ПЛАТИ Альбинæ: «БАРÆУАДЗÆ ГЪУДДÆГУТÆ АРАЗУНÆН НÆМÆ ГЪÆУГÆ РАВГИТÆ ДÆР ЕС!..»
Нуртæкки социалон-экономикон уавæрти бæлвурд хиццагдæр равгитæй е æй, æма амалгъонади архайдæн ес агъазкæнуйнади хузи райсæн 350 мин сомей уæнгæ фæрæзнитæ æма уой фæрци хе минкъий бизнес парахат кæнун. Мадта хе агъазадон хæдзаради райрæзтæн дæр гæнæн ес 200 мин сомей уæнгæ райсун. Еума ахсгиаг æздæх – кустагор адæмæн фæййагъаз кæнун аккаг кустбæл фæххуæст уни фæййагъаз кæнун. Æртæ анзей дæргъи нæ республики 1060 кустгъон адæймагемæн агъазгонд æрцудæй куст иссерунæн…
Аци æма ма берæ æндæр, æхсæнадæн дæр æма хецæн адæймæгутæн ахсгиаг фарстати фæдбæл цудæй æргом дзубанди, нæ республики Хецауади Сæрдари хуæдæййевæг Плати Альбинæн æрæги дзиллон хабархæссæг фæрæзнити минæвæртти хæццæ ци фембæлд адтæй, уоми. Уæлдай лæмбунæг æргом ба æздæхт цудæй социалон къабæзти гъуддæгути нерæнгæ ци арæзт æрцудæй æма ма си идарддæр дæр ци арæзт цæудзæнæй, уомæ.
Амалгъонтæмæ сæ архайди, уæдта кустагор адæймæгутæмæ фæккæсунæн паддзахади ’рдигæй агъазгонд цæуй. Уой фæдбæл дзоргæй, Плати Альбинæ куд баханхæ кодта, уотемæй дехгонд фæрæзнитæн сæ зингæдæр хай æнцæ федералон, уомæ гæсгæ ба сæ харз кæнунмæ цæуй сæрмагонд цæстдард. Дзуапп сæбæл дæттунцæ куд сæ харзгæнгутæ, уотæ бæлвурдгонд цæунцæ фæллойнадон-социалон райрæзти министради æма æ дæлкъабæзти косгути ’рдигæй дæр. Æ радзубандий ма куд баханхæ кодта, уотемæй нæ республики цæхгæр райрæзтæй, æхе хъауритæй ка архайуй, уони нимæдзæ. 2021 анзæй абони уæнгæ сæ нимæдзæ иссæй дууинсæй мин адæймагей бæрцæ.
Фембæлди рæстæг устур æргом æздæхт æрцудæй нæ республики культурон царди хабæрттæ æма цаутæмæ. Берæ зæрдæмæдзæугæ гъуддæгути фæдбæл си рауадæй дзубанди.
– Цæгат Иристон æ национ культурæ æма аййевади алæмæтдзийнадæй игъустгонд æй куд æнæгъæнæ Уæрæсей, уотæ дуйней берæ рауæнти дæр, – загъта Плати Альбинæ. – Дзæуæгигъæу ба бæлвурдæй алкæддæр адтæй æма нерæнгæ дæр æй Цæгат Кавкази культурон сæйраг сахар. Æма нин гъæуама уотид сæрустурдзийнадæ ма уа, фал никки æнтæстгиндæрæй пайда кæнун гъæуй, ци гæнæнтæ æма равгитæ нæмæ ес, уонæй. Нæ синхаг регионтæ сæхуæдтæ дæр, æвæдзи, исарази уодзæнæнцæ уобæл, æма си еунæгей бон дæр нæй нуртæккæ æхе растаун, мах республики, зæгъæн, цал æма цал аййевадон, уæлдайдæр ба театралон равдиститæ арæзт цæуй, цæйбæрцæ аллихузон фестивальтæ нæмæ фæууй, уомæй. Уомæ гæсгæ нæ хъæбæр фæндуй, цæмæй нæмæ цæмæдесаг фæткитæ идарддæр дæр парахатгонд цæуонцæ, цæмæй нæ фæсевæди фулдæр хай еци мадзæлттæмæ уотид еуварсæй кæсæг ма уонцæ, фал си зæрдиагæй комкоммæ архайуонцæ… Æ радзубандий ма Плати Альбинæ сæрмагондæй æрлæудтæй, Дзæуæгигъæуи 13-19 июли ци театралон фестиваль «Вахтангов. Æ райгурæн бæстæмæ æрæздæхт» арæзт æрцæудзæнæй, уомæ цæттæ кæнуни фæдбæл ци куст цæуй, уой хæццæ баст фарстатæбæл. Куд нисангонд цæуй, уотемæй фестиваль исфедаудзæнæй берæ аллихузон мадзæлттæй. Райдайдзæнæй Сæребари фæзи, гъæунгти театри карнавалти рацудæй, сæрмагонд равдиститæ арæзт æрцæудзæнæй Хетæгкати Къостай номбæл культури æма фæлладуадзæн парки. Спектакльти архайдзæнæнцæ Ирон æма Уруссаг театрти актертæ, уæдта нæ иуазæг театралон къуæрттæ. Цубур дзурдæй, нæ республики дууæ устур театрти сценитæ уæгъдæ нæ уодзæнæнцæ.
Зундгонд куд æй, уотемæй аци анз бæрæггонд цæудзæнæнцæ цалдæр ахсгиаг цауей бæрæгбæнттæ. Уони сæйрагдæртæй æнцæ: Иристон Уæрæсей хæццæ байеу уни 250 анзей, Дзæуæгигъæубæл 240 анзей исæнхæсти æма нæ республикæн автономий 100 анзей юбилейтæ.
– Иристон Уæрæсей хæццæ ке байеу æй, уобæл 250 анзи исæнхæсти бæрæгбон арæзт цæудзæнæй Уæрæсей Бони хæццæ, 11-12 июни,– фегъосун кодта Плати Альбинæ.– Сæребари фæзи арæзт æрцæудзæнæй устур концерт, Сабурдзийнади проспектбæл дæр æвдист цæудзæнæнцæ аллихузон тематикон мадзæлттæ. Уæхæн бæрæгбæнттæ ма арæзт æрцæудзæнæй республики районти дæр. Иристони автономи исбæрæг кæндзинан 6-7 июли, Дзæуæгигъæубæл 240 анзи исæнхæсти бон ба хауй, сахарæн æхе бæрæгбон алкæддæр кæд бæрæггонд фæццæуй, уæдмæ – сентябри фæстаг сабатмæ. Уой уæлæнхасæн ма 9-15 октябри Мæскуй арæзт æрцæудзæнæй берæ аллихузон цæмæдесаг мадзæлттæй гъæздуг къуæре. Нæ бæсти сæйраг сахари ма арæзт æрцæудзæнæй нæ къеретæ кæнуни фестиваль дæр. Хетæгкати Къостабæл 165 анзи исæнхæсти бон ба бæлвурддæй разиндзæнæй, Мæскуй 15 октябри ци устур концерт арæзт æрцæудзæнæй, уоми. Ами нæхемæ ба, Наригъæуи уой фæдбæл арæзт æрцæудзæнæнцæ театралон æма поэтикон изæртæ.
Журналистти хæццæ фембæлди рæстæг дзубанди рацудæй, нуртæккæ куд Уæрæсей æнæгъæнæйдæр, уотæ нæ республики дæр хъæбæр сагъæссаг ка æй, еци фарстабæл – косæг кадрти кадавардзийнади фæдбæл. Плати Альбинæ куд баханхæ кодта, уотемæй нæ республики зингæ-зингæ ирæзуй уæледарæс хуйуни къабазæ. Цалдæр нæуæг кустуати нæмæ байгон æй, уомæн æма æй пайдахæссæг куст. Фал си косгутæ ба нæ фагæ кæнуй. Фæллойнадон базар ке хонæн, уоми алкæддæр косгутæ агурдæуй еци къабази 300 бунатемæ. Фарæ Æрæдони райони равзурстонцæ, 35-40 косæг бунати кæми адтайдæ, уæхæн хуйæн цех байгон кæнун, фал си неци рауадæй, уомæн æма си косгутæ нæ фагæ кодта. Е берæ цæйдæрти фуд æй.
– Зæгъун гъæуй уой, æма советон доги дæр рæуæг промышленность нимад адтæй, минкъий æфтуйæггæгтæ ка хаста, уæхæн къабазæбæл, уомæ гæсгæ ба си алкæддæр кусти мизд дæр ниллæг уидæ, – загъта Плати Альбинæ. – Нуртæккæ дæр хуйгути мизд хъæртуй 27-28 мин сомей уæнгæ æма е ба, иннæ кустадон къабæзти хæццæ рабаргæй, ниллæг æй.
Уæхæн уавæри ’нцæ трамвай æскъæргутæ, аразгутæ, агориамайгутæ, хуаргутæ æма сантехникти куститæ дæр. Зингæ хиццагдæр уавæри ’нцæ æхсæнадон хуæлци къабази архайæг кустуæттæ – уонæми ба косгутæ хъæртгæ дæр нæ кæнунцæ, æма рауагъдонти уайтæккæдæр раскъæфунцæ сæхемæ, уæлдайдæр ба – хуæрæндæнттæмæ.
Лæдæрд æй е дæр, æма, зæгъæн, зурнæйзелæг кенæ газæй æндадзæги хъиамæти бæсти æригон адæймаг равзардзæнæй кафей кенæ бари косæги бунат, еу сменæмæ си 2-2,5 мини кæдзосæй дæ дзиппи ку изайа, уæд уæззау кусти æхе ургæфтуд кæнунбæл куд исарази уодзæнæй.
– Ахид уотæ рауайуй, æма æригæнттæй, ци дæсниадæбæл фæййахур кодтонцæ, е си иронх дæр ма фæууй æма имæ ефстæгутæ раздæхунцæ фæстæмæ, – зæгъуй Плати Альбинæ. – Уотемæй ба си беретæбæл паддзахади ’рдигæй сæ исахур кæнунбæл дзæвгарæ фæрæзнитæ харзгонд æрцæуй. Уомæ гæсгæ ба раст уодзæнæй, уæхæн равги фæрци ка исахур кодта, уотемæй ба, ци кустмæ ’й цæттæ кодтонцæ, уомæй ка тиллеф кæнуй, уонæй алкедæр гъæуама бафеда ахури фæсте, цæйбæрцæ ибæл харзгонд æрцудæй, еци æхцатæ æ кустæй. Адтæй уæхæн хабæрттæ дæр, æма ахурмæ сæрмагондæй æрвист ка ’рцудæй, фал æ комкоммæ кустмæ ба ка нæбал раздахтæй, уæхæнттæ иваргонд æрцудæнцæ. Мæнмæ гæсгæ, е раст æй.
Идарддæр куст цæудзæнæй цубуркъох бийнонтæн социалон феддонтæ дæттуни куст дæр. Аци анз уомæн дехгонд æрцæудзæнæй 15 миллиард соми.
Фембæлди рæстæг ма журналисттæ се ’ргом раздахтонцæ культурон артдзæститæй цалдæрей бундоронæй исцалцæг кæнуни фарстатæмæ дæр. Æма Плати Альбинæ куд фегъосун кодта, уотемæй Къостай музейи цалцæггæнæг куститæ кæронмæ æнхæстгонд æрцæудзæнæнцæ æ райгурæн бонмæ. Исцалцæг си кæндзæнæнцæ музейи раззаг фарс, балкъонтæ æма азгъунсти медæгæй куститæ дæр фæууодзæнæнцæ. Нерæнгæ бал цæттæ æй сметæ. Националон музейи директори хæццæ ба тагъд рæстæгмæ каст æрцæудзæнæй цалцæггæнæн куститæн подрядон организацитæ иссеруни, уæдта кустити æргъти хæццæ баст фарстатæмæ. Ирон литератури музейи кæронмæ фæхъхъæртунцæ цалцæггæнæг куститæ, гъæуама уалдзæги байгон уа.
Гæздæнти Гайтой номбæл библиотеки цалцæггæнæн куститæ ба аци анз нæ райдайдзæнæнцæ, уомæн æма ин айдагъ æ сæр баййевунæн гъæуй дæс миллион соми. Æма вице-премьер куд загъта, уотемæй нуртæккæ уæхæн фæрæзнитæ радех кæнунæн равгитæ нæма ес, гъæудзæнæй бангъæлмæ кæсун.
Æрмæг мухурмæ бацæттæ кодта БИЧИЛТИ Алетæ