22 декабря 2024

ДÆ ФАЛДЗОС РАУÆНТÆ БА ЦИ УАВÆРИ ÆНЦÆ?..

20.02.2024 | 12:31

Аци æрмæгæн сæргонди хузи уæхæн фарста ке æвæрæн, е хумæтæги нæй. Алкедæр уи, æвæдзи, фæууинуй уæхæн уавæр, æма кæмæндæр æ цæрæнбунат хуæрзæфснайд, уой фалдзос рауæнтæ ба æведауцæ уавæри. Мадта æркæсайтæ нæ гъæути алфамбулайтæмæ, уоми будуртæ æнæбунати  бугъгалæнтæ фестадæнцæ. Гæрр, уой нæ лæдæрæн, æма æрдзæн æверхъаудзийнæдтæ аразгæй, фиццагидæр нæ цардгъондзийнадæн хæссæн?!. Цæмæн ни иронх кæнуй нæ рагфидтæлти загъд: «Æрдзæ ихалун – цард ихалун æй!..»

Нæ алæмæти æрдзи исконд багъæуай кæнуни дзубанди цудæй Цæгат Иристони æрдзи фæрæзнити æма экологий министр Бæззати Вадимæн дзиллон хабархæссæг фæрæзнити минæвæртти хæццæ ци фембæлд адтæй, уоми. Æ радзубандий, зæгъæн, уæлдай æргом раздахта, æгæр ке исберæ ’нцæ бугъгалæнтæ, кæми не ’нгъезуй, уæхæн рауæнти – цубур рæстæгмæ сæ бæрцæ иссæй æртиндæс æма æртинсæй. Министри загъдмæ гæсгæ, районти разамунди фæрци, уонæй æртиндæс æма дууинсæй æндæгонд æрцудæнцæ… Еци куст идарддæр æнхæстгонд цæуй. Е хуарз æй, фал цардиуагæ ба уотæ ’й, æма бугътæн æнæ уæн нæййес. Æма уонæн уæддæр ести кæнгæ нæй? Уой фæдбæл дзоргæй, Бæззай-фурт загъта:

– Нуртæккæ регоператор «Эра» æхе харзæй аразуй бугътæ бакосуни нуриккон завод. Хауæццæгти хузтæ хецæн кæнунæй уæлдай ма заводи уодзæнæй уæхæн косæнгæрзтæ, æма æрдзон тæссаг хауæццæгтæй араздзæнæнцæ сор æзмæнст.

Сæрмагонд куст  цæудзæнæй, ставд æма арæзтадон бугътæ бафснайуни гъуддаги. Е нæ республикæн æй лухкæнуйнаг фарста. Аци анз ци устур завод искосдзæнæй, уой уæлæнхасæн исæвæрдзæнæнцæ, арæзтадон бугътæ ка морæ кæндзæнæй æма си дуккаг хатт испайда кæнæн цæй фæрци уодзæнæй, уæхæн косæнгæрзтæ. Нуриуæнгæ ци завод косуй, уомæй уодзæнæй цалдæр хатти кустгъондæр.

Фембæлди рæстæг дзубанди рацудæй нæ республики сæйрагдæр цæугæдон Терки, уой хæццæ ба нæ иннæ цæугæдæнтти ирисхъи туххæй дæр. Æма Бæззай-фурт куд загъта, уотемæй «Росводресурс»-и специалисттæ исбæлвурд кæндзæнæнцæ Терки уавæр, Ларсæй сауæнгæ Ногири хеди уæнгæ.

Уой хæццæ ма загъта, Иристони гидротехникон арæзтæдтæн сæ 93  проценти 50 анземæй фулдæр ке лæггадæ кæнунцæ. Хуæнхон дæнттæ тагъд уайунцæ, уотемæй æфсæйнаг-бетон къæйтæбæл сæ хъаурæ æвзарунцæ. Сæ фулдæр хай æнцæ бундорон цалцæгкæнуйнаг. Суадаги, Дзиуаригъæу æма Нæуæггъæуи ци объекттæ ес, уонæн проектон-хæрзти гæгъæдитæ цæттæ ’нцæ. Иннæ анз республикæ гъæуама райса фæрæзнитæ федералон центрæй æма уæд куститæмæ бавналдзинан.

Æмбурди архайгутæн министр дзурдта фæранки хузæ багъæуай кæнуни туххæй экологтæ æма ахургæндтæ ци берæвæрсуг куст кæнунцæ, уой туххæй, æма фегъосун кодта, хæстæгдæр рæстæг ба еу фæранк Иристони æрдзæмæ ке рауадздзæнæнцæ, уой.

Бæззати Вадими гъудимæ гæсгæ, министради ’рдигæй цæстдард ци берæ гъуддæгутæмæ ес, уонæй ахсгиагдæр æй нæ гъæдтæ зингисервæзтæй багъæуай кæнун. Аци фарстай Уæрæсей иннæ регионти ’хсæн мах ан хуæздæрти æмрæнгъæ.

Фембæлди кæронбæттæни министр загъта, æвæдзи, нæ еугуремæн дæр зундгонд ка ’й æма нин æнæмæнгæ æнхæст кæнуйнаг ка ’й, уæхæн гъуди: «Æрдзæ нæ гъæуайгæнæг, нæ дарæг æй æма имæ еугурæйдæр рæвдаугæ цæстæй гъæуама кæсæн!..»

Фегъосдзинан æй?..

ХЕКЪИЛАТИ Маринæ