22 декабря 2024

«Ӕрмӕст дуйне ӕ не ‘рлӕугӕ зелдохи калдзӕй тӕмӕнтӕ ӕнӕсцохӕй…»

26.02.2021 | 16:49

ÆГЪУЗАРТИ Саукуй, (1943-2013) финсæг, публицист

Мамукъати Хъазбеги исфӕлдистади туххӕй цӕйбӕрцӕ уацтӕ финст ӕрцудӕй, уони нӕ нимайдзинан – еци гъуддаг бӕрцитӕй уоййасӕбӕл цӕмӕдессаг нӕй. Сӕйрагдӕр ӕй, ка цӕйбӕрцӕбӕл рӕстзӕрдӕй искодта ӕ хатдзӕгтӕ, цӕйбӕрцӕбӕл цӕстуарзон ӕй ӕ гъуди.

Ӕма уомӕй, махмӕ гӕсгӕ, Мамукъати Хъазбегӕн ӕ гъолӕ, куд фӕззӕгъунцӕ, исхаудтӕй. Кадӕриддӕр ибӕл финста, уонӕй алке дзубанди дӕр ӕй зӕрдхӕлар, табедзӕгондӕй. Сӕ еугурей ниммухур кӕнуни равгӕ нин нӕййес, уомӕ гӕсгӕ ба уӕ  зонгӕ кӕнӕн Хъазбеги хуарз ӕрдхуард Ӕгъузарти Саукуйи литературон этюдти хӕццӕ. Бӕргӕ, Саукуй абони ма цардӕгас ку адтайдӕ, уӕд, ӕвӕдзи, никки ӕндӕр гъудитӕ дӕр ма загътайдӕ, фал, махмӕ гӕсгӕ фагӕ ’нцӕ кӕддӕр ци зӕрдӕхцӕуӕн сагъӕстӕ ниффинста поэти цалдӕр ӕмдзӕвгей туххӕй, етӕ дӕр.

 

ИСКУРДИАДИ ТУХӔ

Мамукъати Хъазбег дӕсни тӕлмацгӕнӕг ке ‘й, уой, ӕвӕдзи, литературӕ уарзгутӕ еугурӕй нӕ зонунцӕ. Ирон кенӕ дигорон ӕвзагмӕ сӕ уӕхӕн тӕмӕссаг ӕвзагӕй раййевуй ӕма цума А.Пушкин, М. Лермонтов, иннӕ уруссаг ӕма фӕсарӕйнаг поэттӕ дигоронау исдзорунцӕ, уотӕ фӕккӕсуй адӕймагмӕ. Хъазбег ӕ тӕлмаций бауадзуй ирон зӕрдӕ, дигорон уод, уотӕ рӕсугъд ӕй истахуй ӕма реуи исӕвзуруй ӕнӕкӕрон уарзт, фӕффулдӕр ин кӕнуй ӕ цийни усмӕ. Фал мӕмӕ дессаг ци фӕккӕсуй: аййевади дӕр, литератури дӕр, ка си архайуй, етӕ сӕхе маддӕлон ӕвзагбӕл ести ку исфӕлдесунцӕ, уӕд уӕлдай зӕрдӕмӕдзӕугӕдӕр цӕмӕн рауайунцӕ? Ӕз Цӕрикъати Феликс ӕма Тайсаути Олеги кой кӕнун хъӕбӕрдӕр. Игъустгонд заргутӕ, рӕсугъд гъӕлӕсти хецӕуттӕ, се ‘сфӕлдистади уӕлтӕмӕнадӕй хайгин ӕнцӕ Уруси дӕр, Иристони дӕр. Фал Феликс ӕ рӕстӕги «Абӕрег Мӕхӕмӕти зар» ку ракодта, уӕд цума ирон адӕми арв ӕрцавта, уотӕ мӕмӕ фӕккастӕй. Сӕ десӕ-местӕн кӕрон нӕбал адтӕй, цӕстисуг фӕрсгӕ нӕбал кодта, бауӕрбӕл цидӕр ӕнахур зир-зир бахуӕстӕй. Уотӕ арф, уотӕ ӕнӕкӕрон рӕсугъд равдиста ӕ зари абӕреги меддуйнӕ ӕма ибӕл еугур дзиллитӕ дӕр фӕрристӕнцӕ. Феликс еци зарӕй ӕндӕр ку нецибал ракодтайдӕ, уӕддӕр ӕ ном арвбӕл ӕстъалуй ферттивдау цӕргӕ байзадайдӕ. Уотӕ Тайсаути Олег дӕр. Ӕхе ӕвзагбӕл Малити Геуӕргий «Ци кӕнуй ӕна», ӕма Цорионти Заурбеги дзурдтӕбӕл арӕзт «Лескени зар» ку ракодта, уӕд цума ӕ гъӕлӕсихатт фӕгъгъӕздугдӕр, фӕййарфдӕр ӕй, хонхи зӕгъӕн дортӕ уӕлдай цийнӕ кодтонцӕ, уотӕ кастӕй адӕймагмӕ. Гъе уӕхӕн уацари бахаудтӕн, ӕрӕги журнал «Мах дуг»-и Мамукъати Хъазбеги ӕмдзӕвгити цикл ку бакастӕн, уӕддӕр. Уӕлдай деси мӕ бафтудтонцӕ, Малити Геуӕрги уруссагау ци ӕмдзӕвгӕ ниффинста, уой дигоронмӕ куд раййивта, еци рӕнгъитӕ. Цӕмӕй сумахмӕ дӕр багъара, цӕмӕй балӕдӕрайтӕ тӕлмацгӕнӕги хӕццӕ поэти зӕрдиуагӕ, ӕ тухст, ӕ гъезӕмарӕ, уой туххӕй ӕй хӕссун уӕ размӕ еугурӕй дӕр.

 

Ци сах уаруй! Мӕ инод къӕс

Нитталингӕ ‘й, ниммӕтъӕл,

Фӕммӕ кодта фудӕхсӕвӕ

Фунти фарнӕй фудӕнгъӕл.

Уӕ, медард лимӕн, менгарӕ,

Мӕ рохс бӕлди цӕдесон,

Тӕходуй ӕма аусми

Фӕмма уинӕ дӕ цӕсгон!

Ниццӕйтухсинӕ дефцӕги,

Ӕркъолӕ кӕнгӕй мӕ сӕр,

Фӕккӕуинӕ хъӕбӕр берӕ,

Мӕнкъӕй сабиййау, ӕз дӕр.

Мӕ дзиназунмӕ нийгъосгӕй.

Мӕ ниллӕг къӕси ӕнде

Ӕрӕллау уидӕ сах уарун,

Ӕрфунӕй уидӕ дуйне

 

Куд аййев, ӕнӕкӕрон тухгин исгъӕста Хъазбег ӕ тӕлмацӕй нӕ классики уруссагау финст ӕмдзӕвгӕ, куд рӕсугъд хуарӕнтӕй исхурста алли рӕнгъӕ дӕр, адӕймаги реу, ӕ уод ин куд тӕмӕссаг ӕзмӕлун кӕнуй. Фиццагидӕр, циуавӕр ӕвзагӕй финст ӕй, уобӕл бадес кӕндзӕнӕй адӕймаг. Цума Геуӕргийӕн ӕ хурфи бадтӕй ацал-ауал анзи Хъазбег, уотӕ мӕмӕ фӕккастӕй.

Уотӕ дӕсни, уотӕ агъаззаг раййивта устур поэти уадзимис ӕндӕр поэт. Ӕвӕдзи, Хъазбег фур дессаг хуарз ӕстӕфуй Геуӕргий исфӕлдистадӕ, исахур ин кодта ӕ алли бацӕуӕн ӕма рацӕуӕн дӕр, иссирдта ин ӕ мӕрдӕгасгӕнӕг ӕвзаги дӕгъӕлтӕ ӕма уомӕй гъаруй уотӕ карз кӕсӕгмӕ дӕр. Е ба уой бӕрӕг кӕнуй, ӕма Хъазбег федар искурдиади хецау ке ‘й, устур поэти зӕрдӕ арф ка лӕдӕруй, е ‘сфӕлдистадӕн ин табугӕнӕгау ка ковуй, уӕхӕн поэт, уӕхӕн тӕлмацгӕнӕг.

 

ЕУ ӔМДЗӔВГИ ТУХХӔЙ

Дигорон ӕвзаг, дан, нӕ хъӕртуй алцӕбӕл: унгӕг ӕнцӕ ӕ  фӕззелӕнтӕ,  кунауӕггаг  ӕй  дзурдуат,  дӕ  гъудитӕ  си нӕ зӕгъдзӕнӕ фӕндон хуарз, е ‘взаг – цубур, ӕвӕндон, зин лӕдӕрӕн. Уотӕ ка гъуди кӕнуй, етӕ тухгинтӕ рӕдуйунцӕ. Дигорон дзурдтӕ къахгӕй, дӕ зӕгъуйнаг зӕгъдзӕнӕ аллихузи дӕр, уотӕ рӕсугъд, уотӕ арф ӕма ибӕл деси бафтуйдзӕнӕ. Цӕмӕй  мӕ гъуди бафедар кӕнон, уой туххӕй ӕрхӕсдзӕнӕн айдагъдӕр еу дӕнцӕ – Мамукъати Хъазбеги цубур ӕмдзӕвгӕ «Рӕстӕг ӕма дуйне» дӕлдӕр мухургӕнгӕй.

 

РӔСТӔГ ӔМА ДУЙНЕ

Гӕлдзуй кадӕр фӕснадмӕ ӕ бӕлдитӕ,

оххай, кӕндзӕй тадхуалитӕ есон.

Бурдӕнтумугъти цӕдесон

хездзӕй уой сӕрбӕл уорс уӕлитӕ.

Афӕйрӕстӕги сувӕллон

цъирдзӕй уой тухӕ мадихсирау,

неугӕ тӕхдзӕй ӕ сӕрти ӕстонг сирдау

рӕстӕгхалон

Ӕрмӕст дуйне ӕ нерлӕугӕ зелдохи

калдзӕй тӕмӕнтӕ ӕнӕсцохӕй.

 

Айдагъдӕр дӕс рӕнгъи ӕма си райгъусуй рӕстӕги удзӕл, адӕми дзахъула, нӕ еугур ӕмӕзмӕлд. Дӕс рӕнгъи ӕма дӕ цӕстити размӕ исистдзӕнӕй дун-дуйней дӕрӕгъдзӕгай, не ‘скӕнӕг Хуцауи нивӕвӕрд зелдохӕнтӕ, нӕ карнӕ, нӕ амонд цӕй медӕгӕ ‘й, еци финст ӕма ӕнӕфинст уагӕвӕрдтӕ. Царди хуарзӕй дӕр, лӕгъузӕй дӕр ци дессӕгтӕ ес, етӕ еугурӕй дӕр бацудӕнцӕ аци дӕс рӕнгъеми, бурдӕнтӕ ӕрӕгас ӕнцӕ нӕуӕгӕй, ӕндаг-медӕг рауадӕнцӕ, исхӕлӕмулӕ ‘й ӕрдзи фӕззиндтити хӕццӕ ӕма ӕнахур дессаг кӕсуй адӕймагмӕ, «бурдӕни сӕрбӕл уорс уӕлитӕ куд хезунцӕ», е. Ӕнахур дессаг ӕй, «рӕстӕги сувӕллон уой туххӕй мади ӕхсирау куд цъирдзӕй», дессаг ӕй, дӕс рӕнгъемӕй уотӕ ӕнхӕстӕй, рӕсугъдӕй куд равдиста е ‘ргъуди фӕлгонци Мамукъати зӕрдӕргъӕвд Хъазбег. Фиццагидӕр, аци дӕс рӕнгъемӕй цӕуй алӕмӕти зӕрдирохс тунтӕ, ес си алцидӕр: адӕймаг устур гъудити цӕбӕл бацӕуа, кӕбӕл расагъӕс кӕна, цӕбӕл мӕтъӕл кӕна, цӕбӕл идзула, уӕхӕн бунӕттӕ,

Дун-дуйней итигъди (космос) поэт иссирдта ӕхе хуарӕнтӕ, ӕхе ӕвзаг ӕма адӕймаги деси ӕфтауй ӕ раст гъуди, ӕ раст фӕлгонц. Зӕнхӕбӕл ка нӕма ӕрцудӕй, кӕд си уӕхӕнӕй неци ес, хумӕтӕг ӕй ӕ арӕзт, уӕддӕр дӕсни поэти фӕрци адӕймагӕн ӕ размӕ ӕристадӕй дигорон дзурди тухӕ, дигорон поэти ӕрвон-зӕнхон искурдиади тӕмӕн.

Мамукъати Хъазбеги «Рӕстӕг ӕма дуйне»-й кой хецӕнӕй уомӕ гӕсгӕ кӕнӕн, цӕмӕй еу хатт дӕр ма банкъарайтӕ дигорон дзурди тухӕ, еу хатт дӕр ма бастӕфайтӕ ӕ хъаурӕ куд ӕнӕкӕрон, куд ӕведуйгӕ ‘й, куд уодӕгас ӕй, уой. Ӕма, дан, дигоронау зин ӕй дӕ гъуди зӕгъун. Нӕ, е раст нӕй. Не ‘взаг куд ӕнӕбӕрцӕ гъӕздуг ӕй, уомӕн ци ӕвдесӕн ӕрхастон, е дӕр берӕ цӕбӕлдӕрти дзорӕг ӕй ӕма еци ӕнӕбун форди агорун гъӕуй. Агорун ӕма ерун. Ка агора, е ба ӕнӕ иссергӕ нӕ фӕууодзӕнӕй.

 

«ХОРИ ТУНИ ЦЪИТА – МӔ ТӔЛӔНТИ АСХЪОД…»

Дууӕ цубур ӕмдзӕвги, фал сӕ рӕнгъитӕ куд содзунцӕ адӕймаги меддуйне, ӕ зунд, ӕ зӕрди арфдӕр уедӕгти, куд игон зӕрдӕй сӕ бакастӕн ӕма ӕвеппайди уотӕ тухгин цӕмӕн ӕрмӕтъӕл дӕн? Е ци ӕй? Циуавӕр пахампар мин байагайдта мӕ уоди ресагӕдӕр дадзинтти? Е пахампар нӕй, фал поэти сагъӕстӕ, поэти медхъурдохӕн зелуй ӕма ӕзгелуй мӕ зӕрди къумтӕ, мӕ бауӕр еугурӕй дӕр. Дзурд маргӕ куд кӕнуй, ӕгас дӕр уотӕ кӕнуй. Поэти рӕнгъитӕ, поэти дзурдтӕ адӕймаги сагъӕстӕбӕл ку ӕфтауонцӕ, е ӕнкъард, е ба сӕбӕл цийни усми ку бахауа, уӕд е хуннуй ӕцӕг поэзи. Ӕма уӕхӕн поэтӕй ӕхе ӕвдесуй Мамукъати Хъазбег. Гъаруй мӕмӕ е ‘нӕкӕрон ӕнкъарддзийнадӕ, ӕ хъурдохӕнтӕ, ӕ медсагъӕс. Лӕдӕрис, цӕмӕннӕ «Нӕбал ес нифси цъита ме ‘схудти», ӕнкъаруй «Уацӕ дуйней цӕруй ӕма халхъ»-ӕй, «а дуйнемӕ ‘й кӕсун ке нӕбал фӕндуй», еци зӕрди фӕлхӕтӕнтӕ, еци зӕрди цӕлхъитӕ ӕма гуппитӕ. Цалдӕр хатти бакастӕн Хъазбеги содзагӕ, араугӕ, реуи фӕйнӕгбӕл ка ниннихӕстӕй, еци рӕнгъитӕ ӕма мӕ мӕтъӕли загътон мӕхецӕн: «Ӕмбал кӕмӕн нӕййес, еци поэти гъуди макӕд фесӕфӕ, макӕд фӕгъгъӕуӕ махӕй, цӕрӕг уодти дуйнейӕй, хонӕ нӕ дӕ хӕццӕ царди нӕдтӕбӕл, идзулун нӕ кӕнӕ, масти нӕ ӕфтауӕ, е ба нӕ цард гъӕздуг, тӕмӕссаг ӕма тӕходуйаг уа!»

 

ДУУӔ ЦАРДЕЙ АСТӔУ

Тӕходуй, цъӕдӕхау дӕ уесин бӕхбӕл  фестӕ,

Раматӕхӕ уадау дӕ уадсорбӕл еу хатт!..

Фӕззигон сифтӕрау ӕрӕзгъалдӕнцӕ мензтӕ,

Ӕркодта мӕбӕл арв цӕрдигонӕй бӕхбадт

 

Нӕбал ин фӕразун, ӕлвасуй мӕ зӕнхӕмӕ,

Бацъирдта мин мӕ тог, баниуазта мӕ уод, –

Мӕ цӕсти хурфӕй ма рацӕйзиннуй гӕзӕмӕ

Хори туни цъитамӕ тӕлӕнти асхъод

 

Мӕ еу цард фӕццӕуй, фӕййевгъуйуй евгъудмӕ,

Нӕ ин ес ӕздӕхӕн, нӕ раздахдзӕй йерух, –

Фал кӕмий мӕ дуккагбафӕразон йерцудмӕ,

Нӕма ӕрдӕн цалдӕнги, нӕма, еугур пурх

МӔ ГЪУДИ

Нӕбал ес нифси цъита месхудти,

Ӕй месдзурд ӕнӕбари сунсун, –

Ниннигъулдӕй ӕ хъозги мӕ гъуди,

Нӕбал комуй ӕндӕмӕ лӕсун

 

Иссердта кӕдимайди ӕнцойнӕ,

Дзенетау истахта кӕд ӕ раз, –

Ӕсдӕруй ӕхецӕн царди сойнӕ,

Ниуазуй ӕхе хӕццӕ уӕрас.

 

Нидӕн зарти ӕхе нинниуӕрдуй,

Уацӕ дуйней цӕруй ӕнӕ халхъ, –

А дуйнемӕ ‘й кӕсун нӕбал фӕндуй,

Ницъцъумур, дан, уодзӕй мӕ золахъ

Æртæ æрдхуарди, нæ национ литератури хъазауатонтæ (галеуæрдигæй рахесæрдæмæ) ХЪОДЗАТИ Æхсарæ, ДАУРАТИ Дамир æма МАМУКЪАТИ Хъазбег.