13 сентября 2025

Миясат МУСЛИМОВА: «МÆ ЗÆРДÆ НИДДУНСТÆЙ ÆВУД УОДТИ ГЪЕЗÆМАРÆЙ…»

13.09.2025 | 22:47

КЪУÆРУН ИБÆЛ МÆ КЪОХТÆ

Нæбал æнцæ зæнæг, фиди фарнæ исæвд,

Басугъдæй мади зæрдæ цъæх арти.

Азæлуй седзæргъæр, æгудзæг, æнæндæвд,

Сæ разæй бацудæнцæ сæ хуæртæ.

 

Мæхемæ дæр æппун нæ игъусуй мæ гъæр,

Мæ тогæй æ сау зæнхæ нихснадтон.

Нигъгъаветæ дзæбæх, куд æнгъезуй уæлдæр

Æз мæ арми дæ рун мæ фæстаг бон.

 

Разиндтæнцæ фæливд, ци дзурдтæ, ци дуйне,

Рамæ марæ цурддæр, æз нурма уодæгас дæн.

Ду æдæ тогмондаг, æфсæдæн дин нæййес,

Зæнхæбæл æууæнкхуар, æлгъистаг дæ.

 

Рамин марæ ме ’нтæст, мæ нигъгъæр, мæ никкуд,

Марæгмæ кæд гъардта уодхъурдохæн.

Дууемæй дæр кæд ан еу Хуцауæй игурд, –

Уæд ибæл æз къуæрун дууæ къохи.

 

Уруссаг æвзагæй æй ратæлмац кодта КОЛИТИ Витали

 

 

ДЗЕРАССÆ

Сæмбырд кæнут – фестин та æз буар.

Иугай улæфт бауадзут – улæфин.

Ног хъæдгомау бабæттут мæ дард.

Саби та æз фæныкæй ыскæнин.

 

Зæхх, цы кодтай? Бахус дæ, нæ мад?

Ма мæм кæс дæ дзыхъхъытæ-цæстытæй.

Бамбæхстай мæ хъæбулæн йæ мард.

Туг нæ кæлы ногæвæрд хуыдтытæй?

 

Басыгъди, куы ныссау и. Мæн у?

Урс хызау куы гом кæнын мæрдвæлыст.

Зæхх, цыма хæцыдтæ ды мæныл,

Афтæмæй æнæбын арф – дæхи рыст.

 

Иу дадали. Бур фæнык. Æмбæлд –

Разгъæлдысты урс-урсид фæрдгуытæ.

Дуртау ысты сау зæххыл æвæрд.

Æз куы зонын ацы урс рæнхъытæ!

 

Ай цы ссардтон? Бауазал мæ буар.

Базыдтон мæ хъæбулы дæндæгтæ:

Раззæгтæ – зылынтæ, иу дзы – даргъ.

Байстон сæ мæ зæрдæмæ хæстæгдæр.

 

Ба кæныл йæ фæхудтæн. Хъæр у?

Иуварс, иуварс! Мæ сæ исут къухтæй!

Марæгмæ йæ ахæссон? Мæн у…

Кæд Хуыцауæй а зæххыл фæцух дæн?

 

Уæд ды та цæмæн чиуыс, нæ зæхх?

Сæмбырд и дæ цъæх къуылдымты сау зын?

Радтон дын мæ судзгæ туджы  ’ртæх.

Уымæн – авдæн, у мæнæн та азым.

 

 

ЦРÆСТÆДЖЫ ЦЫД МÆНÆЙ УÆД ФЕРОХ

Рæстæджы цыд мæнæй уæд ферох, уастæн.

Цъысым у дуне – айрох и мæнæй.

Беслæны иу саби куы рацæйхастон,

Цæмæй хызт уа рæмыгъд æмæ зынгæй.

 

Мæ фырт, ды ма ’нхъæл, ацы сау бон цард у,

Æмæ нæ цардæн бартæ нæй æндæр.

Мæ дыууæ армы хъарм æмæ сæ хъару –

Ыстыр бæстæты хъомысæй фылдæр.

 

Мæ чысыл хур, у амондджын, æвæлмаст.

Нæ зæххыл уыйау ницы ис хъазар.

Зæрдæйы фæлмæн у тыхджындæр тасæй.

Кæмæ ис намыс, никуы у цагъар.

 

Нæ дыууæ алæууæм лæгтау æнæ сым.

Мæ къухты саби – куывд æмæ цырагъ.

Мæ фæдон ды ысуыдзынæ, мæ мæсыг.

Æппæт сабитæн уæд сæ рыст мæ уаргъ.

 

Мæ дæрзæг къухты – сабийæн йæ рустæ.

Хъысмæт æркодта абон ардæм мæн.

У стыр амонд, дæ улæфт дын кæй хъусын,

Кæй ис мæнæн «спецназ»-ы ном хæссæн.

 

 

ИСЛАМ

Æмæ дæ æркодтам фæстæмæ дæ мадмæ,
Цæмæй йæ цæстытæ барухс уой,
æмæ æнкъард ма кæна.
Хъуыран. Сурæ 20 – 41

 

 Æвзонгадæн нæй ивгъуыд –

Фæстæмæ йын нæй цыд.

Фæлæ уæддæр нæ хъуыдæг

Нæ зоны, нæ, æмгъуыд.

Мæ мад, мæ фын хъыгдарыс,

Фæсидыс мæм ды, раст

Дæ уарзæгой Исламы

Кæныс цыма æгас.

 

Сæдæйæм хатт та бадыс

’Мæ киномæ кæсыс –

Нырма мæ дзы æгасæй,

Æнæзиан уыныс.

Цыбыр кинойы нывы

Дæ цæстыхаутау раст

Цæсгæмтты ’хсæн æрттивы

 

Мæ иу фæрсмæ фæкаст.

Кæмæ фæхудтæн мидбыл,

Беслæн зæгъдзæн кæддæр:

Ныййарæгмæ æрцыдтæн

Æз худгæйæ уæддæр.

Нæ фембæлдтæ нæ фæуынц,

Фæлхат кæнынц æдзух.

Сæ лентæйыл – цъæррæмыхст,

Нындзыг и пультыл къух.

Цæф бирæгъау та æхсæв

Ныббогъ кæндзæн фæндон.

Йæ куырм цæстытæ ’мбæхсгæ

Фæфæстæ уыдзæн бон.

Фæкуыдтой йыл æгæр дæр.

Нæ удтау у уый фаст.

Уыдтæн дæуæн нысангонд,

Фæстаджы бонмæ барст.

Ох, иунæгæн йæ уæз та

Æз бамбæрстон хуыздæр,

Куы баззадтæ мæ фæстæ

Хæрз иунæгæй ды дæр.

 

Мæ зæрдæ сыл нæ дарын:

Кæрон нæ цардæн нæй.

Хуыцауы дин нæ барын

Ыздыйы къæрттытæй.

Цæмæ фесты, – мæ сонты

Дæн аууæттæ фæрсæг, –

Нæ зæххы сæфты бонты

Нæ сабитæ фыццаг?

 

Æууæнкдзинад лæвар у

Æви йæ фæнд лæгæн?

Æви уый фестад арæн

Мæлæтæй царды ’хсæн?

Нæ мын ныууагътой бар дæр

Фыд уæвын æмæ фырт.

Мæ хъысмæт мын мæ хæдзар

Нызмæлын кодта ныр.

Уон, ма уон? Дзуапп куы дæтты

Нæ скъолайæн йæ зал.

Æз Летайы знæт дæттæн

Ныббæтдзынæн сæ хал.

И гаккæвæрд рæстæгыл.

Уæлобау ингæн – къахт.

Æрфæны рухс æфцæгыл

Тæхæм уæларвмæ мах.

 

Фæлæ, мыййаг, ныр иууыл

Ныхæстæ сты æрмæст…

Мæ туг ныккалд, ныр уымæй

Кæд бафсæдид сæ хæст?

Куы равзæрстон рæстады,

Ныфсы тыхау æз цард,

Хъысмæт – цыма æвзонгад.

Æз уарзтæн хордтон ард.

Зыдтон æй – дæн æнусон,

Мæ ном кæй у Ислам.

Æнæ дзуапп, æнæ сым

Нæ разынди Беслæн.

 

Уæхски-уæхскæй лæудзыстæм.

Зæгъдзæни сын Ислам:

«Нæ хæдзæрттæм цæудзыстæм.

Ныфс сафын у хæрам».

Дзырдтон æмæ æууæндыдтæн,

Уырны нырма дæр мæн:

Бæрцбарæн сты мæ куывдтытæ

Ирвæзт æмæ сæфтæн.

Мæ сурæ, мæ аят дæр –

Мæ мадæй талисман.

Мæ риумæ топп ныддардта

Æмæ зæгъы лæгмар

Тæрсынгæнгæйæ зал:

«Хъыпп-сыпп куы скæнат, уайтагъд

Ныззардзæн топп азан».

 

Йæ цæстытæм ын кастæн

Æмæ æдас уыдтæн:

«Нæ амардзыстут, уастæн,

Нæй фесафæн мæнæн.

Сымах æхсут æнустæ,

Цæвут сæ хуыды кард.

Мæн ма кæнут уæ хъузон,

Æз сабитæн дæн уарт.

Йæ хай дæн æз æнусæн,

Ислам мыл ном æвæрд!»

 

Æрхæццæ и фæстаг бон,

Цагъар кæдæй уыдтæн.

Нæ Хуыцаумæ уæларвмæ

Æз фидиуæг цыдтæн.

Æз байстон артæй мæргъты.

Мæ къухты ма тæлфынц.

Сæ сырх туджы æртæхтæ

Сæ базыртæй тæдзынц.

Уа саби йе сылгоймаг –

Æддæмæ сæ кæнын.

Нæ фидауы, нæлгоймаг,

Дыууæ мардæй тæрсын.

 

Фæлæ куы фехæлд дуне

Мæ къæхты бын хъæрæй:

«Æрбаздæх мæм, мæ лæппу,

Дæ Хуыцауы тыххæй!»

Ызды нæмгуыты бынты,

Æнтæф æмæ фæлмы

Йæ сидтмæ æз тындзыдтæн

Æвиппайды мæнмæ

Сывæллоны хъæр райхъуыст:

«Ислам, Ислам, æххуыс!»

Кæмæн хъарон мæ азым?

Кæй хатыр курон æз?

Хæрз гыццыл чызг. Ныккуыдта.

Уый рудзынгыл лæууыд.

Йæ къæбæлдзыг дзыккутæ,

Иконæйау – йæ уынд.

 

Чысыл сабимæ уæртæ

Ныхъхъавыди мæлæт.

Æмæ, мæ мад, ныртæккæ

Мæхиуыл нæу мæ мæт.

Фæцæуын ногæй арты.

Нæй раздæхыны бар.

Кæд нал хъæуын мæ царды,

Ивазын æм мæ арм.

У амонд – бахиз искæй,

Æххуысгæнæгæн сбæзз.

Фæрыстæн уын уæ рыстæй.

Ислам дæн, уе ’рвад, æз.

 

Мæ зæрдыл арт ныздыхсти,

Мæ риуы ахызт рыст…

Æрæджы мæм чи ’взыста,

Дæн уый нæмыгæй æхст.

Цы зоны ’нусон цардæн

Æнæуарзт зæрдæ, тутт?

Тæригъæд, хорздзинадæн

Ды раарфæ кæн, уд.

 

Мæ мад, дæ фын хъыгдарын,

Зæххы сидтмæ цæуын.

Ислам дæ уарзы, уарзы.

Дæхицæн ма кæ зын.

Мæн скъолайы уындзынæ:

Æз ногæй дæн цæрдуд.

Ды киномæ кæсдзынæ,

Ыскъуындзæн та дæ уд.

Дæуæн – мæ мидбыл бахудт,

Дæу – ме ’ууæнк æмæ уарзт.

Мæ уд фæндыры цагъдæй

Ныууромы йæ хъаст.

Мæ хъæстытæ рæмудзынц,

Зæрдæйау у сæ дзæхст,

Мæ куывдты артау судзынц.

Уымæл кæнынц йæ цæст.