21 ноября 2024

ХУÆНХТИ МИНÆВÆРТТÆ

15.06.2024 | 21:53

Бестужев æ меднимæр рагъуди кодта: «Тагъд дон форди  не ’ййафуй. Алдигирей æма бал архимандритмæ бангъæлмæ кæсæн». Гъæрæй ба загъта:

– Гæдзи буни сойнæ ес. Алли уæлахез дæр æхемæ æнгъæлмæ кæсун домуй…

Еци дзурдиуагæ Трубецкойи зæрдæбæл не ‘сæмбалдæй. Ирон гъуддæгути канцлер уæзбунæй ке архайдта, уой нихмæ некæд неци загъта, фал си нур ба æндæр дзурдтæ фегъосунмæ æнгъæлмæ кастæй.

– Нæ дипломати хийнæ дæр гъæуагæдæр æй, Никитæ Юрийи фурт.

Трубецкойи бунккаг билæ фæрразæй æй. Кæд графбæл æ Хуцау æхе нæ рахадта, уæд æй уæхæнæй некæд зудта. Æ гъудитæ имæ аци хатт хъæбæр æнахур кастæнцæ.

– Дæумæ ку игъосон, уæд, цæмæй старшинатæ сæ сæрæй раковонцæ, уой туххæй син æз гъæуама лигъститæ кæнон, лæвæрттæ син дæттон. Хуарз, арази дæн! Фал сæмæ е дæр фагæ ке нæбал кæсуй, уой зонис!

Трубецкойи зæрдæ фæстаг дзурдтæмæ фæкъкæпп кодта, кæд æй къахгæ кæнуй, зæгъгæ.

– Цийфæндийæй дæр син естæмæй зæрдæ æвæрун хуæздæр æй.

Бестужеви цæсгонбæл фæззиндтæй масти медбилхудт:

– Еудзурдæй, метæй син мæсгутæ амайæ…

Фуртухстæй къæразги размæ бауадæй æма бабæй фæстæмæ фездахтæй. Аллирауæн дæр уотæ: «Естæмæй син нифс байвæрæ…» Æ сæр æндæр нæ ахæссуй æви æй гъуди кæнун нæ фæндуй?! Ирæнттæ еци зæрдæвæрæн дзубандитæй сæ хъурмæ ’нцæ. Нур, кæдæй-уæдæй  гъуддагмæ æнгъæлмæ кæсунцæ.

– Еуæй-еу хатт цæвæгæй гъавæг ке фæрраздæр уй, е ди граф иронх ма уæд. Цалинмæ зундгин гъуди кодта, уæдмæ гъæлайæн биццеу райгурдæй. Мæнмæ гæсгæ, ирæнтти раледзун гъæуй…

Бестужев рамæстгун æй: бустæгидæр æ зунд фæццудæй, æви? Ескæддæр  ма паддзахадон гъуддæгутæмæ уæхæн цæстингасæй кæсгæ адтæй!

Визир нин уой ку фегъоса, уæд бæстæ ку исæзмæнтдзæнæй.

– Раледзун гъæуй, зæгъис?

– Мæнмæ гæсгæ, уотæ хуæздæр уодзæнæй.

– Æма нæмæ султани æфсæдтæ ку ‘рбампурсонцæ, уæдта?

– Кæронмæ дзорун бал мæ бауадзæ.

– Игъосун дæмæ.

– Ирæнтти раледзун фæндуй?

Бестужевæн еци гъуддаги нихмæ æ бон неци зæгъун адтæй æма исдзурдта:

– Фæндуй…

Трубецкойи цæсгонбæл рагъазта æнахур медбилхудт.

– Мадта, зæгъис, турккæгти рази, дæ цæсгон кæдзос æй?

–  Æвæдзи, кæдзос! Ма фæррæдуйæ.

Бестужев  æ билтæ фуркатаййæй растардта.

– Зунд мин байамонæ, байгъосдзæнæн дæмæ.

Трубецкой æ меднимæр гъудитæбæл фæцæй, канцлери хæццæ ’й  императормæ цæун гъæудзæнæй. Еци рауæн гъæуама æ цъухбæл фæххуæца. Уадзæ æма канцлер дзора.

– Ци нигъгъос дæ?

– Мæнмæ уотæ кæсуй, æма бал ирæнттæй еу-дæс хæдзари ку раледза, уæд уоми æгириддæр тæссагæй неци уайдæ. Никки ма нæбæл хъæбæрдæр баууæндиуонцæ. Турккæгти гъосбæл ести хабар ку исæмбæла, уæд визирæн зæрдæ байвæрæ, фæстæмæ сæ сæ бунати балæуун кæндзинан æма сæ сæр дæр некæдбал радардзæнæнцæ, зæгъгæ.

Канцлер æ меднимæр деси бацудæй. Дузæрдуг дæр ма ибæл фæцæй: кæд нин минæвари хæццæ нæ дзубандимæ сосæггай игъуста.

– Ци дæ зæрди ес, уой кæнæ, кенæдта дæбæл кедæр лæги æмбесонд æрцæудзæнæй.

– Циуавæр  лæги?

– Æ уосæмæ хæстæг цæун ка не ‘ндиудта æма æвæстаг ка фæцæй, еци лæги хабар некæд фегъустай?

Канцлери цæстити цидæр зинг ферттивта.

– Никитæ Юрийи фурт, мæ хъури дæ æнæракæнæн нæййес.

Трубецкойи фæтæн усхъитæбæл фæххуæстæй, æ къахфийтæбæл ислæудтæй æма ин æ цæститæмæ комкоммæ никкастæй.

– Арфиаг уо!

Трубецкой кæд æхебæл цийфæнди хъæбæр хуæстæй, уæддæр æ сæрустурдзийнадæ баримæхсун нæ бафæразта:

– Е ба дин арми кæсалгæ. Дони кæсалгæй неци пайда ес. Айдагъдæр уой фæсте нæ дипломати хийнæ дæр гъæуагæ мабал исхонæ.

Канцлери еци дзурдтæ нæбал æндавтонцæ: æхе гъудитæбæл фæцæй. Айдагъдæр  сæ дзурдта, Трубецкоймæ дæр игъуста, уотемæй:

– Кæсгон кънийæзтæн зæгъдзæнæн, цæмæй ирæнтти гъигæ  мацæмæй бадаронцæ.  Е сæхецæн дæр минкъий пайда нæ уодзæнæй: мах сæмæ хуæздæр цæстæй кæсун райдайдзинан.

Трубецкой байгъæлдзæг æй, æ армитъæпæнтæ кæрæдзебæл æркъæрцц кодта:

– Дæхецæй лæгдæр зин иссерæн æй!

Канцлери хæццæ кæд фæйнæхузон уавæрти ‘нцæ, æма, куд фæззæгъунцæ, бæхгин фестæгæн æмбал нæй, уæддæр сæ императори рази еумæ дзуапп дæттун гъæудзæнæй. Сæ пайда дæр сæ зиани хузæн æмхузон дех кæндзæнæнцæ. Æрæгиау фæффудæнгъæлдзауи хузи исдзурдта:

– Цидæриддæр зæгъуйнаг адтæн, уонæмæ фæрраздæр дæ.

– Е неци кæнуй. Сæйрагдæр æй нæ гъудитæй Фидибæстæн ести пайда æрхæссун.

Уати дууердæмæ рацо-бацобæл иссæй: «Уæддæр еу гъудимæ ке ‘рцудан, е хуарз æй. Ирæнттæ кæсгæнтти  хæццæ ку æрлимæн уонцæ, уæд Уæрæсейæн турккæгти хæццæ федар æнцойнæ фæззиндзæнæй».

***

Афæхъо дуарæй бахизтæй. Къæсæргæрон æрлæудтæй. Дзеу фуркатаййæй ци фæцайдæ, уой нæбал зудта. Кæмæдæр бавзиста:

–Хъæбæр фæсмон кæндзæнæ!..

Уанæбæрæг  ибæл ци бæлах æрбалæудтайдæ цума? Минкъий раздæр æй дзæбæхæй ку ниууагъта. Кæмæ æ гæндзæхтæ телуй? Ке бабун кæнунмæ гъавуй? Цæбæл исæрра æй?

Гъæуи еунæг адæймаг дæр нæййес инней ка бафхуæра, уайдзæфи загъд ке цъухæй исхауа. Ку некумæ рандæй, ку неке имæ ‘рбацудæй… Уогæ хъаурæгинæй-хъаурæгиндæртæ ес. Истингун унæн берæ, миййаг, ку нæ гъæуй. Æвзедунтæ ибæл исхуæстæй!.. Уой бæсти æ цард фæххуæздæр кæнунæн ести ку исаразидæ. Цидæр фæндитæ имæ бæргæ фæууй, фал ин си еунæг  дæр нæма фæррæстмæ ‘й. Куд гæвзуккæй цардæй, уотæ гæвзуккæй цæргæ байзадæй. Фæгъгъæздугдæр унæй зæрдитæ æвæрунæй идарддæр гъуддагæй нецима равдиста. Раздæри  хузæн æ гъог –  æстонг, æ гал – æгæвдæс. Сауæнгæ ма Батгерий дæр æ фæсте фæууагъта. Æ хъумуз  æ билтæй тæдзуй, уотемæй ба си хæдзардарæг рауадæй. Цал æма цал хатти ферттивта æ зæрди нифси зинг, фал бабæй  фæстагмæ фæффудæнгъæл уй. Хангерий æма Хъазийи хæццæ дæр дæгъæли исæмдзæхдон æй. Æ сæр сæрмæ нæбал хæссуй. Ка ‘й зонуй, Хангуассæ Дзиуæн ести загъта, фал ци? Алли гъуддаги уосæмæ игъосун не ‘нгъезуй. Уæхæн силгоймаг хæдзари сæумæй-изæрмæ фæддарунмæ нæ бæззуй. Æвæстаг æй фæккодта…

– Æ каййести цъарæ бастъигъта, нур ба фæззиндтæй!.. – фæгъгъæр кодта Дзиу.

Афæхъой цæститæбæл зонгæ хузтæ рауадæнцæ. Æнахур фæллад е ‘уæнгти рагъардта. Сæгъдзарбæл æхе ‘руагъта, æ цæнгтæ æ уæргутæбæл æрбатухта æма Дзиумæ кæсгæй гъудитæбæл фæцæй: «Алке е ‘нсувæрæн хуарздзийнадæгæнæг фæууй, е ба æвзедунтæбæл исхуæстæй!»

– Кæстæр гъæуама хестæри рази цирагъи хузæн лæууа, ду ба зæронд лæги хузæн дæхе æруагътай!

Афæхъо фестадæй.

Æфсæрми ку нæ кодтайдæ, уæд æй бафарстайдæ: «Ке хæццæ гъæбесæй хуæцис? Бæзай хæццæ? Æнæбундор дзубандитæ гъуддагæн неци пайда ‘нцæ…»

– Цæй лæгтæ ан мах?

– Етæ хумæтæги дзубандитæ нæбал æнцæ. Æвваст æ фæллад æрбайсавдæй. Айкæ ци карк не ‘фтауй, уомæн æ фæстаг кардмæ ке цæуй, е раст æй. Уонæй дæр нæ сæхецæн пайда ес, нæ – адæмæн. Уæхæнтти ба куйгæлдзæн билæй  рагæлдзун дæр æнгъезуй. Афæхъо ба фæстæмæ ‘рбадтæй. Дзиу имæ æхе æргубур кодта æма мæстгунæй исдзурдта:

– Бæза мæ тоггин æй!

Афæхъо фестъæлфтæй. Дзиуи дзурдтæ ‘й деси бафтудтонцæ. Циуавæр тоггини кой кæнуй? Кæд се ‘хсæн æцæгæйдæр ести адтæй, уæддæр æй бийнонтæй неке зудта.

– Рамардзæнæн æй!

Еци гъуддæгутæ Дзиумæ нæ хаунцæ. Е, еуемæй хестæр æй, иннемæй ба ин бийнонтæ ес. Маст гъæуама Афæхъо райса, уомæн æма е кæстæр æй. Лæхъуæн дзоццæги бадгæй æхе æрцæттæ кодта, нурæй фæстæмæ кæрæдземæ тоггинти цæстæй цæмæн кæсдзæнæнцæ, уой фегъосунмæ.

– Хъесатæ Хъизлари сæ гъуддæгутæ мæнбæл бафæдзæхсунмæ гъавтонцæ, уой лæдæрис æви нæ? Мæнбæл, де ‘нсувæрбæл!

Афæхъо фæстагмæ балæдæрдтæй, е ‘нсувæр æ маст цæбæл калуй, уой. Цийфæндийæй æ дæр хицæ кæнун хуарз некæд адтæй. Уой зæрдтæй сæ синхаг æцæгæй естæмæй зулунгин æй. Кæрæдзей тоги ку исæвдулонцæ, уæд си ка рамолдзæнæй?! Кæрæдземæ топпи кæсæнæй кæсдзæнæнцæ. Сæ царди гæвзукдзийнадæбæл ма никкидæр бафтуйдзæнæй.

– Гъема ‘й рамарæ! – нигъгъæр кодта Афæхъо æма фестадæй. Дзиу æ гъостæбæл нæ баууæндтæй.

– Е дин лæги дзубанди!..

ЦÆГОЛТИ Василий

Уодзæнæй ма.