ÆНÆНЕЗДЗИЙНАДÆ
16.12.2023 | 22:45
Иннæ анз 24 дохтири æма 2 фельдшери Цæгат Иристони гъæутæмæ косунмæ рандæ уодзæнæнцæ. Адæми дзæбæх кæндзæнæнцæ программитæ «Гъæууон дохтир» æма «Гъæууон фельдшер»-мæ гæсгæ. Аци хабар нæ республики Сæргълæууæг Сергей Меняйло фегъосун кодта æ телеграмм-канали.
«Амунд программитæмæ гæсгæ, аци анз 26 медики косун райдæдтонцæ. Проекти архайуни туххæй медиктæн дæттунцæ разæнгардгæнæн æхцатæ: дохтиртæн – фæйнæ миллион соми, фельдшертæн ба – фæйнæ 500 мин соми. Гъæути ке аразæн, еци амбулаторитæ æма фельдшерон-акушерон косæндæнттæ ефтонг кæнæн нуриккон техникæй. Зинвадуат гъæути ка фæззиндтæй, еци медицинон косæндæнтти дæсни специалисттæ цæмæй косонцæ, уобæл архайæн», – финсуй региони разамонæг.