21 ноября 2024

АДÆМ КÆРÆДЗÆЙ КУ УАРЗОНЦÆ, СÆ БÆРÆГБОН ДÆР ИГЪÆЛДЗÆГ УÆД УОДЗÆНÆЙ!..

30.12.2020 | 16:33

Нæ нæуæганзон кувдтитæн сæ сæйрагдæр еу, æвæдзи, исуодзæнæй нæ адæми ’хсæн хæлардзийнадæ, кæрæдзей нимайун, кæрæдзебæл æновуд æма багъæуаги агъазгъон уни туххæй. Æма е раст æй. Нæ рагфидтæлти цардиуаги федауцæдæр фæткитæй нæмæ ка ‘рбахъæрдтæй, уони ’хсæн бæрæг дарунцæ цалдæр: кæрæдзебæл æхцулдзийнадæ, иуазæгуарзондзийнадæ, хуæрзæгъдауи цитгиндзийнадæ…

Аци менеугутæ цæйбæрцæбæл бæрзонд цæстиварди адтæнцæ нæ адæммæ, уомæн берæ æвдесæнтæ æрхæссун æнгъезуй. Раст зæгъгæй, еци æгъдаубæл æновуддзийнæдтæ æгæр зулунтæгонд дæр æрцæуиуонцæ. Нæ номдзуд финсæг, публицист æма æхсæнадон архайæг Цæликкати Ахмæт уой туххæй уотæ финста: «Ирон лæг æцæгæлон адæймаги æ хæдзарæмæ æрбахонуй æма ’й хуарз фæууинуй. Æнгъæлетæ, æстонги бафсадуни туххæй? Нæ, æ гъуди бустæги æндæр æй – кæддæр æма кæмидæр æй æ иуазæг растаудзæнæй: Тотраз кенæ Сослæнбеги хæдзари мæ куд дессаг фæууидтонцæ! Кадæбæлмарди фусун…»

Уогæ ауæхæн хабæрттæ æстæн уиуонцæ, уомæн æма уæхæн миутæ æгадæбæл нимад адтæнцæ, æма ка циуавæр «иуазæгуарзон» æй, уой адæм зудтонцæ. Еумæ райсгæй ба, иуазæгуарзондзийнади медес адтæй адæймаги зæрдиагæй барæвдаун. Уомæн æвдесæн, мæнæ дæлдæр  æрмæгутæ ци цаути фæдбæл мухур кæнæн, етæ.

 

 КЪÆНЦИЛАРМÆ

Токати Бига райгурдæй Хонхи Дæргъæвси 1840 анзи. Адтæй рæстæмбес цæрæг лæг, гъæубæстæн уарзон, кæрдзиндæттон, иуазæгуарзагæ, коми нимаддæр лæгтæй еу. Фæццардæй сæдæ анземæй фулдæр, мæлгæ дæр ами ракодта 1944 анзи. Бигай туххæй адæми ‘хсæн берæ цæмæдессаг хабæрттæ байзадæй, æма уин уонæй еуей кой ракæнуйнаг ан…

Еу фæззигон бон дууæ изæрей астæу Бига, æ колдуари размæ гъæунги ци дууæ устур гæдибæласи адтæй, уони астæу фæтæн фæйнæгæй æхе къохтæй конд къелабæл бадтæй æма æ фарсбæлдаргæ кардæй цидæр уестæ амадта.

– Де ‘зæр хуарз уа, хуарз лæг! – кадæр æ рази ке æрлæудтæй, уой Бига, цалинмæ ин æ загъд нæ райгъуста æма имæ уомæ гæсгæ не ‘скастæй, уæдмæ нæ балæдæрдтæй.

– Хуцауи салам дæбæл исæмбæлæд æма дæбæл хуарз изæртæ цæуæнтæ!.. Æрбадæ бал мæ фарсмæ, дæ фæллад исуадзæ, – дзуапп ин равардта Бига.

– Арфиаг уо дæ ездондзийнадæй, фал мæ нæ евдæлуй, тагъд кæнун…

Бига æ бунатæй исистадæй, æнæзонгæ лæгмæ сæрæй къæхтæмæ æркастæй. Æ дзурдихатт ардигон ке нæ адтæй, уомæй æй балæдæрдтæй: фæсхонхаг иуазæг æй…

– Хуарз лæг, ардигæй уотемæй цæуæн нæййес…

– Гъома, куд нæййес?.. Мадта кутемæй цæугæ ‘й?.. – дузæрдуг фарст ракодта иуазæг Бигай.

– Мæ фæсте рацо…

– Кумæ мæ кæнис? – бустæги искатай æй мæгур лæг.

– Къæнцилармæ!.. Уоми  радзордзæнæ, ка дæ, кæцæй цæуис, кумæ цæуис, цæмæн цæуис æма уотæ идарддæр…

Лæг æ фуртухстæй ма ци фæцайдæ, уой нæбал лæдæрдтæй, лигъстæ кæнун байдæдта:

– Рауадзæ мæ мæ надбæл, неке бахъор кодтон. Гæрр, ирон лæгæн ирон зæнхæбæл цæуни барæ нæбал ес?.. Уоми нæ гурдзи уодхарæй марунцæ, ами ба – хеуæнттæ, ирон адæм…

– Мæ фæсте цо дин зæгъун, берæ ма дзорæ, – еци тингунхузæй загъта Бига æма æ хæдзарæмæ æ разæй бараст æй.

Ци гæнæн ма адтæй бæлццонæн дæр æма æ фæдбæл банæхстæр æй. Медæмæ бахезгæй, хæдзари уавæртæмæ ракæсæ-бакæсæ кæнуй: фарсбæл горцъебæл ауигъд дууæхæтæлон хъримаг, æ еу фарс хъæма, æ иннæ фарс æхсаргард. Къуми дорин пеци уæларт цидæр фицуй, æ хуарз тæф фиййи æсмотæнтæ æхгæдта, уæлдайдæр æстонг лæгæн, раст мæстæй маруни хузæн, пеци рази ба – цæрвцæгъдæн…

Уати ма адтæй тъахтий дæр, æ комкоммæ ба – æртæкъахуг фингæ, æ алливæрсти æртæ къæлæтгин къелай, уотемæй.

Иуазæг дести бацудæй: «Айæ циуавæр къæнцъилари æй?..»

Еци рæстæг уатмæ æрбахизтæй еу силгоймаг, куд рабæрæг æй, уотемæй Бигай цардæмбал Гикка. Æма хæдзари хецаумæ еци дестæгæнгæй дзоруй:

– Дæ мадæ, дæ фиди хатирæй, кæми адтæ?.. Иуазæг – хæдзари, ду ба уайтæккæ цидæр æрбадæ!..

– Иуазæг – Хуцауи иуазæг, – игъæлдзæгхузæй имæ дзоруй Бига, æма имæ дæттуй, уой размæ ци карк равгарста, уой.

Карк райста сæ астæуккаг кизгæ Дзена æма ‘й гъуд кæнунмæ февналдта… Цалинмæ карк фунхтæй, уæдмæ Гиккай æртæ къерей дæр рацæттæ ‘нцæ. Æхсæвæр ку искодтонцæ, уæд Бига иуазæги фæрсуй:

– Гъенур ба кæнæ дæ хабæрттæ.

– Арфиаг уо дæ цæнхæ, дæ кæрдзинæй, хъæбæр мæ исбоц кодтай. Æз ба ма дес кодтон, айæ циуавæр къæнцилар æй, зæгъгæ, – ходгæй дзоруй иуазæг. – Дæн Дзомагъæй, мæ ном Coco, Джиккайти Coco… Гурдзиаг фудгæнгутæ нин сæрди нæ фонс фæттардтонцæ, нæ хæдзæрттæ нин басугътонцæ, хумзæнхитæ ниддæрæн кодтонцæ… Бийнонтæ судæй мæлунцæ, æма хуар исамал кæнуни зæрдтæй рацудтæн, цæун Æрæдонмæ, ме ‘рвадтæлтæмæ, кæд мæмæ еуминкъий нартихуарæй фæккæсиуонцæ… Джимарай æфцæгбæл æрхизтæн æма хъæбæр бафæлладтæн…

Уоййадæбæл лæг исистадæй æма æ дзаумæуттæ æмбурд кæнун байдæдта.

– Ци дæ зæрди ес, Coco, ци фестадтæ? – фæрсуй æй Бига.

– Мæ балций хабар идарддæр, зæгъун, кæнон…

– Е ба куд æй?.. Аци æнафони хуарз фусун æ «цауæйнони» æндæмæ ку нæ ратæрдзæнæй… Æви дæ уой фæндуй, æма мæбæл гъæубæстæ æгади зар искæнонцæ, Бига æ иуазæги æмбесæхсæви расурдта, зæгъгæ?.. Дæ фæллад исуадзæ, сæумæй ба фæууиндзинан… Æхсæвæ Бигай кизгæ Дзена иуазæги дарæс никкæдзос кодта, æ дзабуртæ, цъиндатæ ин нихснадта, иссор сæ кодта…

Сæумæй, сехуар искæнуни фæсте, Бига фæрсуй Сосой: – Уæд дæмæ дзаумауæй ба ци ес, хуар цæми хæсдзæнæ?

– Мæнæ мæмæ хурдзинтæ ес. Фæйнæ пути си цæуй…

Бига фæдздзурдта е ‘нсувæри лæхъуæн Газанмæ æма æхе фурт Мурзабегмæ:

– Дууæ голлаги гоммæ радаветæ, еуей си нартихуарæй, инней ба мæнæуæй райдзаг кæнетæ, хурдзинбаст сæ ракæнетæ æма сæ бæхбæл уаргъæвæрд искæнетæ. Coco, дæ хурдзинтæ рахæссай… Райсетæ сæ æма си еу цæстæ хъæдорæй байдзаг кæнетæ, иннеми ба хуæрдæ-ниуæзтæ фæндаггагæн ниввæретæ. Coco нифсæрмитæ ‘й:

– Бига, уойбæрцæ хуæрзтæ мин цæмæн кæнис?.. Рауагътайсæ мæ мæ надбæл…

– Coco, мæ хор, иуазæгæн е ‘рбацуд æ барæ ‘й, æ рацуд ба – фусуни барæ… Цалинмæ ду фестæгæй Æрæдонмæ цæуай, уордигæй ба дæ уаргъи хæццæ Дзомагъмæ, уæдмæ кенæ хæрæг мæлдзæнæй, кенæ ба – æ хецау… Хæссуйнæгтæ мæнæ бæхбæл райвæрдзинан, æма дæ биццеутæ æфцæгмæ – медæг рæбунмæ – бахъæртун кæндзæнæнцæ, уордигæй абони дæ хæдзарæбæл исæмбæлдзæнæ…

– Æма айбæрцæ хæссуйнæгти хæццæ куд уодзæнæн.

– Хæдзарæмæ уæзæ нæййес… Ци фæразай, уой бал фæххæсдзæнæ, иннети ба уоми дорти буни бафснайæ, исон ба сæмæ æрцæудзæнæ æма уони дæр дæ хæдзарæбæл исæмбæлун кæндзæнæ…

– Мурзабег, цæуай æма ниуазæнтæ радавай. Хуцау, табу дæхецæн, сугъзæрийнæбазургин Уасгерги, нæ иуазæг – дæ иуазæг, фæндараст æй кæнæ…

Сосой хæццæ баниуазтонцæ сæ сикъатæ, кæрæдземæн райарфæ кодтонцæ æма Coco биццеути хæццæ рафардæг æй Джимарай æфцæгмæ…

 

САСИАТИ Сергей

 

Аци хабармæ гæсгæ ба ма нæ уой дæр зæгъун фæндуй, æма хумæтæг адæми цардиуаги æгъдæуттæ æма фæткитæ бæрæгæй зиндтæнцæ бæрзонд хецауеуæггæнгути хедаруйнади дæр. Нури рæстæгути уæхæнæй ести хъæбæр-хъæбæр æстæн фæууинæн ес, фал раздæр ба…