28 апреля 2024

КАДӔ ӔХЕ ӔГЪДАУӔЙ НӔ ЦӔУЙ – ӔНОВУДӔЙ ИБӔЛ АРХАЙУН ГЪӔУЙ!..

29.03.2022 | 17:15

ГАБИСАТИ Светланæ

ХÆМИЦАТИ Тамарæ

Цитгин Октябри социалистон революци фиццаг хатт фадуат равардта бӕрцӕй минкъий адӕмтӕн, уони хӕццӕ мах адӕмӕн дӕр, сӕхе истори, сӕхе ӕвзаг ӕма культурӕ бундоронӕй ӕма алливӕрсугӕй ахур кӕнунӕн. Ке зӕгъун ӕй гъӕуй, Цӕгат Кавкази адӕми цардиуагӕ, ӕгъдӕуттӕ, ӕвзаг ӕма исфӕлдистадӕ бӕрӕггонд ӕма ӕртӕст цудӕнцӕ революций размӕ дӕр. Фал, зӕгъун ӕнгъезуй, советон доги еци гъуддагмӕ уӕлдай лӕмбунӕгдӕр цӕстдард цудӕй. Зӕгъӕн, Иристони фӕззиндтӕй ахургӕндти сӕрмагонд къуӕрттӕ, кӕцитӕ ӕвӕллайгӕй ӕмбурд кодтонцӕ адӕмон исфӕлдистади уадзимистӕ. Еци кусти ӕновудӕй ка архайдта, уонӕй адтӕнцӕ зундгонд ахургӕндтӕ Габисати Светланӕ ӕма Хӕмицати Тамарӕ. Абони уӕ зонгӕ кӕнӕн сӕ еумӕйагӕй финст уаци хӕццӕ.

 

 

Ирон советон исфӕлдистадӕ ӕртасгутӕ сауӕнгӕ райдайӕнӕй фӕстӕмӕ сӕхе федар исбастонцӕ революций агъоммӕ ӕцӕг ахургонд В. Миллери хӕццӕ. Е XIX ӕноси кӕрони ӕма XX ӕноси райдайӕни ирон адӕми исфӕлдистадӕ ахур кӕнунмӕ исразӕнгард кодта берети. Еуӕй-еуетӕ си (Гарданти Михал, Ӕмбалти Цоцко, Гуриати Гагудз, Собити Инал ӕма ӕндӕртӕ) советон доги дӕр нӕ ниууагътонцӕ сӕ куст. Ӕлборти Барисбий ӕма Дзагурти Губадий фӕрци арӕзт ӕрцудӕй ирон историон-филологон ӕхсӕнадӕ – Цӕгат Кавкази адӕмти фиццаг наукон ӕхсӕнадӕ. Ӕхсӕнадӕ ӕ кустӕн ци Устав исфедар кодта, уоми финст ӕрцудӕй:

«Ирон фидтӕлтиккон исфӕлдистадон хӕзнатӕ ӕмбурд кӕнун ӕма гъӕуай кӕнунӕн гъӕуй:

– наукон ӕгъдауӕй син исаргъ кӕнун, сӕ бунӕттӕ син исбӕлвурд кӕнун;

– еу си инней хӕццӕ рабаргӕй ӕдзохӕй ахур кӕнун;

– ирон адӕмон ӕвзаг, хумӕтӕги барадӕ археологийӕй ци исфӕлдистадӕ ӕмбурдгонд ӕма мухургонд ӕрцудӕй, уони мухури рауадзун…»

Ирон филологон ӕхсӕнадӕ агъаз кодта сауӕнгӕ синхаг адӕмтӕн дӕр – уӕхӕн ӕхсӕнӕдтӕ исаразуни гъуддаги. Зӕгъӕн, нуртӕккӕ дӕр ма ӕхсӕнади гъуддӕгути фӕууинӕн ес Таусултан Муллоеви курдиадӕ: уомӕн «лӕвӕрд ӕрцӕуӕд Уставӕй цалдӕр экземпляри, Балхъари дӕр уӕхӕн ӕхсӕнадӕ исаразуни туххӕй» – финст ес курдиадӕбӕл.

Ӕхсӕнадӕ фӕккуста ӕхсӕз анзи ӕма еци рӕстӕг ӕ къохи бафтудӕй берӕ хуарз гъуддӕгутӕ. Зӕронддӕр, тӕккӕ искурдиадӕгиндӕр зартӕгӕнгути фӕрци финст ӕрцудӕнцӕ Нарти таурӕхътӕ, зартӕ, аргъӕуттӕ. Ӕхсӕнадӕ ӕййафта ӕхцайӕй гъӕуагӕдзийнӕдтӕ, фал уӕддӕр Дзӕуӕгигъӕумӕ ӕрбацӕун кодта адӕмон зартӕгӕнгути ӕма таурӕхъгӕнгути Сланти Гахай – Хонсар Иристонӕй, Хъалӕгати Иналдихъой – Джимарайӕй, Хъубадти Елхъани, Туйгъанти Тӕтӕрхъани ӕма Уадати Хъубадий – Киристонгъӕуӕй ӕма син ниффинста сӕ репертуар. Адӕми таурӕхътӕ бунӕтти ниффинсуни туххӕй хонхи кӕмттӕмӕ ӕрвист ӕрцӕуиуонцӕ Томайти Хъылци, Гарданти Михал, Ӕмбалти Цоцко. Нуртӕккӕ наукон-ӕртасӕг институти архивти ци гъӕздуг ӕрмӕгутӕ ес, етӕ дӕр еци ӕнзти ӕмбурдгонд ӕрцудӕнцӕ. Ӕхсӕнадӕ бӕргӕ исфӕндӕ кӕнидӕ ирон адӕмон исфӕлдистадӕ ӕмбурд кӕнуни туххӕй сӕрмагонд экспедицитӕ аразун, фал, раздӕр куд загътан, уотӕ, ӕхцайӕй мӕгур адтӕй ӕма ин нӕ бантӕстӕй ӕ фӕндитӕ исӕнхӕст кӕнун. Ӕхсӕнади иуонгтӕ кустонцӕ лӕвар, архайдтонцӕ айдагъдӕр феддонти ӕхцайӕй. Фӕстӕдӕр Ӕхсӕнадӕ ӕхецӕн исаразта сӕрмагонд программӕ, кӕци ӕрвист ӕрцудӕй Иристони скъолатӕмӕ. Скъолатӕй уайтӕкки дзуӕппитӕ цӕун байдӕдта – хумӕтӕги тетрӕдти ниффинсиуонцӕ зартӕ ӕма аргъӕуттӕ ӕма сӕ исӕмбӕлун кӕниуонцӕ ӕхсӕнадӕбӕл.

Цӕгат Иристони историон-филологон ӕхсӕнадӕ 1925 анзи исхудтонцӕ Цӕгат Иристони бӕстӕзонӕн наукон-ӕртасӕг институт. Ӕхсӕнади косгутӕй еуӕй-еуетӕ байзадӕнцӕ институти. Институти хайӕдтӕй еу идарддӕр ӕнхӕст кодта ӕхсӕнади ихӕстӕ ӕма минкъий фӕстӕдӕр ниммухур кодта ӕ цуппар рауагъди дессаг ӕрмӕг ирон адӕмон исфӕлдистадӕй. Е адтӕй дессаги хуарз цау ирон адӕми еугур культурон царди.

Адӕмон исфӕлдистади хӕзнатӕ агоруни ӕма ӕмбурд кӕнунбӕл минкъийдӕр фудӕбон нӕ бакодтонцӕ Хонсар Иристони бӕстӕзонунади институти косгутӕ дӕр. Ци берӕ ӕрмӕг ӕрӕмбурд кодтонцӕ, уонӕй мухури рауагътонцӕ ӕртӕ томи: фиццаг томмӕ бацудӕнцӕ Нарти кадӕнгитӕ, дуккаг томмӕ – Даредзанти кадӕнгитӕ ӕма ӕртиккаг томи – аргъӕуттӕ – «Хонсар ирон адӕми уадзимистӕ», зӕгъгӕ.

Адӕмон исфӕлдистади ӕрмӕг уӕлдай активондӕрӕй ӕмбурд кӕнун, финсун ӕма мухур кӕнун райдӕдтонцӕ инсӕйӕймаг ӕнзти. Зӕгъун гъӕуй уой, ӕма еци рӕстӕг ахургӕндтӕн устур агъаз ке бакодтонцӕ газеттӕ ӕма журналтӕ «Власть труда», «Рӕстдзинад», «Фидиуӕг», «Мах дуг». Уони фӕрстӕбӕл фӕззиндтӕнцӕ Туйгъанти Махарбеги, Къубалти Александри, Ӕлборти Барисбийи, М. Рклицкийи ӕма берӕ ӕндӕрти уадзимистӕ. Уонӕми етӕ бӕлвурд ӕрдзубанди кодтонцӕ Нарти эпоси туххӕй, адӕмон исфӕлдистадӕ идарддӕр никки ӕнтӕстгиндӕрӕй ахур кӕнуни туххӕй. Айдагъдӕр уӕд рабӕрӕг ӕй, Нарти ӕхсӕнадӕ ӕртӕ хузи адӕм ке ’нцӕ, е дӕр; фонсӕй гъӕздуг ка адтӕй, етӕ хундтӕнцӕ Борӕтӕ, зундӕй курухон – Алӕгатӕ, ӕхсардзийнадӕй лӕгигъӕдгунтӕ ба – Ӕхсӕртӕггатӕ (уаци автор адтӕй Туйгъанти Махарбег).

Еци рӕстӕг композитортӕ Д. Аракчиев, П. Мамулов, В. Долидзе ӕма ирон композитор Галати Барис устур куст бакодтонцӕ адӕмон зартӕ ӕмбурд кӕнуни гъуддаги. Инсӕйӕймаг ӕнзтӕй фӕстӕмӕ Галати Барис ӕ исфӕлдистадон архайд ӕнӕгъӕнӕй дӕр  иснивонд кодта музыкалон кустӕн.

Фиццаг дӕс анзей дӕргъи нӕ адӕми интеллигенци хъӕбӕрразӕнгардӕй бавналдтонцӕ адӕмон исфӕлдистадӕ ахур кӕнуни ӕма ӕртасуни кустмӕ. Цӕгат Кавкази хуӕнхон бӕстӕзонӕн организацитӕ хъӕппӕресӕй 1924 анзи ци Ассоциаци арӕзт ӕрцудӕй, уордӕмӕ ку бацудӕнцӕ, уӕд никкидӕр хъӕбӕрдӕр игъусун байдӕдта сӕ гъӕлӕс. Мухури кӕрӕдзей фӕдбӕл фӕззиндтӕнцӕ Дзагурти Губадий уац: «Бӕстӕзонунадӕ, уомӕн ӕ ихӕстӕ Цӕгат Кавкази адӕмти ӕхсӕн», Абайти Васой уац «Бӕстӕзонунадӕ хуӕнхаг адӕмтӕн» ӕма ӕндӕртӕ. Цубурдзурдӕй, кӕд инсӕйӕймаг ӕнзтӕ Цӕгат Кавкази берӕ адӕмтӕн адтӕнцӕ адӕмон исфӕлдистадӕ ӕмбурд кӕнуни ӕма ахур кӕнуни организацион райдайӕн, уӕд Цӕгат Иристони ахургӕндтӕ ба еци рӕстӕг ӕрӕмбурд кодтонцӕ, адӕмон исфӕлдистадӕ ӕртасӕг фольклористтӕ ӕма лингвисттӕ нерӕнгӕ дӕр ма кӕмӕй пайда кӕнунцӕ, уӕхӕн дессаги ӕрмӕгутӕ. Зундгонд советон ахургонд К. Иеропольскийи 1934 анзи еугурцӕдесон журнал «Советская этнография»-йи ци уац ниммухур кодта, уоми хумӕтӕги нӕ баханхӕ кодта: «Иристойнӕгтӕ дзӕвгарӕ раздӕр райдӕдтонцӕ адӕмон исфӕлдистадӕ ӕмбурд кӕнуни куст, уомӕ гӕсгӕ ба сӕ къохи бафтудӕй фулдӕр ӕнтӕстдзийнӕдтӕ…»

Нӕ адӕми исфӕлдистадӕ ӕмбурд ӕма ахур кӕнуни куст 30-аг ӕнзти еуцӕйбӕрцӕдӕр фӕллӕмӕгъдӕр ӕй, еуемӕй лӕдӕрд гъуддӕгути фудӕй, иннемӕй ба, еци куст ӕнхӕстгӕнӕг ахургӕндти рӕнгъитӕй еуӕй-еуетӕ ке фӕгъгъудӕнцӕ, уой фудӕй. Фал бабӕй уӕдмӕ райгъустӕй ӕригон искурдиадӕгин ахургонд Абайти Васой гъӕлӕс – еци рӕстӕг е куста ССР Цӕдеси наукити Академий Ленингради ӕвзаги ӕма гъудикӕнуйнади институти. Зӕгъун гъӕуй уой, ӕма ирон ахургонди куститӕ сауӕнгӕ райдайӕнӕй нурмӕ ке адтӕнцӕ теоретикон уагӕбӕл финст. Абайи-фурт берӕ фӕсарӕйнаг ӕвзӕгтӕ ке зудта, е ин равгӕ лӕвардта нӕ исфӕлдистадӕ алли адӕмти исфӕлдистади хӕццӕ исбарунӕн ӕма ӕцӕгдзийнадӕ рартасунӕн. Гатути Дзахой уадзимис «Амыран»-ӕн минкъий раздзурд ниффинсгӕй, Абайи-фурт равдиста, Даредзанти туххӕй исфӕлдистадӕ дӕр ист ке ӕй Гурдзий адӕмон исфӕлдистадӕй, фал ин мах адӕм ке равардтонцӕ нӕхе национ менеугутӕ. Наукон ӕгъдауӕй аргъ нӕййес Абайи-фурти иннӕ кустӕн «Ирон эпосӕй», зӕгъгӕ. Киунугӕмӕ хаст ӕрцудӕй дӕс таурӕхъи Нарти кадӕнгитӕй. Абайи-фурт сӕ ниффинста зартӕгӕнӕг Мӕргъити Иликъой дзубандимӕ гӕсгӕ, уруссаг ӕвзагмӕ сӕ ратӕлмац кӕнгӕй, бӕлвурд филологон ӕма историон-этнографион комментаритӕ син ниффинсгӕй.

Хуарз бакодтонцӕ Хъазбегти Хъазбег ӕма Калоти Геуӕрги дӕр, 1949 анзи ирон адӕмон исфӕлдистади туххӕй студенттӕн-филологтӕн сӕрмагонд ахургӕнӕн киунугӕ исаразгӕй. Уомӕй фӕстӕмӕ уӕхӕн киунугӕ уагъд нӕбал ӕрцудӕй.

Нӕ адӕми исфӕлдистадӕ ӕмбурд кӕнуни, мухури сӕ рауадзуни, уӕдта наукон ӕртӕстити тӕккӕ ӕнтӕстгиндӕр рӕстӕгбӕл банимайун ӕнгъезуй 40-50-аг ӕнзтӕ. Нарти кадӕнгити хабар райгъустӕй синхаг республикитӕмӕ дӕр. Нӕ адӕми исфӕлдистадӕ ахур кӕнунмӕ ӕма еци куст идарддӕр парахат кӕнунмӕ е ’ргом раздахта хецауадӕ дӕр. Зӕгъӕн, 1941-1946 уӕззау ӕнзти е радех кодта гъӕугӕ фӕрӕзнитӕ паддзахадон бюджетӕй аци гъуддаг никкидӕр арфдӕр бӕрӕг кӕнуни туххӕй.

Ӕма еугӕр Советон хецаудзийнади ауодундзийнади кой кӕми ракодтан, уоми ма нӕ зӕрдӕбӕл ӕрлӕуун кӕнӕн мӕнӕ ауӕхӕн цау: 1939 анзи газет «Социалистическая Осетия»-йи фӕрстӕбӕл фӕззиндтӕй Коцойти Арсени ӕма Плити Гриши уац. Етӕ фӕдздзурдтонцӕ ирон интеллигенцимӕ, цӕмӕй ӕмбурд кӕнонцӕ идарддӕр нӕ адӕми исфӕлдистадӕ. Еци анз газет ниммухур кодта ӕнӕгъӕнӕ фарс адӕмон исфӕлдистади туххӕй, мухур кӕнун байдӕдта адӕмон исфӕлдистадӕй хецӕн ӕрмӕгутӕ. Рацудӕй ӕдеугурӕй ӕртӕ мӕйи, ӕма газети фӕрстӕбӕл фӕззиндтӕй Мӕскуй паддзахадон университети профессор, Уӕрӕсей Федераций финсгути Цӕдеси адӕмон исфӕлдистади секций сӕргълӕууӕг академик Ю. Соколови уац, кӕцими е уотӕ финста:

«Нисангонд ӕрцудӕй ахсгиаг гъуддаг – Цӕгат Иристони исфӕлдистадӕ ӕмбурд кӕнун ӕма ахур кӕнун айдагъ ирон адӕми нӕ гъӕуй. Уой адӕмон исфӕлдистадӕ дуйней медӕгӕ тӕккӕ рагондӕр ӕма гъӕздугдӕртӕй еу ӕй. Нарти кадӕнгитӕ адӕмти историйӕн ӕнцӕ дессаги ӕрмӕг, ес син устур ахедундзийнадӕ ӕндӕр адӕмти ’хсӕн. Ӕруагӕс ми кӕнуй, Иристони финсгутӕ наукон-ӕртасӕн институти косгути хӕццӕ еумӕ никки разӕнгарддӕрӕй ке райдайдзӕнӕнцӕ косун аци фарстабӕл, ке базелдзӕнӕнцӕ сӕ архивтӕмӕ, ке исараздзӕнӕнцӕ никкидӕр ма экспедицитӕ, ке бацӕттӕ кӕндзӕнӕнцӕ мухурмӕ еуцалдӕр томи кадӕнгитӕй – айдагъ сӕхе маддӕлон ӕвзагбӕл нӕ, фал уруссаг ӕвзагбӕл дӕр. Уомӕй рамолдзӕнӕй айдагъ Иристони аййевадон культурӕ нӕ, фал еугур Советон Цӕдеси аййевадон культурӕ дӕр…»

Финстӕгӕй минкъий фӕстӕдӕр (1940 анзи 12 ноябри) Цӕгат Иристони хецауадӕ исаразта нарти Паддзахадон комитет. Комитетмӕ хунд ӕрцудӕнцӕ ахургӕндтӕ, финсгутӕ, хузӕгӕнгутӕ Абайти Васо, Борис Скитский, Леонид Семенов, Дзанайти Иван, Мамсурати Дӕбе, Ардасенти Хадзибатӕр, Плити Хадо, Плити Гриш, Туйгъанти Махарбег, Хохти Аслан-Гирей ӕма Бритъиати Созурухъо (секретарь). Комитет куста Цӕгат Иристони наукон-ӕртасӕг институти. 1941 анзи январи, феврали ӕма мартъий арӕзт ӕрцудӕй экспедицитӕ адӕмон исфӕлдистадӕ ӕмбурд кӕнуни туххӕй. Экспедиций архайдта, дугай-ӕртигай адӕймӕгутӕ кӕми адтӕй, уӕхӕн еуӕндӕс бригади. Алли бригадӕ дӕр бабӕрӕг кодта бӕлвурд хуӕнхаг район ӕма, ци гъӕздуг ӕрмӕг ӕмбурд кодтонцӕ, уой лӕвардтонцӕ институтмӕ. 1941 анзи кӕронмӕ ӕрмӕг ӕмбурдгонд ӕрцудӕй 160 авторон сифей бӕрцӕ.

Устур куст бабӕй бакодта ами дӕр, Абайти Васо разамунд ци бригадӕн лӕвардта, е. 1943 анзмӕ бацӕттӕ кодта мухурмӕ 5 томи адӕмон исфӕлдистадӕй ӕма си мухурӕй рауагъта хецӕн киунугӕ.

Нарти кадӕнгитӕ мухури уруссаг ӕвзагбӕл рауадзуни туххӕй дзубанди ку рауадӕй, уӕд Мӕскуй дӕр арӕзт ӕрцудӕй нарти Еугурцӕдесон  комитет. Ами дӕр архайдтонцӕ тӕккӕ искурдиадӕгиндӕр поэттӕ-тӕлмацигӕнгутӕ, хузӕгӕнгутӕ. Нарти кадӕнгитӕ прози ӕма ӕмдзӕвгити хузи мухургонд ӕрцудӕнцӕ уруссаг ӕвзагбӕл 1944, 1948 ӕма 1949, 1957 ӕма 1960 ӕнзти. Ирон ӕвзагбӕл ба, 1946 анзи ци ӕмбурдгонд рацудӕй прозӕй, уомӕй уӕлдай ма ӕмдзӕвгити хузи мухургонд ӕрцудӕй никкидӕр еу ӕмбурдгонд – 1949 анзи. Устур ӕй еци ӕмбурдгӕндтӕн сӕ гъомбӕладон ахедундзийнадӕ ӕма аййевадон федауцӕ. Адӕм сӕ кӕсунцӕ ӕма ахур кӕнунцӕ ӕхцӕуӕнӕй.

Ирон адӕмон исфӕлдистадӕ ахур кӕнуни гъуддаги ахсгиаг цаубӕл банимайун гъӕуй Абайти Васой киунугӕ «Нарти эпос», зӕгъгӕ, уой рауадзун. Аци бундорон куст банхӕст кӕнун автори къохи бафтудӕй е ’новуд фӕллойни фӕрци 1941-1943 ӕнзти – еци рӕстӕг Абайи-фурт зӕрдиаг куст бакодта Нарти эпос наукон ӕгъдауӕй рауадзунбӕл.

Цубурдзурдӕй, 40-аг ӕнзти нӕ адӕмон исфӕлдистадӕ ӕмбурд кӕнунбӕл ӕма ’й идарддӕр ӕртасунбӕл ци ахсгиаг куст рапарахат ӕй, е никки бӕлвурддӕрӕй раргом ӕй 1956 анзи. Уӕд арӕзт ӕрцудӕй наукон конференци сахар Орджоникидзей. Наукон конференци исаразтонцӕ М. Горькийи номбӕл дуйнеуон литератури Институти ӕма Цӕгат Иристони наукон-ӕртасӕг институти косгутӕ ӕма имӕ хунд ӕрцудӕнцӕ Мӕскуй, Цӕгат Кавкази ӕма Фӕскавкази ахургӕндтӕ.

Конференций ахсгиаг докладтӕ искодтонцӕ Калоти Барис – «Куд фист цудӕнцӕ ӕма куд мухургонд цудӕнцӕ Нарты эпосы ӕрмӕг», Ардасенти Хадзибатыр – «Нарти эпос ӕмӕ ирон литератури туххӕй». Леонид Семенов – «Нарти эпос ӕмӕ материалон культури хӕзнатӕ», Калоти Геуӕрги – «Ирӕнтти нартон эпос», Абайти Васо – «Нарти эпоси проблемитӕ» ӕмӕ Е.М. Мелетинский – «Ци бунат ахӕссунцӕ Нарти кадӕнгитӕ эпоси историй».

Фӕстӕдӕр (1957 анзи) конференций ӕрмӕгутӕ хецӕн киунугӕй мухурӕй рауагъта Цӕгат Кавкази наукон-ӕртасӕг институт.

Зӕгъун гъӕуй уой, ӕма конференций ӕрмӕг хъӕбӕр ке фӕййагъаз ӕй адӕмон исфӕлдистадӕ идарддӕр ӕма никки бундорондӕрӕй ахур кӕнунӕн, хъӕбӕр исразӕнгард кодта наукон косгути сӕ фӕрнӕйдзаг ихӕстӕ хъӕппӕресгундӕрӕй ӕнхӕст кӕнунмӕ.

Дуккаг уӕхӕн конференци ма адтӕй Сухумий 1963 анзи. Уоми дӕр дзубанди цудӕй нарти эпосбӕл. Ирон адӕмон исфӕлдистадӕ ӕртасгутӕй си архайдтонцӕ Абайти Васо, Ӕлборти Барис, Абайти В.В., Биазӕрти А.Х. Гагкайти Хъазан, Гӕбӕрати С.Ш. ӕма ӕндӕртӕ.

Зӕгъун гъӕуй, 50-60-аг ӕнзтӕ нин зӕрдӕбӕлдаруйнаг ӕнцӕ уомӕн, ӕма нӕмӕ уӕд дзӕвгарӕ фӕффулдӕр ӕнцӕ фольклористтӕ, уӕдта адӕмон исфӕлдистадӕ ахур кӕнун ке байдӕдтонцӕ хецӕн жанртӕмӕ гӕсгӕ. Е фадуат лӕвардта нӕ адӕмон исфӕлдистадӕ никки арфдӕр базонунӕн. Еци ӕнзти дӕргъи нӕмӕ фӕззиндтӕй никкидӕр ма наукити еу доктор ӕма ӕхсӕз кандидати. Сӕ куст идарддӕр кодтонцӕ нӕ зундгонд ахургӕндтӕ Ӕлборти Барис ӕма Абайти Васо. Уони фарсмӕ райрӕзтӕнцӕ ӕригон талатӕ: Мамиати Надинӕ, Гуриати Тамерлан ӕма никки ӕндӕр нифсдӕттӕг ахургӕндтӕ.

Нарти эпоси кой ахидӕй-ахиддӕр кӕнун байдӕдтонцӕ философтӕ. Зӕгъӕн, Гӕбӕрати С. ӕма Къӕбисти П. сӕ уацти бӕлвурд ӕрдзубанди кодтонцӕ Нарти эпоси исаразгути этики ӕма меддуйней туххӕй. 1954 анзи мухурӕй рацудӕй Санахъоти П. киунугӕ «Хонсар Иристони советон фольклор». Автор, граждайнаг тугъди бӕгъатӕрти туххӕй зартӕбӕл дзоргӕй, ӕвдесуй сӕ федар бастдзийнадӕ нӕ адӕмон традицион зарти хӕццӕ.

Ирон адӕми аргъӕутти хъисмӕт рартасун – уӕхӕн ихӕс ӕ размӕ исӕвардта Биазӕрти А. Ирон зарти адӕмон музыкӕ, зӕгъгӕ, уӕхӕн фарстабӕл ӕновудӕй бакустонцӕ музыковед-фольклорист Цхурбати К. ӕма композитор Хаханти Дудар. Ӕхцӕуӕн гъуддагбӕл ма банимайун гъӕуй уой дӕр, ӕма еци ӕнзти дӕргъи мухурӕй ке рацудӕй Салӕгати Зойи ӕмбурдгонд «Ирон адӕмон сфӕлдыстад», зӕгъгӕ, дууӕ томемӕй. Адӕмон уадзимистӕ фиццаг хатт фӕууидтонцӕ рохс уотӕ ӕнхӕстӕй ӕма ӕнӕгъӕнӕй. 1959-1962 ӕнзти Цхинвали фиццаг хатт мухурӕй рацудӕнцӕ «Ирон адӕмон аргъӕуттӕ» ӕртӕ томемӕй. Ӕрӕмбурд сӕ кодта Биазӕрти А. Фиццаг хатт фӕззиндтӕнцӕ ӕнхӕстӕй мухури «Ирон адӕмон зарджытӕ» дӕр. Устур куст бакодтонцӕ аци ӕмбурдгонд рауадзунбӕл композитор Галати Барис ӕма Е.В. Гиппиус. Киунугӕ рацудӕй ирон ӕма уруссаг ӕвзагутӕбӕл, ес си нотитӕ, комментарийтӕ.

Циуавӕр ихӕстӕ лӕууй мадта нуртӕккӕ нӕ берӕ ахургӕндти размӕ нӕ адӕмон исфӕлдистадӕ идарддӕр ахур кӕнуни гъуддаги? Зӕгъдзинан уой туххӕй дӕр.

Фиццагидӕр байархайун гъӕуй уобӕл, цӕмӕй  нӕ Нарти эпос ӕма историон зартӕ мухургонд ӕрцӕуонцӕ академион уагӕбӕл. Адӕмон исфӕлдистадӕ ахур кӕнун гъӕуй хецӕн жанртӕмӕ гӕсгӕ, цӕмӕй си алкӕмӕн дӕр финст ӕрцӕуа ӕхе истори. Е ку нӕ уа, уӕдта хуарз уидӕ фарстай фӕдбӕл хецӕн очерктӕ ниффинсун – е уодзӕнӕй ӕнӕмӕнгӕ гъӕугӕ ахургӕнӕн ӕрмӕг университети студенттӕн, ирон ӕвзаги ахургӕнгутӕн. Ӕнӕмӕнгӕ гъӕугӕ гъуддаг ӕй нӕ адӕмон исфӕлдистади хабӕрттӕ идарддӕр финсун ӕма сӕбӕл наукон ӕгъдауӕй косун. Гъӕуама нӕ национ фольклорӕн арӕзт ӕрцӕуа аннотацигонд библиографи. Бӕргӕ хуарз уидӕ, нӕ адӕмон сфӕлдыстады хӕзнатӕ кӕми цӕуонцӕ, уӕхӕн сӕрмагонд альманах уадзун нӕуӕгӕй байдайун (мухури уӕхӕн фӕрӕзнӕ кӕддӕр бӕргӕ бӕргӕ адтӕй, ӕ фӕстаг, фӕндзӕймаг номер рацудӕй 1945 анзи).

 

РЕДАКЦИЙӔЙ: Аци уац Габисати Светланӕ ӕма Хӕмицати Тамарӕ бацӕттӕ кодтонцӕ 1974 анзи. Дзубанди си цудӕй Иристони адӕмон исфӕлдистадӕ ӕртасӕн куст советон доги дӕс ӕма инсӕй анзей дӕргъи куд райрӕзтӕй, уой туххӕй. Фӕстӕдӕр ма аци гъуддаги нӕ ахургӕндтӕн ци бантӕстӕй, уой туххӕй ба уӕ базонгӕ кӕндзинан «Царди айдӕнӕ»-йи иннӕ рауагъдтитӕй еуеми.