22 декабря 2024

НÆХЕ ЗИНÆ

06.07.2024 | 12:19

Дуйней исконд уæхæн æй, æма уоми дæр рабæрæг унцæ берæ цидæр æнæлæдæрддзийнæдтæ. Зæгъæн, уотæ цæмæн рауайуй, æма  еуæй-еуетæн Исфæлдесæг алцидæр æ дууæ армемæй æрæвæруй æ рази, нæ ’й багъæуй хъазауат кæнун, æ карни хабæрттæ аразунбæл, алцидæр ин цæттæ фæууй, æ къох æррæстæ уотид мæтъæл дони дæр нæ батолуй, уотемæй имæ царди дзæбæхдзийнæдтæ фæлгурæй кæлæгау кæлунцæ. Иннетæ ба, раст цума,  исæнтæсунцæ айдагъдæр гъезæмарæн æма тухтаутæ кæнгæй рарветунцæ сæ бæнттæ, уотемæй базæронд унцæ. Фал дессаги дессаг ба е æй, æма уæддæр сæхе ба æнамондбæл некæд фæннимайунцæ, уомæн æма уодигъæдæй, нæ Исфæлдесæг син ци исаккаг кодта, уобæл арази уогæй, сæ ирисхъæ сæхецæн дæр æма сæ фалдзос дзилли зæрдæхцæуæнæн цийнаг кæнунцæ, хецмæрез æма соцъа зæрдæ нæ фæуунцæ. Уæхæн адæймагæй фæсмæрун мæ сабийдогæй ардæмæ Текъойти киндзæ – Сæбанон Зини.

Аци силгоймаг,  æ уоди кæдзосдзийнадæ æма æ зæрди фæлмæндзийнадæй æхе адæмæн куд бауарзун кодта, уæхæнттæ хъæбæр æстæнтæ ’нцæ медкоми.

Бафæрсетæ Текъойти муггагæй, бафæрсетæ Сæбанти ахилæй, бафæрсетæ Задæлескæй, Хæнæзæй æма Нари гъæути рацæуæг дзиллитæй кефæнди дæр Зинæбæл æма си еунæг дæр – Сæбанон, зæгъгæ, нæ зæгъдзæнæй, еунæг дæр æй  Текъойти киндзæ дæр не ’схондзæнæй, фал дин еугурдæр æмцъухæй зæгъдзæнæнцæ: «Ке кой кæнис, – нæхе Зинæбæл фæрсис?..»

Уойбæрцæбæл æгæрон уарзон æй Зинæ еугур адæмæн дæр. Æгæр федарзæрдæ дæр ма разиндтæй Текъойти Зинæ, æгæр берæ зинтæ ибæл рауадæй, фал, æвæдзи, фидтæлти æмбесонд раст æй: «Силгоймаги зæрдæ фæлмæн куд æй, фæразон дæр уотæ ’й…» Еци æмбесонд комкоммæ хауй аци рæдаукъох силгоймагмæ дæр.

Куд Дигоргоми иннæ гъæутæ, уотæ Задæлески минкъий гъæу дæр алкæддæр хецæн кодта æ берæ зæрдæхцæуæн æгъдæуттæй, фиццагидæр ба  æ  иуазæгуарзондзийнадæй. Цийфæнди афони дæр иуазæг гъæумæ  бафтуйæд, уæддæр æнæргъудигондæй ба нæ байзайдзæнæй. Æнæ исиуазæггæнгæ ’й ами нæ фæууодзæнæнцæ. Еци фæткæ Задæлески цæргутæн сæ курухон хестæртæй байзадæй, æма ’й абони уæнгæ дæр кадæ-радæй хæссунцæ гъæубæсти нури цæрæг фæлтæртæ.

Задæлески гъæу

Нимад æма курухон, дзурдарæхст æма æгъдаугин хестæртæ ба Зинæ дæр куд не ’рæййафта, Задæлески Текъойти хæдзарæмæ æ рæстæги  ку æркувта, уæд. Абони дæр ма гъæубæстæ зæрдæхцæуæнæй æримисунцæ Бæзити Гамæзай, Цæллати Тазæрети, Цъопбойти Тазей, Цакъоти Сергейи, Текъойти Никъолайи, Текъойти Арусани, Гæмаонти Виктори, Цагъати Дзебой, Дзансолти Бариси, Гæмати Тотрази, Хъарданти Руслани, Цæллати Мухарбеги æма иннети рохс нæмттæ.

Цардарæзти гъуддаг ба уотæ ’й, æма си алли фæлтæрмæ дæр æхе æндæрхузи цæстингас ес цардмæ, æ фæззелæнтæмæ, æгъдæуттæмæ, фал еуемæй ба еугæндзон æнцæ – курухондзийнадæ ба есунцæ Зини хузæнттæй. Æууæндунцæ, Зини хузæн силгоймаг айдагъ æхе нæ, фал еске зæнæг дæр рæдуд надбæл æрлæуун ке некæд бауадздзæнæй, уобæл, уомæн æма царди æгъдау, фæлтæрддзийнадæ Зинæ æ мадæ æма фидæй рахаста. «Фидтæлти фарнæ мæрдтæмæ нæ цæуй», – фæззæгъунцæ.

Сæбанти Дауит æма Керчелаон Зæлдайæн исæнтæстæй æртæ фурти æма æртæ кизги. Тъæпæн Дигори кæд еу дзурддзæугæдæр æма нимадидæр лæгтæй еске адтæй, уæд Дауит дæр. Устур Фидибæстон тугъди рæстæг, нæ Райгурæн бæстæ фудæзнагæй гъæуайгæнгæй, Дауит æхе фæсаууæнтти  некæд римахста, фал цудæй алкæддæр раззагдæрти хæццæ. Ци зинтæ æма фудæбæнттæ бавзурста тугъди уогæй, уонæбæл дæргъвæтийнæй фæдздзорун багъæудзæнæй. Уомæ гæсгæ ба ракой кæндзæнæн, æ дзубандитæй  мæ зæрдæбæл ке бадардтон, еци еу цау.

Цæветтонгæ, æртæ бони сæ акъоппитæй сæ сæртæ исдаруни барæ дæр нæбал адтæй, знаг сæ аллирдигæй æ топпадзагъдæй уотæ æрæлхъивта æма си ке сæр фæззиннидæ, е мардæй æрхауидæ. Адтæй зумæг, мет æруардта уæраги сæри уæнгæ, рæфтæмæ ба хор æ тунтæ æрбадардта æма метдон акъопмæ лæдæрсун райдæдта, изæрæй ба еци дон ниссалдæй. Ниссалдæнцæ зуймон цъемоси æфсæддонти æрдæгскъудтæ цулухътæ дæр. Уотемæй æртæ боней дæргъи салд дони фæцæй Дауит æма æ къахи æнгулдзитæ бунсуд бакодтонцæ. Æндæр гæнæн нæбал адтæй æма ин сæ госпитæли æмбесæй размæ ралух кодтонцæ. Еци къæхтæ æз мæхуæдæг фæууидтон, Дауит ку рамардæй, кири ниввæруни агъоммæ ибæл хъæппæлтæ ку кодтан, уæд. Уотемæй фæстугъд сахъатгинæй исæздахтæй хæдзари хецау æма райдæдта косун. Куста колхози, Задæлески, Нарæ æма Хæнæзæ еу гъæусоветмæ хаудтæнцæ æма уой сæрдарæй. Цæргутæй кæмæйдæртæй фегъосинæ Дауити нихмæ уайдзæф, гъома,  уæлбæхæй зæнхæмæ хезгæ дæр некæд кодта, зæгъгæ. Еци кадæртæ, æвæдзи, зонгæ дæр нæ кодтонцæ сахъат лæги уавæр,  æ къæхтæбæл æнгулдзитæ ке на ’дтæй, уой. Дауит æгуст некæд адтæй, уарзта куст æма æ  кæстæрти дæр косун уарзунбæл ахур кодта.

Гъе уотемæйти райдæдтонцæ Зини фæлтæрдгун царди зиндзийнæдтæ. Хуæрзæригон ма адтæй, уотемæй арæхсун байдæдта хæдзари еугур куститæ æнхæст кæнунмæ. Уæлдай  дæсни ба адтæй хуæруйнаг кæнунмæ: къеретæ кæнунмæ, дзикка, къæлæуа, гудунтæ фицунмæ. Абони дæр ма ’й ахид байагорунцæ телеуинунади косгутæ, ракорунцæ си, цæмæй адæми базонгæ кæна, рагон дигорон хуæруйнæгтæ куд кæнгæ ’нцæ, уони хæццæ. Задæлески æма уордигæй рацæуæг нæлгоймæгтæй Зини къохтæй конд буйнаг ходтæ ка нæ бадардта æма даруй, уæхæнттæ æстæнтæ ’нцæ. Буйнаг æууæрдунбæл цæйбæрцæ хъиамæт æма рæстæг гъæуй, уой ба, хестæртæй ма æгас ка ’й, етæ хуарз зонунцæ.


ХУАРЗ КÆНУН КЕ ФÆНДУЙ, АРАЗГÆ ДÆР ÆЙ Е КÆНУЙ!..

Задæлески Нанай музейи

Задæлески Нанай ковæндонæ нæуæгæй исаразунбæл æ рæстæги хъæбæр зæрдиагæй байархайдтонцæ Хачирти Анзор (гъулæггагæн, абони не ’хсæн нæбал æй, рохсаг уæд…), Тамати Таймораз æма гъæууонхæдзарадон институти студенттæ. Цалдæр анзей дæргъи уодуæлдайæй фæхъхъиамæт кодтонцæ æма си æцæг зæрдæмæдзæугæ ковæн бунат рауадæй. Медæгæй си фæууинæн ес, рагон дзаманти нæ фидтæлтæ сæ цардиуаги кæмæй пайда кодтонцæ, уæхæн аллихузон дзаумæуттæ.

Азгъунст медæгæй цæмæй никки цæмæдесагдæр исуа, уобæл ба уæлдай æновудæй байархайдта Текъойти Зинæ. Хæдзаргай фæззилдæй Задæлескæй рацæуæг адæмбæл, ами  цæргутæбæл, уотемæй æрæмбурд кодта, нуриккон фæлтæр фæсмæргæ дæр, уæдта, æвæдзи, игъосгæ дæр ке туххæй некæд фæккодтонцæ, уæхæн хестæрти æма ардигон берæсувæллонгин мадтæлти къартæ æма си исаразта сæрмагонд стендтæ, алке къари буни дæр си финст æ муггаг æма ном.


Тъæпæн Дигори Зини ка нæ фæсмæруй, уæхæнттæ, æвæдзи, нæ разиндзæнæй, ку разинна, уæддæр хъæбæр ефстæгтæ. Уарзуй адæми, нимайунцæ ’й етæ дæр. Зинæ ма æ фиди хæдзари ку адтæй, уæддæр ин æ раз хуасæ кæрдунмæ, хæдзари куститæ кæнунмæ неке райстайдæ. Рауон-циуон силгоймаг, нæлгоймæгтæ ци никкæрдиуонцæ, уони æмбæрцæ ’ркæрдидæ.

Рæстæг куд цæугæ цæуй, уотæ æ домæнтæ дæр æвæргæ цæуй цæрæг уоди рази. Зинæ киндздзон кизги карæмæ ку исхъæрттæй, уæд æ амонд иссирдта Текъойтæмæ Слангерий æма Биасон Зæрийни хæдзари. Æ цардæмбал Максими хæццæ син исæнтæстæй дууæ кизги æма биццеу: Эльвирæ, Анжелæ æма Хетæг. Бæргæ сæ царди радæ кодтонцæ бийнонтæ. Фиццаг рæстæгути файноститæ еумæ цардæнцæ еу цари буни, фал, æвæдзи, абони уа, исон уа, уæддæр æнсувæртæн иуаргæ ’рцæуй æма   Зинæ æ цардæмбал Максими хæццæ сæхе цæрæнæй минкъий уæлдæр æрцардæнцæ хецæн къæси.

Хецæн къæс, е æгæр уæзбун загъд æй. Бийнонтæ кæд иуаргæ бакодтонцæ, уæддæр абони уæнгæ дæр кæрæдземæй нæ бартæстæнцæ, еу æхсæвæр, еу цардæй цæрунцæ. Хъæбæр раст загъд æй – хæдзари киндзити рахастдзийнæдтæй берæ аразгæ ’й ахили царди.

Текъойти Жаннæ, Зинæ, Таирæ æма Ларисæмæ ба уæхæн лæгигъæдæдзийнадæ æма хъаурæ разиндтæй æма сæ бон бацæй Слангерий æма Зæрийни сæхе ниййергутау бадарун, кадæ-радæй син фæллæвардтонцæ æгъдау.  Зинæ æ теутæ Сослæнбег, Æфсæддон æма  Виссарионмæ  дæр алкæддæр æнсувæри цæстæй кастæй. Гъæубæсти уæхæн цийнæ нæ уидæ, Зинæ адæми кæми нæ байгъæлдзæг кæнидæ, уæхæн мæрдæгъдау  нæ уидæ æма æ гъарæнгæй хъæрæу цæститæй дæр цæстисуг кæми нæ рагъаридæ. Гъарæнгæ кæбæл ракодтайдæ, уæхæнттæ ба ин адтæй æ царди.

Зинæн æ хестæр æнсувæр Бадели, Советон Æфсади рæнгъити службæгæнгæй, фæммард æй. Ардигæй имæ ласунмæ рандæ ’нцæ, фал ин исласуни равгæ ба нæ адтæй æма цæйбæрцæдæр рæстæг бийнонтæ сæ тургъи дуæрттæ игонæй фæддардтонцæ. Æвæдзи, гъарæнги зæрдихалæн кæунтæ фиццаг хатт уæд райгурдæнцæ æ зæрди. «Хуæри зæрдæ ’нсувæрмæ», – уотæ фæззæгъунцæ. Фæстæдæр Зинæ е ’дзард  æнсувæрбæл ци зар искодта, е зæрди ауиндзæнтæ уотæ базмæлун кæнуй æма адæймаги зæнгитæ зир-зир кæнун райдайунцæ. Фæстæдæр ба ма еци зарбæл бафтудта æ иннæ дууæ æдзард æнсувæри Серго æма Семени нæмттæ дæр.

Адæми хæццæ цæрунгъон, уодæй рæсог æма цийнæхæссæг, æгъдау раттунмæ, балæггадæ кæнунмæ æма ескæмæн хуарз фæуунмæ сæ лæги фурт нæ раййафтайдæ, уæхæн сæрæнигурдтæ адтæнцæ. Багъудæй Зини æ хуæрæ Зойи кири сæргъи гъарæнгæ кæнуни сæр дæр, фæстæдæр бабæй æ иннæ хуæрæ Алли æдзард фурти кири сæргъи дæр.

Уой бунати æндæр еске мæстрæсуд никкодтайдæ, хори гъар дæр æй нæбал æндавтайдæ, фал Зинæмæ уæхæн устур уоди хъаурæ разиндтæй   æма ин æ нифс уойбæрцæ зинтæ дæр нæ басастонцæ.

Цард мæлæтбæл уæлахез ку нæ кæна, уæд дуйнебæл адæми дзилагæ бунæскъуд искæндзæнæй. Зинæ æ цæнгтæ не ’руагъта, кæд раздæри бæрцæ æ хъаурæ уоййасæбæл нæбал æййафуй, уæддæр. Задæлески адтæй уæхæн фæткæ, æма Советон Æфсадмæ еске ку цæуидæ, кенæ си фæстæмæ ку исæздæхидæ, сабий ку исæнтæсидæ, уæд ин, æнæмæнгæ, Нанай ковæндони æртæ къерей гъæуама бакувтайуонцæ. Ковгæ ба сæ кодта гъæуи каргундæр æма нимаддæр силгоймæгтæй еске. Нур еци цитгин ихæс æрхаудтæй Зинæмæ. Æма кæд фæстаг рæстæгути цæргæ сахари кæнуй, уæддæр сæрди ба æхе Задæлескмæ райсуй, уомæн æма ин ами алцидæр уæлдай адгиндæр æй. Уæлдай æнæевдæлондæр ба фæууй Задæлески Нанай кувди бони. Дæсгай, инсæйгай бийнонтæ ’рбаласунцæ сæ ковæггæгтæ Нанай ковæндонæмæ æма сæ еугурей дæр фæффæндуй, цæмæй син цитгин изæдмæ се ’ртæ къерей æма æнæуой хуæлцæ Зинæ искова, е. Айдагъ е дæр дзорæг æй, Зинæмæ адæм ци рахастдзийнадæ дарунцæ, уобæл.

Еугæр дзубанди Задæлески Нанай туххæй рацудæй, уæд ма уой зæгъуйнаг дæр дæн, æма Зинæ хъæбæр хъæзауатонæй бахъиамæт кодта уой номерæни Хæдзарæ-музей исфæлгонц кæнунбæл. Цидæриддæр исаразта, етæ агъазиау æнцæ сæ гъомбæладон нисанеуæгæй, нæ ирæзгæ фæлтæрти æхцул кæнунцæ нæ фидтæлтиккон æгъдæуттæ зонунбæл, нимайунбæл æма сæ цитгинæй æнхæст кæнунбæл.

Кæд е ’нæнездзийнадæ хъæбæр фæккиудтæй фæндаггон фидбилизи бахауни фæсте, уæддæр еу рауæн æрæнцойнæ нæ зонуй.

Зинæмæ ес, æхуæдæг ке æргъуди кодта, уæхæн цалдæр зари, æнцæ зæрдæмæдзæугæ, азæлгæ, заргæ дæр сæ кæнуй æхуæдæг фæрсаги хæццæ.

Нæ федауй æнæ Зинæй еунæг кувд, еунæг æндæр ести мадзал дæр, уомæ гæсгæ ба ’й æгæрон уарзтæй уарзунцæ еугур хеуонтæ дæр æд устур, æд минкъий. Нанай хузæн  æ бон æй еугуребæл дæр батабедзæ кæнун, Нанай хузæн еугурей аккаг дзурдтæ иссерун, нифс байвæрун, зунд  байамонун.

Æрæги ба Зинæбæл исæнхæст æй цуппаринсæй анзи. Зинæ, æз дæр уæ хуæрифурт дæн æма мæбæл арфи барæ хауй. Федарæй æууæндун, цалинмæ дæу хузæн хуæрзуод силгоймæгтæ уа Задæлески, уæдта нæ Дигори, уæдмæ Нанай фарнæн исæфæн нæййес.

КОЛИТИ Витали