АХУР КÆНУНМÆ – НИЙЙЕРÆГИ КАПИТАЛИ ФÆРЦИ
Сувæллонгин бийнонтæн паддзахадон агъази программæ архайун ци бон райдæдта, еци бонæй фæстæмæ 3103 цæгатиристойнаг бийнонтемæн адтæй ниййерæги капиталæй уæлдæр ахургæнæндæнтти хестæр сувæллæнтти ахуради аргъ бафедуни фадуат.
Нæуæг ахури анз райдæдта æма берæ скъоладзаутæ цæгатиристойнаг уæлдæр скъолати студенттæ иссæнцæ, айдагъ е нæ, фал ма бæсти æндæр регионтæмæ дæр ахур кæнунмæ рандæнцæ. Аци студентти хай уæлдæр ахурадæ райсдзæнæнцæ ниййерæги капитали фæрæзнити харзæй.
Цæгатиристойнаг абитуриентти «ахурадон» географи урух æй – ниййерæги капиталæй ахуради аргъ кæми бафистонцæ, Уæрæсей Пенсион фонди республикон хайади номхигъдмæ бахастонцæ бæсти уæхæн раззаг уæлдæр скъолатæ: Мæскуй М.В. Ломоносови номбæл паддзахадон университет, Уæрæсей Президенти размæ адæмон хæдзарадæ æма паддзахадон служби уæрæсейаг академи, Уæрæсей К.А. Тимирязеви номбæл паддзахадон аграрон университет, Адæмти хæлардзийнади уæрæсейаг университет, Петербурги паддзахадон политехникон университет, Ростови паддзахадон арæзтадон университет, Паддзахадон служби сибираг академи, Хонсайраг федералон университет æма æндæртæ.
Уæ зæрдæбæл уин лæуун кæнæн: ниййерæги капитали фæдбæл барæ ке райгурдмæ гæсгæ исæвзурдæй, еци сувæллонбæл æртæ анзи ку исæнхæст уа, уæд ниййерæги капитали фæрæзнитæ бахарз кæнæн ес уæлдæр ахурадæ райсуни гъуддагбæл (уой хæццæ, ахуради райдайæни бонмæ иннæ сувæллонбæл 25 анземæй фулдæр гъæуама ма цæуа).
Сувæллони (цæуæти) ахурадæбæл ниййерæги капитали фæрæзнитæ бахарз кæнуни туххæй курдиадæ еугуремæй æнцондæр барветæн æй Уæрæсей Пенсион фонди сайти «личный кабинет»-и, кенæ портал «госуслуги»-йи фæрци электронон уагæй. Ахид электронон курдиадæй фæстæмæ ниййергутæбæл Пенсион фондмæ æндæр уæлæнхасæн гæгъæдитæ æрветуни ихæс æвæрд нæ фæууй. Сертификати хецау сувæллонæн æхцабæл ахурадон лæггæдтæ исæнхæст кæнуни фæдбæл бадзурд ке хæццæ исфедар кодта, ахургæнæндæнтти хæццæ федаргонд бадзурдтæмæ гæсгæ, Пенсион фонди оргæнтæ хуæдбарæй еци ахургæнæндонæй байагорунцæ бадзурдæй бæрæггæнæнтæ.
Ниййерæги капитал ахурадæбæл бахарз кæнуни туххæй бæлвурд хабæрттæ иссерæн ес Уæрæсей Пенсион фонди сайти хайадæ «Ниййерæги (бийнонти) капитал – Ниййерæги капитал сувæллæнтти ахурадæбæл бахарз кæнæн куд ес?»– и.
Цæгат Иристони фæзуатбæл ниййерæги капитали фæрæзнитæ харз кæнуни къабæзти ахедундзийнади бæрцæй сувæллæнтти ахурадæбæл ниййерæги (бийнонти) капитали фæрæзнитæ харз кæнунæй ахæссуй дуккаг бунат.
Ниййерæги капитали программæ архайун ци бон райдæдта, еци бонæй фæстæмæ нæ республики цæргутæ æригæнттæн ахурадæ раттуни гъуддагбæл бахарз кодтонцæ 226,5 миллион соми, аци анз ба – 23,2 миллион соми.
Уæрæсей Пенсион фонди регионалон контакт-центри телефонтæ: 8-800-600-03-71, 51-80-92.
КЪНАТТАТИ Маринæ