«ФÆНДУЙ МÆ, ЦÆМÆЙ АЛЛИ БИЙНОНТÆ ДÆР ЗÆРДРОХС УОНЦÆ АМОНД ÆМА ФАРНÆЙ!..»
Уæрæсей Бони фæдбæл Цæгат Иристони дзиллæн зæрдиагæй райарфæ кодта нæ республики Сæргълæууæг. Æ арфи нистауæни уотæ зæгъуй:
– Махæй нæ алкæмæн дæр Уæрæсе тæккæ фиццагидæр æй, кæми цæрæн, косæн, сабийтæ кæми гъомбæл кæнæн, еци гъæу, район, сахар, республикæ. Фал еци-еу рæстæг ба ан еу агъазиау æма недзамантæй ардæмæ намусгин бæсти цæргутæ. Уарзæн нæ Фидибæстæ, сæрустур ан æ евгъуд дессаги анзфинстæй, уодварни хъаурæй, е ’нæкæрон æма берæвæрсуг æрдзон хæзнатæй.
Уæрæсе æ базури буни æрбайеу кодта берæ адæмихæттитæ – сæ аллихузон динти, сæ культури, сæ историй хæццæ. Æма нæ еци аллихузондзийнади æй нæ хъаурæ. Нæ уодиконди федардзийнадæ æма нæ адæми еудзийнади фæрци нæ Фидибæстæ цал æма цал хатти ервæзт уидæ аллихузон зин фæлварæнти рæстæг. Уотæ адтæй æма, федарæй ми æруагæс кæнуй, уотæ уодзæнæй идарддæр дæр!..
Цæгат Иристон дæр куд Уæрæсей æнæфæххецæнгæнгæ хай, уотæ разæнгардæй архайуй нæ Фидибæсти социалон-политикон æма экономикон хабæртти, æ аккаг æвæрæн хæссуй паддзахади ирæзт æма федардзийнадæмæ.
Нуртæккæ нæ размæ лæуунцæ вазуггин ихæстæ, æма сæ æнæмæнгæ ке исæнхæст кæндзинан æмтухæ, æмзундæй, е ми федарæй æруагæс кæнуй.
Нæ республики цæргутæн мæ зæрдæ зæгъуй, цæмæй уонцæ æнæнез, зæрдрохс, нифсгунæй кæсонцæ сæ исонибонмæ, цæмæй алке хæдзарæ дæр уа гъар æма рохс, алли бийнонти дæр уа – амонд æма фарнæ!
Бæрæгбони хуарзæнхæ уæ уæд, мæ хъазар æмзæнхонтæ!