МАКÆД СÆ ФЕРОНХ КÆНÆ, ИРИСТОН!..
Елхоттæмæ хæстæг рауæнти тугъдтитæ сæ тæккæ карзи бацудæнцæ. Лейтенант Палияни батарейæмæ еци æмпурсæги æмпурстонцæ знаги дууинсæй танки. Танкити æма батарейи æнауæрдон æхститæн сæ гæбар-губур байеу æнцæ. Палияни сæр фæццæф æй, фал æ бунат нæ ниууагъта, æ дуккаг фехстæй бабæй иссугъдæй еума танк. Еци тугъдтити рæстæг фашистти танкитæй авд æрцудæнцæ сугъд, иннетæ ба сидзмудзти фæлледзæги ’нцæ.
Фæскомцæдесон Коротков Мæздæги будурти тугъдтити рæстæг, комкоммæ æхсгæй, сахатмæ басугъта знаги цуппар бронетранспортери, гитлеронтæй ба рамардта инсæйей бæрцæ. Æ хестæр æмбал Шульпини батарей еци тугъди ниппурхæ кодта цуппæрдæс танки. Гвардий æфсæддон Коровушкин обаубæл æрбунат кодта æ пулемет «Максимки» хæццæ. Е ’мбæлттæ фæццæфтæ ’нцæ æма сæ санитарон батальонмæ рарвиста. Коровушкин фашистти фиццаг æхста пулеметæй, ци гилдзитæ имæ адтæй, етæ ин ку фæцæнцæ, уæдта сæбæл æнтъухта гранаттæ… Немуци уордигæй фæстæмæ ку фæссурдтонцæ, уæд батальони командир Цæллагти Бетъа Коровушкини обауи фæхстæбæл банимадта æхсæз æма инсæй немуцаг мард æфсæддони æма дууæ афицери. Еци бон матростæ Вознесенскмæ ’мпурсæг дæс æма дууинсæй танкемæй басугътонцæ цуппæрдæс æма инсæй, знаги æфсæддонтæй ниццагътонцæ цалдæр сæди, иннетæ ба ледзæги фæцæнцæ. Фал кутемæй? Изолмæ фæллигъдайуонцæ? Нæ!..
ЗНАГ ФЕГУППÆГ ÆЙ ÆМА ФÆЛЛЕДЗÆГИ ÆЙ
Терки рагъ гъæуайгæнгути разæй лæудтæнцæ 11-аг корпуси гвардионтæ æма еу бонмæ фегуппæг кодтонцæ знаги æрдонгти дæс-финддæс тухгин æрбампурсти. Уæхæн рæстæг дæр искæнидæ, æма еци-еу рæстæг гвардионти тохæн рауæнтæмæ æмпурсиуонцæ 120-150 танки, сæ хæццæ фестæг æфсади къуæрттæ, уотемæй. Уæхæн карз тугъдтитæ цудæнцæ мæйи бæрцæ.
Гвардионти корпуси командир инæлар Иван Рослый æма штаби хецау гвардий болкъон Михаил Глонти 9-аг æфсади командæгæнæг инæлар Коротееви бардзурд æнхæст кæнгæй, аразтонцæ контратакити бацæунæн оперативон пълантæ.
Цæттæ адтæй гвардион корпуси хъазауатон къуар. Æ сæргъи æвæрд æрцудæй 10-аг гвардион бригади командир болкъон Бушев. Къуармæ конд æрцудæнцæ фæлтæрдгин афицер Григорий Диордицай гвардион батальон, æндæр дивизийæй еу полк, хуæрзарæхст æма бæгъатæр афицер Филиппови танкисттæ, уæдта артиллерий хецæн батарейтæ.
Командæкæнуйнади сæйрагдæр гъудимæ гæсгæ, æфсæддон къуар гъæуама æнæнгъæлти нимпурстайдæ фашистти фæскъилдунмæ. Æма, фæстæдæр куд рабæрæг æй, уотемæй раст, хъæбæр раст адтæй уæхæн гъуди! Гитлеронтæн ами сæ размæмпурсти хъаурæ фæссастдæр æй, фал ма уæддæр хъаурæгин нихкъуæрд раттунгъон адтæнцæ, – æндæр рауæнтæй сæмæ калдтонцæ æма калдтонцæ нæуæг тухтæ.
Бушеви къуари размæмпурстæн агъаз кодтонцæ нæ артиллеристтæ, «катюшитæ» æма штурмгæнæг авиаци – знаги акъоппитæ пурхæ кодтонцæ сæ карз цæфтæй.
Куд нисангонд адтæй, уотемæй операций пълан исæнхæст кодта хъазауатон къуар: Терки гъæу Предмостныйи фалдзоси æрахæста обæуттæ, уæдта идарддæр æмпурсгæй Терски станици кæрæнттæй фæссурдта фашистти, æрахæста Мæздæгæй Вознесенскийи астæу над æма гитлеронтæн æндæр гæнæн нæбал адтæй, лигъдæнцæ Терки галеу уордæгмæ.
Клюгенау æ танкити æргъау æма дууæ дивизий разæй, Бушеви къуари æ фæсте ниууадзгæй, ниццавта Малгобеки ’рдæмæ, комкоммæ ба Вознесенскийи гъæумæ, – гъæуама æрхизтайдæ Алханчурти фæзтæмæ, уобæлти фæрраст адтайдæ Грознамæ.
Фал ами, риндзæбæл лæудтæнцæ 62-аг бригади денгизонтæ, нæ «катюшитæ» æма артиллеристтæ. Клейст æма Клюгенау зонгæ дæр нæ бакодтонцæ, ами сæ тугъдонтæ æма танкитæн уæлмæрдтæ цæттæ ке ’й, уой, æма размæ цудæнцæ æндиудæй, æдæрсгæй.
Дуккаг бон сæумæй 11-аг корпуси гвардионтæ æма денгизонтæ исаразтонцæ тухгин нимпурст æма Предмостный исуæгъдæ кодтонцæ. Клюгенауи хъауритæй ма ци райзадæй, уони ба Терки басхустонцæ.
Раст зæгъгæй, советон æфсæддон разамонгутæн, аци операци аразгæй, ахсгиаг куд нæ адтайдæ, знаги æфсæддонтæй æма техникæй фулдæрæй-фулдæр ниддæрæн кæнун, фал уæддæр сæйрагдæр ба адтæй, фашисттæн ами, Терки билтæбæл, сæ бæрзæй уæхæн æверхъау саст никкæнун æма си куд баруагæс адтайдæ, алкæд уонæн æфсæддон æнтæстдзийнæдти бæрæгбон ке нæ уодзæнæй, сæ уæлахезти рæстæг ке фæцæй, е. Гъе уой медæгæ адтæй Терки рагъæй Мæздæги ’хсæн будурти æма Елхотти тогуарæн тугъдтити нисанеуæг.
СВИДЕТЕЛЬСТВУЕТ ИСТОРИЯ
ЛИЧНОЕ И СЕКРЕТНОЕ ПОСЛАНИЕ ОТ ПРЕМЬЕРА СТАЛИНА ПРЕМЬЕР-МИНИСТРУ Г.ЧЕРЧИЛЛЮ
Благодарю Вас за Ваше послание от 13 ноября…
В последние дни удалось остановить продвижение немцев под Владикавказом и стабилизировать положение. Владикавказ в наших руках и, как мне кажется, останется у нас. Принимаем все возможные меры для удержания наших позиций на Северном Кавказе.
В ближайшее время думаем начать зимнюю кампанию. Когда именно удастся начать, это зависит от погоды, которая не в нашей власти. О ходе операции буду осведомлять Вас регулярно.
14 ноября 1942 г.
«ÆНÆМÆНГÆ ÆМА ÆВÆСТЕУАТÆЙ РАЗМÆ, АЙДАГЪДÆР РАЗМÆ!..»
Капитан лейтенант Цæллагти Бетъа – денгизонти батальони командир – æ тугъдон æмбæлтти хæццæ æнхæст кодта сæрмагонд ихæслæвæрд. Изæрдалингти бацудæнцæ Предмостныйи хорнигулæн кæрони гъæдрæбунмæ. 52-аг танкити бригадæй цалдæр танки æма æ мотобатальон ба еци рæстæг тох кодтонцæ гъæуи хонсар-хорнигулæн æрдигæй гъæунгти. Еу хъаурæгин цæф ма никкæнун гъудæй, æма уæд Терки хонсарварс немуци тухæмбурдгæнæн бунат ист æрцудайдæ. Тугъдон операци хъæбæр раст уагæбæл æнхæстгонд цудæй.
Еу афони Хъизлар æрдигæй надбæл æрбазиндтæй æхгæд уæзласæн хуæдтолгити къуар, цудæнцæ сабургай æма фæд-фæди, æхсæнмæ-æхсæнти си адтæй рæуæг хуæдтолгитæ – «мерседестæ».
– Ке агорæн, етæ ’нцæ? – Куркович басхуста Дорохови цонг.
– Æвæдзи! Гъо, штаб ласæг колоннæ уодзæнæй, бæрæг æй æ кондæй…
– Райдайæн, мадта!
– Æнæмæнгæ æма æвæстеуатæй! – исдзурдта Дорохов.
Лейтенанти амундмæ гæсгæ æртæ тугъдони сæ губунтæбæл бабурдæнцæ нади хуæдбилæмæ. Фиццаг хуæдтолгæ æнæнгъæлти æрлæудтæй æма кабинæй рахизтæй сау æндæрг бæрзонд ходи. Ракæсæ-бакæсæ ракодта, уæдта нади билæрдæмæ бацудæй, æвæдзи, æхе гъудий.
Куркович ракетæ фехста раззаг машини ’рдæмæ. Е адтæй тугъд райдайæни нисан. Аллихузон тохæнгæрзтæ æмгупп кæнун райдæдтонцæ æма Терки билтæ цæхæр искалдтонцæ, уæлдæф ниррохс æй. Раззаг хуæдтолгитæ ихæлд æрцудæнцæ гранаттæй æма иннети над æрæхгæдтонцæ. Еу хуæдтолгæ ба си уотæ иссугъдæй, æма иннетæ дæр æ рохсмæ хуæздæр зиндтæнцæ. Уотемæй сæ не ’фсæддонтæ дæрæн кодтонцæ гранаттæй, æфсæддонтæй си ка бадтæй, уони ба цагътонцæ автоматтæ æма пулеметтæй… Знæгтæ исæмæнтъери ’нцæ æма кæрæдзей нæбал лæдæрдтæнцæ.
– Къуар, хъазауатонæй размæ!.. Ур-р-р-ра!..
Советон æфсæддонти æнæнгъæлти балæгæрст æма æртухсти ке равзурдæнцæ, е гитлеронтæй ку баруагæс æй, фæййервæзæн син ке нæбал ес, уой ку балæдæрдтæнцæ, уæд æрсабур æнцæ. Сæ фулдæр сæ къохтæ исдардтонцæ… Дорохов бардзурд равардта е ’фсæддонтæн, æхсун бауораметæ, зæгъгæ…
Дорохов æнай-æнойти рафæндæ кодта, кæми тох кодтонцæ, уоми гъæуайгæнæг æфсæддонти къуар ниууадзун. Æ сæр багъæудзæнæй. Фал уой бакæнун æ бон нæ адтæй æнæ комбати бардзурдæй. Рафарста Цæллаги-фурти. Бетъа ин загъта:
– Тæрсгæ ма кæнетæ, фæззиндзæнæй нæмæ Козай-фурт.
Боницъæхти, æцæгæйдæр, æрбахъæрттæй хестæр лейтенант Козати Александри гвардионти гъомусгин къуар, æ хæццæ адтæй инсæй танки æма Волчанскийи дивизионæй æртæ батарейи дзармадзантæ.
Бушеви, Цæллагти Бетъай æма Козати Александри хъаурæгиндæргонд къуæрттæ се ’нтæстгин архайдæй Хъизлар-Предмостный-Терски исбастонцæ знаги иуонгтæ æма фудголæй рæстæгмæ байронх æй Грознамæ æма Орджоникидземæ Малгобеки-Терки рæгътæбæл æмпурсуни фæндæ. Хорискæсæни ’рдигæй ба знаги хъури, куд фæззæгъунцæ, ниффедар æнцæ инæлартæ Кириченко æма Селиванови хъазахъæгтæ.
Мадта, Елхотти-Æргинарæги æма Арæхъи рæгътæбæл дæр æндонреу æфсæддон хæйттæ æрахæстонцæ риндзæ æма знаги размæ нæ уагътонцæ.
«ФИДБИЛИЗ КА ХÆССА, УОМÆН Е ФИЦЦАГИДÆР ÆХЕБÆЛ ÆРЦÆУЙ!..»
Гитлер агурдта Клейстæй нефть, уæдта Кавкази иннæ хæзнатæ тагъддæр байсун. Гитлер агурдта, цæмæй Кавкази тугъд тагъддæр рамола æма Турки паддзахадæ дæр æ фарс тугъди бацæуа Советон Цæдеси нихмæ. Гитлер æ гæндзæхтæ цагъта, Сталингради ке ниххастæй, уой фæдбæл. Фал Терк дæр устур агъаз кодта Волгæн, æма æ сæрти фудголти æрбахезун нæ уагъта.
Клейст æхе раст кодта Гитлери рази: Терк фæтæн æма арф æй, тагъд цæуй, æ билгæрæнттæ цъимара ’нцæ… Æма рæстæг фулдæр гъæуй æ сæрти бацæунæн. Мæйæ фагæ нæ адтæй Клейсти æфсæдтæн: фæцæй август, фæцæй сентябрь, кæронмæ æрхъæрттæй октябрь дæр, уæддæр Терк басæттун нæ кумдта Гитлери æрдонгтæн – ехи хузæн тадæнцæ æ билгæрæнттæбæл, сæ хъаурæ састæй, размæ нæ, фал фæстæмæ кæсунбæл фæцæнцæ.
Алкедæр æй зонуй, Терк нæй Днепрæй æма Днестрæй, Вислæй æма Донæй, уæдта æндæр берæ цæугæдæнттæй, немуц ке сæрти æрбалæгарстонцæ, уонæй устурдæр, фæтæндæр, арфдæр.
Фон Клейст, æ ихæлд танкитæмæ кæсгæй, æма е ’фсæдти, уæдта æхе тоги ’вдолгæй, агурдта нæдтæ идарддæр æмпурсунæн: никки фулдæр танкитæ æма æфсæдтæ калдта Кавказмæ, хуæдтæхгутæ æма бомбитæ, дзармадзантæ æма æндæр аллихузи тугъдон техникæ, арт æфтудта æнæгъæнæ дуйней æрдхуæрæни Кавказбæл. Фал, ци нæ кодта, уæддæр ин размæ ракъахдзæф кæнун дæр нæбал æнтæстæй.
Октябри фæстаг бæнтти Елхотти-Æргинарæги-Арæхъи рæгътæбæл дууæ къуæрей дæргъи æнæрлæугæй ка фæццудæй, еци уæззау тугъдтитæ дæр ин æ зæрдæ нецæмæй рохс кодтонцæ. Ами æдеугурæй сæ адзал иссирдтонцæ цалдæр мин фашистти, уæдта Клейсти æмбал, немуцаг инæлар Герр – танкити дивизий командир… Елхотти будуртæ байдзаг æнцæ фашистти мæрдтæй æма сæ пурхгонд техникæй.
Æртæ мæйей дæргъи еци-еу бунати «цоппай» кодтонцæ æма сæ тоги æвдулдæнцæ Клейсти æфсæдтæ. Фал уæддæр иссирдтонцæ нæ гъæуайгæнгути лæмæгъ бунат дууæ æфсадей ’хсæн Елхоттæй Плановски астæу æма ами, хъæбæр уæззау тугъдтити фæсте Дигори ’рдæмæ æрбайервазтæнцæ.
Сæдæгай танкити «æргъау» æма Руофи æфсæдти æвзаргæдæр хæйттæ æзманстонцæ Дигори будуртæ, пурхæ кодтонцæ æма сугътонцæ гъæутæ, ахæстдæнттæмæ æма лагертæмæ калдтонцæ адæми – рацæргæ нæлгоймæгти æма силгоймæгти, аллирауæнти исахид æнцæ ауиндзæнтæ æма сæбæл фашисттæ ауигътонцæ адæми хуæздæрти, коммунистти, советон хецаудзийнади бæрнон косгути, партизанти. Фæллойнæгæнæг дзиллитæ зумæги къæсæрбæл ниууагътонцæ сæ хæдзæрттæ игæнттæй, сæ мулк æвæгæсæгæй, æма, кæмæн куд амал адтæй, уотæ лигъдæнцæ æдасдæр рауæнтæмæ, гъæдæмæ, хуæнхти цъæстæмæ – сæхе æма сæ сабийти фæййервæзун кæнуни туххæй.
Фон Клейст цийнæй мардæй. Æ цæститæбæл уадæй Владикавказ (Орджоникидзе). Æ устурдæр фæзи – немуцаг æфсæдти парад… Фон Клейстæн Гитлер аци паради бонмæ – 7 ноябрмæ – æрбарвиста хуæрзеугутæ æма фельдмаршæли цин…
ХЕВАСТ ХАЙУАН УÆРДУНИ КОНД ДÆРÆН КÆНУЙ!..
Æхебæл æгæр ка ранвæрстæй, еци инæлар æ медгъудити цæттæ кодта, еци паради рæстæг сæрустурæй цитæ дзордзæнæй, уæхæн радзубанди: «Грознай-Малгобеки нефть цæуй Германий империмæ… Æхгæд æнцæ Арви коми æма Уæллагири коми нæдтæ æма сæ дæгъæлтæ ’нцæ немуци дзиппи… Баку дæр идард нæбал æй. Тифлис ба никки хæстæгдæр… Еу рæуигъд ма æма Кавказ æ уæрагисæртæбæл æрлæудзæнæй Гитлери рази, æ уорссæр хуæнхтæ æрковдзæнæнцæ фюрери къæхтæн…»
Фал е адтæй фун, æнгъизт сæри хъанзи сæнттæ. Кавкази нефть æма бензин æдæрсгæ цудæнцæ Советон бæсти алли къабæзтæмæ: Сталинград гъæуайгæнгутæмæ, Сау денгизи, Баренци æма Балтики тохгæнæг денгизон флоттæмæ, Ленинградмæ Цæдеси ирæзгæ авиаци æма танкити æфсæдтæмæ.
Æма Клейст æ уодæй-уод кодта фюрерæн нефть раттунбæл, феронх си ’нцæ, Мæздæгæй Елхотти ’хсæн будурти е ’фсадæй ци дууадæс мин æфсæддони æма афицерей цардвæндаг æгадæ мæлæтæй фæцæй, етæ дæр, нæбал æй æндавтонцæ, аци тугъдтити ин ци фондзсæдæ танки басугъдæй, етæ дæр.
Клейсти лæборгутæ æртæ боней дæргъи – 31 октябри, 1, 2 ноябри – байстонцæ Чикола, Дигора, Алагир, Æрæдон.
Фон Маккензен (1-аг танкон æфсади командæгæнæг) фюрерæн фегъосун кодта: «Нæ корпуси нихмæ Терки хорнигулæн билгæрæнтти знагæн ци хъауритæ адтæй, уонæн банимайæн ес исæфтбæл… Ка ма райзадæй, уони батардтан хуæнхтæмæ æма цæунцæ сæ исæфти надбæл…
Знаги иннæ пурхæнтæ Владикавказ æрдæмæ сорæн…»
Балхони еци дзубандитæ хестауæнти хузæн адтæнцæ, уæди уавæр бустæги уотæ нæ адтæй. Фал, раст зæгъгæй, нæ республики сæйраг сахар тæссаг уавæри бахаудтæй.
«ЕУГУР МАДЗÆЛТТÆ ДÆР – УАРЗОН САХАР БАГЪÆУАЙ КÆНУНÆН!..»
Ралæудтæнцæ уæлдай зиндæр бæнттæ, Кавказ багъæуай кæнуни тугъдтити уæззаудæр рæстæг. Нарæг нæдтæбæл æрбацæугæй, немуци налатдæр тухтæ равзурдæнцæ Кавказ гъæуайгæнæг Советон Æфсади фескъилдун. Лухгонд цудæй Советон Кавкази, Советон Хонсари ирисхъæ.
Фæскавкази фронти командæгæнæг Тюленев дуккаг ноябри æ штаби оперативон къуари хæццæ Сау денгизæй истахтæй Орджоникидземæ. Фронти Цæгатаг æфсæддон къуари командæгæнæг инæлар Масленникови æрбаййафта æдзæллаг хузи, сахар ниууадзуни фæнди хæццæ.
Æрæмбурд æй Владикавкази (Орджоникизей) Гъæуайкæнуйнади Комитет. Унаффæ адтæй: сахарæн знаги къохтæмæ раттæн нæййес! Комитет æма фронти командæгæнæг штаби хæццæ исаразтонцæ еугур мадзæлттæ дæр сахар фудголтæй багъæуай кæнунæн.
Нæ сахари фæллойнæгæнгутæ, Орджоникидзей æфсæддон гарнизон æма гъæутæй æрбацæуæг колхозонтæ рагацау берæ фæккустонцæ столици алфамбулай æртæ фæлтæри гъæуайкæнуйнади федæрттæ исаразунбæл. Фæзти, гъæунги, хæдзæртти бунмæ уæрмитæ, кумæ нæ ракастайсæ, аллирауæн дæр си фæууидтайсæ доттæ, дзоттæ, пулеметтæй, дзармадзантæй, автоматтæ æма топпитæй ’хсæн бунæттæ, æрбацæуæнти аллирауæн дæр ниффедар æнцæ танкити нихмæ арæзт «узунтæ», арф æма урух къанæуттæ, минитæй «гъæст» рауæнтæ. Синдзæ телæй горентæ… Фæхстæбæл – дзармадзанти батарейтæ…
Цубур дзурдæй, знаг æдзæттæй не ’рбаййафта сахар, кæд имæ æнæнгъæлти æрбампурста, уæддæр.
ДЗАТТИАТИ Тотурбег, ГУБАТИ Чермен
(Уодзæнæй ма)