21 декабря 2024

«РОХСЗӔРДӔЙ УИН ФӔЦЦАРДТӔН, ӔМА МӔ ЗӔРДРОХСӔЙ ИМИСЕТӔ…»

13.05.2021 | 11:19

Уодикондӕй рӕсугъд ӕма зӕрдихаттӕй хуӕрзауодӕг, рӕстӕмбӕлӕг ке фӕххонунцӕ, уӕхӕн адӕймаг дин дӕ царди гургъахъ нӕдтӕбӕл ӕмдзӕуин ку разинна, уӕд, нимайӕ ‘й, устур амондӕй фӕххайгин дӕ. Уомӕн ӕма уӕхӕн адӕймаги фарсмӕ дин цард, цийфӕнди ку уа, уӕддӕр хиццаг уодзӕнӕй, зӕрдфедарӕй архайдзӕнӕ дӕ карни хабӕрттӕ аразунбӕл… Гъе уӕхӕн адтӕй Цъугкити Беслӕни фурт Солтан дӕр, Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий адӕмон артист, Паддзахадон Дигорон драмон театри искурдиадӕгин ӕма ирддӕр актертӕй еу…

Адтӕй… Хъӕбӕр зин ӕй Солтани туххӕй дзубандий аци дзурд зӕгъун исфӕразун… Нӕ комуй зӕрдӕ ӕгириддӕр уобӕл исарази ун, ӕма нӕ дзиллӕн зӕрдрохсдзийнадӕ ка хаста ӕ царди еугур гъуддӕгутӕй дӕр, еци харакет ӕма рӕстауодӕг Солтан не ’хсӕн нӕбал ӕй… Нӕ зӕрдитӕн нин еудадзуг раст барагген ка адтӕй, еци Солтан нин сӕ ӕнай-ӕнойти куд фӕрресун кодта, ӕгӕр раги ке банӕхстӕр ӕй е ’цӕг дуйнемӕ, уомӕй. Берӕ цӕмӕйдӕрти си нифсгун адтан, ӕма нӕ куд фӕффудевгед кодта…

Абони, 13 майи Цъугкити Солтанбӕл гъӕуама аст ӕма дууинсӕй анзи исӕнхӕст адтайдӕ. Бӕргӕ берӕ зӕрдиаг арфитӕ ин кодтайуонцӕ еци бон, бӕргӕ игъӕлдзӕг бӕрӕгбон ин исаразтайуонцӕ ӕ уарзон бийнонтӕ, е ’мкосгутӕ, ӕ берӕ ӕрдхуӕрдтӕ… Фал, гъулӕггагӕн, уӕхӕнӕй нецибал арӕзт ӕрцӕудзӕнӕй. Ӕ еци бонмӕ ӕхуӕдӕг нӕбал рацардӕй – фарӕ 28 декабри ӕ уӕлзӕнхон цардӕй рахецӕн ӕй Солтан… Игъӕлдзӕг райгурӕн бони бӕсти ин арӕзт ӕрцӕудзӕнӕй имисӕн мадзӕлттӕ. Карнӕн ци загъдӕуа, ӕгӕр ӕгъатир ин разиндтӕй…

Фал ма ци кӕнӕн… Нӕ бон ма ‘й айдагъдӕр ӕ рохс ном имисун… Ӕма ’й абони имисӕн нӕ газети фӕрстӕбӕл дӕр – уой фӕдбӕл ӕрмӕг кӕсетӕ 4-5-аг фӕрстӕбӕл.

БИЧИЛТИ Алетæ, Уæрæсей журналистти Цæдеси иуонг

Цъугкити Солтан райгурдӕй 1973 анзи 13 майи Дигори рӕсугъддӕр гъӕутӕй еу – Уӕхъӕци гъӕуи. Гъомбӕл кодта берӕ бийнонти ‘хсӕн. Ӕ ниййергутӕ Беслӕн ӕма Таисӕ исгъомбӕл кодтонцӕ аст фурти ӕма еу кизгӕ. Бийнонти кадӕ абони дӕр гъӕубӕсти медӕгӕ ‘й бӕрзонд, уарзон хӕдзарӕбӕл нимад ӕнцӕ. Сӕ цӕуӕт еугур дӕр ӕнцӕ дӕнци аккаг. Сӕ кӕстӕртӕ Солтан ӕма Сослан фазӕнттӕ адтӕнцӕ. Ниййергутӕ сӕ гъолон уарзтӕй уарзтонцӕ аци биццеути.

Гъулӕггагӕн, ниййергутӕбӕл зианти уӕззаудзийнӕдтӕ дӕр ӕрцудӕй. Ӕдзардӕй сӕ уӕлзӕнхон цардӕй рахецӕн ӕнцӕ сӕ фурттӕ Артем ӕма Салат, уой фӕсте ба сӕ хестӕр фурт Аркадийи биццеу Тимур фӕммард ӕй, мӕгурдӕйраг фидӕ ӕхуӕдӕг дӕр ӕ фур зинӕй берӕ нӕбал рацардӕй. Рацох ӕй се ’гъдаугин, ӕнсувӕреуӕггӕнӕг сиахс Гецати Вовӕ дӕр. Еци зинтӕн нӕ бафӕразта бийнонти фидӕ Беслӕни зӕрдӕ дӕр ӕма бараст ӕй мӕрдти бӕстӕмӕ… Ӕма бабӕй еума зӕрди цӕф бийнонтӕн – Солтан дӕр сӕмӕ батагъд кодта… Еци ӕверхъау цаутӕ ниййерӕг мади зӕрди арф, дзӕбӕхгӕнӕн кӕмӕн нӕбал ес, уӕхӕн ресагӕ фӕдтӕ ниууагътонцӕ…

Лӕг ӕ адӕмӕн зӕрдӕбунӕй уарзон ку уа, уӕд е фӕууй ӕ берӕ арфиаг менеугутӕ ӕма ацъагъуити фӕрци. Ӕма уонӕй ба, нӕ бон ӕй федарӕй зӕгъун, ӕнхӕстӕй хайгин адтӕй Цъугкити Солтан – куд аййевадон гъуддӕгути, уотӕ хумӕтӕг царди дӕр.

Театрдзаутӕ ‘й зудтонцӕ, куд искурдиадӕгин актер ӕма зартӕгӕнӕг. Хумӕтӕги ин нӕ исаккаг кодтонцӕ Цӕгат Иристони адӕмон артисти ном. Уомӕй сӕйрагдӕр ба е ӕй, ӕма адтӕй хуӕдӕфсармӕ, хуӕрзӕгъдау, зӕрдхӕлар, цӕстуарзон адӕймаг, ӕмбӕлттӕн ӕцӕг хуарз ӕрдхуард, хестӕртӕн – лӕггадӕгӕнӕг, кӕстӕртӕн – зундамонӕг, раст надбӕл ӕвӕрӕг. Царди адӕймаг исӕмбӕлуй уӕхӕн адӕймӕгутӕбӕл, кӕцити сӕ рамӕлӕти фӕсте дӕр феронхгӕнӕн нӕййес. Ӕма уотӕ зӕгъӕн ес Солтанӕй дӕр.

Паддзахадон Дигорон драмон театри райгурд имисгӕй, куд нӕ зӕгъӕн сӕрустурӕй: уогӕ ба ци дессаги искурдиадӕгин фӕлтӕр ӕрбамбурд кодта ӕ алфамбулай театри бундорӕвӕрӕг, нӕ дзиллити уарзон хъӕболӕ, Уӕрӕсей Федераций ӕскъуӕлхт артист, Цӕгат Иристони адӕмон артист Темирати Давид… Кӕми гъудӕй, уоми син адтӕй карзгомау ӕма домагӕ, кӕми гъудӕй, уоми ба фӕлмӕнзӕрдӕ, уарзӕгой фиди хузӕн. Сӕ хӕццӕ ма зӕрдхӕларӕй архайдтонцӕ труппи сӕргълӕууӕг, нӕ республики аййевади ӕскъуӕлхт архайгутӕ Тауитти Светланӕ ӕма зундгонд, фӕлтӕрдгун режиссер Бекъойти Розӕ. Етӕ сӕ айдагъ актери дӕсниадӕбӕл нӕ ахур кодтонцӕ, фал син амудтонцӕ царди раст фӕззелӕнтӕ дӕр.

Гъулӕггагӕн, Темирати Давид не ’хсӕн нӕбал ӕй… Рохсаг уӕд… Банӕхстӕр имӕ ’й ӕ хуӕздӕр гъомбӕлкӕнуйнаг Цъугкити Солтан дӕр. Кӕд мӕрдти бӕсти ӕцӕгӕйдӕр ести ес, уӕд син ӕ гъомбӕлкӕнуйнаги хӕццӕ дзубанди райеудагъ ӕй… Ресагӕ фарстатӕбӕл дӕр ӕрдзурдтайуонцӕ, гъай-гъай… Уонӕн сӕ ахсгиагдӕр ӕй, нерӕнгӕ дӕр ма Дигорон театрӕн ӕхе азгъунст ке нӕма исаккаг кодтонцӕ, е. Ӕма, ӕвӕдзи, Давид ӕ цирти фӕрстӕ рӕдовуй, ӕ фур зин ӕма мӕстӕй… Фал, цидӕр ӕй, уӕддӕр театр цардӕй, цӕруй, ӕма цӕрдзӕнӕй!..

Дигорон театри рантӕсти фӕдбӕл дзоргӕй, куд нӕ ракӕнӕн фиццаг артистти кой – Паддзахадон Дигорон драмон театрӕн рохс над бакъӕртгӕнгутӕн. Етӕ ‘нцӕ – Габети Хетӕг, Хадати Альберт, Хъарати Алик, Хъулчити Бола, Цӕллати Владимир, Кокайти Тимур, Гобети Сослан, Арсӕгти Астик, Галачити Джабраил, Хъамболти Зӕлинӕ, Секъинати Элитӕ, Хадати Алинӕ, Хъалабегти Фатимӕ, Езети Эрнӕ, Бичилти Фатимӕ, Худӕлти Маринӕ, Бесати Викӕ, Малити Фатимӕ, Едзати Светӕ… Ӕма еци ирд ӕма искурдиадӕгин актерти ӕмрӕнгъӕ лӕудтӕй Цъугкити Солтан дӕр.

Солтан Ӕфсади рӕнгъити служби фӕсте бацудӕй театралон студимӕ, уоми ахур кӕнгӕй, ӕхе бавдиста дӕсни ахурдзауӕй. Ӕ фиццаг къахдзӕфтӕй дӕр бӕрӕг адтӕй, актери искурдиадӕй хайгин ке ‘й, е. Студи каст фӕууогӕй ин, ихӕсгонд цудӕй сӕйраг рольтӕ ӕма ин етӕ еугурӕй дӕр театрдзаутӕн иссӕнцӕ уарзон ӕма хъазар. Куста нӕ республики зундгонддӕр режиссертӕ Бекъойти Розӕ, Беккузарти Орзетӕ, Темирати Давид, Битъӕти Роберт, Бекмӕрзти Ӕхсар, Сӕбанти Тамерлан, Хадати Альберт, Секъинати Элитӕ, Уалити Гивий хӕццӕ.

Уӕди ӕригон артисттӕ сӕхебӕл нӕ ауӕрдгӕй, фӕлтӕрдгун ахургӕнгути фӕрци, архайдтонцӕ актери дӕсниади сосӕгдзийнӕдтӕ райхалунбӕл ӕма си сӕхе исхотухгин кӕнунбӕл, ӕцӕг аййевадӕмӕ хе над бакъӕрт кӕнунбӕл. Кӕд раздӕр арӕхстгай къахдзӕфтӕ кодтонцӕ, уӕддӕр сӕ разӕнгарддзийнади фӕрци ба сӕ искурдиадӕ анзӕй-анзмӕ федардӕр кодта, сӕ арӕхстдзийнадӕ ба бӕрзондӕй – бӕрзонддӕр кодта. Сӕ нифс бахастонцӕ айдагъ адӕмон пьесӕмӕ гӕсгӕ нӕ, фал ма дуйнеуон классикти ӕнӕмӕлгӕ уадзимистӕмӕ гӕсгӕ ӕвӕрд спектакльтӕ ӕвӕрун дӕр. Ӕма син бантӕстӕй. Иссӕнцӕ ӕцӕг, аййевадон ӕгъдауӕй хуӕрзӕнхӕст артисттӕ. Сӕ репертуар адтӕй гъӕздуг, медесгун ӕма берӕвӕрсуг.

ЦЪУГКИТИ Солтан сценæмæ рацæуни размæ.

Театрдзаутӕн Солтан ӕхе бауарзун кодта ӕ фиццаг спектаклӕй фӕстӕмӕ. Сценӕбӕл ци сорӕттӕ исаразта, уонӕй алли сорӕтӕн дӕр ӕ уодиконд, гъудити зелдох, зӕрди ӕнкъарӕнтӕ хаста адӕми рӕнгъӕмӕ. Цӕстуарзон ӕма гадзирахат, уарзӕгой ӕма налат, игъӕлдзӕг ӕма тузмӕг, хийнӕйдзаг ӕма кӕрӕф, рӕвдауагӕ ӕма уозӕлагӕ, мӕтӕгӕнагӕ ӕма амондмӕ бӕллагӕ… Сӕ еугуреми дӕр иссирдта хе сӕрмагонд уодигъӕдӕ ӕма исфӕлдистадон хуарӕнтӕ. Трагеди ӕма комеди – уӕхӕн жанртӕй адтӕнцӕ Солтани сӕйраг рольтӕ. Еумӕ райсгӕй рагъазта дууинсӕй спектаклеми. Уони ‘хсӕн ӕнцӕ: Темирати Давиди пьесӕмӕ гӕсгӕ ӕвӕрд спектакль «Аланти Нана» (Будзула); Хугати Геори «Сабан ӕма Габан» (Габан) ӕма «Сау нимӕт»; Хӕмицати Цӕраййи «Дууӕ уосгори»; Жан Ануйи «Антигона» (Креон); Карло Гальдоний –«Мирандолина» (граф); Саламти Никъалайи «Уарзти уацари» (Додик); А. Пушкини «Дорин иуазӕг» (дон Карлос); Авксентий Цагарелий «Ханума» (къниаз Вано Пантиашвили) ӕма ма берӕ ӕндӕртӕ. Мамсурати Дӕбей пьесӕмӕ гӕсгӕ спектакль «Бӕтӕй фурттӕ»-йи, Цъугкити Солтан рагъазта Дудай роли. Гъулӕггагӕн, е адтӕй искурдиадӕгин артистти фӕстаг роль. Фӕстаг хатт ма си рацудӕй Солтан сценӕмӕ, фӕстаг хатт ма фегъуста Солтан арфиаг театрдзаути тухгин къохӕрдзӕф, ӕ дессаги искурдиадӕн ма ин етӕ фӕстаг хатт арфӕ кодтонцӕ лӕугӕй…

Цъугкити Солтан айдагъ искурдиадӕгин актер нӕ адтӕй, фал ма адтӕй разагъди дӕсни зартӕгӕнӕг дӕр. Иристони цӕргутӕй ка нӕ фегъуста ӕ дессаги зар «Зӕдты чындзӕхсӕв»?! Аци зар телеуинунадӕмӕ кӕсгути фӕндонмӕ гӕсгӕ ахид райгъусидӕ экранӕй. Уомӕй уӕлдай ма ӕ репертуари адтӕй цалдӕр зари: «Дӕ сорӕт», «Ӕригон бонтӕ», «Имисуй зӕрдӕ»…

Солтанмӕ, куд ӕцӕг дигорон лӕгмӕ, берӕ адтӕй хуӕрзӕгъдаудзийнади менеугутӕ дӕр. Багъӕуаги сахатти ӕхебӕл нӕ ауӕрдгӕй, ӕ гъазтӕй хайгин кодта иннетӕн, багъӕуаги ӕхе гӕлста театри гъуддаги алли кустмӕ. Некӕд загъта, е мӕнмӕ нӕ хауй, мӕн куст нӕй, зӕгъгӕ. Хуӕнхаг ӕвзугъд лӕхъуӕни фӕууинӕн адтӕй сцени косгути, рохсдӕтгути хӕццӕ, уой хӕццӕ ба ма хумӕтӕг кустити архайгӕй, ахид кодта спектакльтӕн музыкалон фӕсдзурд дӕр…

ЦЪУГКИТИ Солтан Амондгуни роли (спектакль «Гъæдæ»).

Театри абони ӕригон актертӕн ӕнцондӕр косӕн ӕй, уомӕн ӕма сӕ фарсмӕ ӕнцӕ, дӕнци аккаг хестӕр фӕлтӕр, кӕцитӕ сӕ хӕццӕ ӕнӕвгъауӕй дех кӕнунцӕ сӕ агъазиау фӕлтӕрддзийнадӕй. Ӕма уой фӕрци сӕ къохи уӕлахездзийнӕдтӕ ӕфтуйуй. Уой хӕццӕ ба ирӕзуй аци исфӕлдистадон коллективӕн ӕ еумӕйаг гъомусадӕ. Зӕгъӕн: Паддзахадон дигорон драмон театр, фарӕ нӕ бӕсти сӕйраг сахар Мӕскуй ци IV Еугурадӕмон фольклорон фестиваль «Русский остров» цудӕй, уоми адтӕй кадгин лауреат. Фестивали равдистонцӕ Мамсурати Дӕбей пьесӕмӕ гӕсгӕ ӕвӕрд спектакль «Бӕтӕ ӕма ӕ фурттӕ», ӕвӕрӕг режиссер нӕ республики адӕмон артист Хадати Альберт. Гъулӕггагӕн, Солтанӕн нӕ фӕцӕй равгӕ еци Уӕлахезон ӕркасти архайун е ‘нӕнездзийнади уавӕрмӕ гӕсгӕ.

Кӕд Солтани исфӕлдистадон цӕхӕр ӕнӕнгъӕлти рахустӕй, уӕддӕр Паддзахадон дигорон драмон театрӕн ци хуӕрзти бацудӕй, ци гъӕздуг репертуар ниууагъта, етӕ иронх нӕ уодзӕнӕнцӕ. Ӕ гъӕздуг репертуарӕй бӕлвурд ке фӕгъгъӕздугдӕр кодтонцӕ национ драматургий хӕзнадонӕ, е дузӕрдуггаг нӕй. Ӕ кади ном сугъзӕрийнӕ дамугъатӕй финст ӕрцудӕй нӕ Иристони театралон аййевади анзфинсти.

Цъугкити Солтан ӕ фӕсте ниууагъта ӕхе хузӕн хуӕрзӕгъдау, искурдиадӕгин цӕуӕт. Ӕ кизгӕ Вероникӕ ӕ ниййергути къахдзӕфтӕбӕл рацудӕй. Кӕд ма нуртӕккӕ Хетӕгкати Къостай номбӕл Паддзахадон университети студенткӕ ‘й, уӕддӕр ин ӕ искурдиадӕмӕ гӕсгӕ бантӕстӕй Дигорон театри сценӕбӕл цалдӕр спектаклей сӕйраг рольти рагъазун. Ирон театри разамунд дӕр ацъагъуӕгин кизгӕбӕл сӕ цӕстӕ ӕрӕвардтонцӕ, ӕма ‘й байагурдтонцӕ сӕхемӕ косунмӕ. Сӕрмӕт ба аци анз каст фӕууодзӕнӕй астӕуккаг скъола. Раззӕгти хӕццӕ уӕнтӕ! Сӕ фидӕн ӕ цубур царди медӕгӕ ци нӕ бантӕстӕй, е син бантӕсӕд! Ӕ ирд сорӕт син сӕ изолдӕри царди сӕ над рохс кӕндзӕнӕй Бонвӕрнон стъалуй хузӕн…

ЦУГКИТИ Солтан æма СЕКЪИНАТИ Элитæ æлдар Аскери æма Тайбати рольти (спектакль «Тухайти Аргасгæ»).

Солтан рохсаг уо… Дӕ бауӕр ци мӕрӕбӕл ӕрӕнцадӕй, е дин дӕхе уоди хузӕн фӕлмӕн фӕууӕд. Махӕн ба уодзӕнӕ ӕностӕмӕ цардӕгас…

…Мӕ фурзӕрдхъурмӕй берӕ фӕррасагъӕс-басагъӕс кодтон, уоййасӕбӕл зӕрдтагон нин ка адтӕй, нӕ еци Солтани туххӕй циуавӕр кӕронбӕттӕнӕй фӕууон мӕ номерӕн радзубанди. Ӕма ӕрӕгиау мӕмӕ ӕрцудӕй мӕнӕ ауӕхӕн фӕндӕ. Солтан Дигорон театри сценӕбӕл ци спектаклти архайдта, уонӕй еу адтӕй «Аланти Нана» (Темирати Давиди пьесӕмӕ гӕсгӕ). Цъугкити Солтан си архайдта Нанай ӕновуддӕр агъазгӕнӕг Будзулай роли. Ӕма еци спектакли кӕронбӕттӕн, махмӕ гӕсгӕ, бунати уодзӕнӕй Солтани номерӕн радзубандийӕй ку ӕримисӕн, уӕд.

Е ӕй спектакли кӕронбӕттӕн ӕма си ӕвдист цудӕй, Нана ци сувӕллӕнттӕ фӕййервӕзун кодта, уонӕй фиццаг киндзӕхсӕвӕр. Цийнӕгӕнгӕй кафунмӕ ракодтонцӕ Нана ӕма Будзулай дӕр. Уонӕмӕ кӕсгӕй, еугурӕйдӕр исистадӕнцӕ, ӕрдзӕф кӕнунцӕ. Ӕнӕнгъӕлти Нана фӕккиудтӕй, зӕнхӕмӕ ӕрхауа, зӕгъгӕ, уотемӕй ӕй Будзула райахӕста, ӕрбадун ӕй кодта.

Естар. Нана!

Ораз. Ци кодтай, Нана?

Будзула. Сабур уотӕ, сабур, цъеувӕдес нӕ гъӕуй!..

Естар. Ацал-ауал анзи сӕйгӕ дӕр ку некӕд фӕцӕй, уӕд, гӕрр, абони…

СЕКЪИНАТИ Элитæ, ЦЪУГКИТИ Солтан æма сæ кизгæ ЦЪУГКИТИ Вероникæ еумæ спектакль «Ханума»-й архайгæй.

Будзула. Некӕд ӕй райевдалдӕй сӕйунмӕ.

Нана. Ма тухсетӕ, мӕ хортӕ. Е уотид мӕ зӕрдӕ… Барӕнай, Хъайтар, куд мин ӕвгъау кӕнис еунӕг кафт дӕр, гормон. Куд нӕ кафон, куд нӕ – исӕнхӕст ӕй дӕ фӕдзӕхст! Хуарз, хуарз, ма мӕстгун кӕнӕ, фӕццӕун дӕмӕ. Кӕсис, нӕ хъӕболтӕ – цӕттӕ лӕгтӕ… Алантӕ бабӕй исхуӕцдзӕнӕнцӕ сӕхебӕл (рамардӕй).

Кизгуттӕ ниббогъ-богъ кодтонцӕ, биццеутӕй дӕр кадӕртӕ кӕунцӕ.

Мард ӕрӕвардтонцӕ. Ӕрбамбурд ма ’й никкидӕр адӕм. Рацудӕнцӕ иуазгутӕ хӕдзарӕй дӕр.

Естар. Нана!.. Мах ба?!

Ораз. Ма рандӕ уо, Нана!.. Ма бакомӕ, хъаурӕгин ку дӕ, Нана!..

Ацӕ. Ду дӕр нӕ фӕссайдтай, Нана!..

Базуг. Рохсаг уо, нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ мадӕ!..

Сау-Сатӕг. (Рацудӕй, ӕ киндздзон сасуг исиста, ӕ дзиккотӕ ӕруагъта ӕма ӕ сӕр хуайуй.) Мӕнӕ мӕбӕл ӕмбесонди мӕйдар ӕхсӕвӕ куд ракодта!.. Мӕнӕ мӕ зар гъарӕнгӕмӕ куд рахизтӕй!.. О, мӕ бон!..

Хъара-Сау. Уӕхебӕл фӕххуӕцетӕ!

Будзула. (Еуварсӕрдӕмӕ.) Зӕрондӕй дӕр куд рӕсугъд дӕ, Хорческӕ!.. Нӕртон хори кизги хузӕн!.. (Исиста уадиндзӕ, еуцӕйбӕрцӕдӕр имӕ фӕккастӕй, уӕдта ’й гъавта ӕ уӕрагбӕл ӕрцӕвунмӕ, фал цидӕр рагъуди кодта.) Нӕ, нӕ, мӕ уадиндзӕ, еу цагъд ма мин ӕркӕнӕ, берӕ дӕ ку уарзта. (Сӕ еугуремӕн.) Кӕугӕ, гъарӕнгитӕ – нӕбал. Рӕсугъдӕй фӕццардӕй, рӕсугъдӕй рамардӕй Нана!..

Базуг. Изӕдти ӕмсӕр ӕй Нана. Ӕма ӕ номбӕл нӕхе лӕгӕти исаразӕн ковӕндонӕ, «Нанай ковӕндонӕ»!

Будзула. Игъосетӕ? «Изӕдти ӕмсӕр»! Изӕдтӕбӕл ба кӕугӕ нӕ фӕккиндӕуй! Гъӕуама ибӕл зартӕ кӕнӕн! (Цӕгъдуй уадиндзӕй, игъусуй зар.)

Гъей, Нана, нӕхе уарзон Нана!

Ӕностӕ ’ма дзамантӕ

цӕудзӕнӕнцӕ,

Фӕлтӕртӕй еу ӕййевдзӕнӕй

инней,

Дӕ ном ӕма дӕ кадӕ

цӕрдзӕнӕнцӕ.

Айдагъ аланти нӕ – ӕгас

дуйней!

Аци нивӕ ӕримисгӕй уой зӕгъуйнаг ан, цума нӕмӕ Солтан дӕр Будзула Нанай марди рази куд дзурдта, уотӕ нин е ‘носон дуйнейӕй ӕрветуй фӕдзӕхст: «Рохс зӕрдӕй уин фӕццардтӕн ӕма мӕ зӕрдрохсӕй имисетӕ…»

г. Дигорон театри артистти къуар (галеуæрдигæй рахесæрдæмæ): ХЪАЛАБЕГТИ Фатимæ, ЦЪУГКИТИ Солтан, СЕКЪИНАТИ Элитæ, АРСÆГТИ Астик, ЕЗЕТИ Эрнæ.