27 декабря 2024

«МА ДӔ САЙӔД ‘ХЕМӔ ЕСКЕ АМУНД РӔСУГЪД…»

05.04.2022 | 12:19

Ӕрӕги мухури рацудӕй литературон-аййевадон ӕма ӕхсӕнадон-политикон журнал «Ирӕф»-и аци анзи фиццаг киунугӕ. Куд иннӕ хӕттити, уотӕ журналӕн ӕ аци номер дӕр медесгун ӕма гъӕздуг рауадӕй исфӕлдистадон, зонадон ӕма публицистон ӕрмӕгутӕй. Уомӕ гӕсгӕ ба ӕнӕгъӕнӕй дӕр цӕмӕдессаг уодзӕнӕй ӕ кӕсгутӕн.

Прозӕй си бакӕсӕн ес Рӕмонти Зӕлини, Бутати-Хестанти Победи новеллитӕ, Хохойти Федари уацау «Мегъӕй ӕхгӕд стъалутӕ»-йи кӕронбӕттӕн хай. Аланистон киристон дин ку райста, уобӕл 1100 анзи исӕнхӕсти юбилеймӕ журнал мухур кӕнуй Цопанти Валерийи бацӕттӕгонд ӕрмӕгутӕ саугин, зундгонд рохситауӕг Цопанти Николайи туххӕй, уӕдта ма ӕ этнографион финститӕ «Фидтӕлти доги ӕгъдӕуттӕй», зӕгъгӕ, еумӕйаг сӕргонди хӕццӕ. Цӕмӕдессагӕй бакӕсуни аккаг ӕнцӕ Хъамболти Николайи цубур радзурдтӕ дӕр.

Зундгонд финсӕг, Устур Фидибӕстон тугъди архайӕг Хъазбегти Хъазбеги цард ӕма исфӕлдистадон нади туххӕй журнал ахид фӕммухур кӕнуй ӕрмӕгутӕ. Аци номери ба бакӕсӕн ес, е ‘рвадӕ Гадзой хӕццӕ ин Дзӕуӕгигъӕуи 1938 анзи сабийтӕн ци киунугӕ «Даду» рацудӕй, уордигӕй ист ӕмдзӕвгити цикл.

Номдзуд финсӕг Гӕздӕнти Гайтой уадзимистӕй дигорон ӕвзагмӕ тӕлмацӕй номери кӕсетӕ документалон уацау «Французаг зӕнхӕбӕл»-и кӕронбӕттӕн хай. Аци анзи райдайӕни сӕ юбилейтӕ исбӕрӕг кодтонцӕ Цӕгат Иристони адӕмон поэт, зундгонд финсӕг, публицист Дзасохти Музафер ӕма Уӕрӕсей финсгути Цӕдеси, газет «Рӕстдзинад»-и хайади сӕргълӕууӕг Бизиккати Земфирӕ. Журнали аци рауагъди бакӕсдзинайтӕ Музафери цуппаррӕнгъонтӕ ӕма Земфири ӕмдзӕвгити циклтӕ.

Журнали еудадзугон хайадӕ «Адӕмон исфӕлдистадӕ»-йи бакӕсдзинайтӕ зундгонд этнографтӕ Гарданти Михали ӕма Тагъати Еристауи финст ӕрмӕгутӕ.

«Критикӕ ӕма библиографи», зӕгъгӕ, хайади ба бакӕсӕн ес нӕ литератури классик Малити Геуӕргий туххӕй Цӕгат Иристони адӕмон поэт Бабочити Руслани финст уадзимис «Гениалон поэт».

Октябри революци ӕма медбӕстон тугъди фӕсте карз рӕстӕгути ӕверхъаудзийнӕдти фудӕй ӕ фидиуӕзӕгӕй ка фӕххауӕггаг ӕй, нӕ еци ӕмзӕнхон финсгутӕй еу адтӕй Хъубадти Агубекир. Ӕ цард ӕма исфӕлдистадон нади туххӕй профессор Тахъазти Валери ци уадзимис ниффинста, уой бакӕсӕн ес хайадӕ «Публицистикӕ»-йи, уӕдта Агубекирӕн ӕхе финст уадзимис «Хуцауи фарнӕй», ӕ дӕлсӕргонд «Нӕ бийнонти хабӕрттӕй».

Хайадӕ «Ахурадон ӕрмӕг скъоладзаутӕн»-и бакӕсӕн ес Цӕгат Иристони паддзахадон педагогон институти ЮНЕСКО-й кафедри ахургӕнӕг Дзтиати Лариси цӕттӕгонд ӕрмӕг.

Аци номери мухургонд цӕунцӕ журнали сӕйраг редактори хуӕдӕййевӕг, зундгонд поэт ӕма публицист Колити Виталий ӕмдзӕвгитӕ, уӕдта ӕ цуппаррӕнгъонтӕ, «Цубур дзурдӕй», зӕгъгӕ, син еумӕйаг сӕргонд, уотемӕй. Ӕма еци цуппаррӕнгъонтӕй еуеми уотӕ зӕгъуй:

Ма дӕ сайӕд ‘хемӕ еске амунд рӕсугъд.

Фӕткъуйӕн ӕ рӕгъӕд арӕх фӕууй ӕмбуд.

Фӕлтау ӕй дӕхе къохӕй ӕртонӕ цъӕхӕй,

Цӕмӕй ӕй ӕвӕсмонӕй хуӕрай дзӕбӕхӕй…

Раст цума нӕ абониккон цардиуаги туххӕй зӕгъуй. Нуриккон Уӕрӕсей экономикон гъуддӕгутӕ, уӕлдайдӕр ба нӕ гъӕууонхӕдзарадон ӕма промышленнон кустади еугур къабӕзти ахедундзийнадӕ фӕгъгъомусгиндӕр кӕнунӕй комкоммӕ ихӕсгин ка адтӕй, етӕ уой ӕнхӕст кӕнунбӕл ӕгириддӕр сӕхецӕн нӕ исзин кодтонцӕ, айдагъдӕр уомӕ исарӕхстӕнцӕ ӕма фӕсарӕйнаг паддзахӕдти «рӕсугъддзийнӕдтӕмӕ» рахицӕ кӕнгӕй, алцидӕр уордӕгӕй нӕ бӕстӕмӕ ласун байдӕдтонцӕ – уой размӕ нӕмӕ ӕнтӕстгинӕй ци продукци уагъд цудӕй ӕма нин ӕгӕрдӕр ма ка бӕзтӕй, уой бӕсти фӕсарӕйнаг продукттӕ ӕма товартӕ, сауӕнгӕ листӕг миути уӕнгӕ, ӕлхӕнунбӕл исцалх ӕнцӕ. Е нӕ паддзахадӕн цӕйбӕрцӕбӕл агъазиау тӕссаг ӕй, уотӕ син ка дзурдта, еци рӕстзӕрдӕй зундгин адӕймӕгутӕмӕ не ‘ригъустонцӕ, сӕ пайдайаг амунддзийнӕдтӕ сӕмӕ нимади дӕр нӕ адтӕнцӕ. Ӕма?.. Нӕ хецаудзийнади бӕрзонд бунӕтти бадӕг «зундгин реформаторти» ӕнӕсӕрфат миути фӕстеугутӕ ба циуавӕр рауадӕнцӕ, уой ба нӕ еугурдӕр уинӕн: нӕ паддзахадӕ, е ‘нтӕстгин ирӕзтӕн хе еугур равгитӕй дӕр ӕнхӕст уогӕй, равзурдӕй, ӕцӕгӕй арф ӕма идардмӕ гъудигӕнагӕ адӕймӕгутӕ еци дзорӕги ци тасдзийнӕдти туххӕй дзурдтонцӕ, нӕ паддзахадӕ нин ци устур фидбилизтӕй багъӕуай кӕнунбӕл адтӕй сӕ тухст, уони туфули. Ӕма нуриуӕнгӕ алцитӕ-нецитӕ ци паддзахӕдтӕй ӕлхӕдтан, уонӕнин сӕ фулдӕр нур нӕбал уӕйӕ кӕнунцӕ, нӕ нихмӕ аллихузон экономикон-политикон санкцитӕ аразунцӕ… Ӕма нӕ бӕстӕ райзадӕй, куд фӕззӕгъунцӕ, саст тӕгӕнай хӕццӕ…

Бӕргӕ цӕуй дзубанди нӕ фидибӕстон хӕдзаради кустадон гъомусадӕ иснӕуӕг кӕнунбӕл. Уомӕн ба багъӕудзӕнӕй рӕстӕг, дӕсни специалисттӕ ӕма ӕндӕр ӕнӕмӕнгӕ гъӕугӕ гъуддӕгутӕ… Ӕма сӕ исаразунӕн ба нӕмӕ гъӕуама разинна нифс ӕма разӕнгарддзийнадӕ. Цидӕр ӕй, уӕддӕр ӕвӕстеуатӕй райдайун гъӕуй, ӕма нин гъӕуама бантӕса – фиццаг хатт нӕбӕл ку не ‘мбӕлунцӕ ауӕхӕн зин рӕстӕгутӕ, ӕма сӕбӕл алкӕддӕр ку уӕлахез кодтан нӕ тухгиндзийнадӕй..