21 ноября 2024

Бабочити Руслан

29.09.2020 | 18:36

ФÆНДОН

Æнæрæдуд лæг дуйнебæл
Некæд адтæй ’ма нæййес,
Бухсун гъæуй кæрæдземæн,
Гæдзи буни сойнæ ес.

Ку неке ни ’й æнæ азум,
Алли алцæмæй æнхæст, –
Кæрæдземæн бафæразæн,
Еу инней кæнæд æнхæст!

Ан не ’гас дæр фæйнæ хузти,
Еу мадæй игурд нæ й’ ан, –
Ес дзæбæхтæ ’ма лæгъузтæ,
Макæмæ си уæн хæран!

Ци адæм цæруй нæ хæццæ
Анхосгинæй, фудгинæй,
Æнæ уонæй æнæбæрцæ
Æнхæст цард кæнун зин æй…

Неци уайуй дзурди карзæй,
Фуди хуасæ ’й æрмæстдæр.
Æнæбари хъæбæр хуарз æй,
Еугур хуарз ци нæ ’й, е дæр…

* * *

Аци æмдзæвгæ уомæ гæсгæ мухур кæнæн, æма æ ниффинсæг, Цæгат Иристони адæмон поэт, Национ преми «Нарти фæткъу»-й лауреат БАБОЧИТИ Омарбийи фурт Русланæн абони æй æ райгурæн бон – æ дæс æма æртинсæй анзи æхердигæй фæцæнцæ. Уой фæдбæл ин зæрдиагæй арфитæ кæнгæй, нæ бон æй федарæй уотæ зæгъун дæр, æма æ еци æнзтæ сæ уотид бæрцæй нæ ’нцæ нимади, фал  цитгин æнцæ се ’мидзаг берæ агъазиау арфиаг гъуддæгутæй.

Нæ зæрдæ дин, Руслан, зæгъуй фиццагидæр федар æнæнездзийнадæ, устур амонд, зæрдрохс уо дæ кæстæрти ирисхъи хабæрттæй! Адæми фарнæй хайгин уо кæддæриддæр!..

Зæгъун гъæуй уой дæр, æма кæд еске æновуд æй газет «Дигорæ»-бæл, кæд еске зæрдиагæй архайуй æ хуарздзийнадæбæл, уæд сæ фиццæгтæй æй Бабочити Руслан. Æма си уомæй хъæбæр боз ан. Уогæ уой туххæй бæлвурддæр радзоруйнаг ан нæ газети хæстæгдæр номертæй еуеми.