РАЙАРАЗУЙНАГ ГЪУДДАГ ГЪÆУАМА АФОЙНАДÆБÆЛ ÆНХÆСТГОНД ЦÆУА…
Цæгат Иристони Хецауади Сæрдар ДЗАНАЙТИ Барис ци æмбурд исаразта, уоми æркастæнцæ 2022 анзи фиццаг æмбеси нæ республики социалон-экономикон ирæзти хатдзæгтæмæ. Дзубанди си цудæй, «Уæрæсейаг бийнонтæн цæрæнуæттæ», зæгъгæ, программæн уæлæнхасæн агъаз бакæнуни, седзæр сувæллæнттæн фатертæ раттуни, социалон политики, ахуради, спорти, транспортон инфраструктури æма æндæр къабæзти хæццæ баст фарстатæбæл.
Экономикон ирæзти министр Кучити
Заур куд радзурдта, уотемæй республики социалон-экономикон ирæзти макробæрæггæнæнтæ зæрдæмæдзæугæ рауадæнцæ. Экономикон архайди еугур хузти промышленнон кустуæтти индекс рауадæй 110 проценти. Цæрæнуæтти арæзтадæ фари хæццæ рабаргæй 18 проценти фулдæр фæцæй – арæзт æрцудæй 185,9 мин квадратон метри. Гъæууонхæдзарадон продукций рауагъдадæ 2,5 проценти фулдæр фæцæй, исхизтæй 5 миллиард æма 822 миллион сомей уæнгæ. Еугур финансон игурæнтæй экономикон æма социалон къабазæмæ инвестицитæ æрбафтудæй 8 миллиард соми.
Дзанайти Барис куд фæббæрæг кодта, уотемæй гъæуама экономики райрæзт идарддæр дæр гъæуайгонд цæуа:
– Мах ци экономикон ирæзт уинæн, е æвдесуй нæ исонибони хуæздæри уавæр. Уобæл æнæгъæнæй косуй хецауадæ дæр. Нæ еугур хъауритæ дæр дæтдзинан паддзахадон программитæ æма национ проекттæ гъæугæ хузи æнхæст кæнунæн. Ес федералон æма регионалон агъази мадзæлттæ. Уони фæрци нæ адæми фæрнугадæ фулдæр кæндзæнæй.
Паддзахадон есбонадæ æма зæнхи рахастдзийнæдти министр Тедети Руслан куд загъта, уотемæй Æрæдони спортивон комплекс гъæуама раттонцæ райони есбонадæмæ. Хецауади Сæрдари дзубандимæ гæсгæ, еци комплекс адæмæн хъæбæр ахсгиаг æй, уæдта еугур республикæн дæр æхцæуæн æй æ исарæзт. Еугур фадуæттæ дæр си ес, цæмæй сувæллæнттæ сæ рæстæг пайдайæй æрветонцæ.
Министрти кабинет исфедар кодта, программæ «Уæрæсейаг бийнонтæн цæрæнуæттæ»-мæ гæсгæ нисангонд субсидитæ ка райсдзæнæй, уони хигъдтæ. Ес си фараст адæймаги, кæцитæн ес субсиди райсуни барæ. Хецауади Сæрдар куд фæббæрæг кодта, уотемæй субсиди райсун уæлæнхасæн агъаз æй. Уой фæрци се ‘фстæуттæ бафеддзæнæнцæ.
– Программæн æ ахедундзийнадæ бæрзонд æй, нуриуæнгæ си архайдтонцæ 300 адæймагемæй фулдæр. Гъæуама нæ равналæнтæй парахаттæй пайда кæнæн…
Исфедар ма кодтонцæ «Фæндагон æзмæлд аразуни Центр» искæнуни унаффæ. Транспорт æма фæндагон инфраструктури Комитети сæрдар Солити Тариэл куд радзурдта, уотемæй гъæуама устур уæзæгтæ ласæг транспортæн уæлæнхасæн пункттæ исæвæронцæ «Дзæуæгигъæу-Æрæдон-Чикола-Лескен»-и нæдтæбæл. Дзанайти Барис куд фæббæрæг кодта, уотемæй уæлæнхасæн пункт исаразуни хъæппæрес ахсгиаг æй – уой фæрци нури зиндзийнæдтæ æма гъигæдарæнтæ еуварсгонд æрцæудзæнæнцæ.. Хъæппæрес ба рацудæй республики Сæргълæууæгæй.
Бæлвурд дзубанди рацудæй Мæздæги æма Кирови районти седзæр æма, ниййергути уозæлдæй ка фенæхай æй, еци сувæллæнттæн фатертæ балхæнуни фарстай фæдбæл. Куд баунаффæ кодтонцæ, уотемæй еци барæвдауйнаг сувæллæнттæн цæрæнуæттæ гъæуама афойнадæбæл лæвæрд æрцæуа.
Республикæ Цæгат Иристон-Аланий
æма Хецауади пресс-службæ