27 декабря 2024

ВЛАДИМИР ПУТИН: «УÆРÆСЕ АЛКÆДДÆР АДТÆЙ, ÆЙ ÆМА УОДЗÆНÆЙ ТУХГИН!..»

08.11.2023 | 12:44

Уæрæсей дзиллæ цитгингæнæн мадзæлттæй исбæрæг кодтонцæ адæмон еудзийнади Бон. Аци бæрæгбонæн æ ахедундзийнадæ бæрæг даруй уомæй, æма нæ Фидибæсти сæрбæлтау нæ адæм цæйбæрцæбæл æмвæндæ-æмзундæй фæййархайунцæ цийфæнди уавæрти дæр. Æ еци разæнгарддзийнадæ бæрæг æй абони дæр, дуйней кæцидæр паддзахæдти фудзæрдæ разамунд Уæрæсей нихмæ аллихузон мæнгарддзийнæдтæ æма знаггадæ ку аразунцæ, уæд. Фал сæ сонт миутæй неци рауайдзæнæй – нæ бæсти еугур адæмихæттитæ нæ уæхæн фудголтæн алкæддæр карз нихкъуæрд лæвардтонцæ, дæттунцæ æма дæтдзæнæнцæ.

Уомæн æнæ уотæ уæн дæр нæййес… Уой фæдбæл адæмон еудзийнади Бони размæ федарæй загъта нæ бæсти Президент Владимир Путин.