БИЙНОНТИ АМОНДÆЙ ИРÆЗУЙ ФИДИБÆСТИ ФАРНÆ ДÆР!
Нæ бæсти Президент Владимир Путини унаффæй 2024 анз Уæрæсей Федераций нимад цæудзæнæй куд бийнонти Анз.
Еци унаффи ахсгиагдзийнадæ уомæй агъазиау æй, æма, куд нисангонд цæуй, уотемæй бийнонти цардиуагæ хузæнондæр æма адæмихæттити традицион хæзнадзийнæдтæ багъæуай кæнуни фæдбæл паддзахадон политикæ гъæуама никки парахатдæргонд æрцæуа. Нæ бæсти Хецауадæн ихæсгонд æрцудæй, цæмæй 27 декабри уæнгæ æнхæстæй арæзт æрцæуа организацион комитет æма бийнонти Анзи фæдбæл райаразуйнаг мадзæлттæ исбæлвурд кæнун. Нерæнгæ бал куд нисангонд æрцудæй, уотемæй еци оргкомитетæн разамунд дæтдзæнæй Хецауади Сæрдари хуæдæййевæг Татьянæ Голикова.
Регионти разамонгутæн ба ихæсгонд æрцудæй, цæмæй уæхæн оргкомитеттæ исаразонцæ сæхемæ дæр, уæдта иснисан кæнонцæ бæлвурд мадзæлттæ бийнонти Анзи фæдбæл.
Дзубанди дæр ибæл нæййес, æнæгъæнæ анзи дæргъи бийнонти хуарзæн мадзæлттæ арæзт ке цæудзæнæй, е. Уомæн æма бийнонти амондæй ирæзуй Фидибæсти фарнæ дæр.