26 декабря 2024

«Ӕз фӕууидтон мӕхе цӕститӕй…»

05.04.2022 | 11:02

Гулути Анрейи цард гъӕздуг адтӕй берӕ агъазиау цаутӕ ӕма хабӕрттӕй. Ӕма етӕ куд нӕ фӕббӕрӕг адтайуонцӕ ӕ исфӕлдистади – куд ӕ аййевадон уадзимисти, уотӕ ӕ публицистики дӕр. Устур зонадон хӕзнадонӕ нин абони дӕр ӕнцӕ, е нӕ финсгутӕй берети туххӕй ци очерктӕ ниффинста, етӕ. Кӕд асӕй цубургомау ӕнцӕ, уӕддӕр, ци ӕрмӕг си ес, е ба ӕй ӕгӕрон ахсгиаг. Етӕ ин, «Мӕ мысинӕгтӕй», зӕгъгӕ, сӕргонди хӕццӕ хецӕн киунугӕй дӕр рацудӕнцӕ. Литературон очерктӕй уӕлдай ма си ес, Гулуй-фурт ӕ рӕстӕги ӕхуӕдӕг ӕвдесӕн кӕмӕн адтӕй, нӕ Фидибӕсти еци ахсгиаг ӕхсӕнадон-политикон цаути туххӕй ӕрмӕгутӕ дӕр. Уонӕй еу абони мах дӕр мухур кӕнӕн.

Феврали революций агъоммӕ, 1917 анзи, ӕз цардтӕн Мӕскуй, ахур кодтон Коммерцион институти экономикон хайади. Ӕригон ма адтӕн, цудӕй мӕбӕл 24 анзи. Мӕнмӕ, Кавказӕй Мӕскумӕ ӕрцӕуӕг адӕймагмӕ, хъӕбӕр устур фӕккастӕй Мӕску ӕма, десгӕнгӕй, зилдтӕн сахари устур гъӕунгти, кастӕн уӕллагдзаумауӕй арӕзт мӕскуйаг цӕргутӕмӕ, кастӕн берӕуӕладзугон хӕдзӕрттӕмӕ, бульвартӕмӕ, фӕзтӕмӕ, циртдзӕвӕнтӕмӕ… Сӕумӕй сауӕнгӕ ӕнафӕнттӕмӕ адӕм, дзубандигӕнгӕй, ӕмӕзмӕлд кодтонцӕ гъӕунгти ӕма фӕзти.

Институти ахур кодтон зӕрдиагӕй, цудтӕн лекцитӕмӕ ӕма игъустон профессортӕмӕ. Институти еумӕ ахур кодтонцӕ биццеутӕ ӕма кизгуттӕ. Етӕ адтӕнцӕ ӕригон, цардгъон ӕма игъӕлдзӕг адӕм. Лекцити фӕсте аудиторитӕй рацӕуиуонцӕ ӕма институти зали дзубанди кодтонцӕ сӕ кӕрӕдзей хӕццӕ. Сӕ дзубандий сӕр фулдӕр уидӕ профессорти лекцити туххӕй. Дзурдтонцӕ империалистон тугъди туххӕй дӕр, – тугъд куд ӕгъатирӕй цӕгъдуй адӕми ӕма сӕ куд ӕркодта мӕгурдзийнадӕмӕ, уобӕл. Студенттӕ хуарз цӕстӕй кастӕнцӕ сӕ кӕрӕдземӕ, уарзтонцӕ кӕрӕдзей. Зонгӕ ке хӕццӕ нӕ адтайсӕ, уӕхӕн студент дӕр дӕмӕ ӕрбацудайдӕ ӕма дӕ рагон зонги хузӕн дӕ хӕццӕ дзубанди кӕнун райдайидӕ. Студенттӕ сӕ кӕрӕдзей худтонцӕ «ӕмбал», зӕгъгӕ. Е мӕмӕ хъӕбӕр хуарз кастӕй. «Ӕмбал», зӕгъгӕ, еци кӕдзос дзурд, зӕрдӕн лӕвардта циуавӕрдӕр ӕхцӕуӕндзийнадӕ, адтӕй ӕцӕг ӕмбали нисан.

Гулути Андрей (фæстаг рæнгъи рахесæрдигæй фиццаг) Иристони финсгути хæццæ.

Материалон ӕгъдауӕй цубуркъох ке адтӕн ӕма уотемӕй мӕ бон Мӕскуй фӕццӕрун ке нӕ адтӕй, уомӕ гӕсгӕ гъудитӕ кодтон, ахургӕнгӕй, мӕхе цӕмӕй фӕддарон, уобӕл. Уӕд исӕмбалдтӕн ме ’мбал студентбӕл, Ӕрӕдони семинари мӕ хӕццӕ ка ахур кодта, уӕхӕнбӕл. Е мин куд радзурдта, уотемӕй косуй сахари Управӕ «Артаги сӕрмагонд унаффӕдони» (Осовтоп), уой хӕццӕ ба ма ӕй студентти организаций правлений иуонг. Ӕма мин загъта:

– Кӕд дӕ фӕндуй, уӕд курдиадӕ ниффинсӕ ӕма дин ести бунат ратдзинан.

Ӕз балӕвардтон курдиадӕ ӕма еу-дӕс боней фӕсте райстон гӕгъӕди студентти организацийӕй, райстан дӕ согӕвӕрӕни контролери бунатмӕ, зӕгъгӕ, си финст, уотемӕй. Фӕццийнӕ кодтон. Загътон мӕхецӕн: нур мин ахур кӕнунӕн ес фадуат. Зӕгъун гъӕуй уой дӕр, ӕма еци рӕстӕги Мӕскуй алли фӕзи дӕр согӕвӕрӕнтӕ адтӕй. Еци согӕвӕрӕнтӕй сахари мӕгурдӕр цӕргутӕн фаст сог пудгайӕй уӕйӕ кодтонцӕ.

Скълади косгутӕ сӕ еугурдӕр адтӕнцӕ студенттӕ ӕма курсисткитӕ. Мӕн согӕвӕрӕнмӕ цӕун багъӕуидӕ сахари кӕронмӕ. Зумӕги исистинӕ ӕхсӕвӕ 3-4 сахаттебӕл, ӕма кӕми трамвайи, кӕми ба фестӕгӕй рацӕуинӕ, сахари кӕрони фонсӕвгӕрдӕни рази ци согӕвӕрӕн адтӕй, уордӕмӕ. Уоми мин мӕ барӕ бакӕниуонцӕ еу дӕс-инсӕй уӕрдуни согамадӕй, сӕ бӕхтӕргутӕ дӕр сӕ хӕццӕ, уотемӕй. Исбадинӕ согӕвӕрӕнтӕбӕл ӕма Мӕскуй гъӕунгтӕбӕл, уазали, исхъӕртун кӕнинӕ еци согтӕ Тагани, кенӕ Серпухови фӕзти скълӕдтӕмӕ. Уотӕ исуазал уинӕ тӕнӕг пъӕлитой, фуражкӕ ӕма штиблетти, ӕма мӕ цӕсгон, мӕ къохтӕ ӕма мӕ къӕхтӕ нецибал лӕдӕриуонцӕ фуруазалӕй. Соги уӕрдунтӕ раттинӕ скълади хецаумӕ – студентмӕ, бацуминӕ уоми гъар цай, уӕдта ранӕхстӕр уинӕ мӕ цӕрӕнбунатмӕ. (Цардтӕн, Данилай моладзанон кӕми худтонцӕ, уомӕ хӕстӕг, еу минкъий гъӕунги, ӕфсӕнвӕндаги ка куста, уӕхӕн фӕлмӕнзӕрдӕ зӕронд лӕги фатери, еу минкъий уати). Мӕ фӕллад ку исуадзинӕ, уӕдта изӕрӕй рандӕуинӕ институтмӕ ӕма игъустон лекцитӕмӕ. Уотӕ евгъудӕнцӕ мӕ ахури бӕнттӕ.

Уӕди дзамани студентти цард нури советон студентти царди хӕццӕ ку рабарӕн, уӕд мӕхецӕн фӕззӕгъун: куд идард лӕуунцӕ кӕрӕдземӕ уӕди студент ӕма советон студенти цард. Зин адтӕй ахур кӕнун зӕронд дзамани студенттӕн, уӕлдайдӕр ба мӕгур цард ка кодта, уонӕн. Уӕхӕнттӕ ба, ӕз ци студденттӕ зудтон, уонӕн сӕ фулдӕр адтӕнцӕ. Етӕ цудӕнцӕ зӕронд уӕледарӕси, дардтонцӕ фуражкитӕ, скъудтӕ пъӕлитотӕ ӕма тужуркитӕ. Хуӕргӕ дӕр сӕ фагӕ нӕ кодтонцӕ. Уӕхӕн студентти гъудӕй ести амалӕй ӕхца бакосун, цӕмӕй цӕрунгъон уонцӕ ӕмӕ ӕнӕ къулумпийӕй ахур кӕнун фӕразонцӕ, уой туххӕй. Уотемӕй сӕ ахур ба къулумпи кодта. Фал уӕддӕр, мӕгурдзийнадӕ ӕвзаргӕй, фӕразтонцӕ ахур кӕнун, цудӕнцӕ размӕ, рохсмӕ.

Куд ма гъуди кӕнун, уотемӕй 1916 анзи кӕрони, кенӕ 1917 анзи, феврали революций хуӕдразмӕ, ӕз ниммухур кодтон мӕскуйаг студентти журнал «Вестник студенчества», зӕгъгӕ, уоми ме ’мдзӕвгӕ «Явись, певец!»

Е уотӕ адтӕй: ӕз цудтӕн Моховая ке худтонцӕ, еци гъӕунгӕбӕл. Уоми университетмӕ хӕстӕг фӕууидтон «Вестник студенчества»-йи редакций азгъунст ӕма бацудтӕн уордӕмӕ. Бадзубанди кодтон редактори хӕццӕ. Е адтӕй ӕригон адӕймаг, ӕвӕдзи, студент. Редактор бакастӕй ме ’мдзӕвгӕ, ӕ зӕрдӕмӕ фӕццудӕй. Загъта мин:

– Ниммухур ӕй кӕндзинан…

Уӕдта ма ӕ дзурдтӕбӕл бафтудта:

– Ӕрбахӕссӕ дӕ иннӕ ӕмдзӕвгитӕ дӕр ӕма кӕд, ци ӕмдзӕвгӕ ӕрбахастай, уой хузӕн дзӕбӕх финст уонцӕ, уӕд сӕ ниммухур кӕндзинан…

Ме ’мдзӕвгӕ «Явись, певец!» тагъд рацудӕй мухури журнали. Ӕмдзӕвги адтӕй уӕхӕн рӕнгъитӕ:

 

Нам сила не дана призывная певца,

Бессильны выразить мы стон страны

родимой…

Скорей же прозвучи в тоске невыразимой,

Зови на скорбный стон страны своей

любимой,

Труба гремящая народного бойца!..

 

Бонӕй-бонмӕ уӕззаудӕр кодта бӕсти уавӕр. Е бӕрӕг адтӕй алцӕмӕй дӕр. Фиццагидӕр – нӕ фагӕ кодтонцӕ хуайраги продукттӕ: дзол, царв, фид ӕма ӕндӕртӕ. Еци продукттӕбӕл цӕмӕй фӕххуӕст адтайуонцӕ сахари цӕргутӕ, уой туххӕй сӕ гъудӕй берӕ рауӕнти лӕуун тукӕнтти, хатгай ба сӕ къохи дӕр неци бафтуидӕ, уотемӕй фӕллӕууиуонцӕ.

Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, адӕм лӕдӕрдтӕнцӕ, уӕхӕн уӕззау уавӕрмӕ сӕ паддзахи хецауадӕ ӕма империалистон тугъд ке ӕртардта, уой ӕма арази нӕ адтӕнцӕ паддзахи хецауадӕй, капиталисттӕй-тугъдӕндзаргутӕй.

Гъуди ма кӕнун: Коммерцион институти устурдӕр аудиторий – Марки аудитори ӕй худтонцӕ – студенттӕ гӕлстонцӕ хӕлттӕ, ӕфсадмӕ кӕмӕн цӕугӕ ӕй, уой туххӕй. Студенттӕ хӕлттӕ ку истонцӕ, уӕд аудиторий хецӕн стъоли размӕ бадтӕнцӕ еу хестӕр афицер ӕма институти директор, рацӕргӕ профессор Новгородцев. Студенттӕн сӕ зӕрдӕмӕ нӕ цудӕй, ӕфсӕддон службӕмӕ, тогкалӕн тугъдмӕ сӕ ке кӕнунцӕ, е ӕма райдӕдтонцӕ хӕлхъой кӕнун, гъӕр кодтонцӕ: «Долой войну!» Институти директор ниффӕлорс ӕй, исистадӕй ӕ къелайӕй ӕма загъта:

– Господа, не забывайте, что вы находитесь в стенах высшего учебного заведения!..

Уӕд еу студент нигъгъӕр ласта:

– Дӕуӕй ба иронх ма уӕд, ду чиновник ке нӕ дӕ, фал профессор ке дӕ, е!…

Студенттӕ уӕддӕр не ’нцадӕнцӕ ӕма гъӕр кодтонцӕ: «Долой войну!»

Феврали революций хуӕдразмӕ мах, студенттӕ ӕма курсисткитӕ, ниххуӕстан кӕрӕдзей къохтӕбӕл ӕма рӕнгъӕгай, «Марсельезӕ» ӕма революцион ӕндӕр зартӕ кӕнгӕй, институтӕй рандӕ ан Думи азгъунсти размӕ, уоми ӕрӕмбурд ӕй хъӕбӕр берӕ адӕм ӕма агурдтонцӕ сардари Думӕй, цӕмӕй син сӕ домӕнтӕ исӕнхӕст кӕнонцӕ. Адтӕй изӕр. Куд дзурдтонцӕ, уотемӕй уоми цӕттӕй лӕудтӕнцӕ бӕхгин городовойтӕ. Тӕссаг адтӕй, уоми ка ӕрӕмбурд ӕй, уони ӕхсун ку байдайуонцӕ, уомӕй. Фал демонстраци райевгъудӕй ӕнӕ зианӕй.

Феврали революци ку фӕууӕлахез ӕй Мӕскуй, уӕд, гъуди ма ‘й кӕнун, газет «Русское слово» рацудӕй уӕхӕн устур сӕргонди хӕццӕ – «Падение старой власти». Адӕм, цийнӕгӕнгӕй, кастӕнцӕ газеттӕ ӕма арфитӕ кодтонцӕ кӕрӕдземӕн, паддзах ӕ бунатӕй гӕлст ке ‘рцудӕй, уой туххӕй.

Мах, студенттӕ, берӕ адӕми хӕццӕ революцион зартӕ кӕнгӕй, рандӕ ан Александрон къазармити размӕ, цӕмӕй ракорӕн юнкертӕ ӕма сӕ афицертӕй революций фарс ӕрлӕууни барӕ.

Ку бахъӕрдтан къазармитӕмӕ, уӕд адӕм фӕдздзурдтонцӕ прапорщикти скъолай хецаумӕ. Е рацудӕй ӕндӕмӕ, ислӕудтӕй дуармӕ ӕма бацӕуӕн исӕхгӕдта.

Адӕм курдтонцӕ, цӕмӕй юнкертӕ рацӕуонцӕ скъолайӕй, сӕ хӕццӕ цӕуонцӕ Сурх фӕзӕмӕ ӕма зӕгъонцӕ сӕ арфи дзурдтӕ революцийӕн. Фал скъолай хецау загъта:

– Нуртӕккӕ цӕуй тугъд ӕма мах ӕфсӕддон гъуддагбӕл ахур кӕнӕн нӕхе, ниууадзетӕ нӕ!..

Уӕд адӕм исгъӕртӕ кодтонцӕ: «Долой его!» ӕма ‘й еуварс рагӕлстонцӕ. Еу студент исуадӕй къӕпхӕнтӕбӕл, юнкерти хӕццӕ бадзубанди кӕнон, зӕгъгӕ. Фал ӕй уоми еу афицер рамардта. (Иннӕ бон еци студенти байвардтонцӕ устур кади хӕццӕ. Газеттӕ «Русское слово», «Раннее утро» ӕма ӕндӕртӕ агурдтонцӕ, цӕмӕй ӕ рамарӕг карз ӕфхуӕрд ӕрцӕуа).

Еци рӕстӕги юнкертӕ къӕрӕзгитӕй гъӕунгӕмӕ кастӕнцӕ. Афицертӕ сӕбӕл дуӕрттӕ, ӕвӕдзи, исӕхгӕдтонцӕ ӕма сӕ ӕндӕмӕ рацӕун нӕ уагътонцӕ. Уалинмӕ юнкертӕ ӕд топпитӕ рагӕппитӕ кодтонцӕ гъӕунгӕмӕ ӕма рӕнгъгай ислӕудтӕнцӕ, ӕригон прапорщик дӕр сӕ хӕццӕ, уотемӕй. Прапорщик ӕ сӕрбӕл арфдӕр ӕркодта ӕ уӕлдзарм цъӕх ходӕ ӕма равардта бардзурд:

– На плечо! Шагом марш!..

Ӕма юнкертӕ, революцион зартӕ кӕнгӕй, рандӕнцӕ адӕми хӕццӕ Сурх фӕзӕмӕ – революцибӕл цийнӕ кӕнунмӕ.

Сурх фӕзи адтӕй хъӕбӕр берӕ адӕм, се ‘хсӕн берӕ ӕфсӕддонтӕ дӕр, уотемӕй. Адӕм цийнӕ кодтонцӕ, революци ке фӕууӕлахез ӕй ӕма паддзах ӕ хъозонти хӕццӕ ӕ бунатӕй гӕлст ке ‘рцудӕй, уой фӕдбӕл. Адӕми еци цийнӕдзийнадӕ рахаста идарддӕр дӕр, цийнӕ кодтонцӕ революций фӕууӕлахезбӕл. Трамвайи цӕугӕй уӕхӕн студентти кенӕ чиновникти ку фӕууиниуонцӕ, паддзахи коронитӕ ма ка хаста ӕ уӕледарӕсбӕл, уӕд син сӕ рафтауиуонцӕ ӕма сӕ, ходгӕй, гӕлстонцӕ трамвайӕй гъӕунгӕмӕ.

Устур Октябри социалистон революций хуӕдразмӕ бӕрӕг адтӕй, адӕм Мӕскуй ӕнцад ке нӕ адтӕнцӕ, е. Ӕмбурдтӕ кодтонцӕ сахари фӕзти ӕма ӕргомӕй дзурдтонцӕ, Рӕстӕгмӕ хецауадӕ хуарзӕй ке неци равардта адӕмӕн ӕма ма тугъд исцирен кӕнунбӕл ке архайуй. Уӕхӕн митинг адтӕй Серпухови фӕзи дӕр. Ӕз мӕхуӕдӕг дӕр адтӕн уоми ӕма мӕхе цӕститӕй фӕууидтон ӕма фегъустон, куд дзурдтонцӕ: «Долой Временное правительство!..»

Уӕхӕн митинг адтӕй Коммерцион институти дӕр. Студенттӕ фӕкъкъуӕрттӕ ‘нцӕ, – еуетӕ дзурдтонцӕ большевикти фарс, иннетӕ – Рӕстӕгмӕ хецауади фарс. Еци митинги дзурдтонцӕ профессортӕ дӕр. Ци гъуди кӕнун, уотемӕй еу профессор (ӕ муггаг ми феронх ӕй) дзурдта, зӕгъгӕ, адӕм уотӕ ку зӕгъонцӕ, зӕронд дзамани хуӕздӕр цард адтӕй, уӕд революцийӕн е ’сӕфт ӕрцӕудзӕнӕй ӕма уомӕ гӕсгӕ революций уагӕвӕрд ихалун нӕ гъӕуй.

Гъуди кӕнун (е дӕр адтӕй Серпухови фӕзи) еу минкъий биццеу уӕйӕ кодта газет «Правда». Уӕд имӕ бацудӕй еу кӕсӕнцӕститӕгин интеллигент ӕма ин байста ӕ газеттӕ, ма сӕ уӕйӕ кӕнӕ, зӕгъгӕ. Биццеу никкудтӕй ӕма загъта:

– Цӕмӕн мин байстай мӕ газеттӕ, цӕмӕннӕ мӕ уадзис уӕйӕ кӕнун?..

Интеллигент ин равардта ӕхца еуцӕйдӕрбӕрцӕдӕр, цӕмӕй кӕугӕ мабал кӕна, фал биццеу уӕддӕр ӕ кӕунӕй нӕ банцадӕй.

Мӕ фатери размӕ цардӕй, тугъдӕй ка исӕздахтӕй, еу уӕхӕн ӕфсӕддон. Хусгӕ сӕйгӕ ке адтӕй, уой туххӕй ӕй исуӕгъдӕ кодтонцӕ ӕфсӕддон кустӕй. Садӕй чехоткӕй. Бӕрӕг адтӕй, берӕ кенӕбал фӕццӕрдзӕнӕй, е. Е алкӕддӕр дзурдта:

– Цӕбӕл фӕттох кодтон тугъди? Хуарзӕй мин ци равардтонцӕ? Ме ’нӕнездзийнадӕ байсавдӕй…

Октябри социалистон революци Мӕскуй рацудӕй хъӕбӕр карзӕй. Кӕд Феврали революцибӕл беретӕ цийнӕгӕнгӕй исӕмбалдӕнцӕ ӕма кӕрӕдземӕн арфитӕ кодтонцӕ ӕма сӕ уӕледарӕсбӕл сурх лентитӕ бакодтонцӕ, уӕд Октябри революцибӕл ба исӕмбалдӕнцӕ куддӕр тӕрсгӕй, куддӕр ӕнахур цӕстингасӕй имӕ кастӕнцӕ, уӕлдайдӕр ба бонгинтӕ. Кӕд Феврали революций фӕсте бонгинтӕ, арази уогӕй, ӕхца лӕвардтонцӕ «Сӕребайради ӕфстауӕн», уӕд Октябри революцийӕй ба фӕттарстӕнцӕ, ислӕудтӕнцӕ ӕ нихмӕ.

Гулути Андрей (галеуæрдигæй фиццаг) номдзуд рохситауæг Æмбалти Цоцко (астæуæй) æма ахургонд Абайти Васой хæццæ.

Буржуази ӕ бартӕ раттунмӕ нӕ гъавта ӕма тох кодта пролетариати нихмӕ, фӕллойнӕгӕнӕг адӕми нихмӕ. Куд дзурдтонцӕ, уотемӕй юнкертӕ сӕ афицерти хӕццӕ сӕхебӕл исӕхгӕдтонцӕ Кремли дуӕрттӕ, нӕ лӕвардтонцӕ сӕхе ӕма неке уагътонцӕ Кремлмӕ бацӕун. Фал большевикон ӕфсӕдтӕ Воробьеви хуӕнхтӕй (нур хуннунцӕ Ленини хуӕнхтӕ), Кремли ка бабадтӕй, еци юнкертӕ ӕма афицерти ӕхстонцӕ дзармадзантӕй ӕма син фӕстагмӕ басастонцӕ сӕ нихмӕлӕуд. Юнкертӕ сӕхе равардтонцӕ.

Ӕз фӕууидтон мӕхе цӕститӕй, большевикти фарс ка адтӕй, еци ӕфсӕддонтӕ кумӕдӕр куд ракодтонцӕ ӕхе ка равардта, еци юнкерти сӕ афицерти хӕццӕ. Нӕбал адтӕй, большевикти нихмӕ ка тох кодтайдӕ, уӕхӕн тухтӕ. Хецаудзийнадӕ кӕнун Петрогради ӕма Мӕскуй байдӕдта Адӕмон Комиссарти Совет, ӕ сӕргълӕууӕг В.И. Ленин, уотемӕй.

Еци рӕстӕг ӕз хъӕбӕр фӕссӕйгӕ дӕн индисӕй. Дохтиртӕ мин куд унаффӕ кодтонцӕ, уотемӕй мӕ рандӕун гъудӕй Хонсар Кавказмӕ. Ӕз райстон уӕгъди билет институтӕй (зуймон каникулти рӕстӕги) ӕма ниллӕудтӕн Кавказмӕ цӕунбӕл. Фал билет райсун ӕма поезди исбадун еци рӕстӕг адтӕй хъӕбӕр зин. Ӕз дууӕ-ӕртӕ хатти рандӕ дӕн Рязани вагзалмӕ, фал билет райсун мӕ къохи нӕ бафтудӕй. Фӕстагмӕ райстон билет ӕма рандӕ дӕн вокзалмӕ. Адтӕй ӕхсӕвӕ, декабри мӕйӕ. Ӕз тухласӕ кодтон зӕнхӕбӕл мӕ фӕсте мӕ дзӕкъолӕ ӕд киунугутӕ ӕма дзаумӕуттӕ, уотемӕй цудтӕн поездмӕ. Игъустон топпи гӕрӕхтӕ. Гъӕуайгӕнгутӕ гъӕр кодтонцӕ: ма цотӕ, ӕхсгӕ кӕндзӕнӕнцӕ, зӕгъгӕ. Фал уӕддӕр ӕз бацудтӕн поездмӕ, бахуастон вагони дуар. Неке игон кодта дуар, уӕдта хъӕбӕр ку ниххуастон, уӕд еу биццеу дуар байгон кодта ӕма ку базудта, студент дӕн, уой, уӕд исдзурдта:

– А, студент ку дӕ ду… Рацо, студент нӕхе ӕнсувӕр ӕй…

Ӕхуӕдӕг дӕр разиндтӕй студент. Бакодта мӕ вагонмӕ, уоми бадтӕнцӕ еу къуар студентти ӕма курсистки. Базонгӕ дӕн сӕ хӕццӕ. Етӕ дӕр мӕн хузӕн цудӕнцӕ сӕ хӕдзӕрттӕмӕ. Поезд ранӕхстӕр ӕй, ӕцӕг сӕумӕй еу-дӕс сахаттебӕл. Ести хуӕруйнаг балхӕнун нӕ ку бафӕндӕуидӕ надбӕл, уӕд рахезианӕ вагони къӕрӕзгитӕй, фӕстӕмӕ дӕр бахезианӕ уобӕлти. Уотемӕй цудан поезди, цалинмӕ еугай-дугӕйттӕй нӕ фӕххецӕнтӕ ан кӕрӕдземӕй.

Уотемӕй ӕрбахъӕрттӕн мӕ райгурӕн гъӕу Ерастъимӕ. Уоми мӕбӕл уайтӕккӕ ӕрӕмбурд ӕнцӕ мӕ гъӕуккӕгтӕ, ӕма мӕ фарстонцӕ мӕскуйаг хабӕрттӕбӕл. Ӕз син радзурдтон, Мӕскуй цитӕ фӕууидтон, уони. Радзурдтон син, Октябри революци куд ӕрцудӕй ӕма большевиктӕ куд фӕууӕлахез ӕнцӕ… Е адтӕй 1917 анзи декабри фӕстаг бӕнтти…

Фӕстӕдӕр, 1918 анзи цардтӕн Дзӕуӕгигъӕуи, большевикон газети ниммухур кодтон революцион ӕмдзӕвгитӕ «Песня гор» ӕма «Россия». Фиццаг ӕмдзӕвгӕ мухургонд адтӕй газет «Горская беднота»-йи, дуккаг ба – газет «Народная власть»-и.

Нур дӕр ма мӕ зӕрдӕбӕл лӕуунцӕ 1918 анзи уӕззау цаутӕ. Дзӕуӕгигъӕумӕ ӕрбалӕбурдтонцӕ уорсгвардионтӕ, ӕрра ӕрдонгтӕ, ихалдтонцӕ советон цардарӕзт, мардтонцӕ советон хуӕздӕр косгути. Ӕз уӕд цардтӕн Дзӕуӕгигъӕуи, Мещанти (нур Революций) гъӕунги, куд ма гъуди кӕнун, уотемӕй 13-аг хӕдзари. Уордӕмӕ мӕмӕ мӕ уатмӕ ӕрбацудӕнцӕ еу ӕртӕ-цуппар хъазахъаги ӕд хуӕцӕнгӕрзтӕ, фарстонцӕ мӕ, ка дӕ, зӕгъгӕ. Ӕз син дзуапп равардтон: «Студент». Етӕ мӕбӕл, ӕвӕдзи, фӕггурусхӕ ‘нцӕ ӕма мӕ сӕ дзубандимӕ гӕсгӕ, гъавтонцӕ сӕ хӕццӕ рахонун, ӕвӕдзи, кенӕ се «штабмӕ», кенӕ ахӕстдонӕмӕ, кенӕ ба, ка ‘й зонуй, фехсунмӕ…

Тургъӕмӕ мӕ ракодтонцӕ ӕма уоми цӕргути фарстонцӕ, ка ’й аци адӕймаг, зӕгъгӕ? Тургъи цӕргутӕ загътонцӕ, е студент ӕй, зӕгъгӕ, нецигӕнӕг ӕй. Уотемӕй мӕ хъазахъ, мӕ амондӕн, ниууагътонцӕ.

Еци рӕстӕги мӕ фатермӕ ӕрбацудӕй поэт Малити Геуӕрги. Е еу-дууӕ бони, хъазахъӕй ӕхе римӕхсгӕй, фӕццардӕй мӕнмӕ, уӕдта, фӕстӕдӕр куд базудтон, уотемӕй рандӕй е ’мбӕлттӕй ӕндӕр кӕмӕдӕр. Уомӕ ӕхе римахста, уӕдта ин бантӕстӕй гъӕумӕ рандӕ ун. Августи мӕйи стонгӕй фӕццардтӕн, еци бӕнтти ӕхцабӕл дӕр ести хуӕруйнаг иссерун зин адтӕй.

Советон хецаудзийнадӕ 1920 анзи райдайӕни Цӕгат Кавкази ку ӕрфедар ӕй ӕма уорсгвардионти Дзӕуӕгигъӕуӕй ку фӕссурдтонцӕ, уӕд ӕз райдӕдтон косун Цӕгат Иристони ахуради хайади. Уоми, литературон секций косгӕй, базонгӕ дӕн Коцойти Арсен, Къубалти Александр, Бритъиати Елбиздихъой хӕццӕ. Мах ӕркасианӕ кӕрӕдзей финститӕмӕ ӕма уадзимистӕй алкӕцимӕн дӕр ӕ хуарздзийнӕдтӕ дӕр ӕма лӕмӕгъдзийнӕдтӕ дӕр ӕргомӕй зӕгъийанӕ… Ӕз уӕд уонӕн сӕ кӕстӕр адтӕн.

Гъуди ма ‘й кӕнун, Малити Геуӕрги нин е ’мдзӕвгитӕй финст драмӕ «Уад» (Буря) куд бакастӕй, уой. Финст ба адтӕй уорс ӕмдзӕвгитӕй уруссагау, адтӕй романтикон. Куд ма гъуди кӕнун, уотемӕй си дзубанди цудӕй хуӕнхаг абӕргути туххӕй. Ӕхсӕнади цардӕй гӕлст уогӕй, абӕргутӕ адтӕнцӕ нифсхаст ӕма бӕлдтӕнцӕ сӕребарӕ цардмӕ. Еци драмӕ Малий-фурт хъӕбӕр берӕ уарзта. Еуӕй-еу бунӕттӕ си наизуст дӕр радзурдта. Гъулӕггагӕн, еци драмӕ кӕмидӕр фесавдӕй.

Айдагъ оригиналон уадзимистӕ нӕ кастан не ’мбурдти, кастан тӕлмацтӕ дӕр. Еци рӕстӕги ӕз раййивтон ирон ӕвзагмӕ пролетарион гимн «Интернационал» ӕма ‘й ниммухур кодтон газет «Кермен»-и, уӕдта «Ирон зарти киунугӕ»-йи. Сӕ редактор адтӕй Барахъти Гино. «Интернационал» мӕн тӕлмацгондӕй фиццаг хатт разардта сахари театри ирон зарти хор Стефановскийи разамундӕй. Хъӕбӕр ӕхцӕуӕн адтӕй адӕмӕн фиццаг хатт ирон ӕвзагбӕл «Интернационал» фегъосун.

 

РЕДАКЦИЙӔЙ: Гулути Андрейӕн цӕмӕдессаг ӕнцӕ ӕ берӕ имисуйнӕгтӕ, уӕлдайдӕр ба, нӕ национ литератури ке ӕновуд фӕллойни фӕрци ирӕзтӕй, уони туххӕй. Еци ӕрмӕгутӕ ин хецӕн киунугӕй уагъд ӕрцудӕнцӕ 1976 анзи дӕр. Кӕцидӕрти мах дӕр нӕ газети мухур кодтан, кӕцидӕрти хӕццӕ ба уӕ фӕстӕдӕр зонгӕ кӕндзинан.