27 апреля 2024

ГЪÆУБÆСТИ ТУХСТ БАЛÆДÆРУН АФОНÆ ‘Й!

29.07.2022 | 10:34

Цæгат Иристони устурдæр гъæутæй еу, Лескени зингисервæзтитæй ервæзунгæнæн хайадæ арæзт кæд раги æрцудæй, уæддæр нерæнгæ косгæ ба нæ кæнуй. Гъæуи цæргути еци уавæри фæдбæл айуан кæнунцæ: «Кадæр хæрæг уасунмæ куд дардта…» Гъæуи бунæттон администраций сæргълæууæг Текъати Артур уотæ зæгъуй:

– Бæстихай арæзт æрцудæй 2017 анзи. Зингхуссунгæнгутæн уæд равардтонцæ хуæдтолгæ дæр. Бунæттон цæргутæ рацудæнцæ ахуртæ, æма син лæвæрд æрцудæй æмбæлгæ æвдесæндартæ. Фал куст æ бунатæй нæ фезмалдæй, уомæн æма финансон агъаз нæййес. Алли анз дæр гъæуи æрцæунцæ зингисервæзтитæ. Ервæзунгæнæн хæстæгдæр хай ба æй Чиколай – Лескенæй 20 км æндæдæр. Зингхуссунгæнæн хуæдтолгæ æрхъæртуй æгæр æрæгæмæ, – зæгъуй Артур.

Фарста ралух кæнунбæл администраци рагæй архайуй.

– Нæ курдиæдти хæццæ, – зæгъуй Текъати Артур, – цалдæр хатти нæхе бахадтан æнæнгъæлæги цаути министрадæмæ, уæдта райони разамундмæ дæр, цæмæй зингхуссунгæнæн пост дарунæн гъæугæ фæрæзнитæ хаст æрцæуонцæ бюджетмæ. Фал нерæнгæ, нæ зæрдæ цæмæй барохс уа, уæхæн унаффæн æ кой дæр нæма ес.

Гъæубæстæ ба тухсунцæ: Хуцау ма зæгъæд, фал сугъди фидбилиз ку ‘рцæуа, уæд кудтитæ уодзæнæнцæ… Æма афонæ нæй уони тухст балæдæрунæн, еци ахсгиаг гъуддаг гъæугæ хузи райаразунæн?