма ницы зонын.

-3-

Хъæлдзæг æмæ хъæздыг хъæу уыдис иумæ райсгæйæ Дæргъæвс. Дыууæ-æртæ хъазты дзы кæд нæ уыдис, ахæм бон нæ ивгъуыдта сæрд дæр, зымæг дæр. Махæн нæхи дуармæ стæм хаттæй фæстæмæ уыди хъазт. Цагъта сын диссаджы фæндырдзæгъдæг нæхи Былой (йæ ном Хатæхцыхъо хуыйны, фæлæ «тæрхъусы былимæ» райгуырдис æмæ йæ афтæ рахуыдтой чысылæй. Ныр йæхæдæг дæр йæхи ном афтæ фыссы). Диссаджы уæздан дардтой сæхи фæсивæд. Æнæ уæлдай хъæр, æнæ уæлдай змæлдæй цалхы æрдæгау рæнхъ лæууыдысты æмæ уарзоны зарджытæ кодтой фæндыры цагъдмæ, æмбарын кодтой сæ уарзондзинады сагъæстæ чызджытæн. Æрбацыдис-иу ног фæсивæд. Сæ кармæ гæсгæ сын лæвæрдтой бынат æмæ уыцы уæзданæй сæ кафты кой кодтой дарддæр.

Арахъхъ æмæ-иу чъиритæ куы фæзындысты хъазты, уæд-иу лæппутæ чызджытау ныссырх сты æмæ нуазын нæ куымдтой. Раздæр чи æрбацыдис, уыдон-иу сæхи ракуырдтой æмæ-иу ацыдысты иннæ хъазтмæ.

Мæ амондыл нымайын, Дæргъæвсы æртæ фæндырдзæгъдæджы кæй уыдис, уый. Уый фæстæ мын фыссынæн кæй феххуыс сты, уый тыххæй нæ, фæлæ мын мæ сабийы мæгуыр бонтæ кæй барухс кодтой, уый.

Æртæ фæндырдзæгъдæгæй иу иннæйы хуызæн нæ цагъта. Нæхи Былой кодта æрмæст кафыны цæгъдтытæ, уарзæтты зарджытæ æмæ сæм йæхæдæг хъырныдта. Хъантемыраты Адзе, удæй дæр æмæ æгъдауæй дæр уæздан Адзе, кодта æрмæст кадджытæ æмæ сын рæсугъд, бæзджын хъæлæсæй дзырдта сæ ныхæстæ. Адæм сæм хъуыстой æдзæмæй. Уый фæстæ йын йæ кадджытæй ныффыстон цалдæр æмæ дзы сарæзтон мæхимæ гæсгæ кадæг. Йæ рæстæджы йын рецензи ныффыста Нигер.

Мæ фыды æмсиахс Токаты Бæбу кодта æнæфсарм худинаджы зарджытæ, зарæгæй дзырд не ’ппæрста, афтæмæй. Уыдонмæ дæр адæм хъуыстой зæрдиагæй. Кæм-иу сæмбырд сты сæ алыварс адæм, уый уыдис «Бердиаты ныхас», стыр сарайы къулрæбын. Сарайы хуынчъытæй кастысты æмæ хъуыстой сыхы сылгоймæгтæ. Уынджы иннæ фарс та-иу сылгоймæгтæ кауы ныггуппæрттæ сты, цыма сæ ничи уыны, афтæ кастысты æмæ хъуыстой.

Диссаджы хуызæн-иу сарæзтой фæндырдзæгъдджытæ сæ «концерт». Райдыдта-иу Хъантемыраты Адзе Нарты æмæ æндæр хъæбатырты кадджытæй. Сылгоймæгтæ куыдтой хæкъуырццæгæй, лæгтæй дæр иуæй-иутæ сæ цæссыг нæ урæдтой, кæронмæ-иу «Æфхæрдты Хæсанæ»-йы кадæг куы кодта, уæд. Йæ ныхæстæ Къубалты Алыксандрæй ист нæ уыдысты.

Банцадис-иу Адзе. Адæм æдзæмæй лæууыдысты дзæвгар рæстæг. Стæй-иу Бæбуйы фæндыр фæхъист кодта. Кæуыны цæссыгтæ-иу худыны цæссыгтæм рахызтысты. Изæр-иу фæцис хъазтæй Былойы фæндыры цагъдмæ.

Мæнмæ афтæ кæсы, уыцы фæндырдзæгъдджытæ хъæуы амонд уыдысты. Уæлдайдæр Адзе. Æз куы ралæг дæн, уæдæй фæстæмæ байхъуыстон Ирыстоны кадæггæнджытæм æмæ сæ цыма Адзейæ рæсугъддæр æмæ бæлвырддæр ничи кодта, афтæ мæм кæсы. Цыма сæ нæ номдзыд Цопанаты Арсæмæгæй дæр бирæ хуыздæр кодта. Чи зоны, Адзейæн зæрдæмæдзæуагдæр зæлланггæнаг хъæлæс уыдис, æмæ уымæн. Чи зоны, уæд ма гыццыл уыдтæн æмæ мæм кадджытæ арфдæр хъардтой. Цы у, уæддæр Адзейæ тыхджындæр кадæггæнæгыл нал сæмбæлдтæн.

Кадджыты фæстæ нын-иу нæ даргъ æхсæв цыбыр кодтой нæхи Бебийы аргъæуттæ. Хадыхъаты Болаты хуызæн уый дæр сыгъдæг уыдис цæсгомæй дæр, зæрдæйæ дæр. Уарзта сывæллæтты æмæ нæ-иу тохынайы раз зæххыл сбадын кодта æмæ-иу райдыдта йæ диссаджы таурæгътæ, аргъæуттæ æмæ æмбисæндтæ дзурын.

Цал æмæ дзы цал мины зыдта! Куыд лæууыдысты йæ зæрдыл! Амардис 131-аздзыдæй, хъæуы хистæрæй æмæ цал фæлтæрæн ракодта йæ аргъæуттæ, таурæгътæ, æмбисæндтæ!

-4-

Æхсæрдæсæмаздзыд –

Лæджы бындзæфхад,

Æгæр дæр фæхъазыд,

Æгæр дæр фæбадт…

Къоста.

Мæныл æхсæрдæсæймаг аз нæ рацыд, ралæууыд мæ фарæстæм æмæ мæ хос кæрдыныл дæр не ’фтыдтой. Скодтой мæ скъоламæ. Ахуыргæнæг Акъоты Хаджумар, диссаджы сабыр æмæ хæларзæрдæ ахуыргæнæг (афтæ мæм кæсы, æмæ мæ ахуыргæнджытæй кæддæриддæр амонд уыдис), нымайын мæ кæны. Кæд «æвддæс, нудæс» анымадтон, уæддæр мæ раппæлыдис æмæ мын къласы бынат скодта. Ахуыр цыди хорз.

*  *  *

Фæлæ иу хъуыддагæй тыхсыдтæн: партæты фæстæ къуымы Мады Майрæмы ныв уыдис æмæ йæм алыбон дæр кувын хъуыди партæты бандæттыл зонгуытыл лæугæйæ. Цалынмæ-иу «Достойно есть Якова истина» кастыстæм, уæдмæ-иу уæрджытæ дудын байдыдтой. Аргъуанмæ цæуын та тынг бирæ уарзтон. Нывтæ мæ ластой. Нæмгæ нæ кодта, цæсгом къулырдæм, афтæмæй, уырдыг нæ лæууын кодта, хоры нæмгуытыл уæрæгтыл нæ бадын кодта Акъоты Хаджумар, Æбати Шамил куыд кодта, афтæ (поэт Æбати Шамил дæр уæд махмæ ахуыргæнæгæй куыста).

Ахуыр хорз цыди, фæлæ дард нæ ацыд. 1917 азы уалдзæджы ’рдæм не ’ппæты хистæр Сандройы Турчы фронтмæ акодтой йæ кар нæма уыдис, афтæмæй кæйдæр бæсты (хъæуыхицау Дзарасаты Абацийы æфсымæр Никойы бæсты). Хæдзар æнæ сæр æмæ æнæ дарæгæй баззади. Мады хъæстытæ æмæ мæстытæй ницыуал рауадис.

Хæдзар кусæгкъух хъуаг фæцис æмæ хæдзары тыхтыл сывæллоны тыхтæ дæр æнæ сбæтгæ нæ уыд. Дзыцца мæ разы тъæпæн бадтис (æз зæххыл хуыссыдтæн) æмæ мын дзырдта:

– Дæ фæхъхъау фæуон, хъазыны бонтæ дæр дын нæ фæци… Сидзæрæй куы райгуырдтæ, уæд рахастай демæ, цы амонд дæм каст, уый, – æмæ йæ цæссыгтæ йæ хурсыгъд æнцъылдтæ къухы уæлфадæй сæрфта. Æз æй сабыр кодтон.

*  *  *

Редакцийæй. Мамсурати Дæбей финст æрмæг нæ газети еу номери ниммухур кæнунæн устургомау ке ’й, уомæ гæсгæ ’й дууæ дехи фæккодтан, æма иннæ хай ба мухур кæндзинан хæстæгдæр номертæй еуеми.