ЗУНДГИН ЗАГЪДМÆ МА ИГЪОСÆГ КУ УИДÆ!..
Фæстугъд рæстæгути æстонгдзийнадæ æййафгæй, сувæллæнттæ кæми хистмæ, кæми ба цийнæдзийнадæмæ фæннæхæстæр уиуонцæ, кæдимайди ба си ести хуæруйнагæй фæххайгин уианæ, зæгъгæ. Æма син хестæртæй кадæртæ сæ фиди карстæй комидзаг лæвардтонцæ, кадæртæ ба сæ лæдзæгæй æркъæрцц кæниуонцæ, гъома, цъæмæнгæс ма уотæ.
Уæд дин еу-дууæ æнсувæри, хист кæми адтæй, уæхæн рауæни еуварс лæудтæнцæ æма кастæнцæ, кæд сæ хæрнæг хуæргутæй еске æрæстæфидæ. Фал сæ æргъудигæнæг нæ фæцæй… Æма, сæ мæгурбон балæдæргæй еу иннемæ еци æрхæндæгæй дзоруй:
– Цæуæн нæхемæ, айфонмæ нæхе дзæрна исфунхтæй…
* * *
Еци дууæ æнсувæрей уавæри ан абони мах, хумæтæг адæм. Паддзахади ‘рдигæй нин гъæуама ци фæккæсуйнæгтæй агъазгонд цæуа, уонæй фæффудевгед уогæй, нæхуæдтæ, ести амæлттæ кæнæн. Советон доги, дан, еу гурдзиаг бахъонц кодта, гъома, коммунизм Гурдзий некæд ралæудзæнæй. Цæмæннæ, зæгъгæ, æй ку бафарстонцæ, уæд загъта: «Уомæн æма уотæ дзорунцæ: коммунизм не за горами…» Цума, мæнæ нур ци социалон рæстади æхсæнади кой кæнунцæ, е ескæд рантæсдзæнæй?.. Магъа-магъа…
Квинт Гораций Флакк, рагонромаг поэт: «Гъæздуг кæнæ цæсгонгинæй, кæд дæ бон æй, кæд нæй, уæдта цийфæнди мадзалæй дæр…»
Уой æнгъæл нæ ан, æма аци номдзуд лæги загъд нæ нуриккон бонгинтæй еске бакастæй – зундагорæнтæмæ сæ нæ евдæлуй мулкитæбæл хæлæф кæнунæй. Кæд си æй еске бакастæй кенæ фегъуста, уæддæр ин балæдæрдтæй æ дуккаг хай, æма гъæздуг кæнуни æнæфсес уогæй нецæмæй æфсæрми кæнунцæ, некæбæл ауæрдунцæ, сæ æнæтæрегъæдæй бустæги истæрегъæддаг унцæ…
Квинтилиан Марк Фабий, рагонромаг дзурдархæст лæг: «Рæстдзийнадæ, закъондзийнадæ, хуæрзуагæдзийнадæ, рæстадæ, æнæмастдзийнадæ – гъе уони еугурæй дæр байеугæнæн ес еу лæдæруйнадæй: «рæстадæ».
Бæргæ син ес байеугæнæн, фал уотæ кæми уодзæнæй, уæхæн цардарæзт ба мах, æвæдзи, айдагъдæр нæ медфунти уиндзинан, игъалæй ба нин си цæргæ некæд рауайдзæнæй… Не ‘хсæнади абониккон исконд уæхæн æй уодæнцойнæдзийнадæмæ нæ бон айдагъдæр тæходуй кæнун æй…
Аристотель, рагонбердзейнаг философ: «Æхцæуæндзийнæдти æгæр уæлдайдзийнæдтæ – е ихæлддзийнадæ ‘й, æма карз бафауни аккаг æй…»
Бæргæ уотæ ‘й, фал… Фаунæй комкоммæ ихæсгин ка ‘й, етæ æхцæуæндзийнæдтæй, растдæр зæгъгæй ба, гириззагдзийнæдтæй æгæргæнæг сæхуæдтæ ‘нцæ. Бакæсайтæ нæ нурикккон кинонивтæмæ, телеравдиститæмæ!.. Бæхбадт сæбæл ка æркодта, етæ ‘фсæрми ци æй, е сæмæ нимади дæр нæй, айдагъдæр сæ гъæуй æхца æма æхца, сæ гириззагдзийнадæ бауорамæг ба син нæййес.