«ЕЦИ ФУДБÆЛАХ ÆНОСТÆМÆ АСДЗÆГЪДДЗÆНÆЙ НÆ ЗÆРДИТИ…»
Уæрæсей Федераций Президент Владимир Путин геуæргибони бабæрæг кодта Беслæн. Æма балций рæстæги тæккæ фиццагидæр бацудæй, 2004 анзи сентябри райдайæни террористтæ аци сахари ци скъола æд скъоладзаутæ æма сæ ниййергути, уæдта сæ ахургæнгути хæццæ байахæстонцæ, уордæмæ. Еци фудбæлах æрцудæй инсæй анзей размæ – фудгæнгути къуар æртæ боней дæргъи сæ амæттæгти хузи уорæдтонцæ 1200 адæймаги: сувæллæнтти, ниййергути, ахургæнгути. «Изæдти сахар» ке хонæн æма æнæгъæнæ дуйней дæр зундгонд ка ’й, еци уæлмæрдти æвæрд æнцæ, террористон фидбилизæрцуди ка бацарæфтуд æй, етæ.
Еци уæлмæрдтæ бабæрæг кæнгæй, В. Путин деденгутæ байвардта, уоми сæ номбæл «Хъонци бæласæ», зæгъгæ, ци циртдзæвæн æвæрд ес, уобæл, уæдта амæнæти бахауæг адæм ервæзун кæнгæй, сæрмагонд æфсæддон операций архайгæй ка фæммард æй, еци æфсæддонти мемориалбæл дæр.
Владимир Путин «Хъонци бæласи» рази æ уæргутæбæл æрлæудтæй, æхебæл дзиуæрттæ бафтудта æма деденгутæ æрæвардта бронзæй арæзт циртдзæвæни рæбун.
Террористон фудбæлах 2004 анзи Беслæни ци фиццаг скъолай арæзт æрцудæй, уой В.Путин фиццаг хатт бабæрæг кодта еци анз азари тæккæ хуæдфæсте. Уæди террористон акти фæммард æй 334 адæймаги. Нуртæккæ скъолайæй исаразтонцæ мемориалон комплекс. Ахæст адæми фудгæнгутæ кæми дардтонцæ, еци спортивон зал байзадæй æ уæдиккон хузи. Уæрæсей Президент бацудæй уордæмæ медæмæ, хъонцгæнгæй фæккастæй, фæрстæбæл ци къартæ æвæрд ес, уонæмæ.
Рахесфарси райони Сæргълæууæг Фрати Сослан бæлвурдæй фæххабæрттæ кодта В.Путинæн, уæди цаути туххæй, уæдта нæ дзиллæ абони дæр ке нæ иронх кæнунцæ, еци лæгмарти къохæй ка фæммард æй, уони фæййервæзун кæнунбæл æ цард ка равардта, еци ахургæнгутæ æма афицерти туххæй. Ами дæр В.Путин деденгутæ байвардта, азгъунсти астæу гъæдæй конд дзиуари хузæн, ци циртдзæвæнгонд æвæрд æй, уой рæбун, уæдта æхебæл дзиуарæ бафтаугæй, исасугъта мудадзин цирагъ.
Аци анз сентябри инсæй анзи исæнхæст уодзæнæй еци фидбилизæрцудбæл. Сахар еунæг усмæ дæр нæ иронх кæнуй зингхуст адæми рохс нæмттæ. Фал цард цард æй æма, кæд хъæбæр æгæрон зин æй еци æверхъаудзийнадæ феронх кæнун, уæддæр цардæгæсти ба цæрун гъæуй, цæмæй уонцæ рохсаггæгти ка имисдзæнæй, æма син сæ рохс нæмттæ æностæмæ ка цитгин кæндзæнæй, уæхæн цардгъон фæлтæртæ. Цард гъæуама идарддæр ирæза… Æма ’й уинæн – ирæзунцæ нæуæг фæлтæртæ, уонæн арæзт цæуй нæуæг ахурадон уагæдæнттæ, цæмæй сæ ирисхъæ амондгундæр уа, уомæн аллихузон зæрдæмæдзæугæ равгитæ. В.Путин бабæрæг кодта, 2022 анзи Беслæни ци нæуæг ахурадон центр «Альтаир» байгон æй, еци комплекс дæр. Ами ес аллихузон къуæртти архайунæн фадуæттæ зæрдæргъæвд кæстæртæн, инженерон-техникон, наукон æма аййевадон кружоктæ. Проектмæ гæсгæ ами арæзт æрцудæнцæ æригон техниктæ æма æрдзæртасæг станцитæ, лабораторитæ, медицинон пункт æма буфеттæ.
СЕРГЕЙ МЕНЯЙЛО, ЦÆГАТ ИРИСТОНИ СÆРГЪЛÆУУÆГ:
– Уæрæсей Президент Владимир Путин Цæгат Иристон ке бабæрæг кодта, е берæ цæбæлдæрти дзорæг æй. Фиццагидæр, е уой æвдесæн æй, æма цæйбæрцæбæл устур æргом æздахуй зæрдрист Беслæнмæ, уæдта æнæгъæнæй нæ республикæмæ дæр. Иронхуати нæ изайунцæ, 2004 анзи сентябри Беслæни ци æверхъаудзийнадæ ’рцудæй, е, æма уой фæстеугути хæццæ баст фарстатæ.
Инсæй анзи рацудæй уæдæй абони уæнгæ, фал нерæнгæ дæр ма сæ кæстæртæ уæди бæлахи кæмæн бастъалдæнцæ, еци ниййергути зæрдити гъæдгинтæ нæма бадзæбæх æнцæ. Еци цаутæ цæмæй адæмæй макæддæр феронх уонцæ, е æй В.Путини куд нæ бæсти Сæргълæууæг, айдагъ уотæ нæ, фал куд Адæймаг, уотæ дæр æ зæрдиаг фæндæ. Еугур мадзæлттæй дæр архайуй, цæмæй еци уæззау зинтæ ка бавзурста, уони уодти рист фенцондæр уа, уобæл.
– Е ’рбацуди сæр дæр е адтæй. Нæхе цæститæй фæууидтан, В.Путин «Хъонци бæласи» рази æ уæргутæбæл куд æрлæудтæй, еци нивтæ. Етæ æнæгъæнæ дуйнебæл дæр рапарахат æнцæ. Мæхуæдæг æвдесæн дæн, куд зæрдтагонæй æма кæдзос цæсгонæй дзубанди кодта комитет «Беслæни мадтæлтæ»-йи иуонгти хæццæ, уомæн дæр.
* * *
Уой фæсте В.Путин фембалдæй, террористон акти рæстæг сæ сувæллæнттæ кæмæн бастъалдæнцæ, еци ниййергути ассоциаци «Беслæни мадтæлтæ»-йи иуонгти хæццæ, зæрдристæй син рахъонц кодта.
– Еци фидбилизæрцуд уæрæсейæгти зæрдити, æнæмæнгæ, байзайдзæнæй, байгасгæнæн кæмæн нæййес, уæхæн ресагæ гъæнтæй Уæрæсей историон имисæни, – загъта Уæрæсей Президент. – Сумахæн ба еци фудракæнди æгæрон уæззаудæр бæлах кæбæл æрцудæй, адæймагæн царди тæккæ хъазардæр ци ес, е æй бæдолæ æма етæ кæмæн бастъалдæнцæ, уонæн е цæргæ-цæрæнбæнтти дæр тогдзудæй æнæисусгæ цæф æй.
– Беслæнмæ ци террористтæ ’рбалæбурдтонцæ, етæ политикон, финансон æма тугъдон агъаз истонцæ фæсарæнтæй, – загъта Президент. – Уони адæм исхонæн дæр нæййес, уомæн æма адæймагмæ е ’рдзон искондæй ци хуæрзуоди конди менеугутæ ес, уонæй сæмæ æгириддæр неци ес. Ес сæмæ айдагъдæр сæхецæн пайдахæссæг монцтæ. Уомæн бæлвурд æвдесæн æнцæ нуртæккæ дуйней, уæлдайдæр ба нæ фидибæсти алфамбулай ци цаутæ цæунцæ, етæ дæр.
Уобæл дзорæг æнцæ Донбасси, Курский облæсти не ’знæгтæ ци фудмиутæ аразунцæ адæмæн, етæ дæр. Фал сæ мах, æнæмæнгæ, раргом кæндзинан æма барæ-æнæбари дæр гъæугæ дзуапп ратдзæнæнцæ сæ еци миути туххæй. Е æгириддæр секкаг макæмæ кæсæд.
* * *
Уæрæсей Федераций Президент Владимир Путинæн æма Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйлойæн хецæнæй ци фембæлд адтæй, уоми æрдзубанди кодтонцæ нæ республики социалон-экономикон уавæри æма æ идарддæри æнтæстгиндæр райрæзти хæццæ баст фарстатæбæл.
Фембæлди рæстæг Владимир Путин Сергей Меняйлойæн бафæдзахста Беслæни террористон фудбæлахи фæдбæл арæзт уголовон гъуддаги фæдæвзарæнмæ иудадзуг æ цæстæ дарун.
– Æма уголовон гъуддаг куд æвзурст цæуй, уой, æнæмæнгæ, исбæлвурд кæнетæ. Абони мæ хæццæ æмдзубандигæнгутæ ци дзурдтонцæ, уомæ дæр уæ гъос æрдаретæ, цæмæй æз прокуратурæ æма Слестгæнæн комитетæн гъæугæ амундтитæ раттон, – фæббæлвурд кодта Уæрæсей Федераций Президент.
Уæхæн фæдзæхст Владимир Путин искодта, террористон фудбæлæхти амæттæгти Ассоциаци «Беслæни мадтæлтæ»-йи минæвæртти хæццæ фембæлди фæсте.
Паддзахади Сæргълæууæг ма бафарста Цæгат Иристони рæвдауæндæнтти бундорон райарæзти программæ куд æнхæстгонд цæуй, уомæй.
– Программæ æ гæнæнтæ æма равгитæмæ гæсгæ гъæугæ хузи æнхæст кæнæн, – адтæй Сергей Меняйлой дзуапп. – Раздæр ма дин æй фегъосун кодтон, скъолатæ бундоронæй исцалцæг кæнунæн Уæрæсей регионтæй фулдæр фæрæзнитæ дехгонд кæмæн æрцудæй, уони хигъди мах ан фæндзæймаг бунати. Нуртæккæ курдиæттæ цæттæ кæнæн, цалцæг гъæуагæ ка ’й, еци рæвдауæндæнтти туххæй. Нуриуæнгæ бал балæвардтан еуæндæс æма дууинсæй рæвдауæндони цалцæги туххæй курдиæттæ. Нæ еугур курдиæттæ дæр ист æрцудæнцæ, Уæрæсей рохсади министрадæ æма федералон æнхæстгæнæг иннæ оргæнти хæццæ дæр нæ кæрæдзей лæдæрæн, не ’хсæн ес æмгустадæ. Нуртæккæ нæ курдиæттæмæ еумæйагæй каст цæуй.