«ДÆБЕ МИН ИССÆЙ НИФСДÆТТÆГ…»
Цæгат Иристони адæмон финсæг Даурати Хангерийи фурт Дамирбæл 14 феврали æнхæст кæнуй фондз æма цуппаринсæй анзи. Æма ин, æ кæстæри кæстæр (æ кизгæ Зареми фурт) Рæмонти Махарбеги хæццæ ист кæми ’й, еци къарæ бæлвурд нисанеуæгæй мухур кæнæн. Номдзуд уруссаг поэт Аннæ Ахматова кæддæр уотæ ниффинста: «Я только сею. Собирать придут другие…» Уомæй растдæр æма æнхæстдæр ма куд зæгъдзæнæ исфæлдистадон хъазауати сæйрагдæр нисанæвæрди туххæй!.. Æма Дамири фæллæнтти туххæй дæр æнæмæнгæ зæгъун æнгъезуй: æ берæвæрсуг исфæлдистадон хъиамæттæй тауй, нæ адæми нури фæлтæртæн дæр æма нæ исуйнаг фæлтæртæн дæр цардгъондзийнадæдæттæг ка исуодзæнæй, еци тауйнæгтæ: нæ дзиллæ алкæддæр сæрустур кæмæй æма цæмæй адтæнцæ, еци цаутæ æма хабæрттæ æ документалон уадзимисти исфæлгонц кодта æма уой фæрци æносонгонд æрцудæнцæ. Уогæ уобæл берæ дæр ци дзорæн – кæсетæ Даурати Дамири киунугутæ, æма æцæгæйдæр уотæ ке æй, уомæй нæ хæццæ исарази уодзинайтæ.
Хумæллæггаг биццеу ДАУРАТИ Хангерий фурт Дамир хуæрзæригонæй æ царди сæйрагдæр гъуддæгæн равзурста литературон исфæлдистадæ: финста æмдзæвгитæ, радзурдтæ, уацтæ.. Æма Дамир дæр æ бæлдтаг нисанмæ надбæл ранæхстæр æй… Уогæ уотæ дæр рауадæй, æма ин еу рæстæг æндæр нæдтæбæл цæугæ рауадæй – куста партий райкоми дæр, сахар Беслæни сæргълæууæгæй дæр. Фал – адтæй нæ адтæй – уæддæр раздахтæй æ исфæлдистадон «дзæхæрадонæмæ», зæрдиагæй æй гъуд кодта æма ин алæмæти гъæздуг тиллæгæй исфедудта. Уогæ абони еци тиллæги, гъома, Дамири литературон уадзимисти кой нæ кæндзинан – уонæн тæрхонгæнæг уæнтæ сæ кæсæг дзиллæ. Мах ба фæндуй æ хæццæ радзубанди кæнун, еци уадзимисти аууони ка райзадæй æма дзиллæ æнхæст ке нæ зонунцæ, еци цаутæ æма хабæртти туххæй. Дамири хæццæ дзубанди ба кæнуй нæ газети сæйраг редактор САКЪИТИ Эльбрус.
– Дамир, нур дæхуæдæг нæ национ литератури курухон архайæг исдæ, Цæгат Иристони адæмон финсæги ном хæссис, кæстæр æмгустгæнгутæн зундамонæг дæ. Æма уони, кæстæрти хæццæ архайгæй, æвæдзи, æримисис, æ рæстæги дин уæхæн зундамонæг æма рæствæндаггæнæг ка фæцæй, уони…
– Æгæрдæр сæ æримисун, уонæн феронхгæнæн нæййес. Хумæллæги скъолай нæмæ литературон къуар адтæй, уагътан литературон къохфинст журнал. Æ номæвæрæг æз адтæн – «Æригон талатæ». Еухатт нæмæ ’рцудæй нæ устурдæр финсгутæй еу – Мамсурати Дæбе. Мæ фиццаг радзурд мин «Заури рæдуд» бакастæй, æма, абони дæр ма мæ цæститæбæл уайуй нæ ахургæнæг Галазти Æхсарбегæн мæнмæ райамонгæй, куд загъта, е:
– Мæнæ аци биццеуæй ести рауайдзæнæй…
Никки ма цидæртæ загъта. Етæ ми нифс бауагътонцæ, фæрразæнгард мæ кодтонцæ. Уомæй мæ цæргæ-цæрæнбонти Дæбейæй арфиаг адтæн, нерæнгæ дæр ма дæн.
Дæбей имисгæй ма еу хабар ракæнуйнаг дæн. Фарæ еу уалдзигон бон, Беслæни кæми цæрун, уоми тегъæмæ бугъгалæнмæ бугътæ рахастон. Кæсун, æма бугъти кæри рази кадæр зæнхæбæл киунугутæ ниггæлста, еу си Дæбей «Æвзæрст уацмыстæ». Е мæнæн куд зин адтæй, уой мæн уодæй æндæр неке зонуй!.. Тургъи мин æй нæ еу синхаг мæ къохти ку фæууидта, уæд мин уотæ зæгъуй, цæмæ, дан, дæ гъæуй, цæмæ ’й исистай, кæд еске цъумур къохти адтæй, уæдта? Уотæ, æвæдзи, уомæ гæсгæ дæр загъта, æма уæд æнæхайири коронавирус æ тæккæ тæмæни адтæй… Æз ба ин æ дзубандитæмæ гæсгæ зæгътон:
– Уæллæй, кæд ибæл хуæцгæ нез адтæй, уæддæр æз еци киунугæ гъæунги куд гъæуама ниууадзон, е Дæбей финст ку æй, уæд?
Æма бабæй мæ цæститæбæл рауадæй фиццаг хатт хæстæгмæ ке фæууидтон, еци финсæг.
– Нæкæси, Дæбе дин ке растудта, дæ еци фиццаг радзурд цæй туххæй адтæй, уанæбæрæг циуавæр рæдуд æруагъта еци Заур? Имисгæ ’й æркодтай?
– Имисгæ ’й не ’ркодтон, е æцæг адтæй. Нæ синхæгти лæг Бадриати Ирим махæн, минкъий биццеутæн, искæнидæ цъеуæхсæнтæ, хъæбæр сæмæ бæлдтан. Æцæг нин зæгъидæ:
– Кæд си фиццаг æхстæй цъеу æргæлдзай, уæд дæхе бауодзæнæй! Кæд – нæ, уæд мæхецæн байзайдзæнæй…
Еухатт е мæнæн бантæстæй: æргæлстон бубуччи бæдоли, æма нади астæу кæми ’рхаудтæй, уордæмæ имæ батъæбæрт кодтон, æма еци рæсугъд цъеуи æ тæппæлтæ цæгъдгæ ку баййафтон, уæд мæ искæунмæ берæ нæбал гъудæй, хъæбæр æрфæсмон кодтон. Уæдæй фæстæмæ æз Ирими цъеуæхсæн мæ къохмæ дæр некæдбал райстон…
– Финсæги уодиконд уæхæн æй, æма царди растæй дæр æма фудæй дæр цидæриддæр цæуй, уони æ зæрдæмæ æгæр хæстæг есуй, берæ цæбæлдæрти батухсуй, фæрресуй…
– Кæддæр нæ гъæуи цардæй Иристони къаресгутæй еу – Туати Гого. Æз адтæн уомæн æ биццеу Æхсари хæдзари Дзæуæгигъæуи, дзубандийæн мæ гъудæй æма ин æ хуссæни сæрмæ фæккомкоммæ дæн Октябри революций размæ Уæрæсей уæди паддзах Никъала Дуккаги къарæмæ, æ бийнонти хæццæ. Зæгъун, а дин ци æй, цæмæн ма дæ гъæуй. Æма мин мæнæ ци радзурдта:
– Мæ фиди номбæл æй дарун. Æ рæстæги Уæрæсей паддзах Никъалайи фæрци бафтудæй æ къохи фиццаг къаресæн аппарат, е ин æй æхуæдæг уæди Петербургæй исæрветун кодта 1914 анзи. Уомæн æ еци хуарздзийнадæ мæ фидæй некæд иронх кодта. Советон хецаудзийнадæ Хумæллæги дæр ку ’рфедар æй, æнæхайири æртинæймаг æнзтæ ку райдæдтонцæ, уæд ибæл нæ синхæгтæй кадæр цъух бахаста, Гого, дан, советон цардарæзти нихмæ ’й, æндæра паддзах Никъалай къарæ нурмæ æ хæдзари медæгæ фарсбæл кондæй нæ даридæ. Уайтæкки ибæл кулаки ном райвардтонцæ, нæ дæргъæй-дæргъæмæ саратæ нин райхалдтонцæ, уæртæ си Дударати станцæмæ хæстæг колхози фонсæн фермæ исаразтонцæ. Æ къарти архивтæ дæр ин басугътонцæ…
Мæ фидæн нæ гъæубæстæбæл æ зæрдæ рахудтæй, æд бийнонтæ исистадæй æма уартæ Салугæрдæнмæ æ каййестæмæ цæрунмæ фæллигъдæй. Аци хузæ æ рони римæхстæй фæххаста. Æ царди фæстаг бæнттæ уоми рарвиста, уоми уæлмæрдти æй æ циртдзæвæн дæр.
Еума хабар… Дзæуæгигъæуи нæ республики ветеранти Хæдзари нæ гъæуккаг инæлар Бедойти Руслани косæн уатмæ еууæхæни бацудтæн. Æ фæтæн стъоли бæзгин авги буни фæууидтон къарæ: нæ гъæуккаг лæууй дууæ лæхъуæней астæу, етæ ин æ усхъитæмæ дæр нæ хъæрттæнцæ, се ’ртебæл дæр тугъдон тæхæги уæледарæс. Атæ дин ка ’нцæ, зæгъгæ ’й ку бафарстон, уæд мин мæнæ ци радзурдта:
– Евгъуд æноси æстайæймаг æнзти кæрони æз адтæн идард Йемени, разамунд лæвардтон тæхгути æфсæддон хаййæн, уоми уæд тугъд цудæй æма нæ рарвистонцæ уони арв знæгтæй гъæуай кæнунмæ.
Уæд ма Советон Цæдес æма еци бæстæ лимæнæй цардæнцæ… Мæнæ мæ галеуварс ци лæхъуæн лæууй, е ма абони дæр цардæгас æй, Виталий Кораблев, Тамбовæй, æрæги телефонæй радзубанди кодтан, гъома, кæд бабæй исæмбæлдзинан. Мæнæ мæ рахесварс ка лæууй, Андрей Пискунов, уомæн ма уордигæй æрбаластонцæ айдагъдæр æ рахес цонг рæмбуйникъæдзæй дæлæмæ. Саратови бунмæ еу гъæуи уæлмæрдти уомæн æ кири æндæр неци æвæрд ес…
Мæнæ куд рауадæй е… Еу сæумæ нæ тæхгути къуар сæ тугъдон ихæс æнхæст кæнунмæ цалдæремæй тахтæнцæ. Мæхуæдæг сæ фæндараст кодтон æма мин аци Андрей мæ къох иннæ хæттитæй уæлдай уотæ зæрдиагæй, уотæ хъæбæр æрæлхъивта, раст цума нур амæй фæстæмæ некæдбал исæмбæлдзинан, некæдбал мæ фæууиндзæнæй, уоййау. Цидæр лæгъуз гъудитæ мæмæ фæззиннидæ, мæ зæрдæ имæ дзурдта, тарстæн ин. Уæдмæ мæмæ фæффæдеси ’нцæ, Пискунови, дан, æргæлстонцæ…
Уоми балæудтан æма дæ балгъетæг уотæ: æ бауæрæй нецибал байзадæй æнæгъæнæй, айдагъдæр ма, мæ къох мин кæмæй æрбалхъивта, еци армитъæпæн, æз ин æй мæхуæдæг иссирдтон синдзгун къотæрти астæу. Мæ цæстисугтæ калдæнцæ, уотемæй æй æрбахастон æма ’й дохтиртæмæ равардтон. Сæ еу мин еци тингунæй уайдзæф дæр ма бакодта:
– Никки уæлдæр дæ исирæзун гъудæй уæхæн лæмæгъæй!.. Дæхебæл фæххуæцæ!..
Фал æ еци зæгъдтитæ куддæр загъта, уотæ æхе зæрдæ дæр багъар æй…
Нæ ди баруагæс уодзæнæй, фал еуæй-еу хатт мæ бæгънæг цонгмæ ку ’ркæсун, уæдта кæддæри еци хузæ мæ цæститæбæл рауайуй. Кæдмæ уайдзæнæй, æцæг уой ба нæ зонун…
– Дамир, дæ радзурдтæй еуеми финстай мæнæ аци дзурдтæ: «Лæг кæми райгуруй, фиццаг къахдзæфтæ кæми ракæнуй, æ сабийбонтæ кæми рарветуй, е ин исуй тæккæ адгиндæр, тæккæ хъазардæр. Æма уой фæсте кумæфæндидæр ма рафтуйæд, цийфæнди нæдтæбæл ма цæуæд, уæддæр æ нифс, æ уодлæууæн æ райгурæн уæзæг исуй, æ минкъий Фидибæстæ». Ду, Дамир, нуртæккæ сахайраг тургъи кæд цæрис, уæддæр, дæ фиди хæдзарæ дæр нæ ниууагътай. Æма, зæгъæн, бафæндадтæй дæ уордигæй дæ хæццæ цидæр рахæссун, уæд си «Мæнæ атæ еудадзугдæр мæ фарсмæ уæнтæ!..», зæгъгæ, ци рахæссисæ?
– Уомæй мæ некæдма неке бафарста, мæ сабийдогæ мин мæ зæрдæбæл æрлæуун кодтай. Фæххæссинæ, нæ тургъи ци кæрдту бæласæ ес, уой, уæдта нæ тургъи дуармæ æвæрд дор. Мæ мадæ мин æй цалдæр хатти радзурдта. Тугъди размæ далæ Туацъæйи нæ ковæндони бакомкоммæ, дан, колхоз нæуæг рæзæдонæ аразта æма си уæд мæ фидæ æ хæццæ кæрдту бæласи тала исхаста, нæ тургъи, æй бæрзæ бæласи фарсмæ ниййаразта… Хъæбæр тагъд, дан, ирæзтæй. Æз мæ сабийдогæ æ буни рарвистон, æ рæзæ ку исрæгъæд уидæ, æма сæумæй ку рацæуинæ, уæдмæ æ бун рæзæй тæккæ идзаг уидæ, синхæнттæбæл дæр си байуарианæ. Æ цъопбæл урух сагелæ адтæй æма уоми уарзтон бадун, сауæнгæ си киунугутæ дæр ма кастæн. Æрзæронд æй, фал имæ фæрæт рахæссун мæ зæрдæ нæ комуй: мæ фиди арæзт æй. Алкедæр ма уи æхе мæ бунати æрæвæрæд…
Дор дæр мин хъæбæр хъазар æй. Минкъийæй мæмæ хъæбæр устур кастæй, фæтæн, еуæй-еу хатт ибæл мæхе дæргъæмæ рауадзгæй дæр бадинæ. Кæстæр хуæрæ ма мин адтæй, Заремæ, æма еумæ еци дорбæл бадгæй нæ мадæмæ æнгъæлмæ кастан, кæд æрæздæхдзæнæй будурæй, колхозон дзол нин æ хæццæ кæд æрбахæсдзæнæй. Мæ хуæрæ цуппар анземæй фулдæр нæ рацардæй, еци тухст æма æстонг æнзти цидæр незæй æ дæндæгутæ рагъзалдæнцæ. Абони ма ’й минкъийтæ гъуди кæнун, уæддæр æ медбилхудт ба мæ цæститæбæл еудадзуг уайуй. Бахатир кæнетæ, мæхецæн кизгæ ку райгурдæй, уæд дуккаг бон сæйгæдонæмæ ниццудтæн æма ме ’фсийнæмæ гæгъæдибæл финстæй мæнæ аци рæнгъитæ барвистон: «Нуртæккæ ес дæ хæццæ Даурати Заремæ…»
– Æригонæй дæмæ ци бæлдитæ адтæй, уонæй дин æнæнхæстгондæй кæцитæ байзадæнцæ, уæдта циуавæр фæндитæ дæмæ адтæй фæстæдæр царди аразунæн, уой хæццæ дæ исфæлдистади дæр?
– Адтæй æма ес, кæдмæ сæ римæхсдзæнæн? Скъолай историй уроктæ берæ уарзтон, мæ ахургæнæг ба адтæй Æгайти Александр. Еухатт исбадтæн æма мæ бонуги ниффинстон мæнæ ауæхæн рæнгъитæ: «Æхца мæмæ ку уидæ, уæд Италимæ рандæуинæ…». Еци идард паддзахади туххæй нин нæ ахургæнæг ку дзоридæ, уæд бæлдтæн уоми рæсугъд сахар Рим фæууинунмæ, Венеций гъæунгтæ-цæугæдæнтти бæлæгъи рабалци кæнунмæ, бæгъатæр æма домбай Спартак кæмити тох кодта, еци будурти мæ къах æрæвæрунмæ… Гъулæггагæн, мæ бæлдæ уотид бæлдæй байзадæй…
Иннæ… Евгъуд æноси æвдайæймаг æнзти кустон партий райкоми инструкторæй. Еухатт нæ гъæусовети уæди сæрдар Æлбегати Валодимæ бацудтæн æма ин мæ фæндæ загътон. Зæгъун, нæ гъæуæй тугъди будури ка адтæй, етæ се ’цæг дуйнемæ еугайæй цæунцæ, гъæйдæ æма уотæ бакæнæн æма син кенæ гъæуи астæу, кенæ ба гъæугæрон хецæн уæлмæрдтæн бунат иссерæн, – уæлæ Дзæуæгигъæуи Намуси Аллейæ куд æй, уотæ Валоди æхуæдæг дæр тугъди ветерантæй адтæй, балæдæрдтæй мæ, исарази æй мæ хъæппæресбæл, фал мин уотæ зæгъта, гъома, нæ депутатти номбæл, дан, бацæттæ кæнæ дæ курдиадæ, дæ гъудитæ ниффинсæ æма ибæл еу бон æрдзубанди кæндзинан. Æрдзубанди ибæл кодтонцæ æма не ’сарази ’нцæ. Ирон лæг, дан, гъæуама æ бийнойнаги, æ хеуæнтти рази æвæрд æрцæуа, цардæгас ма ка ’й, еци ветерантæ дæр дин не ’сарази уодзæнæнцæ дæ фæндæбæл. Ка ’й зонуй, уæд мæхе сæ хæццæ радзубанди кæнун гъудæй, фал уæд цæмæндæр мæ къохтæ æруагътон, нур ба ма фæсмон бæргæ кæнун…
Исфæлдистади дæр мин цидæртæ мæ зæрди фæндон нæ рауадæнцæ. Фал мин си тæккæ зиндæр æй еу хатт ма Лондонмæ ке нæбал рандæ дæн, е. Мæ киунугæ «Ироны портрет Мæйыл», зондзинайтæ, финст æй нæ номдзуд æмзæнхон ахургонд Токати Гогкий туххæй. Уой цæттæ кæнгæй имæ сауæнгæ Лондони дæр адтæн – уоми ин цæргæ рауадæй цæйдæрти фудæй. Æма уæд Гогкий хæццæ бадзубанди кодтан, цæмæй æй нæуæгæй бабæрæг кæнон, кæддæр нæ фидтæлтæ еци рауæни зæнхæбæл ке цардæнцæ, уой фæдбæл хабæрттæ исбæлвурд кæнунмæ, нæуæг киунугæ ниффинсунæн.
Нæ фæндæй неци рауадæй. Фиццаг хатт уордæмæ идард балций рандæунæн мин фæййагъаз кодта Иристони уæди фиццаг Президент, мæ раздæри Устур ахургæнæг Галазти Æхсарбег, фал ме ’рбаздæхтæй дууæ мæйей фæсте нæуæг æвзурстити адæм Æхсарбеги фарс нæбал рахуæстæнцæ æма еци бунати æрбадтæй Дзасохти Александр. Æвзурстити рæстæг мæмæ е æ адæмæй кедæр исминæвар кодта, фæййагъаз, дан, мин кæнæд. Куд ин гъæуама ма фæййагъаз кодтайнæ, мæ ахургæнæгбæл гадзирахаттæй куд гъæуама рацудайнæ? Æма Æхсарбеги фарсмæ балæудтæн… Нæ фæсмон кæнун, кæд мæ балци фæкъкъех æй, уæддæр – нæуæг президент мæ уордæмæ нæбал рауагъта, фæззæрдихудт мæбæл æй…
– Ду, Дамир, нæ бæсти зундгонддæр финсгутæй кедæрти хæццæ нæ исæмбалдайсæ, е ми не ’руагæс кæнуй…
– Дууей хæццæ. Æфсади баслужбæ кæнуни фæсте мæ фæндадтæй Мæскуй Литературон институт каст ку фæцайнæ, е. Фæлварæнтæ нæма райдæдтонцæ, уотемæй нин институти зали фембæлд адтæй зундгонд советон поэт, искурдиадæгин лирик Василий Федорови хæццæ. Æз ин æ поэзи берæ уарзтон, Батумий киунугути тукани ин е ’мдзæвгити æмбурдгонд «Марьина роща», зæгъгæ, балхæдтон, къазармай мæ тумбочки адтæй, еухатт æй мæ хæццæ æфсæддон ахуртæмæ дæр фæххастон.
Нæ фембæлд ку фæцæй, уæд имæ бандиудтон, мæхе ин байамудтон æма мин уотæ зæгъуй, æз дæр, дан, конкурси къамиси иуонгтæй еу дæн, де ’мдзæвгитæ дин кастæн, дæ муггаг, дан, дин мæ зæрдæбæл бадардтон. Æхцæуæн мин адтæй. Фæстагмæ нин е ’мдзæвгитæй цалдæр бакастæй:
– Белым-бело, белым-бело…
По северу кочуя,
Я видел лебедя крыло,
Я видел лебедя крыло…
Им подметали… в чуме…
Уæдæй нуриуæнгæ цал æма цал анзи рацудæй, фал ми аци фондз мæтъæл рæнгъи нæ иронх кæнунцæ, мæ меднимæр сæ мæхецæн бакæсун, ци цауи кой кæнуй е мæ цæститæбæл ку рауайуй, уæдта мæ зæрдæ исресуй…
Иннæ фембæлд ба мин адтæй ами нæхемæ, Беслæнигъæуи, æмбесæхсæвæ. Кæци анз адтæй, уой нур бæлвурд нæбал гъуди кæнун, уæд кустон партий райкоми пропагандæ æма агитаций хайади сæргълæууæгæй. Еу изæр мæ сæр мæ базбæл куддæр æрæвардтон, уотæ мæмæ телефонæй æрбадзурдта ме ’мгъæуккаг Æлбегати Æхсарæ, уæд е фæндаггон милици куста. Æма мин уотæ:
– Мæнæ Беслæнигъæуи сæрмæ пости лæуун. Еу хуæдтолгæ бауорæдтан, æма æ шофер дæр расуг, æ фарсмæ ка бадуй, е ба никки хъæбæрдæр. Уотæ мин зæгъуй, æз, дан, Расул Гамзатов дæн. Æз ба, кæмæй зæгъуй, уой цæсгонæй нæ зонун, хæстæгмæ ’й некæд фæууидтон æма ин æ дзубандитæбæл не ’ууæндун… Еци хузæнæй ба сæ куд рауадзон, надбæл сæбæл ести ку ’рцæуа, уæд мæ бафхуæрдзæнæнцæ…
Мæнмæ е ходæг фæккастæй, зæгъун, æмдзæвгитæ ин радзорун кæнæ, æма уæд исбæрæг уодзæнæй, Расул æй æви нæй, е. Æхсарæ уобæл нæ исарази æй, æрцудæй мæмæ хуæдтолгæй. Æцæгæйдæр нæ устур поэт разиндтæй. Æз ибæл бацийнæ кодтон, лæгæй-лæгмæ ’й фиццаг хатт фæууидтон, æ къох ин хъæбæр нилхъивтон. Куд мин радзурдта, уотемæй сæхемæ, Махачкаламæ, æздахтæнцæ Нальчиккæй – уоми кæсæги номдзуд поэт Алим Кешокови исфæлдистадон изæри адтæнцæ, куд фæууй, уотæ фингитæбæл дæр рабадтæнцæ. Расул мæ бафарста Плити Гриси æма Хъайтухъти Геори туххæй, мæ саламтæ, дан, син мæн номæй радтæ. Мæ муггаг æма мин мæ ном æ дзиппидаргæ блокноти ниффинста.
Æз æй зæрдиагæй худтон нæхемæ, зæгъун æхсæвæ махмæ бахсæвеуат кæнетæ, æнафонæ ’й нур цæунæн. Ци нæ ин фæккодтон – нæ мин исарази æй. Æма сæ уæд Æхсарæ сæ разæй цудæй, уотемæй Мæхъæли арæни уæнгæ бахъæртун кодта.
Уобæл еуцалдæр анзи рацудæй, уотæ мæмæ еубон партий обкоми уæди косæг Сланти Илья телефонæй æрдзурдта, Дагестани, дан, адтан, уоми, дан, нин сæ партий обкоми фембæлд исаразта Расул Гамзатови хæццæ æма нæ е дæу туххæй фарста, уæхæн æма, дан, уæхæни нæ зонетæ, æ ервæзунгæнæг дæ исхудта, æмбесæхсæви, дан æй мæн туххæй милицæ æ гъар хуссæнæй исистун кодтонцæ, саламтæ, дан, ин раттетæ.
– Зонун æй, ахид дин фæууй фембæлдтитæ дæ киунугæкæсгути хæццæ, берæ цæбæлдæрти дæ фæффæрсунцæ. Æма сæ фарстатæй дин æнæнгъæлти ескæцитæ фæуунцæ?
– Фæууй уотæ дæр. Уæртæ Заманхъули мæ фарстонцæ фиццаг хатт, дан, тамаку кæд бадумдтай, уæдта фиццаг хатт арахъ кæд баниуазтай, Гизæли скъолай ба ахургæнгутæй еуей цæмæндæр хъæбæр базонун фæндадтæй мæ фиццаг уарзон ка адтæй, уой, æвæдзи, кæмæйдæр ести фегъуста.
Æнæдзуапп ратгæ син куд адтайдæ? Неци сæбæл баримахстон: нуриуæнгæ тамаку мæ цъухи некæдма адтæй. Кæддæр мин сувæллонæй мæ мадæ дзурдта, дæ фидæ, дан, тамакуйæй æ исæфт уидта æма уæд æз дæр загътон: «Нæ думдзæнæн!..» Æфсадмæ ку цудтæн, уæд мæ мадæ катай кодта, уоми, дан, исахур уодзæнæй. Нæ исахур дæн, нецæмæн мæ гъудæй…
Æцæг, арахъ ба ниуазун. Фиццаг хатт мæ цъухмæ исхастон, æхсæзæймаг къласи ку ахур кодтон, уæд, евгъуд æноси дæс æма дууинсæймаг æнзти. Уæд тугъди фæсте мæгур дзамани колхозонтæ будурти æнафæнттæмæ фæккосиуонцæ. Еу зуймон бони мæ мадæ будурæй æрæгæмæ ’рбацудæй æма мин уотæ зæгъуй, дæлæ, дан, нæ синхаг Зæйттатæй арти зинг исдавæ, нæ пеци бандзарæн, кенæдта уазал мæ бауæри иннердæмæ рахизтæй. Ниййафтон си нæ синхæгти дууæ лæги, Сабаз æма Алихани, æмбæлæггаг ниуазæн мæмæ равардтонцæ, куд гъудæй, уотæ арфи дзурдтæ зæгъуни фæсте æй гъæуама сæ еуемæ равардтайнæ. Сæ еу æй нæ райста, мах, дан, æмгари цæрæнбони туххæй искувтан, дæхецæн ниуазгæ, дан, æй, ме ’мбæлтти мин ранимадтонцæ. Еудзурдæй, исарази мæ кодтонцæ, баниуазтон æй. Æцæг æй мæ мадæ нæ базудта…
Фиццаг хатт ке бауарзтон, уой ба син не ’сгъæр кодтон, зæгъун, мæ хуæдразмæ партæбæл бадтæй, æ даргъ дзиккотæ ин чернилæдони дæр нитътъунстон, еухатт мæбæл æ мади исардудта æма е мæ мадæмæ ’рбалæбурдта. Фулдæр хæттити куд фæууй, уотæ мæнæн дæр мæ фиццаг уарзтæй неци рауадæй. Гъема Хуцауæй боз дæн, разæй мæмæ æндæр, хуæздæр амонд æнгъæлмæ кастæй…