ÆНÆНЕЗДЗИЙНАДÆ ГЪÆУАЙКÆНУЙНАДÆ
09.09.2023 | 23:52
Нæ республики идарддæр æнхæстгонд цæунцæ национ проект «Æнæнездзийнадæ гъæуай кæнуйнадæ»-мæ гæсгæ мадзæлттæ. Зæгъæн, нерæнгæ бал бантæстæй дæс цæугæ медицинон комплекси балхæнун. Уони фæрци бал гъæугæ лæггæдтæй агъазгонд æрцудæй 24290 адæймагемæн. Цæугæ медицинон кабинеттæ 800 фæццуди исаразтонцæ, бустæги минкъий адæм кæми цæруй, еци идарддзæф гъæутæмæ. Цæугæ медицинон комплекстæ куд косунцæ æма кæд кумæ рабалци кæнуйнаг æнцæ, уой базонæн ес нæ республики æнæнездзийнадæ гъæуайкæнуйнади сайти. Адæми æнæнездзийнади уавæр бæрæггонд цæуй лæвар, æцæг алкæмæн дæр æ хæццæ гъæуама уа æ паспорт æма æнæмæнгæ фæдзæхстади полис.