21 ноября 2024

Æ ТОХ АДТÆЙ АДÆМИ АМОНДБÆЛ!..

28.04.2021 | 21:21

Цæголти Геуæрги райгурдæй 1871 анзи 22 апрели Киристонгъæуи (нур – сахар Дигора).

Кадгин, дзурддзæугæ лæг адтæй æ фидæ Аслангери. Е æнæмæнгæ фæббæрæг æй фурти уодикондбæл, уомæн æ демократон зундирахастбæл. Аслангери каст фæцæй Тифлиси дини семинари æма куста фиццаг ахургæнæгæй, уæдта къуар анзей дæргъи – саугинæй. 1878 анзи, æз саугин нæбал дæн, зæгъгæ, æ пæлæз рагæлста. Аци хабар куд нæ фæббæрæг адтайдæ минкъий Геуæргий цардбæл? Бийнонтæ æрмæгур æнцæ, уомæн æма Аслангеримæ неци есбон адтæй, æ минкъий хæдзарæ дæр ма ихæстæ бафедæггаги уæйæгонд æрцудæй: службæмæ ба ‘й есгæ нæбал кодтонцæ, «æ рехæ даст æрцудæй», зæгъгæ. Минкъий биццеуæн æ фиццаг имисуйнæгтæ æнцæ æ мæгурдзийнадæ æма е ‘стонг. «Дзабур, уæледарæс цæмæй балхæдтайанæ, е нæ адтæй. Æз… дууæ анзи бæгъæнбадæй фæххаттæн, сауæнгæ зумæги дæр – бæгъæнбадæй…» – имиста фæстæдæр Геуæрги.

Биццеумæ дæр хумæтæг нæ фæккастæй æ фидæ Аслангерийи миуæ, ниссагъæси ’й, гъуди ибæл кодта, æма ин фæцæй цард хуæздæр балæдæруни хуасæ, рæстдзийнадæ æма тохи фиццаг урок. Æ фидæ алкæддæр адтæй мæгур гъæуккæгти фарсхуæцæг, лæудтæй бонгинти нихмæ. Ниллæудтæй син тæлмаци лæгæй, мæгуртæн финста сæ гъаст гъæздугути æма хецауади минæвæртти нихмæ. Е дæр фагæ нæ адтæй: æргомæй æрлæудтæй хецауади нихмæ. Нæудæсæймаг æноси 80-аг æнзти райдайæни е æ мæгур гъæуккæгти сæргъи исистадæй бунæттон старшинай нихмæ, уой туххæй ниййахæстонцæ Аслангерий, фесафтонцæ ‘й сакъадах Чечени. Гъе æма æ фидæй уæхæн тохмонц зунд æма уодигъæдæ рахаста Геуæрги дæр.

Еу лæг ма адтæй, Геуæргий зундирахастбæл хуæрзæрдæмæ хъæбæр ка фæззиндтæй, уæхæн. Е адтæй æ фиди фидæ Муссæ, гъæууон курдон. Фæстæдæр æ имисуйнæгти ин æ кой ахид кодта Геуæрги. Зæронд лæг æй бахудта адæмон исфæлдистади хæзнадонæмæ, берæ таурæхътæ, аргъæуттæ, æмбесæндтæ, зартæ си базудта биццеу, æ зунди ин хезун кодта рæстдзийнадæмæ турнундзийнадæ. Дессаг нæй, Геуæргийæн æ фиццаг уадзимистæ адæмон исфæлдистадæ æма зæронд Мусси хæццæ баст ке ‘нцæ, е. Æ уарзондæр поэтикон фæлгонц ба иссæй адæмон мастесæг æма зартæгæнæг Хъудайнат.

«Устур аргъ кодта ахурдзийнадæн, кадгин бунати æвæрд имæ адтæй киунуги дæсни лæг», – финста Геуæрги зæронд Мусси туххæй. Нур зин балæдæрæн нæй, мæгур хæдзарвæндагæй рацæугæ биццеу ахурбæл куд бафтудæй, е: неци бавгъау кодта, нецæбæл байаурста. Сабий æхсæз анземæ æ мади фæрци базудта кæсун. Уайтæккæ ‘й равардтонцæ Киристонгъæуи еукъласон скъоламæ. Ами фæцæй æртæ мæйи. Фæстæдæр, 1879 анзи сентябри мæйи, æ бон бацæй Мæздæги дини училищемæ бацæун. Райстонцæ ‘й къазнай харзæй.

Еци рæстæг хъæбæр æзмæнститæ цудæй Уæрæсей. Архайдта парти «Народная воля»… Рамардтонцæ паддзах Александри… Æверхъау æфхуæрæн миутæ уой фæсте иситинг æнцæ… «Паддзахмаргути» æлгъетунцæ хецауадæ, бонгинтæ, хъоди сæбæл кæнунцæ аргъауæнти. Ахурдзаути зундæй фæссорунбæл архайунцæ сæребарæбæл гъудийæн æ думгæ дæр. Фал фæсевæди ’хсæн куста æндæр зунд дæр: берети æруагæс кодта, революционертæ ке «дзорунцæ адæми сæрбæл», «уарзтонцæ сæ фæсаууонмæ æма дзурд лæвардтонцæ, ескæд етæ дæр революционертæ ке исуодзæнæнцæ, уой туххæй». (Цæголты Г. «Мысинæгтæ», ОРФ СОНИИ, фонд II, фыст 1, хъуыддаг 32, фарс 142).

Мæгурти сæрбæл дзорун, фæллойнæгæнгутæ æма еугур æфхуæрд адæми сæрбæлтау тох Цæголи-фуртæн фæстæдæр иссæй æ еугур царди гъуддаг.

Æхуæдæг куд дзурдта, уомæ гæсгæ литературæ уарзун байдæдта Мæздæги дини ахургæнæндони. Каст æй фæцæй 1885 анзи æма уæд бацудæй Стъараполи дини семинаримæ дæр. Берæ бабæй нæ раййивта æ цардиуагæ. Ами дæр еци карз æфхуæрдтитæ, къумух чиновник-ахургæнгутæ, карцер æма фæсмондзийнадæ. (Къуар анзей фæсте семинарий цард равдесдзæнæй «В Болотинске», зæгъгæ, романи.)

Фал рохс гъуди ницъцъист кæнун дини семинарий бон дæр нæ бацæй. Еци æнзти Цæголи-фурт райдæдта финсун. Стъарапойлаг газет «Северный Кавказ»-и фæззиндтæй æ фиццаг литературон фæлварæн: «Эпизод из времени бунта в Осетии в 1806 году».

Финсунæй уæлдай ма имæ адтæй æндæр «уодервæзæн» дæр – кастæй киунугутæ. Е ба уотæ æнцон гъуддаг нæ адтæй. Семинарий фундаменталон библиотекæй кæстæр семинаристтæн литературæ нæ лæвардтонцæ, сахари библиотекитæмæ цæуни барæ син нæ адтæй. Киунугутæ амал кодтонцæ зонгити фæрци, кастæнцæ сæ кезугай, сосæггай – кæми урокти рæстæги, кæми – ба хуссун афони дæр. Еууæхæни Геуæргий æрахæстонцæ, Помяловскийи роман «Молотов» куд кастæй, уотемæй. Еци дзамани дини ахургæнæндæнтти аци финсæги уадзимистæ хъодигонд адтæнцæ рохс синоди дзурдæй, æма Геуæргий уайтæккæ рацох кодтонцæ семинарийæй.

Æхсæрдæсанздзуд биццеу фæххауæггаг æй. Хъæбæр тухстæй, æ бийнонти ке фæффудæнгъæл кодта, уомæй: сæ зæрдæ айдагъдæр уобæл дардтонцæ. Бийнонти дарун гъудæй, æма Геуæрги æ фиди хæццæ (уæдмæ е ахæст нæма адтæй) кустагор рандæй Кубани зилдмæ. Баталпашинскмæ хæстæг еу цади билæбæл адтæй цæнхикустгæнæн завод, æма уордæмæ бацудæнцæ фидæ æма фурт. Ами хъæбæр зин уавæрти кустонцæ, гъезæмарæ кодтонцæ Уæрæсей алли къумтæй æрцæуæг адæм – уруссæгтæ, гурдзиæгтæ, дагестайнæгтæ, кæсгæнттæ, иристойнæгтæ. Се ‘стонг, сæ мæгурдзийнадæ сæ æртардта ардæмæ.

Цæголти Геуæрги ами хуарз балæдæрдтæй, фæллойнæгæнæг лæгæн алкæмидæр æ уавæр еухузон гъезæмарæ ке æй. Косгути фарс ке лæудтæнцæ, сæ сæрбæл ке дзурдтонцæ, уой туххæй Геуæрги æма æ фидæ цохгонд æрцудæнцæ сæ кустæй.

Уой фæсте берæ рахау-бахау багъудæй Геуæргий. Аразта æфсæнвæндаг Кубани зилди станицæ Барсуковскийæй, ласта нартихуар Даргъ-Къохи станцæмæ, адтæй цомайи биццеу æма ахургæнуйнаг æфсæнвæндаги телеграфи, лæвардта уроктæ, 1892 анзæй фæстæмæ ба адтæй Дигоргоми Донифарси æма Мæхчески приходи пъисæр, еци куст кодта Алагири æма Пусулмонгъæуи (Чиколай) дæр.

Цæголи-фурт хуарз базудта адæми цард. Еу «незæй садæнцæ» Баталпашински заводи косгутæ дæр æма хуæнхæгтæ дæр. Фæууидта къласон хецæндзийнадæ, эксплуатаци. Балæдæрдтæй зæнхæгъæуагæ мæгур хуæнхæгти зин, сæ гъезæмарæ æлдæртти æхси буни, кулакти цъамардзийнæдтæ, паддзахи администраций æфхуæрд. Хуæнхаг лæги ма æлвастонцæ дингæнгутæ æма зæронд æгъдæутти уаргъ. Нæ финсæги бон нæ адтæй уæхæн уавæртæмæ кæсун, е ниллæудтæй тохи надбæл, бацæуидæ хæлхъойаг гъуддæгути, алкæддæр мæгурти фарс уогæй. Амудта син, финста син гъæугæ гæгъæдитæ, сæ гъаст син хаста уæлдæр хецауадæмæ. Æма æ нихмæ иссæнцæ æлдæрттæ, бонгинтæ, бунæттон дингæнгутæ.

Æ пъисæри кусти туххæй финста уотæ: «Службæ мин хъæбæр фæййагъаз æй адæми цард базонуни гъуддаги. Мæ зæрдæбæл рацудæнцæ фиццаг арф ауæдзтæ. Еци ауæдзтæй райгурдæнцæ фæстæдæр хуæнхаг царди фарстати фæдбæл мæ берæ уацтæ. Еци ауæдзтæй рацудæй, хуæнхти ци зин хæдзарадон уавæр ес, уой туххæй ке ниффинстон, еци киунугæ «Край беспросветной нужды» дæр…»

Пусулмонгъæуи (Чиколай) æма Мæхчески ку адтæй, уæд Геуæрги финсун райдæдта цубур уацтæ бунæттон цардæй. Мухур сæ кодтонцæ «Терские ведомости», зæгъгæ, газети. 1894 анзи æмбеси имæ фæдздзурдтонцæ аци газети редакцимæ косунмæ.

Газети косун æ рагон бæлдæ адтæй Геуæргийæн: «Газети куст мæн еудадзугдæр æлваста æхемæ». Рандæй Владикавказмæ (Дзæуæгигъæумæ). Лæдæрдтæй, журналист устур зунд æма культури хецау ке гъæуама уа, уой, æма æрæвналдта æхебæл косунмæ; кæсуй хъæбæр берæ, ахур кæнуй философи, экономикæ, статистикæ, барадæ, истори.

Цæголи-фурт, профессионалон журналист, газети фæккуста дæс æма инсæй анземæй фулдæр. Æ уадзимистæ цудæнцæ Уæрæсей, Цæгат Кавкази æма Фæскавкази еу-дууинсæй мухури оргæнæй фулдæреми. Æ бон адтæй газетон публицистики алли жанри дæр финсун, финста репортажтæ, корреспонденцитæ, раздзурди уацтæ, фельетонтæ, экономикон, æхсæнадон-политикон æма литературон фарстатæбæл, рецензитæ киунугутæбæл æма театралон спектакльтæбæл, библиографион феппайуйнæгтæ, рафæлгæститæ центрон æма провинциалон мухурбæл. Æ финстити бундор адтæнцæ нæ адæми XIX æноси кæрони æма XX æноси райдайæни царди социалон-экономикон æма культурон царди ахсгиагдæр фарстатæ. Æ финститæн ин рахонæн ес Иристони историй, экономики æма культури энциклопеди – уотæ берæвæрсуг æма арф æнцæ. Фал Цæголи-фурти публицистики устур хуарздзийнадæ е дæр æй, æма айдагъ Иристонбæл ке нæ дзоруй æма тухсуй. Æ берæ уацтæ, очерктæ, фельетонти нæ финсæг тох кæнуй Цæгат Кавкази иннæ адæмти сæрбæл дæр.

Цæбæл финсуй, еци фарстатæ берæ ’нцæ. Фал си уæлдай æхцулдæр æй еу къуаребæл: мæгур хуæнхаг адæми социалон-экономикон уавæр; паддзахи хецауадæ Кавкази ци колонизаторон политикæ хаста, уой критикæ кæнун; æлдæртти, бонгинти гъæддаг миутæ хормæ калун. Æ хуæздæр статьятæ æма фельетонти – «Дигорские науки», «Сельская буржуазия и надельные земли», «К вопросу о временнопроживающих», «Заметки по земельному вопросу» æма иннети – финсуй ирон зæнхкосгути къласон дехдзийнадæбæл, Иристони гъæути бонгинтæ мæгур адæми куд æнсæндунцæ, уобæл. Тох кæнуй «рæстæгмæцæргути»(уотæ худтонцæ æнæзæнхæ æма, еудадзугон цæрæнбунат кæмæн нæ адтæй, еци раледзæг адæми) сæрбæл.

Æ тæккæ бундорондæр куст æй «Край беспросветной нужды». Хъæбæр лæмбунæг си равзурста, зæнхи ’гъдауæй Терки зилди хуæнхаг адæм ци уавæри æнцæ, уой. Цæголи-фурт æрцудæй уæхæн хатдзæгмæ: хуæнхбæсти цæргутæй айдагъ 14 процентæн сæ бон æй «фингæбæл æрбадун», иннæ 86 проценти æнцæ «уæлдай цъухтæ». Æма финсæг гъæддухæй домуй уонæн зæнхæ раттун.

Иристони зæнхитæбæл ци бонгинтæ æрбадтæнцæ, уони нихмæ дзоргæй, Цæголи-фурт хуарз лæдæрдтæй, гъай-гъай, зæнхæ барвæндонæй зæнхкосгутæн ке нæ ратдзæнæнцæ. Фал ин æ финститæ ка кастæй, етæ уæхæн хатдзæгтæ кодтонцæ: зæнхæ байсун гъæуй тухæй.

Цæголти Геуæрги адтæй революцион демократий зундирахастбæл хуæст, уой бон нæ адтæй рартасун пролетариати æцæг тухæ, балæдæрун, айдагъ пролетариати бон ке æй æхсæнадон цард раййевун. Нæ финсæг æ бæлдитæ, æ нифс баста зæнхкосгути хæццæ, уони революцион æзмæлди хæццæ.

Цæголти Геуæргий публицистикæ лæууй Иристони революцион-демократон гъуддæгутæ æвдесæг хуæздæр уадзимисти æмрæнгъæ. Æвардта æ рæстæги тæккæ актуалондæр фарстатæ æма сæ лух дæр кодта адæми бæлдити сæрбæлтау æма пайдайæн.

Зундгонд æй, Цæголти Геуæрги е ’мдзæвгитæ æма радзурдтæн æхуæдæг уоййасæбæл устур аргъ ке нæ кодта, е. Фал махæн æ аййевадон исфæлдистадæ дæр æ публицистикæй минкъийдæр цæмæдессаг нæй. Уогæ ин æнхæстæй аргъ искæнун нерæнгæ дæр ма зин æй, уомæн æма æнхæстæй æмбурдгонд нæма ’й, æхе загъдау, фесавдæй «зæронд газетти цъæпæрати».

Аййевадон уадзимистæ дæр финсун райдæдта публицистики хæццæ еу рæстæги. Æ фиццаг æмдзæвгитæ æма радзурдтæ фæззиндтæнцæ 1895 анзи. Æ прозæй финститæ къохи нæма бафтудæнцæ: финст ин ка нæ фæцæй, еци роман-фельетон «В Болотинске», абæргути туххæй финст цæмæдессаг романæн æ райдайæн æма еуцалдæр радзурди – «хузтæ», «миниатюритæ». Прози дæр æма поэзий дæр дзубанди цæуй, публицистики ци фарстатæ æвæруй, уонæбæл. Уотæ загъта æхуæдæг: прозæ æма поэзимæ бавналдта, æ гъудитæ æма æнкъарæнтæ ‘й хуæздæр æма бæлвурддæр равдесун ку ’рфæндæуидæ, уæд.

Æ поэзий нисанеуæг исбæлвурд кодта æ программон æмдзæвги. Уадзимис исхудта «Вместо предисловия». Æнахур æй æмдзæвги истори. Арæзт æй дууæ хаййемæй: сæ еуемæй инней ’хсæн рацудæй дæс æма инсæй анзей бæрцæ. Поэти сорæт Цæголи-фурт æвдесуй будуйраг толдзи хузи. Æмдзæвги фиццаг хаййи еци толдзæ – еунæг, æ сæр æркъолæ ‘й, цума рæхисæфтуд адæймаг æй.

 

Он тоскует и вздыхает,

Думы ветру поверяет.

И скрипит… скрипит… скрипит…

 

Æмдзæвги дуккаг хай финст æрцудæй Октябри революций фæсте. Толдзæ байгас æй, исхуæстæй æ къабæзтæбæл.

 

Живет он и ликует

И юной бодростью кипит.

 

Адæми рист æма зиндзийнадæ равдесун, адæми амонди сæрбæлтау маст райсунмæ фæдздзорун – уæхæн ихæс æвæруй Цæголи-фурт æ поэзий рази. (Æмбурдгонд «Осетинские мотивы»). Поэт уарзта æ райгурæн бæстæ, æ хуæнхон æрдзæ. Хуæнхон æрдзи хузтæ æвдесуй хъæбæр дæсни, уæлдайдæр аци æмдзæвгити – «Ночью в горах», «В Дигории». Æ зæрдæмæ хъæбæр арф гъаруй хуæнхон æрдзи рæсугъддзийнадæ:

 

Это ты здесь живешь и царишь, красота!..

Это ты, колыбель вдохновенья!

 

Æцæгæйдæр, рæсугъд æнцæ æрдзи хузтæ, етæ зæрдæн æхцæуæндзийнадæ дæттунцæ, фал æрдзæ дæр мæгур тухст лæгæн адæ нæ кæнуй, уомæн æма ин æ æрдзи хай дæр бонгинтæ нæ уадзунцæ. Етæ иронх нæ ’нцæ поэтæй, æма, æрдзи кой кæнгæй дæр, фулдæр мæтъæл зæрдиуагæй фæдздзоруй. Райсæн æмдзæвгæ «Рассказ дигорца». Аци рауæн хуæнхти хонуй цъæх къæдзæхти æдзард денгиз; Ирæф имæ зиннуй хелаги хузæн, кæци æзнæт зур-зургæнгæ, фæллæсуй арф къардеуи бунти.

Фал адæм тухст ке ‘нцæ, уой поэт айдагъ карз æрдзи фуд нæ кæнуй. Хуæнхаг лæги уæззау карни сæйраг фуд æй социалон æнæрастдзийнæдти. Социалон лæдæрундзийнадæ, фæллойнæгæнæг хуæнхаг лæги æгъатирæй эксплуатаци кæнунцæ æлдæрттæ, бонгинтæ æма паддзахи администраци – е æй Цæголи-фурти поэзий сæйраг медес.

Е ’мдзæвгити æмбæлæн мæгур хуæнхæгти хумæтæги сорæттæбæл. Мæнæ Иналухъ устур тухсти бахаудтæй: æ хуми тиллæгæй неци æрзадæй. Нур ци фæууодзæнæй?

 

… Сиди, не евши по три дня,

Свисти в кулак и жди со страхом,

Когда нагрянет старшина…

Все… все возьмут, пустив с сумою,

Не пощадят рахис святой,

Вдобавок пригрозят тюрьмою…

(«ИНАЛУК»)

 

Мæтъæл, сæргубур æй Гугъо («На нихасе»). Æ бон дзорун дæр нæй.

Цума ци кæнуй? Поэт æй комкоммæ нæ зæгъуй, фал Гугъой тухсти рæуæнттæ еу æма дууæ нæ ‘нцæ: гъæуихецау – цъуххæссæг, бонгин æвзиститæ кæнуй мæгур лæги минкъий мортæ байсунæй, хецау – æрахæссунæй…

Поэт æвдесуй (æмдзæвгæ «Рассказ дигорца») хуæнхаги тар карнæ. Æ фидæ зæйи буни фесавдæй, мадæ Ирæфи багæлста æхе. Мади сорæт уæлдай тухгин æнкъарæнтæй æма хузтæй æвдист æй аци æмдзæвги. Седзæргæси сагъæстæбæл кæми дзурдæуй, еци бунæттæмæ кæсгæй, зæрдæ нигъгъæрзуй. Æгомуг фонси хузæн куста, фал уæддæр æхе æма æ бæдоли уодервæзуни фагæ амал кæнуни фадуат ин нæ адтæй… Цард ин цард нæбал æй, аци рохс дуйне ниууадзун – хуæздæр… Фал мæлун дæр зин æй. Æнамонд уосæ æ мæлæти хуæдразмæ нæбал æфсæдуй æ гъæуи, æрдзи, хори уиндæй. Уæддæр æдзард дуйнемæ æ бæдоли æ хæццæ «райсун» æ бон нæ бацæй. Хуæрзбон зæгъуй æ бæдолæн. Æ биццеуи ном ма фæззæгъуй æ мæлæти размæ. Поэтикон æмдзæвгити ритм, бæлвурд детальтæ, æрдæгæскъуд зæгъдтитæ – етæ еугурæйдæр поэтæн æнцæ вазуггин меддуйне æцæгæй равдесуни фæрæзнæ. Силгоймаги мæлæти хабар зæрдæ уæлдай хъæбæрдæр ниррезун кæнуй, поэт нин, уæхæн цау æстæн ке нæй, уой ку фæззæгъуй, уæд. («Урух! Урух!.. Немало ты здесь принял в недра вод холодных детей суровой нищеты, раздетых, сирых и голодных»).

Æфхуæрд хуæнхаг силгоймаги хъисмæт æвдесуй æмдзæвгæ «Невестке-осетинке» дæр. Сагъæс, цæрæнбони уодхар æнгъæлмæ кæсуй ирон кизгæмæ.

Цæголи-фурт æвдесуй, еугур еци гъезæмæртти фудгин ка ‘й, уони дæр – æвдесуй адæми æфхуæргути. Сатирикон æмдзæвгæ «Темболат»… Бонгин, сæудегергæнæг, тукæнттæдарæг Темболат бадуй е ‘вæрæнтæбæл. Айдагъ æхцатæ имæ нæййес римæхст – еу кирæ байдзаг æй векселтæй: «Сколько власти, сколько горя тот сундук в себе таит! Захочу – и вмиг застонет весь огромный наш аул… Вексель – сила… Нет такого, кто б пред ним спины не гнул…» Хецауадæ дæр – уой фарс, кадæ дæр – уомæн. Еугурæйдæр си тæрсунцæ, æнцæ ин лигъстаг. Бонгинæн æвдист цæуй айдагъ æ социалон игакæ нæ, фал æ психологон рахаст дæр.

Поэт æ уадзимисти, адæми æма уонæн се ‘знæгти æвдесгæй, карзæй æвæруй фарста, куд цæронцæ адæм идарддæр. Æма æ еугур поэзийæй дæттуй уæхæн дзуапп: адæм гъæуама тох кæнонцæ сæ бартæбæл. Æмдзæвгæ «Иналук»-и кæсæн:

 

Эх, спи, оборванный, голодный!

Не просыпайся, если сон,

Зовущей к жизни нас свободной,

Ты явью сделать не рожден!

 

Нæ зæрдæбæл нин æрлæуун кæнуй ирон адæми национ хъайтар Чермени (æмдзæвгæ «На нихасе»). Иннæ уæхæн – Хъудайнат, адæми сæрбæлхуæцæг («Месть певца»). Е æзгули кæнуй адæми, цæмæй исистонцæ, æфсойнæ сæбæл ка исæвардта, уони нихмæ.

Хъудайнати туххæй поэми революцион рахаст хумæтæги нæ адтæй. Æ бундори ес XIX æноси 70-аг æнзти æхсæнадон цард. Уæд рабайлæгъ æй уруссаг фæллойнæгæнæг дзилли иссæребарæ кæнуни змæлди æртиккаг фæлтæр. Еци рæстæги Ленин исаразта «Цæдес косæг кълас иссæребарæ кæнуни сæрбæлтау». Фæззиндтæнцæ Горькийи фиццаг уадзимистæ. Хъудайнати фæдздзурдтитæ Максим Горькийи «Уарийи зарæгимæ» райгъустæнцæ еу рæстæги. Уонæми дæр адтæй революцион æскъуæлхтдзийнади романтикæ.

Зартæгæнæг-мастесæги, адæми сæрбæлдзорæги сорæт уинæн, Цæголти Геуæрги Къостай туххæй ци æмдзæвгæ ниффинста, уоми дæр. Аци уадзимис Геуæрги бакастæй цитгин ирон поэти цирти уæлгъос 1906 анзи апърели сахар Владикавкази.

Рохсдæр исонибонбæл æууæндуй Цæголи-фурт, æ еци æууæнкæ уотæ федар адтæй, æма фиццаг уруссаг революци ке фегуппæг æй, е дæр æй сагъæси нæ бафтудта. Мах зонæн, еци цау интеллигенцийæй хъæбæр берети мæти ка бафтудта, фал Цæголи-фурт уонæй нæ разиндтæй. Нифс æвардта лæмæгътæн, æууæндтæй, рæхги æносон хъадамантæ уæддæр ке ниссæтдзæнæнцæ дзиллæ («Море сбросило оковы» 1908 анзи), разæнгард кæнуй размæ, рохс нисанмæ федарæй цæунмæ, дзурдта, æрдæгнадбæл æрлæууæн нæййес, зæгъгæ («Вперед!» 1908 анзи). 1910 анзи финст æмдзæвги («Прометей») ба имæ уотæ ’й:

 

Пусть проходит время…

Пусть мелькают годы…

Верю я: настанет лучезарный час…

Разомкнутся цепи…

Грянет гимн свободы…

И не будет стона… И вздохнет Кавказ.

 

Къостай хузæн Цæголти Геуæрги дæр æй мæгур хуæнхаг адæми, Иристони зæнхкосгути зартæгæнæг. Æвæдзи, гъе уомæн нæ балæдæрдтæй райдайæни пролетарон революций рахаст æма медес. Октябри тумугъти кæми ци цæуй, уой нæ рартаста. Фал революций хуарзи фæстеугутæ ку фæууидта, уæд цийнæгæнгæй æхе банимадта революций фарс.

Цийнæ кæнуй нæуæг Иристонбæл, райгурæн бæстæ фæййервазтæй æносон цагъардзийнадæй, цæуй нæуæг цардарæзти надбæл («Осетия» 1934 анзи). Хъæбæр зæрдрохс гъуддаг æй, ирон хуæнхаг силгоймаг æ бартæ ке райста æма исфæлдистадон фæллойнæмæ ке рацудæй, е («Женщине» 1932 анзи).

Поэт цæмæдесæй кæсуй дуйнемæ, æ гъос даруй дуйнеуон пролетариати тохмæ æма æууæндуй, ке иссæребарæ уодзæнæнцæ япойнаг косæг дæр æма америкаг негр дæр.

Фал нæ финсæгæн æ хъауритæ бафехсудæнцæ. Раздæри тохи цард ин бахуардта е ’нæнездзийнадæ. Фæстаг æнзти Геуæргийæн æ бон нæбал адтæй нæуæг цардаразгутæн сæ тухгиндæрти хæццæ æмцуд кæнун, кæд еци царди сæрбæлтау æ сæр нивондæн равардта, уæддæр. Уогæ уотемæй дæр æ финсун нæ ниууагъта. Байдæдта финсун имисуйнæгтæ – рæстæги агъазиау æвдесæн. Куд цардæй, куд тох кодта, ке хæццæ æмбалдæй…

Цаутæ, гъуддæгутæ, зæрди сагъæстæ царди гургъахъ нæдтæбæл – гъæздуг æма цæмæдес æнцæ махæн æ имисуйнæгтæ. Уордигæй нæмæ уодæгасæй разиннуй финсæгæн æхе сорæт, æ цард æма æ тох æнæгъæнæй дæр.

 

СуменАти Зоя,

1971 анз.

 

Редакцийæй:

Куд зонæн, уотемæй Цæголти Геуæрги æ уадзимистæ фулдæр финста уруссаг æвзагбæл. Абони си кæцидæрти мухур кæнæн, ци æвзагбæл сæ финста, уобæл, кæцидæрти ба дигорон æвзагмæ тæлмацгондæй.