27 апреля 2025

ЗОНÆ ÆМА ДÆ ЗÆРДÆБÆЛ ДАРÆ!..

26.04.2025 | 21:21

«Уæ зæрдæ мæмæ ма дзорæд, æз райгурæн бæсти сæрбæлтау цæттæ дæн алцæмæ дæр… Тагъд фæууодзæнæй тугъд, æма бабæй уæд нæуæгæй уодзинан еумæ…»

Уотæ нæ æдзард поэт Æгъузарти Геуæрги бæргæ финста æ хеуæнттæмæ тугъди будурæй, зæрдæвæрд, фал… Капитан Æгъузарти Геуæрги фæммард æй 1943 анзи станицæ Черноерковскайæйи алфамбулай тугъдтити. Нæ ин бантæстæй æ зæрдæвæрд исæнхæст кæнун. Фал махæн ба, ке сабур царди сæрбæлтау иснивонд кодтонцæ  сæ цард, уонæн гъæуама æнтæса уони рохс нæмттæ имисун, цитгин сæ кæнун.

Æма еци нисанеуæгæй ци берæ аллихузон номерæн мадзæлттæ арæзт цæуй, уонæй æй аллианзон дуйнеуон акци «Уæлахези диктант». Æ медесæй баст æй Устур Фидибæстон тугъди цаути хæццæ.

– Аци анз арæзт æрцудæй  25 апърели Уæрæсей еугур рауæнти дæр, уæдта ма дуйней цуппар æма цуппаринсæй паддзахадеми дæр. Фиццаг хатт си архайдтонцæ Цæгат æма Хонсар Корея, Ирланди, Кубæ, Швейцари, Швеци, Норвеги, Сингапур, Шри-Ланка, Кипр æма  Эфиопий минæвæрттæ дæр. Фæсарæйнаг бæстити диктант ниффинсунæн байгон æнцæ 250 фæзуатемæй фулдæр. Уонæн сæ фулдæр – Уæрæсей Федераций минæвайрæдти скъолатæ, кенæ «Уруссаг хæдзæртти» бундорбæл.

«Уæлахези диктант» ниффинсдзæнæнцæ англисаг, араббаг, испайнаг, китайаг, немуцаг, португайлаг, французаг, турккаг æма æндæр æвзæгтæбæл, акци онлайн-ихæслæвæрдтæ ба исæнхæстгæнæн уодзæнæй цуппар æвзагебæл – англисагау, араббагау, китайагау æма испайнагау.