АЛЦИДÆР – АДÆМИ УОДÆНЦОЙНÆН
Нæ республики Хецауади Сæрдар Дзанайти Барис си сæрдареуæг кодта, уотемæй æрæги министрадти æма ведомствити разамонгутæн ци æмбурд арæзт æрцудæй, уоми ’ркастæнцæ республики социалон-экономикон райрæзти фæдбæл æнæмæнгæ æнхæсткæнуйнаг аллихузон фарстатæмæ.
Цæгат Иристони бюджет æма хъалонти политикæ 2025 æма 2026-2027 æнзтæмæ куд арæзт цæудзæнæй, уой туххæй закъони проекттæбæл, уæдта 2024 анзи фараст мæйемæ республики бюджет куд æнхæстгонд æрцудæй, уобæл радзубанди кодта республики финансти министри фиццаг хуæдæййевæг Оксанæ Карова. Æма æ радзубандий уотæ загъта:
– Кæд нæ бæсти зин экономикон æма политикон уавæр исæвзурдæй, уæддæр нæ бон бацæй хъалонти аллианзон нивæбæл куст багъæуай кæнун. Е нин фадуат равардта æнæкъулумпийæй афойнадæбæл фиццаг кезуй хæрзтæ æма нæ социалон ихæстæ æнхæст кæнунæн. Фиццагидæр – республики экономики райрæзт, национ проекттæ царди рауадзун, бунæттон администрацити инфраструктури райрæзт мацæмæй бакъулумпи кæнун.
Куд ма баханхæ кодта, уотемæй нæ региони æфтуйæгтæ аци анзи фараст мæйемæ рауадæнцæ 37 миллиард сомемæй фулдæр. Нуртæккæ кæронмæ фæхъхъæртуй нæ республики сæйрагдæр финансон документти проектбæл куст хæстæгдæр æртæ анземæ.
Аци æмбурди нæ республики ахурадæ æма науки министр Алибегти Эллæ ба куд фегъосун кодта, уотемæй берæсувæллонгин æма фæккæсуйнаг бийнонти сувæллæнттæн скъолати æма æндæр ахургæнæндæнтти лæвар хуæрдæ ке уодзæнæй. Уæхæн æййивддзийнæдтæ Хецауади унаффæмæ бахæсдзæнæнцæ.
Нæ республики гъæууон хæдзаради министр Къусрати Алани загъдмæ гæсгæ ба, хуæрзмуггаг картоф æма халсарти гибридти куст ка кæнуй, уонæн сæ хæрзти еу хай субсидити хузи бафедунæн фæткæ исфедар кæнунæн æййивддзийнæдтæ бахæсдзæнæнцæ Хецауади унафффæмæ.
Берæфадуатгин центртæ æма паддзахадон портали райсæн уодзæнæй «Берæсувæллонгин бийнонтæ»-йи туххæй æвдесæндар, – уой туххæй фегъосун кодта республики фæллойнæ æма социалон ирæзти министри хуæдæййевæг Мамати Анджелæ.
Нæ республики автомобилон нæдтæ æма хедти арæзтадæн, цалцæггæнæн куститæн ци хæрзтæ гъæудзæнæй, уой туххæй аци æма хæстæгдæр дууæ анзи республикон бюджетмæ æййивддзийнæдтæ хаст æрцæудзæнæй, – уой фæдбæл адтæй æ дзубанди нæ республики нæдти хæдзаради Комитети разамонæг Солити Тариэлæн.
Æмбурди кæронбæттæни Дзанайти Бариси загъдмæ гæсгæ, ци фарстатæбæл æрдзубанди кодтонцæ, етæ еугурæй дæр ахсгиаг æнцæ, фал уæддæр сæ сæйрагдæр ба ’й – республики бюджет. Æ радзубандий уотæ баханхæ кодта:
– Идарддæр дæр нæ хæрзти фулдæр хай баст уодзæнæй социалон фарстати хæццæ. Нæ зæрдæ уобæл дарæн, æма 2025 анзи нæ æфтуйæгтæ гъæуама исуонцæ 40 миллиард сомей бæрцæ. Фиццагкезуон уодзæнæнцæ нæ бæсти Президенти фæдзæхститæ, национ проекттæ æма паддзахадон программити фæлгæти республикæмæ федералон фæрæзнитæ цæмæй фулдæр цæуа, уобæл косун. Нæ республики алцидæр арæзт цæуй æма цæудзæнæй цæргути уодæнцойнæдзийнадæн.