УОДИГЪÆДÆЙ КÆДЗОС УН – НÆ ЕУГУРЕЙ СÆЙРАГДÆР ИХÆС!..
НÆ ЦАРДИ АХСГИАГ ФАРСТАТИ ФÆДБÆЛ ГЪУДИТÆ
ГУÆЦÆЛТИ Хаджиморат, Цæгат Иристони муфтий:
– Зæнхæбæл адæймагæн сæйраг тæрхонгæнæг адæймаг æхуæдæг æй. Кæд æй исгъомбæл кодтонцæ, æ уодиконди Хуцау нæййес, уотемæй, уæд æй сæдæ цæстдарæги дæр е ’наккаг миутæ кæнунæй нæ багъæуай кæндзæнæнцæ. Уой хæццæ ба уой зæгъун гъæуй, æма уодæй кæдзос æма рæстзæрдæ адæймаги сæдæ мæнгарди дæр нæ рафæлевдзæнæнцæ æ равзурст надæй, е ’ууæндундзийнадæй æй нæ фæккеун кæндзæнæнцæ.
Фал уæддæр алли дини дæр ес сæхе цæстдаргутæ, адæймаги æ равзурст надæй фæрсмæ рахезун ка нæ уадзуй, уæхæнттæ. Адæймаг хатгай нæбал фæллæдæруй æ миути рæстдзийнадæ, кæми ба цидæр гъуддæгутæбæл дузæрдуг кæнун райдайуй æма уæд æ бон æй æхе æ уодварнон унаффæгæнæгмæ бахатун.
Е ин бæлвурдæй балæдæрун кæндзæнæй, дин ци амонуй, Мæхæмæт-Пахампари цардæрфинстæй ин дæнцæгтæ æрхæсгæй фæййагъаз кæндзæнæй фæстæмæ раст надбæл æрлæуунæн.
– Хаджиморат, нæ дзубандий райдæйæни мæ фæндуй хъæбæр зæрдиагæй дин райарфæ кæнун, нæ газеткæсгутæн ахсгиаг ка ’й, еци фарстабæл дæ гъудитæ зæгъунбæл ке исарази дæ, уой туххæй. Нæ дзубанди ба, æвæдзи, растдæр уодзæнæй райдайун, дзурд «халяль» ци нисан кæнуй, уой фæббæлвурд кæнунæй.
– Арфæ уин кæнун æз дæр, газет еудадзугдæр уоййасæбæл устур æргом ке ’здахуй пусулмон дини, уобæл хуæст адæми цардиуаги æма республики иннæ динтæбæл хуæст цæргути медастæу рахастдзийнæдтæмæ, уой туххæй. Æмгустадæ, айдагъдæр æмгустадæ æй тæккæ рæствæндагдæргæнæг над адæмти ’хсæн лæдæрундзийнадæ æма кæрæдзей нимайундзийнадæ федардæр кæнунмæ, уомæ гæсгæ ба мин алкæддæр æхцæуæн фæууй уæ хæццæ æргом дзубанди кæнун.
Халяли туххæй уæ фарстайæн ба мæ дзуапп уæхæн æй: халяль амонуй, пусулмон дин аккаг хуæруйнагбæл ке нимайуй, æ домæнтæмæ гæсгæ ци продукттæ уагъд цæуй, уони. Пусулмон дини æгъдæуттæмæ гæсгæ цидæриддæр кайун æмбæлуй, е æй халяль, гъома, пайда кæнун си æнгъезуй.
– Дæ загъд ма уотæ дæр балæдæрун æнгъезуй, æма дзурд «халяли» медес айдагъ хуæруйнæгтæмæ нæ хауй?
– Раст зæгъис. Еци медес парахатгонд цæуй, цидæриддæр куститæ ес, уæдта цардæгъдауи ци фарстатæ фæззиннуй, уони фæдбæл ци гъудитæ ес, уонæбæл еугуребæл дæр æнхæрсуй. Уæдта уотæ зæгъуйнаг дæн, æма алцæй разæй дæр – гъудитæбæл. Уомæн æма гъуди адæймаги кæнуй адæймаг, уæдта, гъулæггагæн, гъуди адæймаги расхуайуй алцæмæй дæр уæлдæр, уæдта адæймагдзийнадæй дæр, æнаккаг миутæмæ дæр æй е аразуй.
Халяйлаг уни домæнтæ айдагъ хуæруйнагмæ нæ хауй. Е хауй дзаумæуттæмæ дæр. Уæдта ами дзубанди уотид гъæугæ хъумац равзарунбæл æма ’й барæлæвæрд хузи дарунбæл нæ цæуй. Цидæриддæр архайуй адæймаг, е гъæуама конд цæуа нæ Исфæлдесæгбæл гъудигæнгæй, уой ном зæрдæбæл даргæй, кæдзос уод æма рæстаг бæлдити хæццæ.
Зæгъæн, халяли дон æррæстæ æрдзон, пайда кæнун кæмæй æнгъезуй, уæхæн дон гъæуама ма уа, фал æй ци ниуазæнæй ниуазис, е дæр кæдзос уа, адæймаги æнæнездзийнадæн зæран ка нæ хæсса, уæхæн мигæнæни.
Никки – кустуати косгутæ гъæуама ма тухсонцæ сæ сæргълæугути æнæсæрфат миутæй, сæ кусти мизд син гъæуама лæвæрд цæуа афойнадæбæл æма бакустмæ гæсгæ.
– Дæ гъудитæ бæргæ раст æма зæрдæмæдзæугæ æнцæ, фал еугур еци уагæвæрдтитæ æма фæткитæ æнхæст кæнунмæ ба нæ нури цардарæзти, гъулæггагæн, беретæ, се ’хсæн динбæл хуæст адæймæгутæ дæр, уоййасæбæл тулаваст нæ ’нцæ? Уотæ цæмæн æй?
– Зæрдæбæл дарун гъæуй уой, æма дæс æма æртинсæй анзей дæргъи нæ паддзахади тохмондаг атеизми фуддæраги архайди фудæй берæ уодварнон æгъдæуттæ æма фæлтæрддзийнæдтæ кунæггонд æрцудæнцæ. Уонæмæ ба хаст цæуй, мæнæ нуртæккæ цæй туххæй дзубанди кæнæн, етæ дæр.
Никки ба ма нæ бæстæ Конституцимæ гæсгæ æй ахургонд, æцæгæй ба – аллихузон динтæбæл хуæст. Е хъæбæр усхъуммæй зиннуй адæмти хедарунадæбæл.
Гъе уомæ гæсгæ ба, гъома, уавæр исраст кæнуни нисанеуæгæй ист æрцудæй, динбæл æууæндæг адæми бартæ гъæуай кæнуни туххæй закъон, уæдта, Уæрæсей цæргутæй ке зæрдæмæ кæци дин цæуй, уой домæнтæ æнхæст кæнуни барæ нæ Конституций федаргонд æрцудæй. Хуæрзæрæги ба ма уголовон фудраконддзийнадæбæл нимад æрцудæй динбæл æууæндæг адæймаги бартæ æфхуæрундзийнадæ.
Уогæ адæймагæн бартæ раттун еу гъуддаг æй, гъæуй ма син се ’нхæст кæнунæн уавæртæ аразун дæр. Æхцæуæн æй, еци гъуддагмæ паддзахадæ гъæугæ æргом ке ’здахуй, е дæр.
– Е естæмæй бæрæг кæнуй, мæнæ нуртæккæ ци фарстай фæдбæл дзорæн уоми, гъома, адæмæн æцæгæй пайдахæссæг хуæруйнæгтæ уадзуни гъуддагмæ цæстдарди ихæстæ пусулмон æхсæнадæ æхемæ ке райста, уоми?
– Уæрæсей пусулмон дин нæуæгæй æ къæхтæбæл лæуун ку райдæдта, уæд фæззиндтæнцæ халяли домæнтæ æнхæст кæнуни уагæвæрдтитæ дæр, сæйрагдæр ба хуæруйнаги фарстай. Æма уæд регионти пусулмæнтти уодварнон Управленитæ сæхе хъæппæресæй сæ цæстæ дарун райдæдтонцæ, хуæруни продукттæ пусулмон дини домæнтæмæ гæсгæ цæттæ кæнуни гъуддагмæ. Е бæргæ гъæугæ гъуддаг æй, фал æй нæхе цæститæй ку уинæн, абони нæмæ хецмæрезæй ци «базарадон фæткитæ» иситинг æнцæ, етæ ци ’нцæ æма цæйбæрцæбæл фидбилизхæссæг æнцæ, уой. Нури базаргæнгутæн сæ фулдæрæй-фулдæр уоййасæбæл æдзæсгæнттæ ’нцæ, æма нин ци хузи продукттæ уæйæ кæнунцæ, уой нæхе уодтæбæл хуарз бавзурстан æма ма, гъулæггагæн, æвзарæн.
Хуайраги продукттæ уадзгутæ æма уæйæгæнгутæ уайсахат дæр «æркъипп» кодтонцæ, «халяль», зæгъгæ, ци продукцибæл финст уа, уой фулдæр æма ахиддæр ке æлхæнунцæ, уомæн æма нимад цæуй хуæрзгъæдæ продукцибæл, æма адæм æууæндунцæ, уомæ гъæуама, фиццагидæр, хъибили фид æгириддæр ма хъæрта, никки ба ма, адæймагæн е ’нæнездзийнадæн зæранхæссæг ка ’й, уæхæнæй дæр си гъæуама æгириддæр маци уа, зæгъгæ. Уомæй пайдагæнгæй, еци æдзæсгæнттæ сæ алли товарбæл дæр «халяль», зæгъгæ, финсун райдæдтонцæ. Æма товарти бæрцæ æнгъезæнæй гъæст къинси хузæн цæхгæр уæлæмæ ниццавта. Фал продукций хуæрзгъæдæдзийнадæ ба ниллæгдæргæнгæ цудæй, уомæн æма халяли домæнтæмæ гæсгæ æнæгъæнæйдæр æнхæст продукттæ уадзун æ кæнæгæн дзæвгарæ хъазардæрбæл лæууй, уони ба уæлдай харз кæнун нæ фæндуй. Гъулæггагæн, нæхе динбæл ка æууæндуй, уони ’хсæн дæр уæхæнттæ разиндтæй. Æма сæ еци миуæ ба нæ Исфæлдесæги размæ устур тæрегъæдбæл нимад æй.
Еугур еци æведауцæ цаутæмæ гæсгæ ба багъудæй, халяли товартæмæ цæстдарæг организацитæ исаразуни сæр дæр. Нур дæс анзей дæргъи архайæн, цæмæй халяли продукций хуæрзгъæдæдзийнадæ домæнтæн æнхæстæй дзуапп дæтта. Уæдта ма кæсæн сæрмагонд сертификаттæ кæмæн равардтан, уони архайдмæ дæр.
Махæн ахсгиаг æй, ци пусулмон æма æнæуой адæм нин æлхæнуй нæ продукци, уони æууæнкæ. Уæдта ма, нæ продукци айдагъ Иристони нæ хæлеу кæнуй, фал æрвист цæуй æнæгъæнæ Уæрæсей регионтæмæ дæр. Е ба устур æма бæрнон ихæстæ æвæруй æ аразгутæбæл.
– Уæ цæстдард ци хузи æнхæстгонд цæуй?
– Сауæнгæ сертификат раттунæй фæстæмæ еудадзуг. Халяли продукци ци кустуæттæ уадзунцæ, уонæми еугуреми дæр ес нæ цæстдарæг минæвар.
Нуртæккæ нæ республики уæхæн кустуæттæ æнцæ еу финддæсей бæрцæ, курдиæттæ ба нæмæ æрбалæвардтонцæ сæдей бæрцæ. Фал нин нæ домæнти хæццæ ку базонгæ уиуонцæ, уæд сæ 90 проценти уайтæккæдæр сæхе райеуварс кæниуонцæ, уой размæ нæ хæццæ æмгуст кæнунбæл арази ка адтæй, уонæй дæр кадæртæ нæбал косунцæ, æртиккæгтæн ба сæ сертификаттæ фæстæмæ райстан, сæ продукци нæ домæнтæн дзуапп ке нæ лæвардта, уомæ гæсгæ. Фал нæ бизнесаразгути ’хсæн ес уæхæнттæ дæр, æма хатгай се ’фтуйæгтæй сæ хæрзтæ фæффулдæр унцæ, фал уæддæр косунцæ мах домæнтæмæ гæсгæ.
– Цæмæй федералон номхигъдмæ хаст æрцудайайтæ, уобæл ку архайдтайтæ, уæд циуавæр нисантæ æвардтайтæ уæ рази?
– Нæ зæрдæ дардтан, еугурадæмон цæстиварди уогæй, халяли продукци уадзуни гъуддаг никки бæрзонддæр къæпхæнмæ исесунбæл, гъæуама уавæртæ арæзт цæуа нæ рауагъд продукци æндæр бæститæмæ дæр цæмæй хъæрта. Абони Уæрæсе е ’ргом Хорискæсæн æрдæмæ ке рахатта, уомæ гæсгæ, нæ зæрдæ дарæн, нæ равналæнтæ æма гæнæнтæ дæр фæуурухдæр уодзæнæнцæ. Нæ бастдзийнæндтæ федардæргæнгæ цæунцæ Сирий, Турк, Иран æма æндæр хорискæсæйнаг бæстити хæццæ.
Фал уæддæр нæ фиццаги-фиццагидар кезуй ихæс ба æй нæхе адæмбæл мæтæ кæнун æма син хуæрзгъæдæ, нæ дини домæнтæн кæрæй-кæронмæ æнхæстæй дзуапп ка дæтта, уæхæн продукци уадзун.