23 ноября 2024

ÆРТÆ  ТУГЪДЕЙ  БÆГЪАТÆР

10.08.2024 | 23:33

Мудойти Дударухъи фурт Даукуй райгурдæй 1874 анзи сæрди гъæу Вольно-Магометановскойи (нури Чикола). Даукуйбæл дæс анзи дæр нæма цудæй, уотемæй рамардæй æ фидæ æма биццеу гъомбæл кодта æ хестæр æнсувæри бийнонти ’хсæн. Е ’мгæрттæй игъаугидæр райста хуæрзæгъдаудзийнадæ, фæллойнадон æхцулдзийнадæ, хуарз ахургонддзийнадæ, зæгъæн,  æнцонæй дзурдта æма финста уруссаг æвзагбæл.

Æфсæддон службæмæ бацудæй 1898 анзи мартъий. Службæ ба кодта Китайаг æфсæнвæндаги арæзтадæ гъæуайгæнæг 15-аг къуари рæнгъити хумæтæг рæнгъонæй. Уæдмæ, 1900 анзмæ кæронмæ æрхъæрдтæй æфсæнвæндаги арæзтадæ.

Уæрæсейаг æфсæддонтæ, уæдта еци арæзтади ка куста, етæ сæ ихæстæ æнхæст кодтонцæ хъæбæр уæззау уавæрти. Уой хæццæ ба ма Китаййи хумæтæг адæми мæгурдзийнадæ æма æрдзон фудбæлæхтæ расайдтонцæ дзиллон æзмæнститæ, кæцити исхудтонцæ «Боксерское восстание», зæгъгæ. Еци хæлхъойти архайгутæ сæ фидбилизти фудгин кодтонцæ, æндæр бæститæй сæмæ ци берæ æрбацæуæг адæм адтæй, уони. Еци æзмæнстити архайгути дæсни ардаугутæ адтæй китайаг националистти ’рдигæй, кæцитæн сæ архайд адтæй, фæсарæйнагæй цидæриддæр ес, уой нихмæ. Æма син уæхæн æзмæнститæ исаразун ке бантæстæй, е ба уой æвдесæн адтæй, æма сæ «хъиамæттæ» цидæр тиллæг равардтонцæ. Æзмæнстити архайгути зæрдити ци маст иситинг кодтонцæ, е сæ бæстæмæ æндæр рауæнтæй æрбацæугути нихмæ арæзт адтæй, цæмæй еци æцæгæлонтæ сæ паддзахадæй рандæуонцæ æма си исуæгъдæ уонцæ, уæдта ма  дзурдтонцæ уони культурæ, дин æма технологити нихмæ.

Исистæг адæм фехалдтонцæ æфсæнвæндаги æртиккаг хай, басугътонцæ хæдзарадон азгъунститæ, локомотивтæ дæрæн кодтонцæ, рамардтонцæ дæсгай косæгей, уомæй уæлдай ба ма Китаййи еудадзугон тугъдон æфсад дæр цалдæр хатти æрбампурсидæ æфсæнвæндагмæ.

Мудойти Даукуйæн е ’мбæлтти хæццæ ахид рауайидæ архайгæ еци исистадонти нихмæ тугъдон мадзæлтти. Тæккæ устурдæр нихмæлæуд æрцудæй 9 июли Теньчань-дзи, зæгъгæ, гъæуи размæ. Еци буцæуи устур æскъуæлхтдзийнадæ равдиста Мудойти Даукуй. Æ бæгъатæрдзийнадæ æма лæгдзийнади туххæй хуарзæнхæгонд æрцудæй, е ’фсæддон цинмæ гæсгæ ин ка æнгъизтæй, уæхæн паддзахадон хуæрзеуæгæй – Æфсæддон ордени æвзестæ дзиуарæй (IV къæпхæн).

Цалдæр мæйей фæсте, еума тугъдон буцæуи  архайгæй бабæй фескъуæлхтæй, æма ин лæвæрд æрцудæй Æфсæддон ордени еума æвзестæ дзиуарæ (III къæпхæн).

Уæд Маньчжурий æма Идард Хорискæсæни арæнти алфамбулай уæлдай карздæрæй архайдтонцæ гæрзефтонг бандиттæ «хунхузтæ» (сурхзакъæгинтæ). Уони нихмæ тугъдтити рæстæг æхе бæгъатæрæй ке равдиста, уой туххæй ин лæвæрд æрцудæй IV къæпхæни æвзестæ дзиуарæ Геуæргий лентъæбæл, кæцибæл финст адтæй «Бæгъатæрдзийнади фæдбæл». Фал, гъулæггагæн, еци тугъди рæстæг Мудойти Даукуй фæцæй уæззау цæфтæ. Берæ рæстæг æй фæдздзæбæх кодтонцæ æфсæддон сæйгæдæнтти, уæдта 1901 анзи 1 мартъий ба ’й æфсадæй исуæгъдæ кодтонцæ æма  исæздахтæй æ райгурæн бæстæмæ. Куд тугъди инвалид, уотæ ин иснисан кодтонцæ пенси – 57 соми анзмæ. Еци рæстæг е адтæй устур æхца. Цæрæ æма цæрæ æнцад дæхецæн æма дæ бийнонтæн…

Фал уруссаг-япойнаг тугъд ку райдæдта, уæд Мудой-фурт барвæндонæй рандæй фронтмæ. Бахаудтæй Идард Скæсæни, 1-аг Скæсæн-сибийраг æхсæг полкмæ. Дууæ мæйей фæсте ба ’й æрбакодтонцæ Скæсæн-сибийраг æхсæг дивизий штабмæ æма ’й ниввардтонцæ аци дивизий начальники рази бæхгин æсгаргути команди хестæрæй. Куд фæлтæрдгун æфсæддон, уотæ хъæбæр хуарз арæхстæй æ ихæстæ æнхæст кæнунмæ, куд æнгъизтæй, уотæ æнхæст кодта уæлдæр лæууæг командирти бардзурдтæ. Уотæ рауадæй, æма 1-2 июни станцæ «Вафингоу»-и рази æрцудæй тугъдон буцæу. Цуппар сахаттей дæргъи уруссаг æфсæддонти полк федар нихкъуæрд лæвардта знагæн, уой фæсте ба бацудæй лæгæй-лæгмæ  гъæбесæйхуæсти æма уæлахезæй рацудæй еци буцæуæй. Уой туххæй хуарзæнхæгонд æрцудæй Æфсæддон ордени сугъзæрийнæ дзиуарæй (II къæпхæн). Лæвæрд ин æрцудæй унтер-афицери, мæйи фæсте ба зауряд-прапорщикки цин.

Японий æфсади нихмæ тугъдтити устур æхсарæ ке равдиста, уой фæдбæл  Мудойти Даукуйæн 1904 анзи 23 ноябри лæвæрд æрцудæй I къæпхæни  Геуæргий дзиуарæ. Е уæд адтæй  тæккæ кадгиндæр тугъдон хуæрзеуæг ниллæгдæр тугъдон цинтæн.

Уой фæсте, 1906 анзи уалдзæги Мудой-фуртæн лæвæрд æрцудæй подпоручикки цин, анзи фæсте ба ниллæгдæр тугъдон цинтæй æййивд æрцудæй афицерти нимæдзæмæ æма ин нисангонд æрцудæй пенси 120 соми анзмæ. Еци анз ма фæззæги æ тугъдон æскъуæлхтдзийнæдти туххæй хуарзæнхæгонд æрцудæй «Сугъдæг Станислави» III къæпхæни орденæй, хъæма æма цитгин лентъæй.

Мудойти  Даукуй  е ’нæнездзийнадæмæ гæсгæ 1908 анзи июли уæгъдæгонд æрцудæй æфсадæй. Пенси ин нисангонд æрцудæй 245 соми анзмæ, уæдта ма уæлæнхасæн – 151 соми. Лæвæрд ин æрцудæй æфсæддон дарæс, уой даруни барæ ’й уогæй, уотемæй.

Æ фидиуæзæгбæл исæмбалдæй. Бакодта бийнонти гъуддаг – æ цардæмбал иссæй Гуæздæрти Хаджи-Аслæнгерийи кизгæ Фатимæ. Исæнтæстæй син кизгæ Аминæ æма биццеу Геуæрги.  Фал бабæй æ сабур цард берæ нæ рахаста – 1914 анзи  Фиццаг дуйнеуон тугъд. Терки облæст «сæрмагонд гъæуайкæнуйнади» уавæри æвæрд æрцудæй. Паддзахи Уæрæсей æфсадмæ кæнун райдæдтонцæ цалдæр карей нæлгоймæгти. Æма дæлпоручик Мудойти Даукуй дæр  бабæй æрлæудтæй Фидибæстæ гъæуайгæнгути æмрæнгъæ.

Стъараполаг 591-аг фестæгцæуæг дружини рæнгъити уогæй, 1915 анзи феврали, фронтмæ рандæуни размæ, Даукуй æ мади номбæл исæрвиста æ къарæ. Финст ибæл адтæй: «Мæ хъазар мадæн нифс дæттунæн æма зæрдæбæл дарунæн ме ’ртиккаг тугъдон балций фæдбæл турккаг тугъдон театри. Саламтæ дин æрветун æма ди корун, ма мæбæл мæтæ  кæнæ. Берæ дæ ка уарзуй, дæ еци фурт Стъараполаг фестæгцæуæг 591-аг дружини подпоручик».

Фиццаг дуйнеуон тугъд æ тæккæ карзи адтæй, уотемæ Уæрæсей æрцудæй революци. Æнæгъæнæй дæр бæстæ исæмæнтъери æй, уæрæсейаг æфсæддонтæ фронтæй сæхемæ ниггур-гур кодтонцæ. Еци уавæрти ма Даукуйæн дæр ци гæнæн адтæй – исæздахтæй æ бийнонтæмæ. Хæдзарæ исаразта, фæллойнæ кодта, æ бийнонтæ дæр фæффулдæр æнцæ. Еузагъдæй, æ царди хабæрттæ рауон-циуонæй аразта, политикон гъуддæгутæй ба æхе еуварс дардта. Фал, куд фæззæгъунцæ, етæ си сæхуæдтæ ба сæхе еуварс нæ дардтонцæ. Еци рæстæгути политикон гъуддæгутæ, растдæр зæгъгæй ба, нæуæг хецаудзийнадæ аразгутæ ’й æнцад нæ уагътонцæ. Евгъуд æноси 20-30-аг æнзти цалдæр хатти ахæст æрцудæй, паддзахи рæстæги ке адтæй, уомæ гæсгæ.  Уоййасæбæл неци азум имæ иссериуонцæ, æма ’й рауадзиуонцæ. Æ еци ахæститæй еуей фæдбæл уотæ истингун æй, æма рандæй гъæдæмæ, уоми æхецæн искодта лæгæт æма уоми цардæй. Æдзæстуарзонтæ ин куд нæ адтæй, æма уонæй кадæртæ уæхæн таус рауагътонцæ, гъома, контрреволюционерон фудгæнгути бали хæццæ баст æй. Хецауеуæггæнгутæ ин райахæстонцæ æ цардæмбал æма фурти. Еци хабар базонгæй, Даукуй, æ фурæдухдзийнадæй æ къæхтæбæл туххæйти лæугæй, æхуæдæг æрбацудæй гъæумæ æма æхе равардта æ фæдбæл зелгутæн. Ниййахæстонцæ ’й æма æрвист æрцудæй Уралмæ сахар Камышловмæ. Уоми Мудойти бæгъатæр евгъуд æноси 30-аг æнзти астæу æ уæлзæнхон цардæй рахецæн æй.

Даукуйæн æ фæсте ци цæуæт байзадæй, етæ дæр æхе хузæн рæстзæрдæ адтæнцæ, федауцæ æгъдауи фæткитæмæ гæсгæ аразтонцæ сæ цардиуаги хабæрттæ. Устур Фидибæстон тугъд ку райдæдта, уæд æ фурттæ Геуæрги, Измаил, Слангерий æма Рамазан разæнгардæй рандæнцæ немуцаг-фашистон æрбалæборгути нихмæ тохмæ. Æма тугъдон будурти знаги нихмæ тохи сæ фиди кадæ дæлæмæ не ’руагътонцæ, уодуæлдайæй карз нихкъуæрд лæвардтонцæ фашистон лæгмартæн æма сæ цуппар дæр сæ цард нивондæн æрхастонцæ Райгурæн бæсти сæрбæлтау.

Мудойти Дударухъи фурт Даукуййи кади номи кæдзосдзийнадæ æцæггонд бæргæ æрцудæй 1990 анзи 10 ноябри, фал, гъулæггагæн, аккаг хузи цитгингонд нæма  æрцудæй. Гъæугæ ба бæргæ кæнуй, уомæн æма нæ адæмон бæгъатæри цардвæндаги цитгин хабæрттæ гъæуама нæ адæм фæлтæрæй-фæлтæрмæ зононцæ, кадæ ин кæнонцæ…

БЕСОЛТИ Æхсарæ