26 декабря 2024

ÆНОСТÆМÆ ЦАРДÆГАС УОДЗÆНÆЙ НÆ ЗÆРДИТИ…

23.09.2022 | 15:38

Уæрæсей Федераций Бæгъатæр Есенати Таймурази хуæрзеуæг Цæликкати Руслан равардта æ хеуæнттæмæ.

Айразмæ ма куд игъосун кодтан, уотемæй Украини сæрмагонд тугъдон операций архайгæй, танки командир, хестæр сержант Есенати Таймуразæн æгæрон агъазиау æскъуæлхтдзийнади туххæй аккаггонд æрцудæй Уæрæсей Бæгъатæри ном. Еци кадгин хуæрзеуæги æвдесæн – «Сугъзæрийнæ Стъалу» æрæги Уæрæсей гъæуайкæнуйнади министри фиццаг хуæдæййевæг
Цæликкати Руслан нæ республики Хецауади Хæдзари цитгин уавæри равардта Бæгъатæри мадæ, седзæргæс æма хеуæнттæмæ сæ хæццæ фембæлди рæстæг. Фембæлди архайдта Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло дæр.

Цæликкати Руслан æ радзубандий уотæ загъта:

– Уæрæсей Федераций Бæгъатæри «Сугъзæрийнæ Стъалу» æй нæ Фидибæсти æфсæддонти намусгин архайдæн тæккæ агъазиаудæр æма кадгиндæр аргъгæнæг хуæрзеуæг. Хъæбæр федарæй ми æруагæс кæнуй е, æма, Таймурази æскъуæлхтдзийнадæ дæнцæн ке исуодзæнæй æнæгъæнæ Уæрæсей дæр мингай æригæнттæн.

Есенати Таймураз æ æгæрон агъазиау тугъдон æскъуæлхтдзийнади фæдбæл Уæрæсей Президент Владимир Путини Указмæ гæсгæ аккаггонд æрцудæй Уæрæсей Федераций Бæгъатæри кадгин ном. Æма еци ном æвдесæг «Сугъзæрийнæ Стъалу» ин æ хеуæнттæмæ дæтгæй, Цæликкати Руслан баханхæ кодта:

– Дæ фурт, дæ цардæмбал, де ’нсувæр е ’фсæддон ихæс æнхæст кæнгæй фескъуæлхтæй дессаги агъазиау лæгдзийнадæй. Сауæнгæ уæхæн уавæрти равзургæй, æма, куд тугъдон, уотæ дзуапп раттуни фадуат ин ку нæбал адтæй, уæддæр уоййасæбæл æнæбасæтгæ уоди хъаурæ бавдиста, æма, знæгтæ, ци нæ ин фæккодтонцæ, уæддæр æй басæттун сæ бон нæ бацæй… Зæрдибунæй уин арфæ кæнун, уæхæн æхсаргин фурт ке исгъомбæл кодтайтæ, уой туххæй…

Сергей Меняйло дæр æ радзубандий баханхæ кодта, абони Иристон æнæгъæнæй дæр куд сæрустур æй Есенати Таймуразæй. Æма æ хеуæнттæн загъта:

– Сæрмагонд тугъдон операций нæ республикæй ка архайуй, уонæй Уæрæсей Федераций Бæгъатæр фиццаг иссæй дæ фурт, дæ сæри хецау, де ’нсувæр… Украини ци сæрмагонд тугъдон операци цæуй, уомæн æ тæккæ райдайæнæй ба абони уæнгæ нæ  тугъдонтæ æновудæй æнхæст кæнунцæ сæ ахсгиаг ихæстæ – нацисттæн карз нихкъуæрд дæтгæй, сабурцæрæг адæми багъæуай кæнуни туххæй, тох кæнунцæ уодуæлдайæй, сауæнгæ сæ цард нивондæн æрхæссуни уæнгæ дæр. Æма мах ихæсгин ан нæ тугъдонти бийнонти фарсмæ балæуунæй, цæмæй гъæуй, уомæй син æнхæстæй агъаз кæнунæй. Сæйрагдæр ба – алцæмæй дæр байархайун, цæмæй, абони е ’фсæддон ихæс ка æнхæст кæнуй, уони нæ Фидибæстæбæл еузæрдиуондзийнадæ, æхсардзийнадæ æма уодуæлдайдзийнадæ æностæмæ нæ адæми гъудæги цæронцæ.

Есенати Таймураз

Цæликкати Руслан радзурдта Есенати Таймурази бæгъатæрдзийнади туххæй. Ци танки экипажи командир адтæй, е, батальони исконди уогæй, стратегион æгъдауæй ахсгиаг цæрæн рауæнмæ ку бахъæрттæй, уæд тохи бацудæй, бæрцæй си зингæ фулдæр ка разиндтæй, знаги уæхæн тухти нихмæ. Знаги дууæ бронехуæдтолги æма æ 30 нацисти ниддæрæн кодта, фал уæдмæ хестæр сержант Есенати Таймуразæн æхе танкбæл дæр исæмбалдæй рæмодзæн æрмæг. Æма уæд Есени-фурт æ экипажæн равардта бардзурд, цæмæй танкæй рахезонцæ, æма сæмæ хæстæг  ка адтæй, еци гъæди къохи хе æрримæхсун. Изæрдалингти ба гъæуама нæхе æфсæдтæ кæми адтæнцæ, уордæмæ байервæзунбæл байархайдтайуонцæ.

Ци рауæн адтæнцæ, уой исбæлвурд кæнгæй, Есени-фурт æма е ’мбæлттæ фæннæхстæр æнцæ, уæрæсейаг æфсæдти æрбунати ’рдæмæ, фал æнай-æнойти исцурæвæрæ ’нцæ, украинаг националисттæ сæ размæ ци хуæрзцæттæ арæсæн исаразтонцæ, уобæл. Байеудагъ син æй карз тох, кæций рæстæг Таймураз уæззау цæф фæцæй, æма æ кеми нæ уогæй, уацари бахаудтæй.

Есенати Таймурази хеуæнттæ

Знæгти къохи бахаугæй, етæ ин ци нæ кодтонцæ, ци гъезæмæрттæ ин нæ бавзарун кодтонцæ, уæддæр æй æрсæттун сæ бон нæ бацæй, сæ хæццæ уотид дзорунбæл дæр нæ исарази ’й, æгириддæр син неци загъта, нацисттæ си Уæрæсей Федераций æфсæдти туххæй ци хабæрттæ агурдтонцæ, уонæй. Æ цардæн цæйбæрцæбæл тæссаг æй, уой бæлвурд лæдæргæй, Есенати Таймураз е ’фсæддон ихæсбæл кæрæй-кæронмæ еузæрдиуонæй байзадæй.

Цæликкати Руслан ма куд загъта, уотемæй не ’мзæнхон бæгъатæр еци гъезæмайраг рафæрсæ-бафæрсити рæстæг е знæгтæмæ бадодой кодта: «Нæхемæ ку исæздæхон, уæд райсдзæнæн автомат æма æрæздæхдзæнæн сумах, фашистти марунмæ!..»

Гъулæггагæн, нæ ин бантæстæй æ еци фæндæ исæнхæст кæнун. Фал ин æ фæндæ æнхæст кæнунцæ, Украини зæнхæбæл сабурдзийнадæ æма рæстади сæрбæлтау арæзт сæрмагонд тугъдон операций Уæрæсей æфсæддонтæй ка архайуй, етæ. Æма син бантæсæд сæ еци ихæс тагъд рæстæгмæ исæнхæст кæнун, сæйрагдæр ба – сæ еугур дæр цардæгасæй æма æнæгъигæдардæй исæмбæлæнтæ сæ фидиуæзæгбæл, сæ бийнонтæбæл, сæ хеуæнттæбæл.

Нæ Цитгин Исфæлдесæг, багъæуай сæ кæнæ!..

Нæ уацхæссæг.