РАСТ ДЗУРД САБИЙ ДÆР ЛÆДÆРУЙ…
Рагонбердзенаг зундилæг Аристотели (цардæй нæ эри размæ 384-322 æнзти) бафарстонцæ:
– Æдулийæй зундгигæй ци игъаугидæр ес?
Æма син е дзуапп равардта:
– Зундгин æндæр зундгини хæццæ кæддæриддæр бафедаудзæнæй, фал æдули ба нæдæр æдулий хæццæ бафедаудзæнæй, нæдæр зундгини хæццæ…
Аристотели аци гъудимæ гæсгæ уой зæгъуйнаг ан, æма, гъулæггагæн, нæ цардаразæг гъуддæгути нин æгæр ахид унаффæгæнæг исунцæ æдулитæ. Уой ба уоййасæбæл хецмæрез разиннунцæ, æма еске пайдахæссæг унаффæмæ уотид игъосгæ дæр не ’ркæндзæнæнцæ – кенæ ’й сæ сæрмæ нæ фæххæссунцæ, кенæ ба ’й лæдæргæ дæр нæ фæккæнунцæ… Æма сæ фæндæ, раст æй нæ, уой нæ нимайгæй, тухгъард нин кæндзæнæнцæ. Æма сæ еци фудзунддзийнадæ ба цæйбæрцæ гъæндзийнæдтæ расайуй, уой ба уæхуæдтæ уинетæ…
Нæ рагфидтæлтæй нин байзадæй ауæхæн загъд: «Зунди хæзна зундгин адæммæ агорæ!..» Æма цæйбæр-цæбæл хуарз уидæ, аци гъудимæ дæр, уæдта, мæнæ дæлдæр ци зундилæгти зæгъдтитæ имисæн, уонæмæ дæр ку æригъосианæ, ку си испайда кæнианæ нæ идарддæри цардарæзти гъуддæгутæ аразуни!.. Уæд, баруагæс уи уæд, æнæрæдуддæрæй архайанæ, зингæ минкъийдæр фæсмон кæнианæ, цидæртæ нин, куд нæ фæффæндуй, уотæ ке нæ рауайунцæ, уой фæдбæл…
ЦÆЛИККАТИ Ахмæт (1882-1928), финсæг, æхсæ-надон архайæг: «Æз хумæ-тæги ирон мæгур лæг дæн, мæ дин æй, фидтæлтæ мин ке ниффæдзахстонцæ, еци табуйаг æгъдау, мæ Хуцау ба – мæ кæдзос цæсгон…»
– Нури доги ба нæ «патриоттæй» беретæ сæ реугудуртæ тумбул къохтæй хуайунцæ, нæ фидтæлти фæдзæхститæй сомитæ кæн-гæй. Уотемæй ба сæмæ сæ царди гъуддæгути ба нимади дæр нæ ’нцæ – Хуцау син цæсгони кæдзосдзийнадæ нæй, фал æдзæсгондзийнадæ, сайун, давун, фудмиутæ аразун…
КОНФУЦИЙ (цардæй нæ эри размæ 551-479 æнзти), рагонкитайаг зундилæг: «Ахургæнæг загъта: «Æууæн-кæ кæбæл нæййес, уæхæн адæймаги хæццæ ести гъуд-даг кæнæн куд ес?.. Уæрду-нæн сæмæн ку нæ уа, уæд
ибæл цæуæн куд ес?..»
– Махмæ ба абони нæ царди райаразуйнаг
гъуддæгутæ фулдæр хæттити «аразгутæ» исунцæ, æууæнкæ æгириддæр кæбæл нæййес, уæхæнттæ. Райвæрунцæ сæ бæрзонд бунæт-ти, сæ бæрни син бакæнунцæ еугурадæмон мулкитæ, уони иуаруни бартæ син парахаттæй раттунцæ. Æма? Цанæбæрæг рæстæг рацæ-уй, æма рабæрæг уй, еци «бæрзондбадгутæй» беретæ, æцæгæйдæр, æнæууæнкæ аккаг ке ’нцæ – паддзахадон есбонадæбæл фæххæлæф кæнунцæ, æнаккаг миутæ фæккæнунцæ… Æма уæхæн «бæрзондбадгути» къохти ци паддзаха-дон «уæрдун» уа, уомæн кутемæй уодзæнæй, размæ ке фæрци цæуа, еци сæмæн?..
Лев ТОЛСТОЙ (1828-1910), уруссаг финсæг: «Цардæн аргъ кæнун гъæуй æ бæрцæмæ гæс-гæ нæ, фал æ хуæрзгъæдæд-зийнадæй ци æй, уомæ гæсгæ…»
– Уотæ бæргæ ’й, фал нæмæ
уæддæр хъæбæр исфедар æй
фæткæ: бæрнон бунати бадæг,
кенæ литературæ æма аййевадæ гъезæмарæгæ-
нæг æ цардиуаги уоййасæбæл кæд нецæмæй фе-скъуæлхтæй, уотид монти сифи аккаг дæр кæд нæй, уæддæр ин æ æнзти юбилейон бæрцæмæ гæсгæ гъæуама лæвæрд æрцæуа ести бæрзонд хуæрзеуæг. «Кадгинтæй» нæмæ бæргæ байдзаг æй, æма е кæмæндæрти – цийнаг, нæ цардарæз-ти гъуддæгутæ ба уæхæнтти фудæй – кæуйнаг…