29 апреля 2024

ЦИЙНӔ ӔМА ФАРНӔЙ ӔНХӔСТ КУД УА НӔ ЦАРД!..

29.04.2022 | 12:36

КУВДИ

Бӕрӕгбон нин ӕй абони:
Ӕрцудӕй нин фиццаг май,-
Нӕ уалдзӕги, нӕ фӕллойни,
Нӕ зӕрдити цийни хай.
Нӕ фингӕбӕл и зӕрӕндтӕ
Исбадтӕнцӕ хестӕргай,
И цъӕх зӕлдӕбӕл ӕмбӕлттӕ
Рарӕнгъӕнцӕ кӕстӕргай.
Зӕрдеген дзурдтӕ кӕнунцӕ,
Сӕ еумӕ бадт – игъӕлдзӕг,
«Фӕззиндтӕй нин, –
__________ разӕгъунцӕ, –
Идзулди бон – нӕ уалдзӕг»!
Фезонӕг ӕма ниуӕзтӕ!-
Нӕртонау нӕ раз – идзаг.
Ӕ лӕвӕрттӕй нӕ рохс бӕстӕ
Некӕд уодзӕнӕй гъӕстаг.
Зӕрддагонӕй нӕ раст адӕм
Ӕвдесунцӕ сӕ фӕндон,-
«Нӕ ӕнтӕститӕн сӕ кадӕ!-
Ӕносмӕ уин цӕрӕнбон»!
Нӕ фалдзоси цурд истунцӕ
Нӕ фӕсевӕд ӕмбурдӕй,
Кӕрӕдзей хъури кӕнунцӕ,
Ӕркафунцӕ цӕрдӕгӕй.

                               1920 анз.

Аци ӕмдзӕвгӕ Цӕгат Иристони адӕмон поэт Гулути Андрей (1892-1979) ниффинста советон доги райдайӕни. Ӕма нӕ адӕм, цалинмӕ советон  цардарӕзт цардӕгас адтӕй, уӕдмӕ гъе уотӕ цийнӕгӕнгӕй бӕрӕг кодтонцӕ Фиццаг Майи бӕрӕгбон.

Нур уавӕртӕ бустӕги ӕндӕрхузон ке иссӕнцӕ, ӕма дзиллӕ цӕбӕл базӕрдрохс уонцӕ, уӕхӕнӕй си уоййасӕбӕл ку нецибал байзадӕй, уӕд син аци бӕрӕгбон  уоййасӕбӕл цийнаг дӕр нӕбал ӕй. Фал уӕддӕр, исарази уотӕ, рӕстӕгутӕ цийфӕнди ку уонцӕ, уӕддӕр си гъӕуама цийнӕн фадуат иссерӕн.

Ӕма уӕд нифсгундӕр уодзинан, зӕрдгинӕй ӕууӕнддзинан, нӕ цард ӕнӕмӕнгӕ цийнӕ ӕма фарнӕй ӕнхӕст ке уодзӕнӕй, нӕ исонибонмӕ разӕнгардӕй ке цӕудзинан, уобӕл!..