26 декабря 2024

ДӔ ЦЪУХБӔЛ КУ НӔ ХУӔЦАЙ!..

13.08.2021 | 17:53

Иристони рагӕйдӕр федар ӕй еу фӕткӕ: кӕрӕдземӕн сӕ цардиуаги циуавӕрдӕр менеугутӕмӕ гӕсгӕ фӕсномугтӕ дӕттун. Цӕгат Иристони адӕмон финсӕг Даурати Дамир ба сӕбӕл сӕрмагондӕй документалон уацау дӕр ма бацӕттӕ кодта. Ӕма уой кӕронбӕттӕни уотӕ финсуй: «Мӕнмӕ гӕсгӕ, нӕ абони хецаудзийнади бӕрнон бунӕттӕ ахӕсгутӕ, сӕ разӕй ка ‘дтӕй, уонӕй берӕ зудӕдӕр ӕма фӕливддӕр ӕнцӕ, фулдӕр сӕхе мӕтӕ кӕнунцӕ, хъӕбӕрдӕр сӕхе пайдайӕн архайунцӕ. Уой адӕм уинунцӕ, сӕ цӕсти си беретӕн кадӕ нӕййес, ходунцӕ сӕбӕл, имисунцӕ син аллихузон фӕсномугтӕ.

Зӕгъӕн, нӕ уӕлдӕр хецауеуӕггӕнгутӕй еуемӕн равардтонцӕ мӕнӕ ауӕхӕн дуккаг ном – «Мӕн ӕй», гъома, мулкитӕй ӕ къохтӕ цӕмӕдӕр хъӕртуннцӕ, уони ӕхемӕ ӕнхуӕрсуй – ӕхе бакодта зӕнхити цалдӕр хаййи, цалдӕр фатери, цалдӕр агъазиау тукани… Хӕлӕф кӕнуй: айӕ дӕр мӕн ӕй, е дӕр мӕн ӕй… Инней хонунцӕ «Пусть подождет». Ескӕмӕ ӕхемӕ нисангонд рӕстӕгмӕ ку фӕдздзоридӕ, уӕд ӕ секретарӕн ба бафӕдзӕхсидӕ, афойнадӕбӕл ку фӕззинна, уӕддӕр «Пусть подождет…»


Нӕ абони цардарӕзти ахсгиаг гъуддӕгутӕ ке нӕ рӕвдзӕ кӕнунцӕ, ӕдзӕллагдзийнӕдтӕ си фулдӕрӕй-фулдӕр ке ‘ссӕнцӕ ӕма нӕ хъӕбӕр ке хъор кӕнунцӕ, е уой фуд ӕй, ӕма нӕмӕ паддзахадон бӕрнон бунӕтти уӕхӕн «Пусть подождет» ӕма «Мӕн ӕй»-тӕ ӕгӕр ке исахид ӕнцӕ…

Александр ПРОХАНОВ, финсӕг: «Ӕрӕги мин куд радзурдтонцӕ, уотемӕй еу урайлаг миллиардер байхуӕрста Петербурги сӕйраг стадион, цӕмӕй ӕ бийнойнаги хӕццӕ уоми, адӕмӕй си уонӕй уӕлдай куд некебал уа, уотемӕй агъазиау гъазӕн фӕзи ӕрӕвӕра, ӕ фингӕ ӕма уотемӕй исбӕрӕг кӕна ӕ райгурӕн бон…»

Ӕдзӕсгондӕр миуӕ ма фӕууиндӕй?!. Айдагъ уомӕй дӕр бӕрӕг ӕй: еугурадӕмон хӕзнатӕбӕл фӕххӕлӕф кӕнгӕй ка рабонгин ӕй, уони бӕлдӕ ӕй, цӕмӕй Уӕрӕсей уонӕй уӕлдай макебал уа ӕма ӕнӕгъигӕдардӕй сӕ мулкдзӕстӕ хабӕрттӕ кӕнонцӕ. Давуйнагӕй си ку нецибал уа, уӕдта, баруагӕс уи уӕд, уайтӕккӕдӕр фӕддунд уодзӕнӕнцӕ, сӕ давд мулкитӕ ци бӕстити ӕфснайунцӕ, уордӕмӕ.

Дмитрий ГУБЕРНИЕВ, спортивон комментатор, спортивон гимнастикӕй Уӕрӕсей силгоймӕгти еугонд команди фӕууӕлахези фӕдбӕл: «Ӕз официалон ӕгъдауӕй игъосун кӕнун Еугуруӕрӕсеуон прухи ( нури фӕсевӕдон загъд – амонд ӕма ӕнтӕст) бӕрӕгбон иснисан кӕнуни туххӕй…»

Гъо, зӕгъӕн, анзи бӕнттӕй еу, 27 июль (гимнасткитӕ кӕд фӕууӕлахезон ӕнцӕ) Уӕрӕсей официалон ӕгъдауӕй прухи Бонбӕл нимад ку ‘рцӕуа, уӕд анзи иннӕ 364 бони ба циуавӕртӕбӕл нимайдзинан? Ӕнамонд ӕма ӕнӕнтӕстдзийнади бӕнттӕбӕл? Уогӕ, нӕ абони цардиуаги ӕдзӕллагдзийнади фудӕй сӕ фулдӕр адӕм уӕхӕнттӕбӕл нимайунцӕ…

Светланӕ РАДИОНОВА, ӕрдзӕй пайдакӕнуйнади къабази цӕстдарди федералон служби разамонӕг: «Еугурӕй дӕр зонунцӕ десантникти загъд: «Махӕй уӕлдай, неке!..» Ӕма раст гъе уотӕ зӕгъӕн ес мах кусти туххӕй дӕр…»

– Бӕргӕ еци фӕткӕ ӕнӕмӕнгӕ ӕнхӕсткӕнуйнаг ку ‘суидӕ не ‘хсӕнади еугур къабӕзти архайгутӕн дӕр сӕ аллибониккон кусти, уӕд цӕйбӕрцӕ ӕнтӕстгиндӕр уиуонцӕ нӕ цардарӕзти еугур хабӕрттӕ дӕр. Фал, гъулӕггагӕн, еци загъд «Махӕй уӕлдай, неке!..» кадӕртӕ, уӕлдайдӕр ба еугурадӕмон есбойнадӕмӕ ке къохтӕ хъӕртунцӕ, уотӕ лӕдӕрунцӕ, гъома, уонӕй ӕма сӕ цӕуӕтӕй уӕлдай уотӕ хӕлӕф кӕнуни барӕ некӕмӕн ес. Фидибӕсти сӕрбӕлтау фескъуӕлхуни барӕ ба  хумӕтӕг фӕллойнӕгӕнгутӕ ӕма уони цӕуӕтӕн ӕнӕгъӕнӕйдӕр дӕттунцӕ.