ЦАЛИНМÆ ИРÆФИ ДОН ИВУЛА…
Адæймаги уодиконд æма æ зæрдихатт æ цардæмбалæй хуæздæр æма бæлвурддæр неке зондзæнæй. Æма уомæ гæсгæ Цорионти Резвани туххæй æрмæгути хæццæ мухур кæнæн æ бийнойнаг Цорионти-Тауитти Эмми (Тауитти Михаили кизгæ) имисуйнæгтæ – кæрæдзей лæдæргæй æма нимайгæй фæццар-дæнцæ, Хуцау син ци рæстæг исаккаг кодта еумæйаг цардæн, кæрæдземæн нифсдæттæг æма разæнгардгæнæг уогæй, уой.
Мæнмæ уотæ кæсуй, æма цалинмæ дуйнебæл хор кæса, Ирæфи ба дон цæуа, уæдмæ нæ дзилли зæрдити цæрдзæнæй Цорионти Резвани ном.
Композитор Цорионти Резвани ном Иристони ка нæ фегъуста, уæхæн адæймаг, æвæдзи, зин иссерæн æй. Резвани кой ахид игъусуй нур дæр ма, уæдта игъусгæ дæр кæндзæнæй радиойæй, телеуинунадæй, клубтæ æма аййевадон галауанти ци концерттæ фæууй, уонæмити дæр.
Цорионти Резвани æрдзæ æнæ хай нæ фæккодта устур лæварæй æма си исаразта, никкæлæн кенæ фехæлæн кæмæн нæййес, уæхæн федар галауантæ.
Резван адтæй, размæ æ нисанмæ æнæфæккеугæй ка цудæй, уæхæн адæймаг. Алли гъуддаг дæр кодта зæрдибунæй, æвæстеуатæй. Исонмæ æнгъуд кæнун нæ уарзта, цард цæрунмæ ’й, зæгъгæ, зæгъидæ, адæймагæн ба æ цард æхецæй аразгæ ’й. Резван адтæй нифсхаст, игъæлдзæг, цæстуарзон, уадзимисгæ. Кæми фæззиннидæ, уордæмæ æ хæццæ æрбахæссидæ цидæр дессаги игъæлдзæгдзийнадæ, райдзастдзийнадæ æма цæстуарзондзийнадæ.
Адæймагмæ, дан, уарзондзийнадæ ку цæуа, уæд имæ æрцæуй фиццаг фæууинди, цума адæймаг пеллон арт искалуй æма ин æ царди кæронмæ дæр ниххуссунгæнæн нæбал фæууй.
Гъе, уотæ нин нæ цард Хуцау байеу кодта æртæ бонемæ æма си арфиаг дæн æз дæр. Мах нæ царди гъенцъун кæнунмæ некæд евдалдæй, алли сахат дæр ести дзубандиаг райеридæ. Хатгай нæбæл естæбæл дзоргæй æрсæумæ уидæ.
Æвæдзи, айдагъдæр уæхæн эмоционалон уоди хецæутти бон æй æцæг æма тухгин уадзимистæ ниффинсун, кæцити еу хатт ку фегъосай, уæд дин дæ зæрди арф фæд ниууадздзæнæнцæ, нæбал сæ феронх кæндзæнæ.
Мæ бон зæгъун æй, мах Резвани хæццæ еумæ ахид кустан, зæгъгæ. Куд музыкант æма филолог, уотæ мæ бон уидæ ести феппайуйнæгтæ зæгъун æ нæуæг ниффинст уадзимисти фæдбæл.
Ахид уидæ уотæ, æхсæвæ адæм сæ тар фунтæй сæ хай есиуонцæ, Резван ба бадидæ æма косидæ. Еуафони ба мæ райгъал кæнидæ: рацæуай, байгъосæ. Райистинæ æнæсдзоргæй, æнæ хъур-хъурæй, байгъосинæ. Мæ загъдæн мин алкæддæр кæнидæ аргъ. Уотæ дæр уидæ, æма музыкæ ци текстбæл финст цæуидæ, уой рæнгъитæ, куд æнгъизтæй, æнхæст уотæ не ’ййафиуонцæ, нæ бадиуонцæ ритми æма сæбæл дууемæй райдайанæ косун, хатгай ба нæ багъæуидæ æнæгъæнæ скъуддзæгтæ бафтаун дæр.
Мæ зæрдæмæ ци нæ бацæуидæ, уой дæр ин æргомæй зæгъинæ.
Гъуди ма ‘й кæнун, Резван æ концерт «Для трубы с оркестром» ниффинста сахар Иванови композиторти хæдзари. Е устур дессаг адтæй, хуæруйнаг ин хастон æ косæнуатмæ, уæлдæфмæ дæр нæ цудæй. Сутки хустæй æдеугурæй дууæ сахатти, иннæ дууæ æма инсæй сахатти ба косгæ кодта. Уойбæрцæбæл хъаурæ кæцæй иста уогæ? Мæнмæ гæсгæ, уотæ лæдæргæ ‘й: адæймаг ести ку исфæлдесуй, уæд æ фурцийнæй (творческое наслаждение) фæллад ци ’й, уой нæбал фæллæдæруй.
Æрдзæ ин фæддæттуй æнæуагæ берæ тухæ, æндæра æнæ уой хумæтæги адæймаги бон уотæ нæ бауодзæнæй. Зундгонд мæскуйаг композитор Владимир Кривцов мæ еу хатт уотæ бафарста:
– Скажите, пожалуйста, когда ваш муж отдыхает. Днем работает, вечером работает, ночью работает, когда же он спит?..
Уæлдæр æй ку загътон, адæймагæн æргъудидзийнадæ дæр æма хъаурæ дæр æрдзæ дæттуй, зæгъгæ. Мæ зæрдæбæл ма æрлæудтæй еу хабар нæ еумæйаг цардæй. Еухатт мæмæ æмбесæхсæви дзоруй Резван, цæуæнай Хуæнхон-металлургон институти стадиони рацо-бацо ракæнæн уæлдæфмæ, зæгъгæ. Уæд еумæ берæ нæма рацардан æма ин е ’нахур гъуддæгутæ дзæбæх нæма зудтон, уой дæр æма композитортæ æма финсгутæмæ æндæр цидæр, махæн зин лæдæрæн менеугутæ ке фæууй, уой. Сабургай цæуæн дзубандитæгæнгæ. Нæ алфамбулай æгириддæр неке. Адæм сæ тар фунæййи адтæнцæ. Резван ба æрдзæ берæ уарзта. Бæлæстæ, цъеутæ, деденгутæ – алцæбæлдæр цæмæдесæй цийнæ кæнидæ. Адтæй мæйрохс æхсæвæ. Мæйи алливарс рæсугъд мегътæ тумбултæй рарæнгъæ ’нцæ. Кæсæн хæрдмæ æма дес кæнæн, æрдзæ æ рæсугъддзийнадæй куд тухгин æй, уобæл.
Уæд дин кæсун æма Резван æнæ неци исдзоргæй тагъд-тагъдæй фæууайуй нæхемæ. (Уæд Пожарскийи гъæунги цардан). Мæ фурдессагæй еу усмæ лæугæ райзадтæн, нецихузи мæ некæд ниууагътайдæ еунæгæй стадиони астæу, никки ба ма æмбесæхсæви. Фæууайун æ фæсте, æма цалинмæ нæхемæ хъæрдтæн, уæдмæ е ба пианинобæл æрбадтæй æма гъæйттæй цæгъдуй бустæги æнæзонгæ мелоди.
Бахизтон, цалинмæ фæцæй, уæдмæ, уæдта ’й бафарстон: «Уæд е ци дессаг æй, куд мæ ниууагътай æмбесæхсæви еунæгæй стадиони астæу. Æма мин куд балæдæрун кодта, уотемæй, дан, фегъуста оркестри цагъд. – Уанæбæрæг æй кæми фегъустай, уой дæр ма мин, зæгъун, ку зæгъисæ! – Уæлæ, дан, мæйæбæл!»
Нур æз амæй ци байагорон, зæгъгæ, загътон мæхецæн æма имæ нецибал исдзурдтон. Уой фæсте ба мæхецæн берæ фæссагъæс кæнинæ, æз дæр музыкант ку дæн, æз дæр æ фарсмæ ку лæудтæн æма æз ку неци фегъустон…
Композиторæн æ музыкæ адæмон ку исуй, уæд ма уомæй устурдæр кадæ куд фæууй.
Уой туххæй дæр æримисдзæнæн еу цау.
Æнæгъæнæ Иристони дæр игъустгонд æй Гагкайти Алихани зар. Æ дзурдтæ ин ниффинста Дзасохти Музафер, музыкæ ба Резван. Уæд дин еухатт бадтан концерти. Амонæг рацудæй æма загъта: «Гагкайти Алихани зар. Адæмон музыкæ, Дзасохти Музафери дзурдтæ». Резван арф ниууолæфтæй æма загъта: «Гъенур ми баруагæс æй, дзæгъæли ке нæ ниффинстон, е…»
1997 анз 21 февраль. Е ’носон дуйнемæ рандæ ‘й Резван. Иристонæй фæгъгъудæй тухгин искурдиадæгин адæймаг. Æма аййевади уомæн ци нæ бантæстæй, е æ фæсте ци кæстæр фæлтæр ниууагъта, уонæн бантæсæд, цæмæй нæ Иристони кадæ бæрзондæй-бæрзонддæр кæна. Уомæ бæлдтæй Резван, е адтæй æ царди нисан.
ЦОРИОНТИ-Тауитти Эммæ,
сахар Дзæуæгигъæуи Терки æндагфарс ветеранти Совети сæрдари хуæдæййевæг.