26 декабря 2024

ЕЦИ РАЙДЗАСТ ФÆЗЗИГОН БОН УОЙ ÆНГЪÆЛ КА АДТÆЙ, ÆМА ’Й АГЪУД ЛÆГСИРДТÆ ÆНАЗУМ УОДТÆН ЗИНДОНÆ ФЕСТУН КÆНДЗÆНÆНЦÆ…

04.09.2021 | 12:34

Геннадий АЛАМИА,

Абхазийы адæмон поэт,

 

АФТÆ МÆМ КÆСЫ,

ÆВÆДЗА, УÆДДÆР…

Беслæны зынгхуыст сабитæн

 

Зæххы дадзинты,

Фыдæх кæй ысрæмыгъта, уыдоны

Бацахсти туг…

Ам хоры гагайæн,

Кæм æрхауа, ахæм

Бæзнаг дзыхъхъ нæ разынд, –

Нæ ратдзæн уый ног æвзар

Цардæн…

Беслæны сабитæн

Цы цæрæнбон аскъуыд,

Уый никæмæн бантысдзæн ацæрын дарддæр…

Уадз æмæ худæд,

Кæй бон ма у худын.

Уадз, хъарæг ныккæнæд,

Кæй бон нæу йæ цæссыг ныммарын.

Ехх, куы ’рцæрид нæ ахæм ныфс, –

Сабиты цæсты цы хурты-хур ахуыссыд,

Куыд ракæса иу райсом

Скъолайы кæрты.

Уым басыгъди цард,

Æртхутæг æмбæрзы

Цæрæццаг æвзартæ йæ хæрвæй.

Уым, скъолайы кæрты,

Ыслæууыд цыртдзæвæнау саби!

Фæрсын æй йæ номæй, –

Хъæрасæст хъæлæсæй мын афтæ:

«Мæ хойы мын амардтой!..»

Æмæ, зæронд лæгау,

Дзойтæ кæнгæйæ,

Æрдæгарæзт аргъуанмæ бараст, –

Хуыцауæн куыд зæгъа, мæгуырæг,

Æппæты фæстаг дзырд æмыр дзыхæй:

«Амардтой!..»

Нæ!

Судзгæ-уыраугæ хъæдгæмттæ

Нæ бандидздзæн рæстæг!..

Уæхскуæзæй уый арфдæр

Ныссадздзæни зæрдæйы кард…

Афтæ мæм кæсы, æвæдза, уæддæр,

Цыма сабиты цæстыты

Цы хуры цæст ахуыссыд,

Уый рарттивдзæн

Иу райсом ногæй…

МАМЫКЪАТЫ Хъазыбеджы тæлмац

Ирина ГУРЖИБЕКОВА,

народный поэт Северной Осетии

ПОСЛЕ БЕСЛАНА

А может, это третья мировая,

Та, где в открытом поле нет врагов…

Где первыми младенцы погибают,

Не сделав по земле и трех шагов?

А может, это третья мировая,

Где не штыки, а языки остры?..

В лесах, что были партизанским раем,

Пылают вражьи адовы костры…

А может, это третья мировая,

Где вместо танков – мерседес и джип…

Где власть над убиенными рыдает,

А жизнью их убийцы дорожит.

А может, это третья мировая,

Где фронт не где-то, а в твоем дому.

Его своею кровью обагряя,

Не знаешь, за кого и почему?

А может, это третья мировая,

Где враг гигант, а мир огромный – гном.

И тысяча сильнее миллиардов,

И праведность бессильна пред грехом?

А может, это третья мировая,

Где впору звать на помощь марсиан,

Чтобы, на солнце бластером сверкая,

Спасали Землю от смертельных ран?

Ту Землю, что вселенской круговертью

Обречена на войны без вины.

Ведь все они от первой и до третьей –

В ее же чреве и порождены.

Когда же, кто и где наш вопль услышит?

Я думаю, что никогда нигде,

Пока мы, перестав блуждать в потемках,

Материи ничтожные обломки,

Не превратимся, наконец, в людей.

 

Къартæ исиста Татьянæ ШЕХОДАНОВА.