26 декабря 2024

Сергей МЕНЯЙЛО – ТУСКЪАТИ Таймуразӕн: «КУД ХЕЦАУАДИ РАЗАМОНӔГ, УОТӔ ДӔ КУСТ ӔНТӔСТГИН АДТӔЙ!..»

08.10.2021 | 10:53

Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Сӕргълӕууӕг Сергей Меняйлойӕн косӕг фембӕлд адтӕй  Республикӕ Цӕгат Иристон-Аланий Хецауади Сӕрдари ихӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕнхӕстгӕнӕг Тускъати Таймурази хӕццӕ.

Дзубанди цудӕй республики Хецауади архайд фӕййахедгӕдӕр кӕнуни фарстатӕбӕл.

Сергей Меняйло куд загъта, уотемӕй раздӕр дӕр дзубанди кодтонцӕ республики Хецауади куст никки фӕййахедгӕдӕр кӕнуни фарстатӕбӕл. Етӕ никки ахсгиагдӕр иссӕнцӕ, Уӕрӕсей Президент регионтӕн сӕ размӕ ци нисантӕ ӕма ихӕстӕ исӕвардта, уони нимайгӕй.

– Фиццагидӕр мӕ зӕгъун фӕндуй, республики Хецауади Сӕрдари бунати дӕ куст ӕнтӕстгин ке адтӕй, уой. Хумӕтӕг нӕ адтӕй рӕстӕг, айдагъ Цӕгат Иристонӕн нӕ, фал ӕнӕгъӕнӕ бӕстӕн дӕр. Коронавируси нез ке рахӕлеу ӕй, уомӕй уавӕр кодта никки зиндӕр. Фал дӕ къохи бафтудӕй хецауади еугур оргӕнти куст дӕр хузӕнон уагӕбӕл исӕвӕрун. Уӕззау экономикон уавӕри республикон бюджетмӕ цудӕй, ка ‘мбалдӕй, еци ӕфтуйӕггӕгтӕ, ӕ хӕрзтӕ дӕр цудӕнцӕ комкоммӕ нисангонд мадзӕлттӕбӕл ӕма социалон фарстатӕ ӕнӕкъулумпийӕй лух кӕнунбӕл.

Хецӕн дзубандий аккаг ӕй, национ проекттӕ ӕнхӕст кӕнунмӕ дӕ цӕстӕ еудадзугдӕр ке дардтай, е. Ӕма алци алкӕд къохи кӕд не ‘фтудӕй, уӕддӕр куст ӕрцудӕй берӕ, фал ма бакосуйнаг ба ес дзӕвгарӕ, – загъта Сергей Меняйло ӕма арфӕ ракодта Тускъати Таймуразӕн.

Республики Сӕргълӕууӕг куд загъта, уотемӕй, ӕ кусти бунат раййевуни фӕндӕ Тускъай-фуртӕн ӕ зӕрди ке ес, е ин ӕй зундгонд ӕма бафеппайдта, ӕ нӕуӕг кусти бунати дӕр ӕ берӕ зонундзийнӕдтӕ ӕма ӕ фӕлтӕрддзийнадӕ ахсгиаг ке уодзӕнӕнцӕ, уой.

– Арфӕ кӕнун, мӕ архайдӕн мин уӕхӕн устур аргъ ке ‘скодтай ӕма де ‘ууӕнкӕ ке равдистай, уой туххӕй, – загъта Тускъати Таймураз.

Куд радзурдта, уотемӕй, Хецауади Сӕрдари бунат ци рӕстӕг ахӕста, еци рӕстӕг сӕйраг куст цудӕй паддзахадон программитӕ ӕма национ проекттӕ ӕнхӕст кӕнунбӕл, уомӕн ӕма етӕ ‘нцӕ социалон-экономикон ирӕзти сӕйраг рахуӕцӕнтӕ. Етӕ къохи цӕмӕй ӕфтуйуонцӕ, уой туххӕй республики Хецауадӕ ӕмархайд кодта хецауади федералон оргӕнти хӕццӕ, уӕдта бунӕттон хеунаффӕйади оргӕнти хӕццӕ. Уомӕй уӕлдай, куст цудӕй Цӕгат Иристони социалон-экономикон ирӕзти фӕдбӕл Уӕрӕсей Федераций Президенти унаффитӕ ӕнхӕст кӕнунбӕл.

– Нӕ республики Хецауади сӕргъи ци рӕстӕг адтӕн, е мин адтӕй ахсгиаг ӕма цӕмӕдессаг, мӕ зонундзийнӕдтӕбӕл никки дӕр бафтудӕй, ӕма Иристони адӕмӕн, мӕ Райгурӕн бӕстӕн идарддӕр дӕр лӕггадӕ кӕнунмӕ дӕн цӕттӕ, – загъта Тускъати Таймураз.

Хецауади оргӕнтӕ нисан кӕнуни уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ Тускъати Таймураз ма дӕс бони ӕнхӕст кӕндзӕнӕй республики Хецауади Сӕрдари ихӕстӕ.