«МÆ ФИДТÆЛТИ ЦИТГИЙНАГ МÆНÆН ДÆР ЦИТГИЙНАГ ÆЙ…»
Нæ дзубанди абони æй Советон Цæдеси Бæгъатæр Давыдов Ладо Шириншай-фурти туххæй. Е райгурдæй 1924 анзи августи дууадæсæймаг бони сахар Орджоникидзей ассириаг бийнонти ’хсæн. Авд анзи ибæл ку исæнхæст æй, уæд ами бацудæй еуæндæсæймаг астæуккаг скъоламæ, фал си берæ не ’сахур кодта… Æ мадæ рамардæй, фидæн ба еунæгæй æ бон нæ адтæй сувæллæнтти дарун. Æма Ладой багъудæй æ ахур изæйрон скъоламæ раййевун, бонæй ба куста цæртти заводи.
ÆДЗÆСТХЕЗÆЙ ДÆРÆН КОДТА ЗНАГИ
Еци кари уæхæн уæззау уаргъ æхемæ райсун зин куд нæ адтайдæ, фал æрдзæй сæрæн, игъæлдзæг уоди хецау ке адтæй, уомæ гæсгæ фæразон разиндтæй, царди раст надбæл цæугæй нæ фæккиудтæй биццеу. Уæгъдæ рæстæг ин ку фæззиннидæ, уæд е ’мгæртти хæццæ балæууидæ Терки билæбæл, æхе æртайидæ, футболæй æма æндæр спортивон гъæзтитæй гъазидæ, кæсалгæ ахæста.
Фæстæдæр Ладо æ берæ æмгæртти хæццæ рандæй Каменецк-Подольски облæстмæ æма уоми куста аэродроми арæзтади. Устур Фидибæстон тугъд дæр æй ами æрæййафта. Аэродроми арæзтадæ уорæд æрцудæй æма уæд Ладо æрæздахтæй æ райгурæн Иристонмæ. Ами бацудæй æфсæддон комиссарадæмæ, цæмæй æй тугъдмæ рарвистайуонцæ. Фал æ æнзтæ ке не ’нхæст кодтонцæ, уомæ гæсгæ ’й фæстæмæ раздахтонцæ. Уæд Ладо косунмæ бацудæй завод «Электроцинк»-мæ, номдзуд «Катюшæн» нæмгутæ кæми аразтонцæ, еци цехмæ. Куста фæлтæрдгин косгути æмрæнгъæ, æхсæвæй-бонæй, дæсгай-дууадæсгай сахæтти дæргъи, ахид æхсæвæ дæр байзайидæ æ кусти уæлгъос.
Ралæудтæй 1942 анз, нæ Райгурæн бæстæн тæккæ уæззаудæр анз. Ладо бабæй нæуæгæй бацудæй комиссарадæмæ.
– Хуарз, – загътонцæ ин уоми. – Цо, дæхе æрцæттæ кæнæ. Æрветдзинан дæ бæхгин æфсадмæ.
Уотемæй Ладо Давыдов бахаудтæй бæхгинти полкмæ. Еци полк æрвист æрцудæй Кутаисимæ, уоми сæ ахур кодтонцæ æфсæддон дæсниадæбæл.
Ладойæн адтæй, æ сабийбонтæй фæстæмæ еунæг бон дæр ке хæццæ нæ фæххецæн æй, уæхæн æрдхуард Андрей, ирон биццеу. Ами, Кутаисий сæ фæххецæн кодтонцæ, – Андрейи рарвистонцæ Сталинградмæ, Ладо ба бахаудтæй Туапсемæ.
Знаг æ тухтæ рагæлста Цæгат Кавказмæ. 1942 анзи сæрди, «Индюк» ке худтонцæ, еци хонхмæ бампурстонцæ, немуц хъæбæр кæмæй тарстæнцæ, еци денгизон фестæгæфсæддонтæ, сæ уæле дæргъитæ цъинда хæдæнттæ æма сау бушлаттæ, уотемæй. Немуци дзармадзанти мæлæтхæссæг азæлдæй зæрдæ кæд æгудзæг кодта, уæддæр фестæг денгизонти нимпурстæн бауорамæн нæ адтæй. Сæ атакитæй еу æ тæккæ цæхæри куд адтæй, уотемæй фæммард æй денгизонти командир хестæр лейтенант Фоменко. Æ дæлбарæ тугъдонтæ ракуддæртæ ’нцæ, уоййасæбæл нæбал лæдæрдтæнцæ, идарддæр ци кæнонцæ, уой. Уæд Ладо фестадæй æма æ гъæлæсидзаг нигъгъæр кодта:
– Лæхъуæнтæ, размæ!.. Райсæн Фоменкой тог!..
Æма æхуæдæг сæ разæй рампурста. Уæд иннетæ дæр æ фæдбæл ниххæррæт кодтонцæ. Еци тугъди уоййасæбæл ке фескъуæлхтæй, уомæ гæсгæ Ладой исхуарзæнхæ кæнуни туххæй бацæттæгонд гæгъæдий финст ес: «Æмбал Давыдов æвдæймаг сæрмагонд бригади уогæй, Краснодари рæбун тугъдтити рæстæг командир хестæр лейтенант Фоменко ку фæммард æй, уæд æхемæ райста командæ кæнуни гъуддаг, æма æфсæддон къуарæн дæсни разамунд ке лæвардта, уой фæрци знаги æрбампурст уорæдтонцæ дууæ сахаттей дæргъи.
Ку æризæр æй æма тугъди гъæр ку ниссабур æй, уæд Ладо æсгарæгæй рандæй знаги уавæртæ исбæлвурд кæнунмæ. Æ ихæс æнтæстгинæй исæнхæст кодта æма фæстæмæ куд æздахтæй, уотемæй æй фашисттæ æрæстæфтæнцæ. Райдæдтонцæ ’й æхсун. Раргъавтонцæ ’й, еу нæмуг бæгъатæр тугъдонæн исæмбалдæй æ рæуæгбæл, иннæ ба ниххастæй æ зæрди буни. Уæхæн цæфтæ фæууогæй, æ бон кæми адтайдæ хеуæнтти ’рдæмæ бурун. Хуарз æма ’й еци æхсæвæ, еугур тогидзæгтæ бацæй, уотемæй иссирдтонцæ нæхе санитартæ æма ’й уайтæккæдæр бахъæртун кодтонцæ госпитæлмæ. Уоми дохтирти фæрци æртæ къуæрей фæсте Ладо æ къæхтæбæл ислæудтæй.
Раст еци рæстæги болкъон А.С. Потапов æмбурд кодта бархеуонтæй нæуæг бригадæ. Давыдов дæр бацудæй Потаповмæ.
– Мæ бон нæй дæу райсун, – загъта ин болкъон. – Мæн гъæуй æнæнез æма хъаурæй федар адæм, ду ба дæ къæхтæбæл туххæй лæууис.
– Райсетæ мæ, æмбал болкъон. Æз алцæмæн дæр бафæраздзæнæн.
Æма, æцæгæйдæр, алцæмæй дæр фæразон разиндтæй.
Нæуæг арæзт бригадæ гъæуама байахæстайдæ Новороссийскмæ хæстæг, фæстæдæр «Минкъий зæнхæ» ке худтонцæ, уой; гъæуама байеу адтайуонцæ 47-аг æфсади хæццæ æма ниппурхæ кодтайуонцæ, немуцæн Тамани ци æфсæддон хæйттæ адтæй, уони.
«Минкъий зæнхæ»-мæ десант ластонцæ 150 рæуæг науебæл. Еци наутæй еуеми, æ ном «Земляк», адтæй лейтенант Мамаеви автоматчикти ротæ. Еци роти адтæй Давыдов дæр. «Земляк» иннæ наутæй раздæр рацудæй денгизмæ. Куддæр билæмæ бахæстæг æй, уотæ сæ фашисттæ æрæстæфтæнцæ æма сæ райдæдтонцæ æхсун. Фал нæ фæттарстæнцæ бæгъатæр тугъдонтæ. Бантæстæй син билгæронмæ байервæзун, æма уоми рахезгæй ба сæ цуд исаразтонцæ еу гъæу, Станичкæ, зæгъгæ, уордæмæ.
Еци нимпурсти устур лæгдзийнадæ æма бæгъатæрдзийнадæ равдиста Давыдов, е æ цалдæр æмбалей хæццæ байахæста аэродром æма радиостанцæ. Е ’скъуæлхтдзийнади туххæй ин сæрмагондæй райарфæ кодта бригади командир.
Роти командир Мамаев, аэродроми æма радиостанций гъæуайгæнгутæ ниууагъта, уотемæй æ тугъдонти ракодта Станичкæмæ. Гъæу еугурæй махонти къохи нæма бафтудæй, фашисттæ уордæмæ танкитæ æма хуæдтæхгутæ ке æрбагæлстонцæ, уой фудæй. Æхсæз роти æрвист æрцудæй «Рыбпоселок»-мæ. Уордæмæ Потапови бригади штабмæ балæборæ-балæборæ кодтонцæ немуци автоматчиктæ. Ротæ уайтæккæдæр искæдзос кодта фашисттæй еци рауæн.
ÆФСÆДДОНТÆ АРД БАХУАРДТОНЦÆ, СÆ МАСТ ФУДГОЛÆЙ РАЙСУНÆЙ
Цалдæр боней фæсте роти командир Мамаев дæс тугъдоней хæццæ рарвиста Ладой «Земляк»-мæ. «Земляк» еци æхсæвæ æрбахъæрттæй тохæнæрмæги хæццæ. Ладо æма е ’мбæлттæ куддæр тохæнæрмæг райдæдтонцæ билæмæ хæссун, уотæ фæццудæй гæрах. Е исрæмугъта, немуцаг донибунтицæугæ бæлæгъ ци торпедæ рауагъта «Земляк»-бæл, е. «Земляк» пурхæ нæ ниццæй, фал ин цæуæн нæбал адтæй æма æ бунати хъелæй байзадæй.
Еци æхсæвæ ма немуц фехалдтонцæ æртæ мотоботи æма еу сейнер. Етæ ба не ’фсæддонтæн хуæлцæ ласунæн адтæнцæ. «Земляк» цæунæн ку нæбал адтæй, уæд «Минкъий зæнхæбæл» ка адтæй, еци тугъдонти уавæр цæхгæр фæллæгъуздæр æй. Хуардтонцæ пуруса, æндæр кæрдæгутæ æма акъаций деденгутæ. Уæд Ладо дууæ æхе хузæн бæгъатæр æфсæддоней хæццæ æхсæвигон бæлæгъбæл багъузтæй сейнермæ æма уордигæй ласун байдæдта инсад æма æндæр хуаллæгтæ.
«Минкъий зæнхæ» уотид минкъий сабурдзийнадæ дæр нæ бавзурста авд мæйей дæргъи. Е иссæй бæгъатæрдзийнади символ. Æ кой идæрдтæбæл игъустгонд адтæй, æма уордæмæ сæхе æрветун кодтонцæ сауæнгæ æндæр рауæнтæй дæр, уоми алли салдат дæр адтæй æцæг бæгъатæр. Уоми бомбæ кæми не ’рхаудтæй, минæ кенæ дзармадзани нæмуг кæми нæ фехалдæй, уæхæн гæппæл нæбал байзадæй.
Потапови бригадæй ма цардæгас ка байзадæй, уони 1943 анзи августи раластонцæ Геленджикмæ се ’нæнездзийнадæ дзæбæх кæнунмæ æма уолæфунмæ, цæмæй уой фæсте нимпурсонцæ Новороссийск немуцаг-фашистон æрбалæборгутæй иссæребарæ кæнунмæ. Цанæбæрæг рауолæфтæнцæ, уæдта сæ бригадæ еугонд æрцудæй, Новороссийскмæ нимпурсун ихæсгонд кæмæн адтæй, еци десанти хæццæ. Десантæн билгæронæй агъаз кодта, инæлар К.И. Леселидзей æстдæсæймаг æфсад. Сау денгизæй гъæуама æмпурстайуонцæ адмирал Л.А. Владимирскийи наутæ æма Азови флотили. 1943 анзи 11 сентябри немуци позицитæбæл зинг бафтудта нæ артиллери. Гъе уæдта сахармæ сæ цуд исаразтонцæ дуккаг къæпхæни капитан В.Т. Проценкой катертæ. Æ хуæдуæлвæд нæ командæкæнуйнадæ багæлста капитан-лейтенант А.В. Африканов æма æртиккаг къæпхæни капитан Г.Л. Дьяченкой десантон къуæрттæ. Катерти къуари разæй тахтæй, роти командир Мамаев, Ладо æма иннæ десантонтæ кæми адтæнцæ, еци катер. Билгæронмæ ма ’й еу-æртæсæдæ метри куд гъудæй, уотемæй командир бардзурд равардта, цæмæй æфсæддонтæ трюмтæй палубæмæ исхизтайуонцæ.
Раст еци рæстæги катербæл исæмбалдæй знаги дзармадзанти цалдæр нæмуги. Катер æ медбунати низзилдæй æма нихъулун райдæдта. Роти командир хестæр лейтенант Мамаев фæммард æй. Десантти къуарæн командæ кæнун æхемæ райста катери капитан. Уæдмæ катерæн фæййагъаз кæнунмæ фæззиндтæй, штаб кæми бадтæй, еци катер. Содзгæ катер баластонцæ сауæнгæ билгæронмæ. Уоми æфсæддонтæ сæ кæрæдзей усхъитæбæл лæудтæнцæ, уотемæй хизтæнцæ билгæронмæ æма тохмæ сæхе гæлстонцæ. Билгæрон фашисттæй ракæдзос æй, сæ дзоттæ æрцудæнцæ дæрæнгонд.
Новороссийск сæребарæгонд ку ’рцудæй, уæд еугур æфсæддонтæбæл дæр райгъустæй æхсæрдæс æма инсæй фестæг-денгизонти бæгъатæр мæлæти хабар. Цæветтонгæ, Станичкæ ке худтонцæ, еци гъæуи скъолай азгъунсти не ’фсæддонти къуарбæл æртухстæнцæ немуцаг автоматчиктæ. Махуæнттæмæ тохæнгарз нæбал адтæй, фал уæддæр сæхе уацари нæ лæвардтонцæ. Немуц ниццагътонцæ сæ еугурей дæр. Сæ командир Видови исбæгънæг кодтонцæ æма ’й мудзуратæй ницъцъæсгитæ кодтонцæ. Сæ хæццæ ци кизгæ-секретарь адтæй, уомæй ба æбуалгъæй фæггириз кодтонцæ, æ цæститæ ин искъахтонцæ, æ реутæ ин ралух кодтонцæ…
Бригади æфсæддонтæ ард бахуардтонцæ се ’мбæлтти тог райсуни туххæй, æма фæстæдæр, Керчмæ десанттæ багæлдзуни туххæй дзубанди ку цудæй, уæд бригади æфсæддонтæ сæ еугурдæр сæхе уордæмæ бакæнун кодтонцæ. 1943 анзи 31 октябри 255-аг бригади батальонтæ рахизтæнцæ Керчи донбакæлæнбæл. Билгæронмæ ма сæ минкъий гъудæй, уотемæй сæ знаг базудта æма сæбæл агъазиау топпадзагъд исаразта. Уæддæр катертæ билгæронмæ байервазтæнцæ æма байахæстонцæ, æхсæз километри æ дæргъæ, дууæ километри ба æ уæрхæ, уæхæн плацдарм.
Уодзæнæй ма