БЮДЖЕТИ ÆФТУЙÆГТÆ ФУЛДÆР КÆНУНЦÆ
Сæрмагонд тугъдон операций Цæгат Иристонæй ка архайуй, уонæн, уæдта сæ бийнонтæн дæр агъаз кæнуни фæрæзнитæ фæффулдæр æнцæ 278 миллион сомей бæрцæ. Республики финансти министри ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Олег Исаков куд зæгъуй, уотемæй бюджети еци унаффæмæ гæсгæ бюджети æфтуйæгтæ исхъæртдзæнæнцæ 50,2 миллиард сомемæ, хæрзтæ ба – 50,4 миллиард сомемæ, нæхъæртондзийнадæ исуодзæнæй 223 миллион сомемæ хæстæг. Еумæйагæй райсгæй хъалонти феддонти фæрци æфтуйæгтæ фæффулдæр уодзæнæнцæ 2 миллиард сомей бæрцæ. Бæрæг зиннуй, акцизтæмæ гæсгæ æма сæнæ акцизтæмæ гæсгæ уæйæ кæнуни æфтуйæгтæ ке исуодзæнæнцæ 855 миллион соми, бæгæни акцизтæмæ гæсгæ уæйæ кæнуни æфтуйæгтæ ба – 800 миллион соми. Нефти продукттæ акцизтæмæ гæсгæ уæйæ кæнуни æфтуйæгтæ ба фæффулдæр æнцæ 331,8 миллион сомей бæрцæ. Фулдæр кæнунцæ транспорти, æрдзон гъæздугдзийнæдти æма æндæр уæхæн æфтуйæгти бæрцитæ дæр.