ЗÆРДРОХС УÆНТÆ НÆ ЦАРДИУАГИ БÆНТТÆ!..
Æма бабæй нин ралæудтæнцæ нæ еугурадæмон цийни зæрдрохс бæнттæ – нæ цитгийнагдæр бæрæгбон Геуæргоба. Уой фæдбæл Цæгат Иристони Сæргълæууæг Сергей Меняйло дзиллæн уотæ арфæ кæнуй:
«Аци бæнтти мах зæрдиагæй æма нæ исонибони райдзастдзийнадæбæл федарæй æууæндгæй исковæн Дуйнесфæлдесæгмæ æма Уасгергимæ, фæккорæн си, цæмæй нæбæл ауода хуарз гъуддæгутæй, фарнæ, сабурдзийнадæ, нæ зонгити æма хеуæнтти æнæнездзийнадæй.
Аци зæрдтагон æма ирд бæрæгбони айдагъ нæ адæми æгъдæуттæ æма фæткитæ, æ гъæздуг уодварнон бунтæн нæ аргъ кæнæн, фал ма еугуремæн дæр сæ зæрдитæбæл æрлæуун кæнæн уой, æма гъæуама архайæн хуæздæр цардиуагæ аразунбæл, рæстæгмæ зиндзийнæдтæн фæразондæр, кæрæдземæн бухсагæдæр ун, цæмæй нæ фидтæлти рæсугъд æгъдæуттæ ни иронхуати ма уонцæ æма сæ æнхæст кæнæн тæккæ федауцæдæр хузи.
Аци вазуггин рæстæг мах Геуæргоба бæрæг кæнæн уæлдай æнкъарæнти хæццæ, нæ хуæрззæрдæ гъудитæй, зæрдибун кувдтитæй корæн сабурдзийнадæ æма фарнæ. Нæ лæхъуæнтæ абони æнцæ сæрмагонд æфсæддон операций архайгутæ, нæ Фидибæсти æдасдзийнадæ гъæуай кæнунмæ бавналдтонцæ, æнцæ æхсаргин, сæ фидтæлти намуси аккаг бæгъатæрдзийнадæ æвдесунцæ. Æма Уасгергийæй сæрмагондæй кордзинан, цæмæй сæ тугъди будури гъæуай кæна, алкедæр си æ фидиуæзæгмæ, бийнонтæмæ уодæгасæй æма æнæнезæй куд исæздæха, уой! Нæ аци кувдтитæ нин фегъосæнтæ!..»
* * *
Геуæргобай бæрæгбони фæдбæл нæ республики дзиллæн арфæ кæнуй Парламенти Сæрдар Тускъати Таймораз дæр:
«Аци бæрæгбон æнæгъæнæ къуæре бæрæг кæндзæнæнцæ Иристони берæнацион бийнонтæ, е нин æй уодварни игурæнти æма нæ адæми хуæдбундор культури нисан, æвдесуй фæлтæрти бастдзийнадæ. Райгурæн зæнхæ уарзун æма ибæл æновуд ун, хестæртæн кадæ кæнун, хæстæгути хæццæ федар бастдзийнæдтæ дарун, кæрæдземæн аргъ кæнун – етæ ‘нцæ нæ фидтæлти фарни фæдзæхститæ, нæ еудзийнади æма æнгомдзийнади федар бундор.
Геуæргобай бæрæгбони хестæртæ исковдзæнæнцæ Дуйнескæнæгмæ æма Уасгергимæ, кордзæнæнцæ си сабурдзийнадæ, Фидибæстæн деденæгкалгæ амонди уавæртæ, алли бийнонтæн фарнæ æма бæркад. Сæйрагдæр ба – не ‘мзæнхонтæ сæрмагонд æфсæддон операцийæй сæ хæдзæрттæмæ дзæбæхæй æма æнæнезæй куд исæздæхонцæ, уой…»