МАЛИТИ Васо: «АЛКÆМÆН ДÆР ÆХЕ СÆРМАГОНД НАД ЕС ЦАРДИ!..»
Ци æй амонд? Адæймагæн дуккаг хатт цæруни барæ лæвæрд ку уайдæ, уæд барвæндонæй æ раздæри цардвæндагбæл нæуæгæй рацæун ке бафæндæ уайдæ, е хуннуй амондгун. Уотæ загъта еу скæсæйнаг курухон лæг. Фал зæнхæбæл, æвæдзи, еу уæхæн адæймаг нæййес, зæронди бонтæй, æ карæ æма æ фæлтæрддзийнади уорс цъоппæй, ратæхæг æнзти тæлмæй æхгæд цардвæндагмæ фæстæмæ ракæсгæй, еууæхæни ести гъуддагбæл фæсмон ка нæ кæнуй.
Алкæмæн дæр æхе сæрмагонд над ес царди!.. Æцæг, еуей гузавæбæл ка бафтауа, уомæн гæнæн ес, æма иннемæ фæккæса куд лæгдзийнади нисан.
Æрдзæ адæймагæн ци дессаги лæвар ракодта, рæсугъддзийнадæ æма намус исфæлдесунæн, бæллеццаг гъуддæгтæй зæнхæ исрохс кæнунæн, уомæй – цардæй айдагъдæр губун æфсадунæн фадуат исаразæ, æгадæ, лæгъуз гъуддæгутæбæл æй бахарз кæнæ, адæмæн си зиндонæ исаразæ, е фудракæндæ ’й…
Хуарзæй маци ниууадзæ дæ фæсте, дæхуæдæг ке ниссагътай, еу уæхæн бæласæ деденæг ма калæд, дæ ном дин рæсугъдæй ма æримисæнтæ… Дæ фудголæн дæр уой дæ цæстæ ма бауарзæд!
* * *
МАЛИТИ Геуæргий фурт Васой аци гъудитæ абони æримистан уомæ гæсгæ, æма 14 феврали Васой райгурдбæл исæнхæст æй фондз æма цуппаринсæй анзи (1938-2017).