26 декабря 2024

НÆ ФИДИБÆСТИ ÆХСАРГИН ТУГЪДОНТÆН ЕУГУРАДÆМОН АГЪАЗ…

30.12.2023 | 17:10

Сæрмагонд æфсæддон операций архайæг тугъдонтæн Цæгат Иристонæй рарвистонцæ 3333  къерей. Уой туххæй региони Сæргълæууæг Сергей Меняйло фегъосун кодта æ телеграм-канали. Куд загъта, уотемæй е адтæй Цæгат Иристони Сæргълæууæг æма Хецауади Администраций косгути хъæппæрес.

– Алли къоппи дæр традицион æртæ къерей хæццæ исæвардтонцæ, Иристони паддзахадон службæгæнгутæ ке ниффинстонцæ, еци финстæгутæ – сæ хæдзæрттæбæл тагъд рæстæги уæлахези хæццæ сæрæгасæй æма æнæнезæй куд исæмбæлонцæ, уæхæн зæрдибун арфити хæццæ. Ами зæгъун гъæуй уой, æма Нæуæг анзи агъоммæ зæрдиаг лæвæрттæ райсдзæнæнцæ айдагъ нæхе лæхъуæнтæ нæ, фал ма сæ тугъдон æмбæлттæ дæр Уæрæсей алли регионтæй, – загъта Сергей Меняйло.

Региони разамонæг ма фæббæрæг кодта, 3333 къерей æрветунцæ сæрмагондæй уомæн, æма е æй бæрæгбони æнæнкъай нимæдзæ.

– Нæ хъазар тугъдонтæ! Зонун æй, нуртæккæ сумах кæми айтæ, уоми нæдæр уолæфуни бæнттæ ес, нæдæр бæрæгбæнттæ. Фал уæддæр махæй æруагæс кæнуй, къерети хуæрздæф æма уæ нæуæганзон зæрдиаг арфитæ ке батавдзæнæнцæ, рæсугъд æнкъарæнтæ уæмæ исæвзурун кæндзæнæнцæ, – загъта республики Сæргълæууæг.

* * *

Æрæги Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæг æнæнгъæлæги бабæрæг кодта, хебарæй тугъдонтæн ка агъаз кæнуй, уони æрмадзæ.

– Базонгæ дæн волонтерти змæлд «Багъар кæнæ салдати» хæццæ – дессаги силгоймæгтæ! Æнкъарагæ, еске рист зæрдæмæ есагæ, бæрнон.

Куддæр син уæгъдæ рæстæг фæууй, уотæ ратагъд кæнунцæ æрмадзæмæ. Аразунцæ æма фронтмæ æрветунцæ маскировкæн хизтæ, подсумкитæ, цæфтæ хæссунæн синтитæ, хуссæнгæрзтæ госпитæлтæн, мудадзин цирæгътæ, бунæттон цæргутæн гъæугæ дзаумæуттæ…

Ахургæнгутæ æма дохтиртæ, тукангæстæ æма офисти косгутæ, скъоладзаутæ æма студенттæ, хæдзари ’фсинттæ æма пенсиесгутæ – алкедæр ами æхецæн бæрнон куст еруй. Е син нæуæг фæлтæрддзийнадæ ’й, фал сæ еумæйаг гъуддаг – зæрдиагæй нæ тугъдонтæн, кæмæн куд æ бон æй, уотæ фæййагъаз кæнун – кæрæдзей фарсмæ æнгом æрбалæуун кодта.

Зæрдиаг дзубанди ракодтон активон силгоймæгти хæццæ. Сæ кусти цæлхдорти туххæй дæр мин радзурдтонцæ. Фиццагидæр сæ гъæуй информацион агъаз, цæмæй фулдæр адæм базононцæ, ци архайæг æнцæ, уой, æма сæ фарсмæ ’рбалæууонцæ. Гъæйдæ æма син еумæ фæййагъаз кæнæн! Ци нæ бон æй, уой исаразæн!

Æзмæлди кустуарзон, фæлмæнзæрдæ силгоймæгтæн ба нæ сæрæй ниллæг ковæн! Арфæ кæнæн, нæ тугъдонтæн ке агъаз кæнунцæ, уой туххæй! – уæхæн арфитæ ракодта региони разамонæг æрмадзи архайæг волонтертæн æ фембæлди кæронбæттæни.

*  *  *

Не ’мзæнхон лæхъуæнтæ кæми тох кæнунцæ, «Шторм. Осетия», зæгъгæ, еци батальонæн фæййагъаз кæнуни нисани хæццæ ба Запорожьей облæсти ’рдæмæ нæуæгæй рараст æй гуманитарон агъаз.

«Алцидæр – Уæлахезæн!» – Адæмон фронти аци проекти фæлгæти радон гуманитарон акци исаразгутæ ’нцæ Цæгат Иристони Парламенти депутаттæ, æма син нæ тугъдон лæхъуæнтæн еци агъаз фиццаг нæй. Гуманитарон агъаз рафæндараст кодтонцæ нæ республики Парламенти Сæрдар Тускъати Таймораз æма депутат Цæгæрати Руслан.

Иристойнаг лæхъуæнтæ кæми тох кæнунцæ, уордæмæ еудадзугдæр республикæй æрвист цæунцæ хуайраги продукттæ, гъар уæледарæс, аллибони царди ка гъæуй, уæхæн дзаумæуттæ, сæрмагонд техникæ æма еугуремæй сæйрагдæр – хæдзарæй æрветæггæгтæ æма скъоладзаути финстæгутæ. Цæгæрати Руслан куд загъта, уотемæй аци гуманитарон агъазæй бон раздæр дæр ма Запорожьемæ рараст æй уæзласæн машинæ гуманитарон агъази 20 тонней хæццæ. Æ хæццæ рандæй депутат Андрей Попов.

Закъонæвæрунадон, æнхæстгæнæг æма  муниципалон хецаудзийнади минæвæрттæн, нæ республики еугур æхсæнадон организацитæн, бæрнондзийнадæ ка лæдæруй, еци амалгъонтæн, Иристони цæргутæн сæ хъауритæ байеу кодта Адæмон фронти проект «Алцидæр – Уæлахезæн!», уотемæй, алке зæрди дæр æвзурун кæнуй патриотизм æма еудзийнади æнкъарæнтæ. Уой бафеппайдта Тускъати Таймораз дæр, гуманитарон агъаз фæндараст кæнгæй:

– Нæ хъаурæ æй алли адæмихæттити æма алли динти минæвæртти еудзийнади. Истори куд равдиста, уотемæй, уæззау рæстæг ку ’рцæуй, уæд нæ бон æй кæрæдзей фарсмæ балæуун, еумæйагæй цийфæнди зинтæн дæр бафæразун æма знагæн аккаг нихкъуæрд раттун. «Алцидæр – Уæлахезæн!» – аци загъд нин байзадæй, Устур Фидибæстон тугъди уæззау æнзти нæ бæстæ цифуддæр знагæй ка багъæуай кодта, нæ еци хестæртæй. Æма абони махæн дæр нæ размæ лæууй уæхæн ихæс – Уæрæсей паддзахадон хуæдбарæдзийнадæ, æ адæми меддуйне æма традицитæ, нæ цитгин истори, нæ ахсгиаг бундортæ багъæуай кæнун, уомæн æма, уонæбæл æнцойнæ кæнгæй, сæдæгай æнзти дæргъи Уæрæсе ирæзтæй æма цудæй размæ. Æма еци еудзийнадæ ’вдесунцæ абони нæ бæсти еугур регионтæ дæр.

Тускъати Таймораз арфæ ракодта, Адæмон фронти амунд проекти фæлгæти нæ тугъдонтæн æма Уæрæсей нæуæг регионти цæргутæн фæййагъаз кæнуни гъуддаги кадæриддæр архайуй, уонæн сæ еугуремæн дæр.

Уотемæй, адæми ласунæн, уæдта уæзæгтæласæн нуриккондæр уæхæн фæсарæйнаг цуппар хуæдтолги рараст æнцæ, сæрмагонд æфсæддон операци кæми цæуй, ецирдæмæ. Хæстæгдæр рæстæг дæсемæй фулдæр уæхæн хуæдтолги никкидæр ма рарветдзæнæнцæ не ’фсæддон лæхъуæнтæн фæййагъаз кæнуни туххæй.

*  *  *

Сæрмагонд æфсæддон операций ка архайуй, уонæн бабæй радон хатт гуманитарон агъаз цæуй Цæгат Иристонæй.

Гъæугæ дзаумæуттæ: æхсæви уинæн прибортæ, хуастæ, квадрокоптертæ, гъар уæледарæс, хуайраги продукттæ, гигиени фæрæзнитæ æма сувæллæнтти конд хузтæ финстæгути хæццæ æрæмбурд кæнуни мадзали архайдтонцæ Дзæуæгигъæуи 22-аг æма 42-аг скъолатæ.

Уомæй уæлдай ма æхцай фæрæзнитæ рарвистонцæ, тепловизортæ æма акъоппити мудадзин цирæгътæ исамал кæнунæн.

*  *  *

Хабицти Лариси разамундæй Цæгат Иристони силгоймæгти Совет банхæст кодта радон гуманитарон акци.

Нæуæг анзи бæрæгбони агъоммæ акцийæн фадуæттæ исаразæг адæм сæрмагонд æфсæддон операций тæлми ка ’й, еци æфсæддон службæгæнгутæн бацæттæ кодтонцæ гъар уæледарæс, кæдзосгæнæн фæрæзнитæ, хуастæ, дон æма хуайраг.

Уомæй уæлдай, адæймаги равгæ фæххуæздæр кæнунæн ка агъаз кæндзæнæй, студенттæ, скъолати ахурдзаутæ æма рæвдауæндæнтти гъомбæлкæнуйнæгтæ нæ гъæуайгæнгутæн бацæттæ кодтонцæ уæхæн хузтæ æма арфити хæццæ финстæгутæ.

Акци банхæст кæнуни гъуддагмæ устур æвæрæн бахастонцæ силгоймæгти æзмæлди активисткитæ, уæдта Дигори, Горæтгæрони, Æрæдони, Алагир æма Ирæфи районти силгоймæгти Советти иуонгтæ.

*  *  *

Сæрмагонд тугъдон операций архайгæй, æ зинг кæмæн бахустæй æносмæ, уони седзæрæй байзайæг сувæллæнттæ барæвдауни фæдбæл Е.Б. Вахтангови номбæл Уруссаг академион театри арæзт æрцудæй Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæги елкæ, кæци арæзт адтæй нæ республики фæллойнæ æма социалон райрæзти министради æма «Фидибæстæ гъæуайгæнгути фонди» хæццæ еумæ.

Мадзали архайæг сувæллæнтти ци нæуæганзон лæвæрттæй барæвдудтонцæ, уонæй алкæмидæр адтæй открыткæ нæ республики разамонæг Сергей Меняйлой зæрдтагон арфитæ æма нистауæнти хæццæ.

Бæрæгбони уогæй, Сергей Меняйло загъта:

– Нæ республики хъæбæр берæ сувæллæнттæ ирæзуй. Фал абони ами ка æрæмбурд æй, етæ сæ цардвæндаги райдайæни кæд уоййасæбæл берæ нæдтæбæл нæма рауадæнцæ, уæддæр ин æ уæззаудзийнæдтæй ба бавзурстонцæ – етæ ’нцæ, æ фидæ сæрмагонд æфсæддон операций рæстæг е ’фсæддон ихæс уодуæлдайæй æнхæст кæнгæй, нæ райгурæн бæсти сæрбæлтау æхсаргинæй ка фæммард æй, еци æдзард бæгъатæрти цæуæт. Нæ еугурдæр æй лæдæрæн, Иристони берæ бийнонтæбæл сау бон ке искодта, уой. Нæ еугурдæр хъонц кæнæн уой фæдбæл. Лæдæрæн уой дæр, æма сабийтæ сæ карæмæ гæсгæ бустæги æнхæст нæ лæдæрунцæ, абони нæ бæстæ ци уавæри æй, нæй зудтонцæ, тугъд цæйбæрцæбæл æверхъаудзийнадæ æй, уой, фал æй, гъулæггагæн, сæхебæл бавзурстонцæ. Уомæ гæсгæ ба нæ ихæс æй, цийфæнди ку уа, уæддæр син бæрæгбон исаразун æма син сæ рист уодтæ еуцæйбæрцæдæр барохс кæнун. Сабийи зæрдæ зæрдæхцæуæндзийнадæмæ бæллагæ æй, æруагæс си кæнуй Метин Дада æма Метин Кизгæ син лæвæрттæ ке искæндзæнæнцæ, е. Æма син гъæуама се ’ууæнкæ исæцæг кæнæн!..

Куд хестæртæ, уотæ мах ихæс æй, сабийти зин æма мастæй багъæуай кæнун, царди ци фуддзийнæдтæ æма фидбилизтæ цæуй, уонæй сæ багъæуай кæнун!.. Сумах ба, нæ хъазар ниййергутæ, уæ цæстæ даретæ уæ кæстæртæмæ, цæмæй царди нифсгун къахдзæфтæй размæ цæуонцæ сæ бæлдтаг нисантæмæ. Уæ рæвдуди хæццæ ба ма гъæуама лæдæронцæ уой дæр, æма еци нæдтæбæл алкæд æнцон цæуæн ке нæ фæууй. Исонибони сæхуæдтæ ниййергутæ ку исуонцæ, уæдта етæ дæр сæ сабийтæн ауæхæн бæрæгбæнттæ араздзæнæнцæ. Абони ами ци кæстæртæ ес, етæ иннетæй хецæн кæнунцæ. Зæрдибунæй син мæ зæрдæ зæгъуй, дзæбæхæй, æнæнезæй байрæзæнтæ, Нæуæг анз сæбæл фæрнæйдзагæй исæмбæлæд, цæмæй си алкæмæ дæр Метин Дада æма Метин Кизгæ æнæмæнгæ ’рбацæуонцæ, сæ фæндонтæ син исæнхæст кæнонцæ.

Бæрæгбони архайæг сувæллæнтти барæвдудтонцæ нæуæгазон лæвæрттæй, Уруссаг театри актертæ ба син равдистонцæ зæрдæмæдзæугæ спектакль.