26 декабря 2024

ЗУМÆГИ ДОМÆНТÆЙ ТИЛЛЕФГÆНÆН НÆЙЙЕС!..

05.10.2024 | 22:58

Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло ци алликъуæреуон аппаратон æмбурд исаразта, уоми  уæлдай фулдæр æргом æздæхт æрцудæй, республики цардиуаги еугур къабæзтæ дæр зумæгон уавæрти архайунмæ бацæттæ кæнунбæл куст куд цæуй, уомæ. Цæрæнуатон-коммуналон хæдзаради, артаг æма энергетики министр Тамати Майрæн куд фегъосун кодта, уотемæй нæ республики социалон объекттæ æма берæфатерон хæдзæртти гъаргæнæн системæ зумæгмæ æнæгъæнæйдæр цæттæ ’й.  Уогæ ма ес лухкæнуйнаг фарстатæ дæр æма уонæбæл дæр архайд цæуй фæлтæргай.

Ахсгиаг фарста – гъæуама дзуапдæттæг ка уа энергион объекттæн, цæмæй еунæг дæр æнæхецау ма уа. Министр куд баханхæ кодта, уотемæй нæ республики районти еугур  скъолатæ, сувæллæнтти рæвдауæндæнттæ, сæйгæдæнтти разамонгутæмæ финстæгутæ ке рарвистонцæ, сæ фæзуати рохсдæттæн æнæхецау дæлстанцитæ ес æви нæ, уой исбæлвурд кæнуни туххæй. Абони уæнгæ бал дзуапп æрбарвистонцæ Ирæфи æма Мæздæги районтæ. Куд рабæрæг æй, уотемæй, уæхæн дæлстанцитæ амунд фæзуæттæбæл ес æвддæс, уонæй ба дууæ  æнæхецау æнцæ. Æма нур бæрæггонд цæуй, ке ’нцæ, ка ’й дзуапдæттæг еци трансформатортæбæл.Республики разамонæг карзæй бафæдзахста уой æвæстеуатæй исбæлвурд кæнун:

– Цæмæ ма ’й каст? Цалинмæ бабæй радон фидбилиз æрцæуа, уæдмæ?..

Æмбурди ма дзубанди рауадæй Дзæуæгигъæуи берæ гъæунгти бугъгалæн контейнертæ ке рандæ кодтонцæ æма адæмæн сæ бугъæ кумæ рахæссонцæ, е нæбал ес.

– Контейнертæ кæд рандæ кодтайтæ, уæд син сæ бæсти еци рауæнти исаразетæ  æндæр мадзæлттæ. Адæм гъæуама сæ бугъæ кумæ калонцæ? Æмгъудæн уин еунæг бон дæттун, цæмæй аци гъуддаг банивæбæл кæнайтæ, – загъта Сергей Меняйло.

*  *  *

Æмбурди дзубанди цудæй коммуналон феддонтæбæл дæр. Дони хæдзаради генералон директор Хъарати Тимури загъдмæ гæсгæ, абони уæнгæ сæдæ миллион соми ихæстæ дарунцæ бюджетон къабази организацитæ. Республики Сæргълæууæг  ведомстви разамонæгæн бафæдзахста, номхигъдтæ исаразун æма алли организацийæй дæр карзæй бадомун, закъони бундорбæл сæ ихæстæ федуни гъуддаг.