03 декабря 2024

ЦАРДИ ФÆРÆЗНÆН ÆМГУСТИ ФУЛДÆР ÆНТÆСУЙ!..

08.09.2020 | 12:20

Аллихузон хуæцæнгæрз-тæй ефтонггонд, уотемæй цауæйнонтæ багъузтæнцæ, силæ домбай кæми æрбунат кодта, еци рауæнмæ. Еци рæстæг домбай æ бæдæлттæн æхсир дардта. Тæссаг уавæри ке бахаудтæй, уой уайтæккидæр балæдæрдтæй, е ‘смотæнтæбæл ци æнахур тæф исæмбалдæй, уомæй. Фал байрæги æй: цауæйнонтæ æ бадæн рауæнбæл фæйнердигæй æртумугъ æнцæ.
Домбай гæрзефтонг адæ-ми ку рауидта, уæд ракуддæртæ ’й. Раледзуни равгæ ин куд нæ адтайдæ, фал уæхæн гъуди æнгæрон дæр не ’руагъта: гæрр, е ’нæбон бæдæлтти æвæгæсæгæй куд ниууагъ-тайдæ!.. Æма æхецæн федарæй искарста: цийфæндийæй дæр сæ фæййервæзун кæнун гъæуй!.. Æ сæр гæзæмæ фæддæлæмæ кодта, цæмæй хуæцæнгæрзтæ ма уидтайдæ, уой туххæй, уæдта размæ æверхъау сæррæтæй рампурста. Адæм еци уодаистæй фæлледзæги ’нцæ…
Æнæбон бæдæлттæ фæййервазтæнцæ, мадта æндæр куд адтайдæ…
Нæ республики евгъуд къуæрей ци ахсгиаг цаутæ æма хабæрттæ ’рцудæй, уо-нæбæл нæ цубур рафæлгæст хумæтæги нæ райдæдтан аци таурæхъæй. Сирдти ’хсæн дæр æма еугур адæмтæмæ дæр æмхузонæй хъæбæр федар æй фæткæ.

Цæуæт кæмæн ес, етæ уони цард багъæуай кæнуни сæрбæлтау цæттæ ’нцæ алци-дæр исаразунмæ, сауæнгæ сæ цард иснивонд кæнунмæ дæр.
Æ кæстæр бастъалдæй, зæгъгæ, уомæй фуддæр фудбæлах адæймагбæл, æвæд-зи, не ’рцæудзæнæй… Е цæйбæрцæбæл уæззау æй зæрдæн дæр æма уодæн дæр, уой ба бавзурстан Беслæни фудракæндæй… Æхсæрдæс анзи райевгъудæй, тогмондаг террористтæ Беслæни фиццаг скъола ку байахæстонцæ, еци бон 2004 анзи фиццаг сентябри уордæмæ ахури нæуæг анзи райдайæни фæдбæл ци сабийтæ æма хестæртæ æрæмбурд æнцæ, уони уодхарæй ку мардтонцæ, уобæл, фал нæ дзилли зæрдити рист нæ нидæн-дæр кæнуй, еци хъонцгæнгæй имисæн, еци фудбæлахи æвудæй ка бастъалдæй уони рохс нæмттæ…
Евгъуд къуæрей сентябри фиццаг бæнтти Иристон, æ содзагæ цæстисугтæ калгæй, имиста бабæй, 2004 анзи 1-3 сентябри Беслæни террористон акти ка бацарæфтуд æй, еци æнагъон скъоладзаути, ахургæнгути, ниййергути, уæдта ервæзун сæ ка кодта, еци бæгъатæр æфсæддонти рохс нæмттæ.
Æртæ боней дæргъи арæзт æрцу-дæй аллихузон номерæн мадзæлттæ.

Æртиккаг сентябри ба Беслæни фиццаг астæуккаг скъолай тургъæмæ æмбурд кодта уæлдай берæ адæм. Етæ цудæнцæ æма цудæнцæ, се ’хсæн республики хецаудзийнадæ æнхæстгæнæг оргæнти разамонгутæ, районти администрацити хецæуттæ, æхсæнадон æма политикон организацити минæвæрттæ, иуазгутæ. Нæ гъос кæнунцæ музыки æнкъард зæлтæ. Игъусуй зæрди тæгтæ ка ’змæлун кæнуй, уæхæн æмдзæвгæ.
13 сахатти æма 5 минуттебæл (æх-сæрдæс анзей размæ еци рæстæг скъолай спортивон залæй райгъустæй фиццаг исрæмугъд) дзæнгæрæг дууæ цæфи никкодта æма, Беслæни фиццаг скъолай террористон акти ка бацарæфтуд æй, уони рохс нæмттæ æримисуни саударæн минут райдæдта. Сæ алке номбæл дæр скъоладзаутæ арвмæ исуагътонцæ уорс шартæ.
Уой фæсте æртиккаг саударæн бони скъолай тургъи ка æрæмбурд æй, еци сæдæгай адæм фестæгæй цудæнцæ, теракти амæттæгтæй, сæ фæстаг бунат кæми иссирдтонцæ, «Город ангелов», зæгъгæ, еци мемориалон комплексмæ. Еци рауæн метрономи æнкъард зæлтæмæ но-мæйноммæ ранимадтонцæ, теракти ка бацарæфтуд æй æма, уони ервæзун кæнгæй, бæгъатæрæй ка фæммард æй, уони нæмттæ – æдеугурæй 334 адæймаги: скъоладзаутæ, ахургæнгутæ, ниййергутæ, сæрмагонд оргæнти службæгæнгутæ æма Æнæнгъæлæги цаути министради косгутæ. Уой фæсте скъоладзаутæ нæуæгæй бабæй арвмæ исуагътонцæ 334 уорс шари.
Æхсæрдæс анзей размæ Беслæни ци террористон фудракæндæ арæзт æрцудæй, уоми ка бастъалдæй уони рохс нæмттæ æримисуни мадзæлттæ сентябри фиццаг бæнтти арæзт æрцудæй Мæскуй дæр æма нæ бæсти æндæр рауæнти дæр. Уой зондзинайтæ дзиллон хабархæссæг фæрæзнити игъосункæнуйнæгтæй. Фал ма сæ мах дæр уомæ гæсгæ æримистан, æма Беслæни ци æверхъаудзийнадæ арæзт æрцудæй, уой фæдбæл айдагъ номерæн мадзæлттæ аразунæй гъуддаг гъæуама ма хецæн кæна. Гъуддаг ба уой хонæн, æма гъæуама хинцфарстдæрæй æркæсæн нæхемæ, куд цæрæн æма нин нæ цардиуаги ци ’й сæйрагдæр, нæ исо-нибон куд æма ци уодзæнæй, уобæл ца-нæбæрæг тухсæн.
Райдæдта ахури нæуæг анз. Куд нæ Фидибæсти еугур рауæнти дæр, уотæ Цæгат Иристони дæр е райдайидæ 1 сентябри, исуидæ дессаги райдзаст бæ-рæгбон… Фал 2004 анзи тæккæ фиццаг бæнтти ци фудракæндæ арæзт æрцудæй, уомæ гæсгæ ба уæдæй фæстæмæ 1 сентябрь Иристони бæрæгбонбæл нимад нæбал цæуй, ахури анз нæмæ райдайуй 4 сентябри.
Цубурæй ма зæгъдзинан уой, æма аци анз нæ республики скъолати ахур кæндзæнæнцæ дæс æма цуппаринсæй мин ахурдзауи, уонæй фараст мини æма авдсæдæ æнцæ фиццагкъласонтæ. Аци анз уæззау хуæцгæ нез ке фæззиндтæй, уомæ гæсгæ еци коронавирусæй сувæллæнтти багъæуай кæнуни фарстатæ ба æнхæстгонд цæудзæнæнцæ еугур домæнтæмæ гæсгæ.
Алли скъолай дæр лæмбунæг цæстæдард цæудзæнæй пандемий уавæрмæ. Алли бон урокти размæ алли ахурдзауæн дæр дохтир бардзæнæй æ тæвдæ. Зæрдæдзоргæ ка разинна, уомæн æвæстеуатæй кæндзæнæнцæ медицинон агъаз. Ахури нæуæг анзи фæдбæл нæ дзубандий кæронбæттæни ба ма уой зæгъуйнаг ан, æма ахурадон косæндæнтти нæ кæстæрти æдасдзийнадæн уоййасæбæл берæ гъæугæ мадзæлттæ арæзт ке цæуй, е хуарз æй.
Никки хуарз ба е уидæ, æма царди еугур гъуддæгути дæр хестæрти ’рди-гæй фулдæр арæзт ку цæуиуонцæ нæ кæстæрти рæстзундæй гъомбæл кæнуни фæдбæл æнæмæнгæ гъæугæ гъуддæгутæ. Цæмæй нæ сабийтæ царди æма ахури бæрзæндтæмæ хонæг рæсугъд æма амондгун нæдтæбæл цæуонцæ нифсгун æма разæнгардæй, цæмæй син бантæса, ци рæсугъд фæндитæ ес се ’ригон зæрдити, етæ, цæмæй си уæн боз æма сæрустур.

КУСТИ ФАРНÆ КУ УА, УÆД Е УОДÆНЦОЙНÆ ’Й!..
Нæ абони дзубанди еугæр нæ кæстæрти туххæй æй, уæд уотæ дæр ма зæгъун æнгъезуй, æма абони нæ респу-блики ци берæ æхцæуæн æййивддзийнæдтæ цæуй, уони нисанеуæг, махмæ гæсгæ, бæлвурд æй.
Кæд æма нæ исонибон нæ кæстæртæ ’нцæ, уæд гъæуама абони байархайæн, цæмæй син еци исонибони зæрдæргъæвдæй архайунæн æма сæ карнæ сæхе лæгигъæдти фæрци аразунæн равгитæ уа, уобæл. Æма, ку зæгъæн, уой туххæй абони берæ арæзт цæуй.
Нæ республики Хецауадæн æ Сæрдар Тускъати Тайморази разамундæй æрæги ци æмбурд адтæй, уоми берæ аллихузон дæнцитæ хаст æрцудæй уой фæдбæл. Дзубанди ба си цудæй 2020 анзи фиццаг æмбеси Республикæ Цæгат Иристон-Аланий социалон-экономикон ирæзти бæрæггæнæнти туххæй. Анзи фиццаг æмбеси бæрæггæнæнтæ куд æвдесунцæ, уотемæй социалон-экономикон райрæзтбæл дзорæг сæйрагдæр нимæдзитæ хуæздæрæрдæмæ æййевунцæ. Æма уомæн æрхаста бæлвурд дæнцæгтæ. Уотæ, экономикон архайди еугур къабæзти дæр промышленнон кустади индекс анзи фиццаг æмбеси рауадæй 125,2 проценти. Фæлхасгæнгутæн æрвист промышленнон продукций бæрцæбæл, 2019 анзи еци æмгъуди хæццæ рабаргæй, бафтудæй 25 процентæй фулдæр (еци продукций аргъ рауадæй 15 миллиард сомемæй фулдæр). Гъæууонхæдзарадон продукций рауагъдадæбæл дзуаппон æмгъуди, 2019 анзи хæццæ рабаргæй, бафтудæй 12,7 проценти (æхцайæй нимайгæй, 4,9 миллиард соми аргъ). Евгъуд анзи еци æмгъуди хæццæ рабаргæй, цæ-рæнуæтти арæзтадæ фæффулдæр æй 6,8 проценти бæрцæ (эксплуатацимæ лæвæрд æрцудæй 134,1 мин квадратон метри цæрæнуæттæ).
Аци анзи фиццаг æмбеси республики консолидацигонд бюджети æфтуйæгтæ рауадæнцæ 18 959,1 миллион соми (ев-гъуд анзи еци æмгъуди хæццæ рабаргæй, 25,5 проценти фулдæр). Уой хæццæ ма, 2020 анзи 1 июлмæ республики паддза-хадон ихæс адтæй 9 167 миллион сомей бæрцæ (фари хæццæ рабаргæй, 2,6 проценти минкъийдæр).
Æмбурди куд хатдзæггонд æрцудæй, уотемæй еуæй-еу бæрæггæнæнтæй зæр-дæ нæ барохс æй. Зæгъæн, официалон æгъдауæй регистрацигонд æгуст адæми нимæдзæ исирæзтæй 2,2 хатти æма ис-хъæрдтæй 15,4 минмæ (2019 анзи фиццаг æмбеси адтæнцæ 7 мин адæймагей бæр-цæ). Демографий фарстатæбæл дзоргæй ба, министр куд фæннисан кодта, уотемæй дзуаппон æмгъуди ка рамардæй, уони нимæдзæ 4,4 проценти фулдæр æй, ка райгурдæй, уони бæрцæй.
Аци анзи фиццаг æмбеси идарддæр сæрмагонд æргом æздæхт цудæй социалон къабази уавæрмæ.
Республики социалон-экономикон райрæзт æма паддзахадон агъази мадзæлттæ гъомусгиндæр кæнуни фæдбæл сæ гъудитæ загътонцæ æма фæндæнттæ бахастонцæ министрæдтæ æма ведомствити разамонгутæ.
Хецауади иуонгтæ сæрмагонд æргом раздахтонцæ, пандемий уавæрти архайгæй, зæнхæ æма æндæр есбойнади арендатортæн еуæй-еу паддзахадон зæр-дæдарæнтæ иснисан кæнуни фарстамæ. Бæрзонд цæттæдзийнади фæтки уагæвæрдмæ гæсгæ, 2020 анзи 18 мартъий 2020 анзи 1 октябри уæнгæ уонæн ес рæстæгмæ сæ арендон феддонтæ æруора-муни фадуат.

ХЕКЪИЛАТИ Маринæ, журналист