27 декабря 2024

СÆ ЛÆГДЗИЙНАДÆ – ÆНОСТÆМÆ ЦИТГИЙНАГ!

20.02.2024 | 12:23

Афганистани тугъд Советон Цæдесæн ку  фæцæй æма советон æфсæддон хæйттæ æнæгъæнæйдæр еци бæстæй ку ракодтонцæ, уæдæй финддæс æма инсæй анзи кæд райевгъудæй, уæддæр, еци тугъди хæццæ цидæриддæр хабæрттæ баст æнцæ, етæ нæ дзиллæн абони дæр ма зæрдристаг æнцæ. Цитгинæй кадæ кæнæн, уодæгасæй си сæ фидиуæзæгбæл ка исæмбалдæй, уонæй… Хъонцгæнгæй ба имисæн, Афганистани зæнхæбæл е ’фсæддон ихæс æнхæст кæнгæй ка фæммард æй, нæ еци æдзард фæсевæди. Æма нур дæр уой фæдбæл æй нæ дзубанди, уæлдайдæр ба  тугъдонти-интернационалистти Бонмæ гæсгæ, кæци Уæрæсей 2011 анзæй фæстæмæ алли анз дæр бæрæггонд цæуй 15 феврали.

– Кабулæй ци хуæдтæхæги ратахтæн, е Минводти аэропорти ку ’рбадтæй, уæд æз æма мæ хæццæ Иристонæй ка адтæй, еци лæхъуæнтæ ниддæлгоммæ ан нæ райгурæн зæнхæбæл æма зæрдиагæй ин нихъхъури кодтан… Кæмæдæр е, ка ’й зонуй, æнахур фæккæсдзæнæй, фал махæн ба е уæд адтæй нæ зæрдирайи «цъæхъал». Еци усмæ ни æцæгæйдæр баруагæс æй, тугъд нин кæдæй-уæдæй ке фæцæй, къуругæнæг топпадзагъд ке нæбал игъосдзинан, инодгæнæг тæфи гъезæмарæй ке фæййервазтан, не ’мбæлттæй æдзард ке некебал кæндзæнæй… Уæд ни кадæр, æнгъæлдæн, уотæ загъта: «Хуæрзбон, Афган!.. Мах цардæгас ан!..»

Уотæ имиста алагираг Баскати Батраз, Афганистани тугъдæй ку æрбаздахтæй, уæд. Мадта афгайнаг тугъди иннæ ветеран Малити Морати фурт Олег ба уотæ зæгъуй:

– Кæд дæсгай æнзтæ рацудæй, еци тугъд кæдæй ниссабур æй уæдæй, уæддæр ма, куд фæззæгъунцæ, абони дæр уоми ан… Сауæнгæ нур дæр ма ахид фесхъеун мæ медфуни… Мæ гъостæбæл рауайунцæ хуæдтæхгути, танкити гур-гур, фæдти æскъот…

Æма, æвæдзи, айдагъ Олег нæй уæхæн уавæри. Еци тугъди ка архайдта æма цардæгасæй æ райгурæн къæсæрбæл ка исæмбалдæй, етæ, ку зæгъæн, еци уæззау хъиамæти бæнттæ некæд феронх кæндзæнæнцæ.

Фал син уæддæр еци тугъд æ хъазауати разæй бал фиццагидæр иссæй, цард æма мæлæти ’хсæн хъæбæр нарæг къахнадбæл ранæхстæр уогæй, лæгдзийнадæ бавдесун дæр æма фæййервæзун дæр кæми гъудæй, уæхæн догæ. Уой туххæй Малити Олег уотæ зæгъуй:

– Знаги хæццæ нæ комкоммæ тохун дæр куд нæ багъæуидæ. Фал устур бæлах ба е адтæй, æма нин ахид уотæ комкоммæ, лæгæй-лæгмæ тох кæнун нæ рауайидæ, фулдæр хæттити нæ моджахедтæ нæ фæсонтæмæ къумтæй æхстонцæ, цубурдзурдæй, фулдæр «партизанти» хузи тухтонцæ нæ хæццæ. Гъулæггагæн, ме ’мбæлттæй беретæ фæммард æнцæ. Нур дæр ма мæ цæститæбæл уайунцæ сæ рохс сорæттæ. Рохсаг уæнтæ. Æвæдзи мæн ба Цитгин Уасгерги гъæуай кодта.

Олеги хузæн Уасгерги бæргæ берети багъæуай кодта, фал сæ тугъдон æмбæлттæй кæмæдæрти еци амонд не ’рхаудтæй. Еци тугъди финддæс минемæй фулдæр советон æфсæддонти фæммард æнцæ, æбæрæгæй дæр си дзæвгарæ фесавдæй. Нур дæр ма сæмæ сæ хеуæнттæ æнгъæлмæ кæсунцæ…

Куд зонæн, уотемæй 1979 анзи Советон Цæдеси разамунд, Афганистани Демократон Республики АДР уæди разамунди курдиадæбæл исарази æй, цæмæй син фæййагъаз кæнонцæ бæсти гъæугæ æгъдау æрфедар кæнуни гъуддаги. Фараст анземæй фулдæр етæ фæттухтонцæ душманти нихмæ.  Фал 1988 анзи апърели ба ци Женеваг бадзубандигонд федаргонд æрцудæй, уой домæнтæмæ гæсгæ гъæуама советон æфсæдти ракодтайуонцæ Афганистанæй. Советон Цæдес æхемæ райста е ’фсæдти къуар уордигæй фараст мæйемæ ракæнуни ихæс. Æма уой æнхæст кæнун райдæдта 1988 анзи 15 майи æма ’й æнхæстгонд фæцæй 1989 анзи 15 феврали.

Зæгъун гъæуй уой дæр, æма  советон æфсæддонтæ Афганистанæй ракæнуни фæсте ма уоми  байзадæнцæ, душмантæмæ уацари ка бахаудтæй, еци советон æфсæддонтæ. Етæ ци бацæнцæ æма сæ карнæ куд рауадæй, е абони дæр æнхæстæй бæрæггонд нæма æрцудæй. Берæ цидæрти æма  цæйдæрти фудæй. Фиццагидæр, æвæдзи, уомæ гæсгæ, æма  Афганистанæй советон æфсæдтæ ку рацудæнцæ, уæд ССР Цæдес раздæри хузæн æнгом нæбал адтæй. Фæстæдæр ба бустæги исæмæнтъери æй бæстæ. Æма мæстæй сæ хъурмæ ка адтæй, еци тугъдæфхуæрд «афгайнæгтæ» иронхуати райзадæнцæ æхсæнадæй дæр æма уæдиккон хецауадæй дæр. Е куд æнæраст гъуддаг адтæй, уобæл фæстæдæр бæсти разамунд бæргæ басастæй.

Афганистани зæнхæбæл тугъди Цæгат Иристонæй дæр архайдтонцæ беретæ, се ’хсæн адтæй силгоймæгтæ дæр, уотемæй æдеугурæй æхсæзинсæй адæймаги.

– Мæ хæццæ се ’фсæддон ихæс æнхæст кодтонцæ Дигори районæй Хъарати Виталий, Мæрзойти Дзамболат, Алагири районæй Кæсæбити Хъазбег, Ирæфи районæй Тауасити Артур æма Бабочити Батраз, – зæгъуй Малити Олег. – Мадта мæн размæ дæр, мæн фæсте дæр Афганистани сæ интернационалон ихæс æнхæст кодтонцæ нæхе æфсæддонтæ Ирæфи районæй: Цæукъати Маирбек, æнсувæртæ Мудойти Тимур æма Алик, Увжихъоти Астан, Бичилти Алан, Таухъазахти Авдан, Темирати Давид, Тауасити Артур, Гегкити Батраз, Хъулчити Марат, Елойти Димæ, Мæхæмæтти Рамазан, Сихъоти Æхсарæ, Бузарти Æфсатий, Тадети Олег, Митдзити Марат æма æндæртæ. Гъулæггагæн, Лескени гъæуккаг Дашити Азамат ба фæммард æй.

Тугъдонтæ-интернационалистти Бони фæдбæл Ирæфи райони арæзт мадзæлттæй еуеми архайгутæ (галеуæрдигæй рахесæрдæмæ): СИХЪОТИ Æхсарбег, ТАУАСИТИ Артур, БЕТРОЗТИ Майрæн, ТАДЕТИ Артур, МАЛИТИ Олег æма МИТЦИТИ Марат.

Афганистани зæнхæбæл тугъдон цаути фæммард æнцæ финддæс мин советон æфсæддони, рæнгъонтæй ба афицертæ æма инæларти уæнгæ. Уонæй æвддæс æма æртинсæй цардбæллон лæхъуæни адтæнцæ нæ минкъий Иристонæй. Советон 311 тугъдони фесавдæнцæ æбæрæгæй. Еци тугъди гъæдгинтæ нерæнгæ нæма бадзæбæх æнцæ адæми зæрдити.

Афганистани зæнхæбæл нæ тугъдонтæ цæйбæрцæбæл æхсаргинæй бавдистонцæ сæхе, уомæн æвдесæн æй е дæр, æма си 72 тугъдонемæн лæвæрд æрцудæй Советон Цæдеси Бæгъатæри ном. 270  тугъдони æма афицери Цæгат Иристонæй сæ бæгъатæрдзийнадæ æма лæгдзийнади туххæй хуарзæнхæгонд æрцудæнцæ аллихузон ордентæ æма майдантæй.

Абони нæ республики цæруй Афганистани тугъди 793 ветерани æма, еци тугъди ка фæммард æй, еци тугъдонтæ-интернационалистти 91 бийнонти. Уони ’хсæн ес  инвалидтæ æма сæйгитæ дæр. Æма етæ цæмæй æнæргъудийæй ма изайуонцæ, уой туххæй арæзт цæуй аллихузон мадзæлттæ.

Уæлдай цитгин ба сæ искæнунцæ тугъдонти-интернационалистти Бони. Куд раздæри æнзти, уотæ аци анз дæр бабæй нæ республики еугур рауæнти дæр арæзт æрцудæй кадгин мадзæлттæ. Зæгъæн, Дзæуæгигъæуи ци мемориалон комплекс ес, уоми исаразтонцæ имисæн мадзал. Архайдтонцæ си Цæгат Иристони Хецауади Сæрдар Дзанайти Барис, Парламент æма Дзæуæгигъæуи администраций разамунди минæвæрттæ, Афганистани, Цæцæни æма Абхазий тугъдтити ветерантæ, уоми ка фæммард æй, еци тугъдонти ниййергутæ æма хеуæнттæ… Дзиллон мадзæлттæ арæзт æрцудæй республики районти дæр. Зæгъæн, зæрдæмæдзæугæ хузи бæрæгбон бæрæггонд æрцудæй Чиколай культури Хæдзари æма райони киунугæдони косгути хъæппæресæй. Лескейнаг лæхъуæн Дашити Азамат фæммард æй, Афганистани зæнхæбæл æ интернационалон ихæс æнхæстгæнгæй. Абони æ ном хæссуй æ райгурæн гъæуи сувæллæнти рæвдауæндонæ. Æма ин ами æ рохс ном æримистонцæ сæрмагондæй арæзт мадзæлæй. Æхсæрисæри гъæуи дæр се ’мгъæуккаг æдзард тугъдон-интернационалист Темирати Давиди кадæн астæуккаг скъолай исаразтонцæ номерæн мадзал.

Аци мадзæлттæн сæ еугуремæн дæр сæ сæйраг медес æй, цæмæй патриотон гъæмбæладæ ирæзгæ фæлтæри ’хсæн ахедгæдæр кæна, æнхæстæй зононцæ нæ Фидибæсти цардвæндаги цаутæ æма хабæртти æцæгдзийнадæ, сæ ирæзгæ уодти федар кæна Райгурæн бæстæбæл æновуд ун æма æ сæрбæлтау рæстуодæй хъазауатмæ цæттæдзийнадæ. Ци бæгъатæрти кой си ракодтонцæ, уонæй ба сæрустур куд уонцæ, сæ карни нæдтæбæл ранæхстæр уогæй сæ лæгдзийнадæй куд фæнзонцæ.

Уæдта ма федарæй уой зæгъуйнаг ан, æма Афганистани тугъди архайгути хъазауат æма лæгдзийнæдтæ нæ  дзиллитæй иронх некæд уодзæнæнцæ…

БИЧИЛТИ Алетæ