СÆ РОХС НÆМТТÆ ÆНОСТÆМÆ ЦИТГИЙНАГ УОДЗÆНÆНЦÆ НÆ ДЗИЛЛÆН
Мæздæги районæй рацæуæг фондз лæхъуæни – хестæр прапорщик Корнеев Дмитрий Александри фурт, хестæр прапорщик Густомясов Олег Николайи фурт, хестæр сержант Хусаинов Исламдин Камали фурт, рæнгъон Зеленский Георгий Сергейи фурт, лейтенант Давыдов Вадим Юрийи фурт – сæрмагонд тугъдон операций архайуни рæстæг се ’фсæддон ихæс рæстуодæй æнхæст кæнгæй, бæгъатæрæй фæммард æнцæ. Уæрæсей Президенти Указмæ гæсгæ сæ алæмæттаг æхсардзийнади туххæй хуарзæнхæгонд æрцудæнцæ (фæсмæрдæ) Лæгдзийнади ордентæй. Сæ еци хуæрзеугутæ син сæ бийнонтæмæ æрæги равардта нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Уой фæдбæл сæ хæццæ фембæлди рæстæг син зæрдхъурмæй ратæфирфæс
кодта. Æма æ радзубандий загъта:
– Абони æз уæ хæццæ дзубанди кæнун куд республики разамонæг, уотæ нæ, фал куд хумæтæг адæймаг æма афицер. Лæдæрун æй, уæ зæрдрист уин нециуавæр зæгъдтитæй æрнидæнгæнæн ес, фал уæддæр æнæзæгъæн нæййес уой, æма, аци лæхъуæнтæ сæхе бавдистонцæ æцæг бæгъатæртæй, нæ Райгурæн бæстæ багъæуай кæнуни сæрбæлтау тохи бацæугæй… Æз дæр уæ хæццæ еци зæрдристæй хъонц кæнун, не ’хсæнæй ке фæгъгъудæнцæ, уобæл. Аци уæззау уавæри æнæзæгъгæ нæ дæн уой дæр, æма уин арфæ кæнæн уæхæн аккагæй-аккагдæр фурттæ, лæгигъæдгун лæгтæ, тугъдонтæ ке исгъомбæл кодтайтæ, уой туххæй. Сæ рохс нæмттæ æностæмæ цитгийнаг уодзæнæнцæ нæ дзиллæн…