21 ноября 2024

СЕДЗӔР БИЦЦЕУИ АРГЪАУ

30.09.2022 | 15:16

Хъазбегти Хъазбег æновудæй фæййархайдта нæ адæмон исфæлдистади «сугъзæринттæ» бамбурд кæнун æма сæ багъæуай кæнунбæл. Иристони алли рауæнти фембæлидæ таурæхъгæнгути æма дзурддзæугæ адæймæгути хæццæ, сæ радзубандитæй ниффинста берæ таурæхътæ æма зартæ сæ æцæгдзийнади хузи. Еци таурæхътæй еу мухур кæнæн абони.

 

Раги æма раги цардæнцæ еу лæг æма уосæ. Райгурдæй син биццеу. Биццеубæл еу анз ку исæнхæст æй, уæд æ мадæ рамардæй æма лæг дуккаг уосæ æрхудта. Фидиуосæ ин æнтуд къæйæбæл нихъхъæбæр кæнидæ, æ дзæкъоли ин æй ниввæридæ æма фиййау рандæ уидæ.

Уоми биццеу бонизæрмæ кæунæй нæбал æнцадæй. Уой фæсте дуккаг уосæн дæр биццеу райгурдæй. Биццеу ку исгъомбæл æй, уæд ин уосæ цæрвгун цихтгун искæнидæ æма уой дæр фиййау рарветидæ. Еухатт ку адтæй, уæд минкъий биццеу загъта иннæ биццеуæн:

– Рацо æма ести бахуæрæн!

Хуæрунбæл æрбадтæнцæ, æма седзæр биццеу минкъий биццеуи дзæкъолæ ку фæууидта, уæд никкудтæй æма загъта:

– Дæуæн цæрвгун цихтгун ес, фал мæ дзæкъолæмæ никкæсай.

Минкъий биццеу седзæр биццеуи дзæкъолæмæ никкастæй æма ’й фæрсуй:

– Цæмæн уотæ ’й?

Седзæр биццеу загъта:

– Ци бакæнон, дæ мадæ æндæр неци дæттуй.

Исистадæнцæ хуæрунæй æма седзæр биццеу гъудити бафтудæй идарддæр æма ин кæунæй банцайæн нæбал адтæй.

Еухатт ку адтæй, уæд имæ бор фур æрбацудæй æма ’й фæрсуй:

– Ци кодтай, ку нæбал фæразæн алли бон дæ кæунæй?

Биццеу ин загъта:

– Ци бакæнон, седзæр дæн æма судæй мæлун алли бон дæр!

– Хуарз мадта! Дæлæ нæ айнæги билæмæ раскъæрæ, æма уоми æнцад хездзинан, уæхуæдтæ риндзæбæл исбадетæ!

Биццеу фустæ рамбурд кодта æма сæ айнæги билæмæ раскъардта. Æхуæдæг минкъий биццеуи хæццæ риндзæбæл исбадтæй.

Уæд бор фур æхе рауагъта, минкъий биццеуи искъуæрдта, æма кæмидæр ниппурхæ ’й. Седзæр биццеу ба гъарæнгæ исамадта:

– Нур ма ци кæндзæнæн, изæри мæ маргæ кæндзæнæнцæ: «Нæ биццеу дæ хæццæ ку адтæй, уæд нин ци фæцæй»-, зæгъгæ. Фур имæ æрбацудæй æма ин загъта:

– Ма тæрсæ, ма ко, ку дæ фæрсонцæ, уæд мæнæй зæгъæ, бор фур æй рамардта, зæгъгæ! Мæн уæд хистæн равгæрддзæнæнцæ, дæу ба къæхтæбæл хуæцæг искæндзæнæнцæ, æма мин куддæр кард мæ хорхбæл æрбайвæра, уотæ мæ фæууæгъдæ кæнæ æма цума мæн сорис, уоййау мæ фæдбæл ледзæ!

Фур биццеуæн балæдæрун кодта, куд гъудæй, уотæ. Уæдмæ æризæр æй, æма биццеу тæрсуй уæддæр, уæдта ’й бийнонтæ фæрсунцæ:

– Де ’мбал ба ци фæцæй?

Биццеу кæунгъæлæсæй загъта:

– Абони уалæ айнæги сæрбæл бадтан, æма уартæ бор фур биццеуи ниццавта æма рахаудтæй!

– Цо, мадта æма бор фури ардæмæ ракæнæ, мах æй хистæн равгæрдæн!

Биццеу фури ракодта, æхе къæхтæбæл хуæцæг искодта. Æрбавгæрдонцæ ’й, зæгъгæ, уотæ биццеу фури фæууæгъдæ кодта, æма ледзун байдæдтонцæ. Сау гъæдæмæ бацудæнцæ æма ин уоми фур загъта:

– Бæрзонд бæласи сæрмæ исхезæ æма дæ ку гъæуон, уæд мæнæ еци уадиндзæй ниууасæ, айæ æй кæуни уадиндзæ, мæнæ е ба дин заруни уадиндзæ.

Уотемæй имæ дууæ уадиндзи равардта, уæдта ин алли хуæрдæ, алли ниуæзтæ ниууагъта. Æхуæдæг рандæй авд хонхей фæстемæ хезунмæ. Биццеу уадиндзтæй ку уаста, уæд имæ лæг игъосунæй не ’фсастæй.

Еухатт æлдари фурттæ рацудæнцæ фиййау. Еци биццеуи уадиндзи уастæй сæ фустæ гъæдæмæ бацудæнцæ æма син сæ берæгъ ниццагъта. Сæхемæ рандæнцæ æма сæ фидæн загътонцæ:

– Нæбал фæразæн, сау гъæди астæу еу биццеу уадиндзæй уасун байдайуй, æма уомæ игъосунæй нæ фустæ дæр фесавдæнцæ!

Æлдар загъта:

– Еци биццеуи мин ка ’ркæна, уомæн дууæ мини æхца.

Къæсибадæг уосæ загъта:

– Мадта ’й æз æркæндзæнæн!

Сæгъæ балхæдта, рандæй сæгъи хæццæ еци бæласи бунмæ, райста кард æма ’й уæд сæгъæн æ хæлæртти фæтътъунсуй, уæдта æ губуни. Биццеу сæгъи тæрегъæдмæ ку нæбал фæразта кæсун, уæд æрхизтæй æма сæгъи равгарста. Къæсибадæг уосæ фид исфунхта æма хуæрунбæл ку ’рбадтæнцæ, уæд биццеуæн арахъ раниуазун кодта, æма биццеу уайтæккæ бафунæй æй. Уæрдуни ’й исæвардта æма ’й æлдари хæдзарæмæ æрласта, уоми ’й авд цæнгæт дуарей медæгæ бакодта.

Биццеу ку райгъал æй, уæд никкудтæй, уæдта халони тæхгæ рауидтæ æма имæ биццеу дзоруй:

– У-у-у, уалæ халон, сау гъæди бæрзонд кæрдту бæласи сæрмæ дууæ уадиндзи æма заруни уадиндзæ дæхецæн райсæ, кæуни уадиндзæ ба мæнæн!

Халон загъта:

– Куд нæ,  уæ хортауæни рази ку ’рбадун, уæд мæ хуæрунмæ ку фæгъгъаветæ, усси-усси, зæгъгæ!

Уæдта бабæй бæлæу æрбатæхуй æма имæ дзоруй:

– У-у-у, дæ хуарзæнхæй, уæлæ бæлæу, сау гъæди астæу кæрдту бæласи сæрбæл мæ дууæ уадиндзи, æма заруни уадиндзæ дæхецæн уадзæ, кæуни ба – мæнæн!

– Куд нæ, горенбæл ку ’рбадун, уæд мæмæ аууæнтти ку ’рбагъузетæ!

Уæдмæ зæрбатуг æрбатæхуй, æма имæ дзоруй биццеу:

– У-у-у, уалæ зæрбатуг, сау гъæди астæу кæрдту бæласи сæрбæл мæ дууæ уадиндзи æма сæ ’рхæссæ. Заруни уадиндзæ дæхецæн уадзæ, кæуни уадиндзæ ба – мæнæн!

Зæрбатуг фæттахтæй, æрхаста сæ æма ин дууей дæр равардта.

Биццеу ниууаста кæуни уадиндзæй. Фур æй авд хонхей фæсте райгъуста, ледзун райдæдта. Биццеу бабæй ниууаста. Фур еци-еу лигъд бакодта æма цæнгæти дуар ниггупп кодта. Æвдæймаг дуар ку ниггупп кодта, уæд имæ биццеу рауадæй, кæрæдзебæл бацийнæ кодтонцæ æма фæцæйлигъдæнцæ. Надбæл къæсибадæг уосæ сæ размæ фæцæй æма сæмæ медбилти ходгæй дзоруй:

– Кумæ фæууайетæ, махмæ бал рацотæ.

Фур айтæ-уойтæ нæбал фæккодта, фал æй еци-еу гупп никкодта æма – дæ балгъетæг уотæ! – уосæ æ гæндзæхтæ бацагъта. Фур æма биццеу абони дæр цæрунцæ дзæбæхæй.