18 января 2025

РЕСТОРАНИ ХЕЦАУ

16.01.2025 | 14:37

Немуцаг хуæдтæхгутæ сæ бомбитæ æрæгъзалдтонцæ æма уоййадæбæл æрбайсавдæнцæ. Дæрæнгонд азгъунстити сæрмæ ма сау хъуæцæ фæйнердæмæ ивулдæй, сæ къæрæзгити æвгити дзæгъал-мугъул нæма басабур æй, уотемæй бабæй æхсун райдæдтонцæ дзармадзантæ. Æхстонцæ ахид æма æнæнгъæлти. Æма уæд, уой фæсте сахари сæрмæ цъæх арв бæрæг нæбал уидæ хъуæцæ æма руги пæлæзæй, гъæунгти рацæуæн нæбал уидæ. Агорити æма æндæр арæзтадон æрмæгути пурхити зæйтæй.

Гъе уæхæн уавæри адтæй нæ сахар тузмæг 1942 анзи фæззæги бæнттæй еуеми. Уогæ айдагъ еци бон нæ. Дзарма-дзанти гъæрæй, фашистон хуæдтæхгути æнæуинон ниудбæл, бомбити хелаги скъотбæл мах раги исахур ан. Æма еу минкъий рæстæг нин рафунæйæн фадуат ку фæууидæ, уæд еци уавæрти дæр игъал дæр нæбал кодтан. Уогæ ба æхсæвæ цанæбæрæг фунæй кодтан, фулдæр рæстæг нæбæл аллихузон сагъæстæ кæнгæй æрсæумæ уидæ.

Мах цардан æма кустан, знаг ке фал-дзости лæудтæй, уæхæн сахари. Æма цæмæй дин кусти медæгæ фулдæр бантæса, уой туххæй ба хуссун дæр æма хуæрун дæр гъудæй…

Хуæргæ ба кодтан, æнæгъæнæ сахари ма ци еунæг хуæрæндонæ куста, уоми. Раздæр æ бунати ресторан адтæй. Уогæ иннæ хуæрæндæнттæ гъæугæ дæр нæбал кодтонцæ: сахари ма хуæрз минкъий адæм байзадæй. Байзадæнцæ ма си, æ бон фондз лæгей бæрцæ косун кæмæн адтæй, сахари цард фæккеун ка нæ бауагътайдæ, етæ.

Аци хуæрæндонæ, куд раздæр, уотæ ма адтæй хуæрзæфснайд, кæдзос, алкæмæн дæр си салам лæвардтонцæ зæронд лæгтæ – официанттæ.

Фæскуст ардæмæ, залмæ, фæлладæй æмбурд кæнун райдайиуонцæ адæм. Бонигон дæр си æрдæгталингæ адтæй. Æфсæйнагæй æмбæрзæнтæ еудадзуг бунмæ уагъд адтæнцæ, цæмæй къæразги æвгитæ бомбити исрæмугъдтитæй ма æрæгъзалдайуонцæ, уой туххæй. Еуминкъий рохс лæвардтонцæ сойни цирæгътæ – электрон тухæн æ кой дæр нæ адтæй.

Фал, Метин Дадай хузæн фæззиндтæй дядя Яшæ, фингæмæ æрбахаста раздæри хузæн хуæрзадæ сехуар: борщ, халсартæ, ливзæ. Ахид хуæрæндони сæрмæ райгъусидæ дзармадзани нæмгути унæр. Æма уæд скъаппи диз-диз кодтонцæ агувзитæ, сойни цирæгътæ фæххуссиуонцæ, æма уæд дядя Яшæ, стъолбæл хуæруйнаг райвæргæй, æ уорс сæрбæл мæстгунæй фæххуæцидæ.

Еуæй-еу хатт хуæруйнаггæнæнæй тургъæмæ рацæуидæ Вано – рацæргæ æма хуæрзхуз хестæр хуæруйнаггæнæг. Сагъæсхузæй кастæй хуæнхти ’рдæмæ. Æфцæгæн æ иннæ фарс адтæй æ хорæфсæст райгурæн бæстæ. Уордæмæ дæр байервæза знаг, е нæ фæндадтæй зæронд гурдзиаги. Æма ин фадуат ку фæууидæ, уæд хуæруйнаг амал кодта райдзаст Гурдзимæ над гъæуайгæнгутæн.

Кæд сахари æ цæргутæй ефстæгтæй уæлдай нæбал байзадæй, уæддæр аци зали ба алкæддæр берæ адæм адтæй. Ардæмæ цудæнцæ партион æма фæскомцæдесон организацити косгутæ, знаги хуæдтæхгутæ ка кунæг кодта, еци батальонти тугъдонтæ, ополченецтæ. Ами хуардтонцæ дохтиртæ, аллихузи службити, бастдзийнади, редакцити æма типографити косгутæ. Цубурдзурдæй – сахари актив. Кæддæр пленумти, сессити æма æндæр аллихузон æмбурдтити æмбалдæнцæ. Нур ба – ами. Æма кæрæдзей хæццæ ку радзубани кæниуонцæ, кæрæдземæн сæ царди хабæрттæ ку ракæниуонцæ, уæд сæмæ уотæ кастæй, цума сæ уæззау ихæстæ дзæвгарæ фæррæуæгдæр æнцæ.

Фронтæй æрбацæуæг тугъдонтæ дæр ахид фæззинниуонцæ хуæрæндони. Сæ цæсгæнттæ – хорсугъд æма ругæйдзаг, сæ цæститæ æнæхуссæгæй сурх дардтонцæ. Сæ хæццæ æрбахæссиуонцæ топпихуаси хъуæци тæф. Сæ дзоли хæйттæ стъолæбæл æрæвæриуонцæ, сæ тохæнгарз ба фарсбæл арæхстгай бакъолæ кæниуонцæ. Ресторани дуармæ сæмæ сæ «виллистæ» æнгъæлмæ кастæнцæ. Тагъд-тагъдæй рахуæриуонцæ, сæ дзоли уæлдæйттæ æма æхца стъолбæл фæууадзгæй, цидæр æрбауиуонцæ.

Знаги хуæдтæхгутæ сахари сæрмæ фæззиндзæнæнцæ æма ибæл бомбитæ æркалдзæнæнцæ, зæгъгæ, тæссагдзийнадæ ку исæвзуридæ, уæд адæмæн æвæстеуатæй игъустгонд æрцæуидæ, сахарæй рандæ уотæ, зæгъгæ. Ресторани косгутæ æрбамбурд æнцæ цæлгæнæни – фæндаггаг сæ хæццæ хуæлцæ райсунмæ. Еци рæстæг фæззиндтæй ресторани директор Александр Ивани фурт æма син загъта:

– Кæд гæнæн ес, уæд ма исонмæ бакосетæ, уæдта рандæ уодзинайтæ.

Дуккаг бон бабæй адæм хуæрæндонæмæ сехуармæ ку æрбамбурд æнцæ, уæд Александр Ивани фурт æ косгутæмæ сæ еугуремæн дæр фæдздзурдта æма сæ бакодта, кæддæр оркестр ци уæлбили цагъта, уордæмæ. Директор хъæдавæ æмбæрзæн æ къохæй минкъий райеуварс кодта æма залмæ райамудта:

– Уинетæ уæхуæдтæ, хуæруйнаг кæмæн амал кæнæн, уони. Сахатти фæсте, гæнæн ес, æма бацарæфтуд уодзæнæнцæ. Фал, етæ уобæл æгириддæр нæ гъуди кæнунцæ, уотемæй нифсхастæй гъæуай кæнунцæ нæ сахар.

Адæм неци дзурдтонцæ.

– Уæ зæрдæбæл æрлæуун кæнетæ, анз æма æрдæги размæ ба куд адтæй уавæр? Аци фингити уæлгъос ка бадтæй?

Рæстæг цума фæстæмæ раздахтæй, уой хузæн… Гъо, бустæги æндæр хузи адтæй аци зал тугъди размæ. Мæнæ ами, аци уæлбилæ цагъта джаз. Хуæруйнаггæнæни фингитæмæ парахаттæй ивулдæнцæ европаг æма скæсæйнаг хуæруйнæгтæ. Ами бæрæггонд цудæнцæ игурæн бæнттæ, аразтонцæ си киндзæхсæвæртæ, аллихузон фембæлдтитæ. Нæуæгбони ба тæмæнтæкалгæ нæзи бæласæ зæрдитæ рохс кодта. Сауæнгæ сæуми уæнгæ дæр сæ кафун æма зарунæй не ’нцадæнцæ игъæлдзæг, амондгун адæм.

Ардæмæ ахид фæззинниуонцæ фæсарæйнаг иуазгутæ дæр, иуазæгдонæ «Интурист»-и ка ’рбунат кæнидæ, уæхæнттæ – æнахур чумæданти хæццæ, сæ еугурдæр нæуæг къартæесæнти хæццæ. Байагориуонцæ фезонæг, сæхецæн фæццæгъдун кæниуонцæ скæсæйнаг цæгъдтитæ. Дуккаг бон ба сæ сæумæй автобус фæлласидæ æфцæги сæрти.

Абони еци бæрæгбонарæзт адæмæн сæ кой дæр нæбал æй… Къурткитæ, телогрейкитæ, уæззау батинкитæ, ругæйдзаг цулухътæ. Уæдта æнæуой дæр адæм куддæр фендæрхузи æнцæ: сæ бакаст фæгъгъунтъуздæр æй, фæккарздæрхуз æй, сæ дзурд дæр фæккарздæр æй. Сæ цæсгæнттæ фенцъулдтæ ’нцæ. Джази бæсти ба адæми сæрмæ игъусунцæ дзармадзанти нæмгути скъот, бомбити гуппитæ – тугъди тузмæг музыкæ…

– Нуртæккæ нæмæ ци адæм бадуй, уонæй хуæздæр æрбацæугутæ нæмæ некæд адтæй, – исдзурдта кадæр. Æви сæ гъостæбæл рауадæй…

Циуавæрдæр æнахур гъудити фæсте сæхемæ ку ’рцудæнцæ, уæд Александр Ивани фурт сæ рази нæбал адтæй. Алке æнæ дзоргæй æ кусти уæлгъос æрлæудтæй. Пецтæй райгъустæй арти гур-гур, райгъустæй авгин дзаумауи унæр. Бæстæ æмæзмæлд иссæй.

* * *

… Хуæлцæ кунæг кæнун райдæдта. Ресторани директор тухстæй. Æнцъулдæрфугæй тургъæбæл зелæнтæ кодта. Æ фæдбæл мæтъæлæй цудæй завхоз дæр.

– Мадта ци бахуæрун кæндзинан абони нæ адæмæн?

– Цæлгæнæни халсартæ ес, Александр Ивани фурт. Дзæвгарæ ма си ес.

– Халсартæ… Къумбулæй идардмæ нæ рахуæцдзæнæ, – бахъур-хъур кодта директор, уæдта æ дзубандибæл бафтудта: – Иссерун гъæуй фид. Тагъддæр уайæ фиди комбинатмæ!

Завхоз силгоймаги хузæн бахъур-хъур кодта:

– Фиди ком-би-натмæ? Æма ’й зонгæ ба кæнис ци уавæри æй, уой? Нæмгутæ си ехуарæгау кæлунцæ!

– Циуавæр нæмгутæ? – цума неци зонуй, уой хузæн рафарста директор.

– Циуавæр нæмгутæ? Немуци нæмгутæ. Дæхе гъостæй сæ нæ игъосис?

Уæлдæф низмалдæй. Зæнхæ нирризтæй. Хæдзари сæрæй рахаудтæй æфсæйнаг æмбæрзæн æма æ дзæгъал-мугъул райгъустæй. Александр Ивани фурт зæнхæй исиста, ци æфсæйнаг рахаудтæй, уой, фал уæдмæ завхозæн æ кой, æ гъæр дæр нæбал адтæй.

– Кошелев! – фæдздзурдта имæ, фал æй нартихуари гъæдти æхсæнæй рабургæй ку фæууидта, уæд æ медбилти худт нæбал бауорæдта.

– Гъæйдæ, мадта, цæун фæндæ нæ кæнис фиди комбинатмæ! Æма ке æхсунцæ ке, еци немуц?

– Нæхе Сурх Æфсади тугъдонти, – мæтъæлæй исдзурдта Кошелев, – нæ бæгъатæр лæхъуæнти нин цæгъдунцæ еци æнаккæгтæ.

Фал алкæд сабур гъæлæсиуагæй ка дзурдта æ хæццæ, нур еци адæймаги дессаги мæстгун цæститæ ку рауидта, ка рафæлорс æй æма зир-зир кæнун ка райдæдта, еци билтæмæ ку фæккомкоммæ æй, уæд æхе сабургай еуварс ласунмæ фæцæй.

– Æма уæд ду ба? Ду уонæй уæлдай уæлбекъон дæ? Уони ку ес цæгъдæн!.. Тæккæ абони дæ мæхе къохæй рагæрах кæндзæнæн! Сахатти фæсте фид ами куд уа, уотæ бакæнæ!

– Цæудзæнæн, – туххæй ма исфæразта исдзорун Кошелев. – Гъæр мæбæл ма кæнæ. Фехсунæй дæр мæ ма тæрсун кæнæ. Фал цæбæл æрбаласдзæнæн фид, цæбæл? Нæ машинттæ еугурæйдæр æфсæддон хæйттæн ку равардтан?

Фал «æнхус» æхуæдæг æхе къахæй фæззиндтæй. Хуæруйнаггæнæнæй рацудæй къостæхснæг Дмитриева æма, æ сойнæйдзаг къохтæ æ раздарæнæй сæрфгæй, загъта:

– Нур, цума, алкæд гъарæнгæ кæнун ци байдаис? Мæлæти берæ фид нæ ку нæ гъæуй? Æхсæз пути нин фагæ æй, Александр Ивани фурт? Æма, уæд, кæд фагæ æй, уæд сæ мах Кошелеви хæццæ уæртæ бæхуæрдунæй æрбаласдзинан…

… Еци бон дæр æма дуккаг бон дæр адæмæн фиди хæццæ хуæруйнаг кодтонцæ.

Еци рæстæг ду сахари нæ адтæ? Адтæ? Мадта уæд æнæфæууингæ нæ фæцайсæ иуазæгуатмæ бацæуæн дуарбæл рахесæрдигæй минкъий гæгъæдий гæбазæ ауигъдæй. Æ уæле финст:

«Ресторан косуй!!!»

 

ЦУГУЛИТИ Еленæ