26 декабря 2024

НÆ УÆЛАХЕЗИ СÆРБÆЛТАУ СÆ ФÆЛЛОЙНÆ НИМАДИ УОДЗÆНÆЙ…

20.02.2024 | 12:29

Сæрмагонд æфсæддон операци æнхæст кæнуни рæстæг гъæуайкæнуйнадон-промышленнон комплекси кустуæтти косгутæн «Фæллойни ветеран»-и ном дæттуни фæткæ ке фæрци фæххумæтæгдæр уодзæнæй, уæхæн закъони проект хуарзбæл банимадтонцæ нæ республики Парламенти депутаттæ дæр.

Аци хабар фегъосун кодтонцæ республики Парламенти æмбурди рæстæг. Æма «Ветеранти туххæй» закъонмæ гъæугæ исрасткæнуйнæгтæ бахæсдзæнæнцæ. Зæгъæн, закъони 7 статьямæ бахæссунмæ ке гъавунцæ, еци бафтауйнаги финст ес мæнæ уотæ:

«Сæрмагонд æфсæддон операций рæстæг гъæуайкæнуйнадон-промышленнон комплекси ка косуй, æма си тæккæ минкъийдæр 15 анзей дæргъи ка бакуста (баслужбæ кодта), уæдта пенси исæвæрунæн нимайуйнаг фæллойнадон стаж нæлгоймæгтæн тæккæ минкъийдæр 20 анзи, силгоймæгтæн ба 15 анзей дæргъи кæмæ ес, уæхæн косгутæ нимад æнцæ фæллойни ветерантæбæл».

Парламентарити гъудимæ гæсгæ, сæрмагонд æфсæддон операци æнхæст кæнуни рæстæг  фæууæлахез уни гъуддагмæ устур æвæрæн хæссунцæ айдагъ тугъди раззаг тæлми тохæг æфсæддон службæгæнгутæ нæ, фал уодуæлдай фæллойни фæрци тугъдонтæн агъазгæнæг фæскъилдуни косгутæ дæр.