30 декабря 2024

ГЪÆУУОН ХÆДЗАРАДИ ИРÆЗТÆН – ПРОГРАММИ НИСАНТÆ

28.04.2021 | 18:51

Нæ республики гъæууон хæдзаради къабази ирæзтæн устур агъаз фæууодзæнæнцæ хецауади оргæнтæ, агропромышленнон æма наукон æхсæнади минæвæрттæ еумæйаг хъауритæй ку райдайуонцæ архайун æма синхаг регионти фæлтæрддзийнадæй ку пайда кæнонцæ, уæд.

Уæхæн гъудимæ æрцудæнцæ, агропромышленнон комплекси ирæзти фарстатæбæл дзубанди кæми цудæй, еци æмбурди. Республикæ Цæгат Иристон-Аланий Сæргълæууæги ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Сергей Меняйло нæ республики министрадтæ, ведомствитæ, агропромышленнон кустуæтти разамонгутæ, фермертæ, наукон архайгутæ æма районти сæргълæугути хæццæ исаразта сæрмагонд фембæлд Цæгат Иристони аграрон университети.

Сергей Меняйло куд радзурдта, уотемæй, нæ республики гъæууон хæдзаради ирæзтæн æнтæстгин фадуæттæ æма гæнæнтæ исаразæн ес, наукон æма экономикон æгъдауæй арæзт комплексон программи бундорбæл.

– Вазуггин гъуддаг æй бæлвурд хатдзæг искæнун, циуавæр фæрæзнитæ нæмæ ес пайда кæнунæн, цæмæй айдагъ нæ республики нæ, фал æндагон базаради дæр нæ продукци уа, уой туххæй. Гъæууон хæдзарадæ – экономики сæйраг къабæзтæй еу æй æма Цæгат Иристони ба аци кусти ирæзтæн ес фагæ гъæздуг æрдзон фæрæзнитæ æма дæсни специалисттæ. Гъæуй нæ исбæлвурд кæнун, циуавæр рахуæцæнтæ ‘нцæ сæйрагдæр уой, æма сæ федæни программæмæ бахæссуни фарстатæ. Уой хæццæ ма гъæуй бакосун агропромышленнон комплекси, фермерон æма хецæн хæдзарæдти кустуæттæн агъази мадзæлттæбæл дæр, – загъта нæ республики Сæргълæууæги ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг.

Æмбурди сæйраг адтæй, Республикæ Цæгат Иристон-Аланий гъæууон хæдзаради министри ихæстæ рæстæгмæ æнхæстгæнæг Уазити Хъазбеги радзубанди. Е бæлвурд бæрæггæнæнтæ байамудта, анзи дæргъи министрадæн сæ къохи ци бафтудæй исæнхæст кæнун, еци гъуддæгути фæдбæл.

– Нæ республики гъæууон хæдзаради ирæзт евгъуд 2020 анзи æнæгъæнæ Уæрæсей байахæста æвдæймаг бунат. Аци къабази агрофæлхасади инфраструктури арæзт цæунцæ нæуæгдæр мадзæлттæ – халсартæ æма рæзи æвæрæнтæ.

2018 анзæй абони уæнгæ си æвæрд æрцудæй 19,6 тонни уæлдæр амунд продукци. Нæуæгдæр кæнуй гъæууонхæдзарадон техники парк дæр. Æртæ анземæ, льготон-инвестицион æфстæутти фæрци хæдзарæдтæ исамал кодтонцæ техники 554 еуæги 2,5 миллиард сомей аргъ. Нæ республики æнхæстгонд цæунцæ дууæ паддзахадон программи – «Гъæууон хæдзаради ирæзт» æма «Гъæууон фæзуæтти комплексон ирæзти» нисантæ.

2018-2020 æнзти, райдайæг фермертæн сæ кусти ирæзтæн «Агростартап»-и грантти хузи æрвист æрцудæй 718,1 миллион соми. Гранттæ райстонцæ 203 хæдзаради. Арæзт æрцудæй кусти 232 бунати.

2020 анзи паддзахадон программæ «Гъæууон фæзуæтти ирæзти» нисантæн ба æрвист æрцудæй 675,5 миллион соми. Уæд райдæдтонцæ дони хæтæлти системи райарæзт гъæутæ: Гизæл, Ногир, Гъæдгæрон æма Уæллаг Санибайи. Ольгински ба аци куст кæронмæ фæцæй. Амбулатори арæзт æрцудæй Кæрдзини æма культури Галауан Уæллаг Санибайи. Спортивон фæзæ – Гизæли, бундорон цалцæг ба Гъæдгæрони скъолай. Евгъуд анз ма 36 бийнонтемæн лæвæрд æрцудæй социалон феддонтæ – 34,6 миллион соми цæрæнуæттæ исамал кæнунæн, – загъта Уазити Хъазбег.

Æмбурди рæстæг нæ республики гъæууонхæдзарадон кустуæтти разамонгутæ бæлвурд радзурдтонцæ, сæ къабази ахсгиагдæр лухкæнуйнаг гъуддæгути фæдбæл. Уотæ, «Иристони æхсир»-и кустуати директор Абайти Алан куд радзурдта, уотемæй кустуат æнтæстгинæй ке ирæзуй, уомæн æвдесæн æй, сæ продукци син фæлхасгæнæг зæрдиагæй ке агоруй, е.

– Нæ республики еугур тукæнтти дæр ес нæ продукци, базаради агъазиау центртæ «Магнит» æма «Пятерочка»-й уæлдай. Аци устур тукæнттæмæ нин нæ продукци цæй туххæй нæ есунцæ, уой нин бæлвурд нæ зæгъунцæ. Фал, куд ес гæнæн, æма нæ республики медæгæ нæхе продукци æндагон амалгъон адæймæгути тукæнттæмæ ма хъæртонцæ, уомæн, – загъта Абайти Алан.

Агрохолдинг «Мастер-прайм Берез-ка»-й сæргълæууæг Беккузарти Ларисæ ба радзурдта, кустуати ферми ци хуæрзгъæдæ сторвонси муггæгтæ ес, уони æхсир æма фиди продукци айдагъ нæ республики нæ, фал синхаг регионти дæр агорунцæ. Фал сæмæ нæ фагæ кæнуй косгутæ æма еци фарста кустуати цуд къулумпи кæнуй.

Сергей Меняйло байгъуста радзубандигæнгутæмæ алкæмæ дæр æма æхемæ фæннисан кодта еугур лухкæнуйнаг фарстатæ дæр. Æмбурди архайгутæ ма дзубанди кодтонцæ дони системæбæл, селекци æма муггæгти кустбæл, дæсни кадртæбæл, агропромышленнон комплекси къабази нуриккон технологитæй æма наукон уагæй пайда кæнунбæл.

***

Аци æмбурди ци фарстатæбæл цудæй дзубанди, уонæмæ гæсгæ ма уин фегъосункæнуйнаг ан мæнæ ауæхæн хабар. Республики идарддæр цæудзæнæй лæмбунæг архайд рæзикусти райрæзти программæбæл. Е агъаз уодзæнæй рæзи æрзад зингæ фæффулдæр кæнунæн. Специалистти нимадмæ гæсгæ, 2023 анзмæ рæзæдæнтти фæзуат уодзæнæй 7,8 мин гектарей бæрцæ. Ирæфи райони нуриккон технологити бундорбæл хе минкъий рæзæдонæ ниййаразуни хъæппæрес равдистонцæ фараст адæймаги. Уотемæй, райони арæзт æрцудæй 270 гектари æхсæрæ, 120,5 гектари – фæткъутæ, 20 – æнгозтæ, 4 – чуали, нинæгъ æмæ сæнæфсерæ.

Будури Дæргъæвси цæрæг Бузойти Славик фæлтæрдгун зæнхкосæг æй, совхоз «Дæргъæвсаг»-и берæ фæккуста. Нур е исфæндæ кодта хе рæзæдонæ ниййаразун, æма æ зæнхитæ исфедудтонцæ фæткъу, нинæгъ æма сæнæфсери талатæй. Æ размæ исæвардта нисан, æма ‘й æруагæс кæнуй, исонибони ами ке уодзæнæй деденæгкалгæ рæзæдонæ. Бæлæстæ донгъæуагæ нæ уодзæнæнцæ, кæрдунцæ син сæ алливарс хъамил кæрдæгутæ, хæссунцæ сæмæ минералон гъæцæнтæ, пурф сæ кæнунцæ незтæ æма урунгонтæй гъæуайгæнæн бауæргъæдтæй, рагуалдзæг сæ бахсастонцæ. Нур æнгъæлмæ кæсунцæ фæткъути фиццаг тиллæгмæ.